Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдта цалдӕр адӕймаджы къухӕй

Бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдта цалдӕр адӕймаджы къухӕй

«[Йесо] дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл» (МАТФ. 14:19).

1–3. Вифсаидӕмӕ хӕстӕг ран Йесо дуне адӕмы куыд бафсӕста? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА иу хабар ауайын кӕн. (Бакӕс Матфейы 14:14–21.) Уый уыд н. э. 32 азы Куадзӕны размӕ. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты Вифсаидӕмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг ран. Вифсаидӕ та уыд Галилейӕйы денджызы цӕгатварс. Уырдӕм сӕм ӕрбацыд дуне адӕм – сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты ма нымай, афтӕмӕй дзы уыди 5 000 нӕлгоймаджы бӕрц.

2 Йесо уыцы адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта. Гъемӕ се ’хсӕн рынчын чи уыд, уыдоны сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ радзырдта. Куы ӕризӕр, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, адӕмы арвит, цӕмӕй хӕстӕг хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн исты хӕринаг балхӕной. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын бахӕрын кӕнут исты». Ӕвӕццӕгӕн сӕм йӕ ныхӕстӕ диссаг фӕкастысты, уымӕн ӕмӕ сӕм хӕринаг ницы уыд – дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы.

3 Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сарӕзта диссаг. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Чырыстийы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдон сӕ цыппар дӕр ӕрмӕстдӕр ацы диссаджы тыххӕй ныффыстой (Мар. 6:35–44; Лук. 9:10–17; Иоан. 6:1–13). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй адӕмы кӕрдӕгыл фӕндзайгӕйттӕй ӕмӕ сӕдӕгӕйттӕй ӕрбадын кодтаиккой. Ӕмӕ Хуыцауӕн куы раарфӕ кодта, уӕд дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕ дих кӕнын райдыдта. Стӕй сӕ адӕмыл йӕхӕдӕг нӕ байуӕрста, фӕлӕ «сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл». Ӕмӕ диссаг, хӕринаг алкӕмӕн дӕр сфаг, суанг ма фагӕй дӕр фылдӕр разынд! Ахъуыды-ма кӕн, Йесо мингай адӕмы бафсӕста цалдӕр адӕймаджы къухӕй – йӕ ахуыргӕнинӕгты къухӕй *.

4. а) Йесо фылдӕр цӕуыл тыхсти ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? Иннӕ статьяйы та?

4 Фӕлӕ Йесо фылдӕр ууыл тыхсти, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрдтаид, ома, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый сын ӕмбарын кодтаид. Зыдта йӕ, уыцы рӕстдзинад сӕ ӕнусон цардмӕ кӕй ӕркӕндзӕн (Иоан. 6:26, 27; 17:3). Йесо адӕмы дзул ӕмӕ кӕсагӕй бафсӕста, тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ растдӕр уыцы миниуӕг разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕнынӕн йӕ рӕстӕг ма ’вгъау кодтаид (Мар. 6:34). Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, зӕххыл бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ уыдзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхдзӕн (Матф. 16:21; Иоан. 14:12). Ӕмӕ уӕлӕрвты уӕвгӕйӕ та йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг куыд хъуамӕ лӕвӕрдтаид? Адӕмӕн ӕнӕуи хӕринаг куыд лӕвӕрдта, раст афтӕ – бирӕтӕн хъуамӕ хӕринаг лӕвӕрдтаид цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Уыцы цалдӕр адӕймаджы чи хъуамӕ уыдаиккой? Ӕркӕсӕм, Йесо фыццаг ӕнусы йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн цалдӕр адӕймаджы къухӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг куыд лӕвӕрдта, уымӕ. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, махӕй алкӕмӕн дӕр ахсджиаг чи у, ахӕм фарстайыл: Чырысти нын абон хӕринаг кӕй къухӕй дӕтты, уыцы цалдӕр адӕймаджы чи сты?

Йесо мингай адӕмы бафсӕста цалдӕр адӕймаджы къухӕй (кӕс 4 абзац)

ЙЕСО РАВЗӔРСТА ЦАЛДӔР АДӔЙМАДЖЫ

5, 6. а) Цӕмӕй Йесойӕн йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕнӕ разамындӕй ма баззадаиккой, уый тыххӕй цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахаста? ӕ) Йесо йӕ апостолты куыд цӕттӕ кодта, йӕ мӕлӕты фӕстӕ цы ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ арӕзтаиккой, уымӕ?

5 Йӕ хӕстӕм уӕлӕнгай цӕстӕй чи нӕ фӕкӕсы, ахӕм бинонты хистӕр бацархайы, цӕмӕй йыл, мыййаг, исты куы ’рцӕуа ӕмӕ куы амӕла, уӕд йӕ бинонтӕ мацы цух уой. Афтӕ Йесо дӕр, ӕмбырды Хистӕр чи хъуамӕ суыдаид, уый, бацархайдта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕнӕ разамындӕй ма баззадаиккой (Еф. 1:22). Зӕгъӕм, йӕ мӕлӕтӕй дыууӕ азы раздӕр Йесо рахаста ахсджиаг уынаффӕ: фӕстӕдӕр бирӕты кӕй къухӕй хъуамӕ ӕфсӕстаид, уыдонӕй фыццӕгты равзӕрста. Ӕркӕсӕм, хабар куыд уыд, уымӕ.

6 Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ уыдонӕй равзӕрста 12 апостолы (Лук. 6:12–16). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ семӕ уыд уӕлдай ӕнгом, дыууӕ азы дӕргъы сӕ ахуыр кодта ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. Зыдта йӕ, бирӕ цӕуылдӕрты кӕй хъуамӕ сахуыр уыдаиккой, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕр «ахуыргӕнинӕгтӕ» уымӕн хуындысты (Матф. 11:1; 20:17). Йесо сӕ алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй уынаффӕ лӕвӕрдта, стӕй сын бӕстон амыдта, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый (Матф. 10:1–42; 20:20–23; Лук. 8:1; 9:52–55). Афтӕмӕй сӕ цӕттӕ кодта ахсджиаг хъуыддагмӕ – уыцы хъуыддаг хъуамӕ арӕзтаиккой, йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыдаид, уӕд.

7. Йесо куыд бамбарын кодта, апостолтӕн сӕ сӕйраг хӕс цы хъуамӕ уыдаид, уый?

7 Цымӕ апостолтӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ арӕзтаиккой? Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон куы ӕрхӕстӕг, уӕд рабӕрӕг, «цӕстдарӕджы хӕстӕ» кӕй ӕххӕст кӕндзысты (Хъуыд. 1:20). Фӕлӕ сӕ сӕйраг хӕс цы хъуамӕ уыдаид? Уый Йесо бамбарын кодта, йӕ райгасы фӕстӕ апостол Петримӕ куы ныхас кодта, уӕд. (Бакӕс Иоанны 21:1, 2, 15–17.) Петримӕ ма уыд цалдӕр апостолы, афтӕмӕй йын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм». Ацы ныхӕстӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг бирӕтӕн кӕй фӕрцы хъуамӕ лӕвӕрдтаид, уыдоны ’хсӕн хъуамӕ уыдаиккой апостолтӕ дӕр. Стӕй ма уыцы ныхӕстӕ ирдӕй ӕвдисынц, Йесо йӕ «гыццыл фыстыл» куыд тынг тыхсы, уый *.

ФӔНДЗАЙӔМ БОНӔЙ ФӔСТӔМӔ БИРӔТӔН ХӔРИНАГ КУЫД ЛӔВӔРДТА

8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, Фӕндзайӕм боны чырыстон чи сси, уыдон хорз ӕмбӕрстой, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕринаг йӕ апостолты уылты кӕй лӕвӕрдта?

8 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Чырысти уӕлӕрвты уӕвгӕйӕ йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрдта йӕ апостолты уылты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:41, 42.) Фӕндзайӕм боны дзуттӕгтӕй ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты. Уыдон се ’ппӕт дӕр хорз ӕмбӕрстой, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕринаг кӕй уылты дӕтты, уый. Уыцы чырыстӕттӕ «дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой». Уыдон ӕххормаг адӕймагау агуырдтой рӕстдзинад, ӕмӕ йӕ кӕм ссарӕн ис, уый дӕр зыдтой. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, апостолтӕ сын кӕй бамбарын кӕндзысты, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ, стӕй йӕм Фыстадӕй цы ныхӕстӕ амыдтой, уыдон дӕр * (Хъуыд. 2:22–36).

9. Апостолтӕ сӕ сӕйраг хӕс алкӕддӕр сӕ зӕрдыл кӕй дардтой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Апостолтӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дардтой, сӕ сӕйраг хӕс кӕй у Йесойы фыстӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттын. Ӕркӕсӕм-ма, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд иу зын хъуыддаг куыд алыг кодтой, уымӕ. Ӕмбырды ахӕм уавӕр сӕвзӕрд, ӕмӕ тӕссаг уыди, къордтыл куы ныддихтӕ уыдаид, уымӕй. Ацы хатт дзырд цыди ӕнӕуи хӕринагыл. Ахуыргӕнинӕгтӕ алы бон хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу, грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой. Ӕмӕ апостолтӕ уыцы зын хъуыддаг куыд алыг кодтой? Уыцы «ахсджиаг куыст», ома ӕмбырды хӕринаг уарын, бахӕс кодтой авд фӕлтӕрд ӕфсымӕрӕн. Чырысти бирӕ адӕмы диссаджы хуызы куы бафсӕста, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕн сӕ фылдӕр ӕххуыс кодтой хӕринаг уарынӕн. Фӕлӕ ныр ӕмбӕрстой, ӕнӕуи хӕринагӕй ахсджиагдӕр кӕй у уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттын. Ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ радтой «Хуыцауы ныхас амонынӕн» (Хъуыд. 6:1–6).

10. Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты Йесо цы арӕзта?

10 Н. э. 49 азмӕ разамонӕг советы уыдысты, апостолтӕй ма ӕгас чи уыд, уыдон ӕмӕ ӕндӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы разамонӕг совет уыд Иерусалимы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:1, 2.) Ӕмбырды Хистӕр Йесо уыцы фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты гыццыл къордӕй пайда кодта, цӕмӕй ахуырӕдтимӕ баст фарстатӕ лыггонд цыдаиккой ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрд цыдаид (Хъуыд. 15:6–29; 21:17–19; Кол. 1:18).

11, 12. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ арфӕ кодта, йӕ Фырт фыццаг ӕнусы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттынӕн цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕн? ӕ) Йесо уыцы хъуыддаг кӕй уылты арӕзта, уый ӕнцон базонӕн цӕмӕн уыд?

11 Цымӕ Йегъовӕ арфӕ кодта, фыццаг ӕнусы йӕ Фырт уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттынӕн цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕн? Куыннӕ! Кӕцӕй йӕ зонӕм? Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис: «[Апостол Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ] горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой. Афтӕмӕй ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:4, 5). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ахуыргӕнинӕгтӕ фидардӕр ӕмӕ фылдӕр цӕй фӕрцы кодтой, уымӕ – разамонӕг совет цы дзырдта, уымӕ гӕсгӕ архайдтой. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта, йӕ Фырт цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕн. Уӕдӕ нӕ рох ма уӕд: Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн уыдзӕн ӕмӕ сӕ нымӕцыл ӕфтдзӕн, Йегъовӕ сын куы арфӕ кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ӕмб. 10:22; 1 Кор. 3:6, 7).

12 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕринаг лӕвӕрдта бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ: бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдта цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕй уылты арӕзта, уый уыд ӕнцон базонӕн. Зӕгъӕм, апостолтӕн,– разамонӕг советы фыццаг чи уыд, уыдонӕн,– сӕ бон уыди диссӕгтӕ аразын. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыди, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕны. Хъуыддӕгты 5:12 фыст ис: «Хуыцау апостолты къухӕй дарддӕр дӕр ӕвдыста бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ» *. Уӕдӕ-иу уыцы рӕстӕг чырыстон чи сси, уыдоны бирӕ хъуыды кӕнын нӕ хъуыди, Йесо йӕ фыстӕн хӕринаг кӕй уылты дӕтты, ууыл. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы кӕрон уавӕр фӕивта.

Фыццаг ӕнусы Йесо уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй уылты лӕвӕрдта, уый уыд ӕнцон базонӕн (кӕс 12 абзац)

ХӔМПӔЛГӔРДӔГ УЫД БИРӔ, МӔНӔУ ТА – ГЫЦЦЫЛ

13, 14. а) Йесо хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ кӕд райдыдтой ӕххӕст кӕнын? ӕ) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстон ӕмбырдӕн тӕссаг цӕмӕй уыдаид? (Кӕс фиппаинаг.)

13 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Йесо загъта, мӕнӕуы ’хсӕн (сӕрст чырыстӕтты ’хсӕн) тыд кӕй ӕрцӕудзӕн хӕмпӕлгӕрдӕг (мӕнг чырыстӕттӕ). Стӕй ма загъта, уыцы дыууӕ къорды иумӕ кӕй хъуамӕ рӕзой хуымгӕрдӕнтӕм. Хуымгӕрдӕнтӕ та хъуамӕ уыдаиккой «ацы цардӕвӕрды кӕрон» (Матф. 13:24–30, 36–43). Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, Йесо хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы загъта, уый ӕххӕст кӕнын райдыдта *.

14 Фыццаг ӕнусы ӕмбырды чидӕртӕ раст дины ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ Йесойы иузӕрдион апостолтӕ уыцы хабар «урӕдтой», ома ӕмбырд хъахъхъӕдтой, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕй ма фӕчъизи уыдаид (2 Фес. 2:3, 6, 7). Фӕлӕ апостолтӕй фӕстаг куы амард, уӕд мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмбырдты апарахат сты. Ӕмӕ хабар афтӕ уыд ӕнусты дӕргъы, цалынмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ мӕнӕу иумӕ рӕзыдысты, уӕдмӕ. Хӕмпӕлгӕрдӕг сбирӕ, мӕнӕу та гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕдзухдӕр ӕмӕ бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи лӕвӕрдтаид, ахӕм къорд нӕ уыди. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ уавӕр хъуамӕ фӕивтаид. Цымӕ кӕд?

ХУЫМГӔРДӔН АФОН ХӔРИНАГ ЧИ ХЪУАМӔ ДӔТТА?

15, 16. Библииртасджытӕ Фыстад лӕмбынӕг кӕй иртӕстой, уый цавӕр тыллӕг ӕрхаста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

15 Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ мӕнӕу иумӕ цы рӕстӕг хъуамӕ рӕзыдаиккой, уый куы фӕуд кодта, уӕд иуӕй-иуты зӕрдиагӕй бафӕндыд Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базонын. 1870-ӕм азты, рӕстдзинад чи агуырдта, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы гыццыл къорд иумӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Уыдон скодтой Библи ахуыргӕнӕн кълӕстӕ, ӕмӕ уыцы кълӕстӕ чырыстон аргъуантимӕ ӕмӕ дины къордтимӕ баст нӕ уыдысты. Уыцы сӕрныллӕг Библииртасджытӕ (сӕхи уӕд афтӕ хуыдтой) Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстой, цӕмӕй рӕстдзинад ссардтаиккой (Матф. 11:25).

16 Библииртасджытӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайдтой, уый ӕрхаста бирӕ тыллӕг. Уыдон мыхуыр кодтой Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ӕмӕ йӕ ӕгас дунейы дӕр парахат кодтой. Афтӕмӕй хурмӕ калдтой динты мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕргом кодтой рӕстдзинад. Библи хуыздӕр базонын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕм-иу сын сӕ литературӕ куы бакастысты, уӕд-иу бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой. Фӕлӕ ӕвзӕры ахӕм фарста: цымӕ 1914 азы размӕ дӕр уыцы Библииртасджыты уыди схонӕн, Чырысти йӕ фыстӕн хӕринаг кӕй уылты хъуамӕ лӕвӕрдтаид, уыцы къорд? Нӕ. Уыцы рӕстӕг хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ мӕнӕу нырма иумӕ рӕзыдысты, ӕмӕ Чырысти уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй уылты хъуамӕ лӕвӕрдтаид, уыцы къорд цӕттӕ нӕма уыд. Уӕд рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй мӕнг чырыстӕтты ӕцӕг чырыстӕттӕй фӕхицӕн кодтаиккой.

17. 1914 азы цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ райдыдтой цӕуын?

17 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, хуымгӕрдӕн афон кӕй райдыдта 1914 азы. Уыцы аз райдыдтой ахсджиаг хабӕрттӕ цӕуын. Йесо сси Паддзах, ӕмӕ ралӕууыдысты фӕстаг бонтӕ (Рарг. 11:15). Стӕй ма Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иумӕ ӕркастысты ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кодтой, ӕмӕ уыцы хабар ахаста 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг * (Мал. 3:1–4). 1919 азы та райдыдта мӕнӕу ӕфснайыны афон. Цымӕ уыцы рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Чырысти, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй уылты хъуамӕ лӕвӕрдтаид, ахӕм къорд снысан кодтаид? Бӕгуыдӕр ӕрцыд!

18. Йесо цы загъта, фӕстаг бонты кӕй хъуамӕ снысан кодтаид, уый тыххӕй? Фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд цавӕр ахсджиаг фарста сӕвзӕрд?

18 Йесо фӕстаг бонты кой кӕнгӕйӕ загъта, ахӕм «цагъары» кӕй снысан кӕндзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдылдзӕуджытӕн «хӕринаг афоныл дӕтдзӕн» (Матф. 24:45–47). Цымӕ чи хъуамӕ уыдаид уыцы «цагъар»? Йесо фыццаг ӕнусы цы ӕгъдау сфидар кодта, уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ та ногӕй хъуамӕ бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдтаид цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Фӕлӕ фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд сӕвзӕрд ахсджиаг фарста: уыцы цалдӕр адӕймаджы чи разындзысты? Ацы фарстайыл ӕмӕ ма Йесойы пехуымпарады фӕдыл ӕндӕр фарстатыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

 

^ 3 абз. 3 абзац: Йесо ма уый фӕстӕ дӕр диссаджы хуызы бирӕ адӕмы бафсӕста. Уӕд, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты ма нымай, афтӕмӕй уыдысты 4 000 нӕлгоймаджы. Ӕмӕ уыцы хатт дӕр хӕринаг «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та йӕ айуӕрстой адӕмыл» (Матф. 15:32–38).

^ 7 абз. 7 абзац: Петры рӕстӕг чи цард, уыцы «гыццыл фыстӕн» се ’ппӕтӕн дӕр уыд уӕлӕрвты цӕрыны ныфс.

^ 8 абз. 8 абзац: Уыцы ног чырыстӕттӕ, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ «дарддӕр дӕр... [кӕй] хъуыстой», уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ апостолтӕ ахуыр кодтой ӕдзухдӕр. Апостолтӕ цы амыдтой, уыдӕттӕй цыдӕртӕ фыст ӕрцыдысты, ныр Чырыстон Грекъаг Фыстытӕм чи хауы, уыцы чингуыты.

^ 12 абз. 12 абзац: Апостол чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттӕ дӕр-иу сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ-иу уый фӕрцы уыдонӕн дӕр сӕ бон уыди диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй-иу фылдӕр хатт уыцы курдиатӕй схайджын сты апостолты къухӕй кӕнӕ та апостолты раз (Хъуыд. 8:14–18; 10:44, 45).

^ 13 абз. 13 абзац: Апостол Павел Хъуыддӕгты 20:29, 30 цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырдӕн тӕссаг кӕй уыдаид дыууӕрдыгӕй: ӕмбырдӕй чи нӕу, уыдонӕй ӕмӕ, ӕмбырды чи ис, уыдонӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм «бацыдаиккой» мӕнг чырыстӕттӕ («хӕмпӕлгӕрдӕг»). Дыккаг та уый, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн «сӕхи ’хсӕн» дӕр фӕзындаид, «рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кодтаид, ахӕм адӕймӕгтӕ».

^ 17 абз. 17 абзац: Кӕс ацы номыры статья «Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ», 11 фарс, 6 абзац.