Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мексикӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мексикӕ

КУЫД ӕхсызгон у, фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта, уыцы ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны! (Матф. 6:22) Цы аивтой сӕ царды? Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй базонгӕ уӕм, абон Мексикӕйы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй цалдӕримӕ.

«ХЪУАМӔ НӔ ЦАРД АИВТАИККАМ»

Дастин ӕмӕ Джассӕ

Дастин ӕмӕ Джассӕ сты Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, сӕ цард баиу кодтой 2007 азы январы. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ сӕ рагон бӕллиц сӕххӕст – сӕхицӕн иу гыццыл нау балхӕдтой, ӕмӕ сӕрдӕй-зымӕгӕй уым цардысты. Сӕ нау лӕууыд Асторийӕмӕ ’ввахс, штат Орегоны, Америкӕйы Иугонд Штатты. Асторийӕ у замманай рӕсугъд горӕт Сабыр океанмӕ ’ввахс. Йӕ алыварс ис, сӕ фӕхстӕ хъӕдтӕй кӕмӕн нӕ зынынц, ахӕм къуыбыртӕ ӕмӕ урссӕр хӕхтӕ. Дастин загъта: «Кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, ӕрдз афтӕ рӕсугъд у, ӕмӕ адӕймагӕн раст йӕ улӕфт ахгӕны!» Дастин ӕмӕ Джассӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ хуымӕтӕг цард кодтой. Хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, цӕй цы кӕны: цӕрӕм гыццыл, 8 метры дӕргъӕн науыл, кусӕм ӕрмӕст боны ӕрдӕг, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм ӕмбырды лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нын фадат куы фӕвӕййы, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионертӕй дӕр балӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, сӕхи кӕй сайдтой. Дастин загъта: «Ӕмбырд фидар кӕныны бӕсты-иу нӕ рӕстӕг нӕ нау цалцӕг кӕныныл ацыд. Бамбӕрстам ӕй, цӕмӕй нын Йегъовӕ фыццаг бынаты уыдаид, уый тыххӕй нӕ царды хъуамӕ исты аивтаиккам».

Джассӕ зӕгъы: «Цалынмӕ мой не скодтон, уӕдмӕ цардтӕн Мексикӕйы ӕмӕ цыдтӕн англисаг ӕмбырдмӕ. Уым лӕггад кӕнын тынг цыд мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ уырдӕм тынг фӕндыд». Дастин ӕмӕ Джассӕйы фӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ сын цӕмӕй уыцы къахдзӕф скӕнын ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг кастысты, хуымтӕ кӕрдынмӕ кӕм сцӕттӕ сты, уыцы бӕстӕтӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ацыд, ахӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты царды хабӕрттӕ (Иоан. 4:35). «Мах дӕр бафӕндыд, уыдонау куы цин кодтаиккам»,– загъта Дастин. Сӕ мексикӕйаг ӕмбӕлттӕ сын куы загътой, ног ӕмбырды ӕххуыс кӕй хъӕуы, уӕд сфӕнд кодтой уырдӕм ацӕуын. Ӕнӕ уӕлдай рахъуыды-бахъуыдыйӕ сӕ куыст ныууагътой, сӕ нау ауӕй кодтой ӕмӕ Мексикӕмӕ ацыдысты.

«АФТӔ АМОНДДЖЫН НИКУЫМА УЫДЫСТӔМ»

Дастин ӕмӕ Джассӕ ӕрцардысты горӕт Текоманы. Уый дӕр ис Сабыр океанмӕ ’ввахс, фӕлӕ йӕм Асторийӕйӕ хуссарырдӕм цӕуын хъӕуы 4 345 километры бӕрц. Дастин загъта: «Сатӕг рог дымгӕ ӕмӕ дзы хӕхтӕн сӕ кой дӕр нӕй, у дзы тынг тӕвд ӕмӕ, цӕст кӕйонг ӕххӕсы, уыйонг дзы алы ран дӕр зайы лимонбӕлӕстӕ». Райдианты куыст нӕ ардтой. Хӕринаг дӕр сӕм нӕ уыд, ӕмӕ хордтой пырындз ӕмӕ хъӕдур дыууӕ хатты бон, ӕмӕ афтӕ къуырийӕ къуыримӕ. «Уыцы хӕринӕгтӕм нӕ бон кӕсын дӕр куы нал уыд, уӕд нын, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдон хӕссын райдыдтой манготӕ, банантӕ, папайӕтӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лимонтӕ дзӕкъулы дзӕгтӕ!» – зӕгъы Джассӕ. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр куыст ссардтой. Тайваны ис, фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ Интернеты уылты кӕм ахуыр кӕнынц, ахӕм скъола, ӕмӕ, уым чи ахуыр кӕны, уыдонӕн уроктӕ дӕттынц. Ныр сын сӕ мызд фаг кӕны, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕн.

Цымӕ Дастин ӕмӕ Джассӕ, абон куыд цӕрынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? Уыдон зӕгъынц: «Ныры хуызӕн амондджын никуыма уыдыстӕм. Абон Йегъовӕимӕ ӕмӕ нӕ кӕрӕдзиимӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд никуы уыдыстӕм, афтӕ ӕнгом стӕм. Алы бон дӕр иумӕ бирӕ рӕстӕг вӕййӕм – иумӕ фӕлӕггад кӕнӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнӕм, ууыл фӕныхас кӕнӕм, ӕмбырдтӕм нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм. Стӕй-иу раздӕр цӕуыл мӕт кодтам, уыдӕттыл нал мӕт кӕнӕм». Фӕстагмӕ ма загътой: «Раздӕр кӕронмӕ цы не ’мбӕрстам, уый ныр нӕхиуыл бавзӕрстам, ома, Псаломы 34:8 стихы цы фыст ис, уый: „Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый“».

МИНГАЙ БАРВӔНДОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ – ЦЫ СӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ?

2 900 хо ӕмӕ ’фсымӕрӕй фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, Мексикӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы рӕттӕм. Сӕ фылдӕрыл дзы цӕуы 20 азӕй 30 азы онг, кӕмӕндӕрты дзы ис цардӕмбал, кӕмӕндӕрты та нӕй. Цымӕ уыцы уӕззау хӕс сӕхимӕ цӕмӕн райстой? Ацы фарста кӕмӕ радтой, уыдоны дзуаппытӕй бӕрӕг у, уымӕн сын кӕй ис ӕртӕ ахсджиаг аххосаджы. Цавӕртӕ?

Летицийӕ ӕмӕ Хермило

Уый хорз фадат у, Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, уый равдисынӕн. Летицийӕ донаргъуыд райста, 18 азы йыл куы цыд, уӕд. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтон, уӕд ӕй ӕмбӕрстон, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ йын ӕппӕт удӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон. Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзын, уый цӕмӕй равдыстаин, уый тыххӕй мӕ бафӕндыд, лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр тыхтӕ куы лӕвӕрдтаин» (Мар. 12:30). Летицийӕйы цардӕмбал Хермилойыл цыд 20 азы бӕрц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм куы ацыд, уӕд. Хермило зӕгъы: «Бамбӕрстон ӕй, кӕд мӕ фӕнды, иннӕты кӕй уарзын, уый равдисын, уӕд сын Хуыцауы базонынӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнон» (Мар. 12:31). Хермило цард хъӕздыг горӕт Монтеррейы, куыста банчы ӕмӕ йӕхицӕн ӕнӕмӕт цард кодта. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ныууагъта ӕмӕ гыццыл горӕтмӕ цӕрынмӕ ацыд.

Эссли

Уый фӕрцы ӕцӕг циндзинад ӕвзарынц. Летицийӕ донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр иу фӕлтӕрдджын пионер-хоимӕ дард горӕтмӕ ацыд, ӕмӕ уым мӕйы дӕргъы хъусын кодтой. Летицийӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн хъусын кодтам, уыцы адӕм нӕм куыд хорз хъуыстой, уый уынгӕйӕ-иу мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Мӕйы кӕрон ӕй бамбӕрстон, царды мӕ ӕппӕты тынгдӕр цы фӕнды аразын, уый!» Моймӕдзыд чи нӕу, иу ахӕм 20-аздзыд хо Эссли дӕр ахӕм ранмӕ ацыд, уым лӕггад кӕнын цы стыр циндзинад хӕссы, уый куы базыдта, уӕд. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд базонгӕ ис, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъуыд, ахӕм рӕтты хорз хабар чи хъусын кодта, бирӕ ахӕм зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Эссли загъта: «Сӕ хъӕлдзӕг цӕсгӕмттӕм кӕсгӕйӕ мӕн дӕр бафӕндыд уыдонау цӕрын». Ӕмӕ афтӕ ӕрмӕст Эссли нӕ хъуыды кӕны. Цардӕмбал кӕмӕн нӕй ӕмӕ Мексикӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ дзы фаг кӕй нӕй, уый тыххӕй чи ацыд, уыцы хотӕ сты 680 фылдӕр. Куыд фӕзминаг сты уыдон ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр!

Уый фӕрцы сӕ цардӕй райгонд сты. Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ Эсслийӕн загътой, йӕ бон кӕй уыдзӕн университетмӕ бацӕуын ӕмӕ стипенди исын. Йе ’мгӕрттӕ йын дзырдтой, цӕмӕй сразы уыдаид ӕмӕ иннӕтӕй фӕстейӕ ма баззадаид, ома университет фӕуыдаид, хорз куыстмӕ бацыдаид, машинӕ балхӕдтаид ӕмӕ алы бӕстӕтӕм улӕфынмӕ цыдаид. Фӕлӕ сӕм Эссли нӕ байхъуыста. Эссли зӕгъы: «Ӕмбырдӕй иуӕй-иутӕ уыдӕттӕм тырныдтой, ӕмӕ йӕ уыдтон, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сын фыццаг бынаты кӕй нал уыдысты. Уыдтон ма уый дӕр, сӕ цардӕй райгонд кӕй нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты цас арфдӕр ныгъуылдысты, уыйас сын фылдӕр зындзинӕдтӕ уыд. Мӕн та фӕндыд ме ’рыгон хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн раттын».

Ракель ӕмӕ Филипп

Скъолайы фӕстӕ Эссли курсытӕ фӕци, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд йӕхи дарын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Стӕй та ацыди, хъусынгӕнджытӕ ’хсызгонӕй кӕм хъуыд, ахӕм ранмӕ. Уым ма сахуыр кодта, бынӕттон адӕм, отоми ӕмӕ тлапанеко, цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдон дӕр. Ӕртӕ азы дард рӕтты куы фӕлӕггад кодта, уӕд загъта: «Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран кӕй хъусын кодтон, уый мын стыр циндзинад ӕрхаста ӕмӕ тынг райгондӕй баззадтӕн. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн». Эсслиимӕ разы сты Филипп ӕмӕ Ракель, лӕг ӕмӕ ус Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, цӕуы сыл фӕйнӕ 30 азы. Филипп ӕмӕ Ракель зӕгъынц: «Цард доны къусӕй уӕлдай кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сомбонӕй тӕрсынц. Фӕлӕ, хорз хабармӕ нырма бирӕтӕ кӕм хъусынц, ахӕм ран кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй райгонд стӕм. Куыд цин кӕнӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!»

ЗЫН УАВӔРТЫ СЫН ЦЫ ӔХХУЫС КӔНЫ?

Вероникӕ

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын ӕнцон нӕу. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдонӕй иу у, сӕ бон куыст ссарын кӕй нӕ вӕййы, уый. Уый тыххӕй та фӕхъӕуы, бынӕттон уавӕртӕ куыд амонынц, афтӕ кӕнын. Иу фӕлтӕрдджын хо Вероникӕ зӕгъы: «Кӕм лӕггад кодтон, уым куыст нӕ уыд, ӕмӕ аслам хӕринӕгтӕ цӕттӕ кодтон ӕмӕ сӕ уӕй кодтон. Ӕндӕр ранмӕ куы ацыдтӕн, уӕд уым та дзаумӕттӕ уӕй кодтон ӕмӕ сӕрӕлвынӕгӕй куыстон. Ныр та кусын хӕдзарӕфснайӕгӕй, стӕй ӕрыгон ныййарджыты ахуыр кӕнын, сывӕллӕттимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, ууыл».

Ӕндӕр адӕмыл ӕмӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл сахуыр кӕнын зын у, уӕлдайдӕр та, ӕрмӕст бынӕттон цӕрджытӕ кӕм фӕцӕрынц, ахӕм дард рӕтты. Афтӕ рауад сӕ хабар Ракель ӕмӕ Филиппӕн дӕр, науатль ӕвзагыл кӕм дзурынц, уым куы лӕггад кодтой, уӕд. «Се ’гъдӕуттӕ не ’гъдӕуттӕй тынг хицӕн кодтой»,– зӕгъы Филипп. Уӕдӕ сын цы баххуыс кодта, цӕмӕй сыл сахуыр уыдаиккой? «Нӕ хъус фыццаджыдӕр дардтам, науатль адӕммӕ хорзӕй цы уыд, уыдӕттӕм, зӕгъӕм, бинонтӕ кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, стӕй куыд сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ куыд рӕдау адӕм сты, уымӕ». Ракель та зӕгъы: «Бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм ам цӕргӕйӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ лӕггад кӕнгӕйӕ».

КУЫД ИС ХИ БАЦӔТТӔ КӔНӔН?

Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм дард ран дӕ кӕд фӕнды лӕггад кӕнын, уӕд дӕхи куыд бацӕттӕ кӕнай? Ахӕм рӕтты чи лӕггад кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕгъынц: «Ахӕм ранмӕ ацӕуыны размӕ уал хъуамӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнай ӕмӕ дӕм цы ис, уый фагыл нымайын сахуыр уай» (Фил. 4:11, 12). Ноджыдӕр ма дӕ бон цы у аразын? Летицийӕ зӕгъы: «Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы кӕм хъуыд кусын, ахӕм куыстмӕ-иу нӕ бацыдтӕн. Агуырдтон-иу ахӕм куыст, цӕмӕй йӕ мӕ бон уыдаид кӕдфӕнды дӕр ныууадзын». Хермило та зӕгъы: «Ӕз сахуыр дӕн хӕринаг кӕнын, дзаумӕттӕ ’хсын ӕмӕ иту ӕвӕрын». Адон та сты Вероникӕйы ныхӕстӕ: «Мӕ ныййарджытимӕ ма куы цардтӕн, уӕд-иу сын ӕфснайынӕн ӕххуыс кодтон, стӕй сахуыр дӕн аслам, фӕлӕ хӕрзад хӕринаг кӕнын. Сахуыр ма дӕн фӕстауӕрц кӕнын дӕр».

Амелийӕ ӕмӕ Ливай

Ливай ӕмӕ Амелийӕ сты Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, сӕ цард баиу кодтой аст азы размӕ. Мексикӕйы лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн сын бӕлвырд куывдтытӕ куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй Ливай загъта: «Фӕсарӕнты лӕггад кӕнынӕн нӕ иу азӕн ӕхца цас бахъӕудзӕн, уый банымадтам, ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕмӕ скуывтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид уыйбӕрц ӕхца бакусынӕн». Иу мӕймӕ Ливай ӕмӕ Амелийӕ, цас сӕ хъуыд, уыйбӕрц ӕхца бакуыстой, ӕмӕ Мексикӕмӕ ацыдысты. Ливай зӕгъы: «Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъуыста, ӕмӕ нын баххуыс кодта. Ныр та мах рад уыд, цы дзырд ын радтам, уый сӕххӕст кӕнынӕн». Амелийӕ йын йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ дзы ӕрмӕстдӕр иу аз бафӕстиат уыдзыстӕм, фӕлӕ ныр авд азы ам лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ цӕуыныл хъуыды дӕр нӕ кӕнӕм! Ам лӕггадгӕнгӕйӕ хуыздӕр уынӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Йӕ хорздзинӕдтӕй рӕвдыд стӕм алы бон дӕр».

Адам ӕмӕ Дженнифер

Адам ӕмӕ Дженниферӕн дӕр тынг баххуыс кодта, Хуыцаумӕ кӕй куывтой, уый. Адам ӕмӕ Дженнифер сты Америкӕйы Иугонд Штаттӕй ӕмӕ лӕггад кӕнынц Мексикӕйы англисаг ӕмбырды. Уыдон зӕгъынц: «Цавӕрдӕр диссаджы хорз уавӕртӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут. Лӕггад кӕнын уӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй ӕдзух уӕ куывдтыты дзурут ӕмӕ стӕй уӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайут. Уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнут, цы бӕстӕйы уӕ фӕнды лӕггад кӕнын, уыцы бӕстӕйы филиалмӕ ныффыссут, стӕй-иу уӕ хӕрдзтӕ банымайут, ӕмӕ размӕ!» * Уыцы къахдзӕф куы саразат, уӕд уӕ лӕггадӕй райгонд уыдзыстут, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ.

^ 21 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс 2011 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», статья «Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?».