Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Иерусалимы кувӕндон ма н. э. 70 азы фӕстӕ искуы йӕ къахыл слӕууыд?

ЙЕСО загъта, Йегъовӕйы кувӕндонӕй дур дурыл кӕй нал баззайдзӕн. Ацы пехуымпарад сӕххӕст, н. э. 70 азы ромаг ӕфсӕддонтӕ, сӕ сӕргъы Тит, афтӕмӕй Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд (Матф. 24:2) Фӕстӕдӕр ромаг император Юлиан сфӕнд кодта кувӕндон ногӕй йӕ къахыл слӕууын кӕнын.

Юлиан уыди, йӕ фыдӕлты диныл хӕст чи уыд, уыцы ромаг паддзӕхтӕй фӕстаг. Уый уыди Номдзыд Константины ӕфсымӕры лӕппу ӕмӕ райста, чырыстон кӕй хуыдтой, ахӕм ахуырад. Фӕлӕ н. э. 361 азы паддзах куы сси, уӕд йӕ къух систа, цӕуыл ӕй ахуыр кодтой, уыдӕттыл. Историон чингуыты Юлианы хонынц «Хуыцауы чи ныууагъта, уый».

Юлиан чырыстӕттӕй йе сӕфт уыдта. Цӕмӕн? Йӕ иу аххосаг уый у, ӕмӕ йыл 6 азы куы цыд, уӕд ын йӕ фыды ӕмӕ йӕ хӕстӕджыты амардтой, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдон. Аргъуаны истори чи фыста, уыдоны ныхӕстӕм гӕсгӕ Юлиан дзуттӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй кувӕндон ногӕй йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, Чырысти мӕнг пехуымпар кӕй уыд, уый *.

Дызӕрдыггаг нӕу, Юлианы кӕй фӕндыд кувӕндон йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Ӕцӕг, бӕлвырд нӕу, уыцы куыст кӕнын райдыдта ӕви нӕ, ӕмӕ йӕ кӕд райдыдта, уӕд та йӕ кӕронмӕ цӕуылнӕ ахӕццӕ кодта. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр бӕлвырд у, Юлиан паддзах куы сси, уымӕй дыууӕ азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕ фӕндӕй ницыуал рауад.

Кувӕндон Йесойы заман цавӕр уыд, уый ныв

^ 5 абз. Чырысти афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ Иерусалимы кувӕндон йӕ къахыл никуыуал слӕудзӕн, фӕлӕ загъта, кӕй йӕ ныппырх кӕндзысты. Ӕмӕ н. э. 70 азы хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад.