БИОГРАФИ
Йегъовӕйы коммӕ кӕй кастӕн, уый мын ӕрхаста бирӕ арфӕдзинӕдтӕ
«Цӕй хорз цӕвиттон нын ныууагъта Ной! – загъта мӕ фыд.– Уый Йегъовӕйы коммӕ каст ӕмӕ йӕ бинонты уарзта, стӕй се ’ппӕт дӕр Доны хъаймӕты аирвӕзтысты, наумӕ кӕй бацыдысты, уый фӕрцы».
УӔД нырма гыццыл чызг уыдтӕн, фӕлӕ ацы ныхӕстӕ хорз бахъуыды кодтон. Мӕ фыд уыди бонзонгӕ ӕмӕ кусаг лӕг. Рӕстдзинад тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ, 1953 азы хорз хабар куы фехъуыста, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕмӕ арф айста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг архайдта, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн амыдтаид, Библийӕ-иу цы базыдта, уый. Мӕ мады фыццаг нӕ фӕндыд католикон ӕгъдӕуттӕ ныууадзын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уый дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд.
Нӕ ныййарджытӕн ӕнцон нӕ уыд немӕ Библи ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ мад кӕсын хорз нӕ зыдта, нӕ фыд та ӕнӕхъӕн бон быдыры куыста. Хатт-иу ахӕм фӕлладӕй ӕрбацыд, ӕмӕ-иу ахуыры рӕстӕг бафынӕй. Фӕлӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд. Хистӕр сывӕллон кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кодтон мӕ хо ӕмӕ мӕ дыууӕ ӕфсымӕры ахуыр кӕнынӕн. Нӕ фыд-иу арӕх дзырдта, Ной йӕ бинонты куыд тынг уарзта ӕмӕ Хуыцауы коммӕ куыд каст, уый тыххӕй. Куыд тынг бауарзтон уыцы хабар! Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бинонтыдзагӕй райдыдтам ӕмбырдтӕм цӕуын, Италийы, Адриатикон денджызы был горӕт Розето-дельи-Абруццийы цы Паддзахады зал уыд, уырдӕм.
1955 азы мӕ мадимӕ нӕ фыццаг облӕстон конгресмӕ куы ацыдыстӕм, уӕд мыл 11 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Уый тыххӕй нӕ бахъуыд хӕхты сӕрты ныгуылӕнырдӕм Роммӕ ахизын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ конгресстӕ тынг бауарзтон.
1956 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. 17 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ иу хоимӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй Ромы хуссарварс горӕт Латинӕмӕ, мӕ хӕдзарӕй уыди 300 километры дарддӕр. Латинӕ уыди ног горӕт, ӕмӕ дзы адӕм нӕ тарстысты, иннӕтӕ сӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон уыд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ парахат кӕнын. Кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр нырма ӕрыгон уыдтӕн, ӕмӕ мӕ бинонты тынг мысыдтӕн! Фӕлӕ мӕ зӕрдыл дардтон, Йегъовӕйы кӕй фӕндыд, цӕмӕй Латинӕйы уыдаин, ӕмӕ мӕн та фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын.
Фӕстӕдӕр мӕ арвыстой Миланмӕ, цӕмӕй баххуыс кодтаин, 1963 азы ӕхсӕнадӕмон конгресс «Ӕнусон хорз хабар» бацӕттӕ кӕнынӕн. Конгрессы рӕстӕг иннӕтимӕ зӕрдиагӕй лӕггад кодтон ӕххуысгӕнджыты хайады. Ӕххуысгӕнджытимӕ ма уыди ӕрыгон ӕфсымӕр Паоло Пичоли дӕр,
ӕрцыди Флоренцийӕ. Конгрессы дыккаг бон ын уыди диссаджы раныхас. Дзырдта, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уӕд мӕхинымӕр ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, ацы ’фсымӕр бинонтӕ никуы скӕндзӕн. Фӕлӕ кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыссын райдыдтам ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нын иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ уыди – иухуызон нысӕнттӕ нын уыдис, Йегъовӕйы тынг уарзтам ӕмӕ нӕ тынг фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын. 1965 азы Паолоимӕ нӕ цард баиу кодтам.НЫХАС КӔНӔМ САУДЖЫНТИМӔ
Флоренцийы ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кодтон дӕс азы. Ӕмбырдтӕ кӕй рӕзыдысты, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн сӕ уырнындзинад кӕй фидар кодта, уый нын хаста стыр циндзинад. Тынг ӕхсызгон нын уыд семӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын, стӕй-иу улӕфгӕ дӕр иумӕ кодтам, ӕмӕ-иу Паоло арӕх семӕ футболӕй дӕр хъазыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕн фӕндыд, цӕмӕй мӕ цардӕмбалимӕ фылдӕр рӕстӕг иумӕ ӕрвыстаиккам. Фӕлӕ ’мбӕрстон, ӕмбырды бинонтӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ кӕй не ’вгъау кодта, уый сын стыр ӕххуыс кӕй уыди.
Мӕ зӕрдыл ӕхсызгонӕй ӕрлӕууынц, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыцы адӕм. Уыдысты тынг бирӕ, сӕ иу уыд Адрианӕ. Библийӕ-иу цы базыдта, уый-иу радзырдта дыууӕ бинонтӕн. Иухатт уыдон дӕр иу сауджыны фӕхуыдтой, цӕмӕй аныхас кодтаиккой аргъуаны ахуырӕдтыл, зӕгъӕм, Хуыцау Троицӕ кӕй у ӕмӕ уд кӕй нӕ мӕлы. Фембӕлдмӕ ӕрбацыд ӕртӕ католикон сауджыны. Иу фарстайӕн дӕр бӕлвырд дзуапп нӕ радтой, стӕй сӕ ныхас дӕр кӕрӕдзийыл нӕ бадти. Кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдон бамбӕрстой, сауджынты ныхӕстӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис. Цасдӕры фӕстӕ уыцы бинонтӕй 15 адӕймаджы систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд куыд хъусын кодтам, абон афтӕ нал хъусын кӕнӕм. Уӕд-иу Паоло арӕх фембӕлд сауджынтимӕ, цӕмӕй-иу Библийыл аныхас кодтаиккой, ӕмӕ йын хорз уади, цӕуыл ӕууӕндӕм, уыдӕтты тыххӕй семӕ ныхас кӕнын. Иухатт ахӕм фембӕлдмӕ ӕрбацыд бирӕ адӕм. Мах бамбӕрстам, сауджынтӕ уыцы адӕмӕй кӕимӕдӕрты кӕй баныхас кодтой, цӕмӕй Паоломӕ лӕвӕрдтаиккой, йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн нӕ бауыдаид, ахӕм фарстатӕ. Фӕлӕ сауджынтӕн сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд. Чидӕр бафарста, зӕгъгӕ, аргъуан ӕнусты дӕргъы политикӕйы кӕй архайы, уый раст у. Сауджынтӕ цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой. Ӕнӕнхъӕлӕджы залы рухс ахуыссыд ӕмӕ ууыл фембӕлд фӕци. Цалдӕр азы фӕстӕ базыдтам, сауджынтӕ рагацау кӕмӕндӕр кӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй залы рухс ахуыссын кодтаид, фембӕлд, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ цыдаид, уӕд.
НОГ ХӔСЛӔВӔРДТӔ
Паолоимӕ дӕс азы куы фӕцардыстӕм, уӕд ын загътой, цӕмӕй районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Фӕлӕ йын йӕ хорз куыст ныууадзын ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ скуывтам, лӕмбынӕг ахъуыды кодтам ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, уыцы хӕслӕвӕрдыл кӕй сразы уыдзыстӕм. Кӕмӕ-иу цардыстӕм, уыцы бинонтимӕ-иу нӕ рӕстӕг ӕхсызгонӕй ӕрвыстам. Изӕрыгӕтты-иу арӕх иумӕ Библи ахуыр кодтам, стӕй-иу Паоло сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кодта сӕ уроктӕ кӕнынӕн, уӕлдайдӕр та математикӕ. Уымӕй уӕлдай-ма Паоло бирӕ уарзта кӕсын ӕмӕ-иу радзырдта, ныфс нӕ чи уагъта, бирӕ ахӕм цымыдисаг хабӕрттӕ. Къуырисӕры-иу арӕх хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыд, уыцы горӕттӕм, ӕмӕ-иу адӕмы хуыдтам изӕры раныхасмӕ.
Дыууӕ азы фӕстӕ нӕ фӕхуыдтой Ромы филиалмӕ. Паоло лӕггад кодта юридикон хайады, мӕн та снысан кодтой литературӕйы заказты хайадмӕ. Нӕ цард аивын нын ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ нӕ тынг фӕндыд Хуыцауы коммӕ кӕсын. Куыд тынг цин кодтам, нӕ филиал нын куы фестырдӕр кодтой, стӕй Италийы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, ууыл. Уыцы рӕстӕг Италийы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци скодта. Тынг амондджын уыдыстӕм филиалы лӕггад кӕнгӕйӕ.
1980 азты райдианты, филиалы ма куы лӕггад кодтам, уӕд ӕгас Италийыл дӕр айхъуыст, тӕрхондонмӕ кӕуыл балӕвӕрдтой, уыцы Ӕвдисӕнты хабар. Иу ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнаджы фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, сӕ чызг амард, туг бауадзыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ уыдысты мӕнг, уымӕн ӕмӕ чызг амард, Италийы ӕмӕ йӕм ӕввахс бӕстӕты парахат чи у, уыцы низӕй – туджы низӕй. Филиалы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кодтой ацы бинонты адвокаттӕн. Уыцы рӕстӕг рацыд трактат ӕмӕ журнал «Пробудитесь!»-ы сӕрмагонд номыр, цӕмӕй адӕм базыдтаиккой, хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд уыдысты ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы туджы тыххӕй цы фыст ис, уый. Уыцы мӕйты Паоло арӕх боны мидӕг куыста 16 сахаты бӕрц. Ӕмӕ йын ӕз дӕр, мӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодтон.
НӔ ЦАРД ТА ФӔИВТА
Нӕ чындзӕхсӕвӕй 20 азы куы рацыд, уӕд нӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта. Уӕд мыл цыди 41 азы, Паолойыл та 49. Иубон Паолойӕн загътон, сывӕллон нын кӕй уыдзӕн. Уыцы бон Паоло йӕ дневникы ныффыста: «Куывд: Кӕд уый ӕцӕг у, уӕд нын баххуыс кӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм, нӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уа ӕмӕ нӕ сывӕллонӕн хорз ныййарджытӕ уӕм. Баххуыс-ма мын кӕн, цӕмӕй, 30 азы дӕргъы сценӕйӕ цы дзырдтон, уымӕн йӕ иу процент уӕддӕр ӕххӕст кӕнон». Уыцы ныхӕстыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмбарын, Йегъовӕ кӕй фехъуыста Паолойы куывд дӕр, стӕй мӕ куывд дӕр.
Ӕмбисӕндты 24:10 цы фыст ис, уый зыдтам, уӕддӕр: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Фӕлӕ нӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтам.
Нӕ цард тынг фӕивта, Илари куы райгуырд, уӕд. Раст зӕгъгӕйӕ-иу афтӕ дӕр уыди, ӕмӕ-иу нӕ къухтӕ дӕр ӕруагътам, кӕд,Ныр Илари арӕх фӕзӕгъы, амондджын кӕй у, йӕ ныййарджытӕ ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Рӕвдыдцух никуы уыд ӕмӕ хорз бинонты ’хсӕн схъомыл. Боны дӕргъы-иу уыдтӕн йӕ фарсмӕ. Паоло-иу изӕры хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд-иу йемӕ хъазыд ӕмӕ-иу ын йӕ уроктӕ кӕнынӕн ӕххуыс кодта. Кӕд-иу ын бирӕ куыст уыди ӕмӕ-иу ӕй ӕхсӕвы дыууӕ-ӕртӕ сахатмӕ бадын бахъуыд, уӕддӕр сывӕллонӕн рӕстӕг ардта. Илари-иу арӕх дзырдта: «Папӕ у мӕ хуыздӕр ӕмбал».
Цӕмӕй Илари рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдаид, уый тыххӕй-иу ын хатт уайдзӕф кӕнын дӕр бахъуыд. Хъуыды кӕнын, иухатт, йе ’мбалимӕ хъазгӕйӕ, цыдӕр фыдуаг ми кӕй ракодта. Библийӕ йын бамбарын кодтам, афтӕ кӕнын цӕуылнӕ ’мбӕлы. Стӕй ма йын загътам, цӕмӕй нӕ цуры уыцы чызгӕй хатыр ракуырдтаид.
Илари зӕгъы, зӕгъгӕ, мӕ ныййарджытӕ хъусын кӕнын бирӕ кӕй уарзтой, уый фӕрцы ӕз дӕр бауарзтон хъусын кӕнын. Ныр ын ис йӕхи бинонтӕ ӕмӕ ноджы хуыздӕр ӕмбары, куыд ахсджиаг у Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ цӕрын.
КОММӔГӔС СУАНГ ЗЫН РӔСТӔГ ДӔР
2008 азы Паоломӕ рак ссардтой. Фыццаг нӕ ныфс уыд, кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ-иу мӕ йӕхӕдӕг дӕр бафидар кодта. Ӕппӕты хуыздӕр дохтыртӕм цыдыстӕм. Илариимӕ-иу Йегъовӕмӕ бирӕ фӕкуывтам, цӕмӕй нын тыхтӕ ӕмӕ фӕразондзинад радтаид. Зын мын уыди, раздӕр фӕллад чи нӕ зыдта, уыцы хъаруджын адӕймаг мӕ цӕстыты раз куыд тади, уымӕ кӕсын. Мӕ мастӕн бауромӕн дӕр нӕ уыд, 2010 азы Паоло куы фӕзиан, уӕд. Фӕлӕ 45 азы дӕргъы иумӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтам, уыдон мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд мын фенцондӕр вӕййы. Мах Йегъовӕйӕн радтам, хуыздӕрӕй нӕм цы уыд, уый ӕмӕ йӕ зонын, нӕ фыдӕбонӕн нын стыр аргъ кӕй кӕны. Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Иоанны 5:28, 29 ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, ӕмӕ Паоло куы райгас уа, уыцы бонмӕ.
«Мӕ зӕрдӕйы нырма дӕр дӕн, Нойы хабар тынг чи уарзта, уыцы гыццыл чызг. Ныр дӕр мӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын»
Мӕ зӕрдӕйы нырма дӕр дӕн, Нойы хабар тынг чи уарзта, уыцы гыццыл чызг. Ныр дӕр мӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын, ӕмӕ разы дӕн, цы хъуыддаг мын бахӕс кӕна, уый ӕххӕст кӕныныл. Ӕз фидарӕй зонын: цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм ӕмӕ ныл цыфӕнды зиан ма ’рцӕуа, уӕддӕр уыдӕттӕ ницы сты Хуыцауы арфӕдзинӕдтимӕ абаргӕйӕ. Ӕз ӕй мӕхицӕй зонын, ӕмӕ йӕ сымахӕн дӕр зӕгъын – Йегъовӕйы коммӕ кӕсын алкӕддӕр арфӕйаг хъуыддаг у.