Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Доны хъаймӕты размӕ чи цард ӕмӕ Райдианы 6:2, 4 кӕй кой цӕуы, уыцы «Хуыцауы фырттӕ» чи уыдысты?

Бӕрӕг у, ацы ныхӕстӕ кӕй хауынц Хуыцауы уӕларвон фырттӕм. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Райдианы 6:2 фыст ис: «Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой».

Дзуттаг Фыстыты, ныхӕстӕ «Хуыцауы фырттӕ» ӕмбӕлынц Райдианы 6:2, 4; Иовы 1:6; 2:1; 38:7 ӕмӕ Псаломы 89:6. Ацы стихты фӕрцы нӕ бон у бамбарын, кӕмӕ хауынц, уый.

Бӕлвырд у, Иовы 1:6 «Хуыцауы фырттӕ» кӕй уыдысты, уӕлӕрвты Хуыцауы раз чи лӕууыд, уыцы зӕдтӕ. Се ’хсӕн уыд, «зӕххыл чи зылди», уыцы Сайтан дӕр (Иов 1:7; 2:1, 2). Иовы 38:4–7 дӕр кӕсӕм «Хуыцауы фыртты» тыххӕй. Хуыцау зӕххӕн «йӕ фисыны дур» куы сӕвӕрдта, уӕд уыдон «фырцинӕй... хъӕр кодтой». Уыдон уыдысты зӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцау адӕмы нӕма сфӕлдыста. Псаломы 89:6 дӕр «Хуыцауы фырттӕ» сты, уӕлӕрвты Хуыцауимӕ чи ис, уыцы зӕдтӕ, адӕм нӕ, фӕлӕ.

Уӕдӕ Райдианы 6:2, 4 кӕй кой цӕуы, уыцы «Хуыцауы фырттӕ» та чи сты? Библийӕ цы стихтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, ацы ныхӕстӕ кӕй хауынц, зӕхмӕ чи ’рцыд, уыцы зӕдтӕм.

Кӕйдӕрты нӕ уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ зӕдты искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын фӕнда. Матфейы 22:30 фыст Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕдтӕ нӕдӕр бинонтӕ скӕнынц, нӕдӕр ӕмуат ӕрцӕуынц. Фӕлӕ-иу уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу зӕдтӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой, ӕмӕ ма-иу адӕмимӕ хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ дӕр кодтой (Райд. 18:1–8; 19:1–3). Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, зӕдтӕн сӕ бон кӕй уыд адӕймаджы буӕрттӕ райсын ӕмӕ афтӕмӕй сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцӕуын.

Иуӕй-иу зӕдтӕ раст афтӕ кӕй бакодтой, уый зыны Библийӕ. Зӕгъӕм, Содомы цӕрджытӕй тынг хӕлд митӕ чи кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ Иудӕйы 6, 7 барст цӕуынц, «йӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта», уыцы зӕдты тӕригъӕдтимӕ. Уыцы зӕдтӕ дӕр ӕмӕ Содомы цӕрджытӕ дӕр «бафтыдысты хӕтыныл ӕмӕ амӕй-ай хӕлддӕр митыл». 1 Петры 3:19, 20 дӕр фыст ис, «Нойы рӕстӕджы» Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста, уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдты тыххӕй (2 Пет. 2:4, 5). Уӕдӕ Нойы заман цы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ уыд, уыдоны хъуыддӕгтӕ абарӕн ис Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тӕригъӕдтимӕ.

Куыд федтам, афтӕмӕй Райдианы 6:2, 4 «Хуыцауы фырттӕ» уыдысты, адӕймаджы буӕрттӕ чи райста ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ хӕлд митӕ чи кодта, уыцы зӕдтӕ.

Библи дзуры, Йесо кӕй «хъусын кодта, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн» (1 Пет. 3:19). Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Апостол Петр ацы стихы кӕны, «Нойы рӕстӕджы Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста», уыцы ӕнӕуынгӕ тыхты кой (1 Пет. 3:20). Петр дзырдта, Сайтанимӕ Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты тыххӕй. Иудӕ дӕр загъта, «йӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта», уыцы зӕдты Хуыцау «ӕнусон рӕхыстӕй бастӕй [кӕй] дары саудалынджы, стыр тӕрхоны бонмӕ» (Иуд. 6).

Нойы бонты уыцы зӕдтӕ ӕгоммӕгӕс цы хъуыддаджы разындысты? Доны хъаймӕты размӕ уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕ сарӕзтой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцыд, ахӕм хъуыддаг – адӕймаджы буӕрттӕ райстой (Райд. 6:2, 4). Ноджы фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыдысты. Хуыцау зӕдты афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой (Райд. 5:2). Уыцы фыдгӕнӕг, ӕгоммӕгӕс зӕдты Хуыцау йӕ афоныл фесафдзӕн. Ныр та уал, Иудӕ куыд ныффыста, афтӕмӕй сты «саудалынджы», раст цыма ахӕстоны сты, афтӕ.

«Ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн» Йесо кӕд ӕмӕ куыд хъусын кодта? Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ уый уыд Йесо, «уӕларвон буары» куы райгас, уӕд (1 Пет. 3:18, 19). Петр ма ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо «хъусын кодта». Петр ацы мивдисӕг ивгъуыд афоны кӕй загъта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хабар ӕрцыд, йӕ фыццаг фыстӕг куы нӕма ныффыста, уӕд. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йесо, куы райгас, уый фӕстӕ фыдгӕнӕг зӕдтӕн фехъусын кодта, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ныфсы хабар сын нӕ хъусын кодта, фӕлӕ тӕрхоны хабар (Ионӕ 1:1, 2). Йесойӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад ӕмӕ йӕ стӕй кӕй райгас кодта, уымӕй бӕрӕг уыди, Хӕйрӕджы бар ыл кӕй нӕ цыд, ӕмӕ йӕ бон кӕй уыд ахӕм карз тӕрхон фехъусын кӕнын (Иоан. 14:30; 16:8–11).

Фидӕны Йесо Сайтаны ӕмӕ фыдгӕнӕг зӕдты сбӕтдзӕн ӕмӕ сӕ дӕлдзӕхы ныппардзӕн (Лук. 8:30, 31; Рарг. 20:1–3). Уӕдмӕ та уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ сты «саудалынджы» ӕмӕ сӕ кӕрон бӕлвырд у (Рарг. 20:7–10).