Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай
«Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат!» (2 ПЕТ. 3:11).
1, 2. Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй «цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм»?
БИРӔТӔН ахсджиаг у, иннӕтӕ сӕ цы хъуыды кӕнынц, уый. Фӕлӕ мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын сӕйрагдӕр хъуамӕ уа, Йегъовӕ нӕ цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ нын куыннӕ хъуамӕ уа сӕйраг – ӕнӕхъӕн Дун-дунейы уымӕй уӕлдӕр ничи ис ӕмӕ «царды суадон» дӕр уымӕ ис! (Пс. 36:9).
2 Йегъовӕйы цӕсты «цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм», уый кой кӕнгӕйӕ апостол Петр загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уат. (Бакӕс 2 Петры 3:11.) Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм, ома хъуамӕ нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ, стӕй нӕ лӕггад дӕр Хуыцауы цӕсты уой сыгъдӕг. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, ома йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад кӕнӕм ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм. Уӕдӕ Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ӕрмӕст хъуыддӕгтӕ не сты ахсджиаг, фӕлӕ, Хуыцаумӕ цы зӕрдӕ дарӕм, уый дӕр. Йегъовӕ «зӕрдӕмӕ... кӕсы», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зоны, сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕви нӕ, стӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уый дӕр (1 Аз. 29:17).
3. Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
3 Сайтан Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм. Уый йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ мауал уӕм ӕмӕ йын мауал лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕдзухдӕр кӕны мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ ныл хинӕй цӕуы (Иоан. 8:44; 2 Кор. 11:13–15). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Хӕйрӕг адӕмы куыд сайы? Цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хӕлар уон?»
ХӔЙРӔГ АДӔМЫ КУЫД САЙЫ?
4. Цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ мауал уӕм, уый тыххӕй Хӕйрӕг кӕдӕм хъавы ӕмӕ цӕмӕн?
4 Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр Иак. 1:14, 15). Куыд загътам, афтӕмӕй Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ мауал уӕм, ӕмӕ уый тыххӕй хъавы, нӕ фӕндтӕ кӕм сӕвзӕрынц, уырдӕм – нӕ зӕрдӕтӕм.
фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (5, 6. а) Хӕйрӕг нын нӕ зӕрдӕмӕ цӕй фӕрцы хъавы? ӕ) Хӕйрӕг цавӕр ӕртӕ мадзалӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ сӕвзӕрын кӕна ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы цы ӕнтысы?
5 Хӕйрӕг нын нӕ зӕрдӕмӕ цӕй фӕрцы хъавы? Библи зӕгъы: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоан. 5:19). Хӕйрӕгӕн йӕ хӕцӕнгӕрзтӕй иу у, «дунейы цы ис, уый». (Бакӕс 1 Иоанны 2:15, 16.) Мин азты дӕргъы уый ацы дунейы алцыдӕр афтӕ аразы, цӕмӕй адӕмы сайа. Ӕмӕ мах дӕр ацы дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ хинмитӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм (Иоан. 17:15).
6 Хӕйрӕг алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы архайы, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ сӕвзӕрын кӕна. Ӕмӕ уыцы мадзӕлттӕй ӕртӕйы тыххӕй ской кодта апостол Иоанн: 1) «буары монцтӕ», 2) «цӕстыты монцтӕ» ӕмӕ 3) «мулкӕй ӕппӕлын». Ацы мадзӕлттӕй Хӕйрӕг пайда кодта, Йесойы ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕлвӕрдта, уӕд дӕр. Хӕйрӕг уыдӕттӕй рагӕй кӕй пайда кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын абон бирӕ ӕнтысы, зоны, кӕй цӕмӕй фӕрӕдийын кӕна, уый. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕджы хинмитӕй нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм, уымӕ. Фӕлӕ уал фыццаг фенӕм, Хӕйрӕг Евӕйы куыд асайдта, ӕмӕ йын Хуыцауы Фыртыл та хинӕй рацӕуын куыд нӕ рауад, уый.
«БУАРЫ МОНЦТӔ»
7. Цӕмӕй Хӕйрӕг Евӕйы фӕрӕдийын кодтаид, уый тыххӕй «буары монцтӕй» куыд спайда кодта?
7 Цӕмӕй адӕймаг цӕра, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хӕрын. Ӕмӕ Хуыцау зӕхх афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй дзы хӕринаг парахатӕй уа. Адӕймаджы хӕринаг кӕй фӕхъӕуы, уымӕй Хӕйрӕгӕн йӕ бон у афтӕ спайда кӕнын, цӕмӕй уый тыххӕй Хуыцауы закъон фехала. Ӕркӕсӕм, Евӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ уыцы мадзалӕй куыд спайда кодта, уымӕ. (Бакӕс Райдиан 3:1–6.) Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕра, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн, фӕлӕ дзы цы бон бахӕра, уыцы бон Хуыцауы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Райд. 2:9). Афтӕмӕй Евӕйы сабыргай ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кодта, ӕмӕ, Хуыцаумӕ куы нӕ хъуса, уӕддӕр цӕрдзӕн. Уымӕй фыддӕр мӕнг ныхас ма цы хъуамӕ уа! Хӕйрӕг Евӕйы зонды ахӕм хъуыды куы сӕвзӕрын кодта, уӕд Евӕйӕн йӕ бон уыди равзарын, уыцы хъуыды фӕсура ӕви йыл дарддӕр дӕр хъуыды кӕна ӕмӕ уыцы дыргъмӕ мондаг кӕна. Евӕйӕн йӕ бон уыди Едемы цӕхӕрадоны иннӕ бӕлӕстӕй се ’ппӕтӕй дӕр хӕрын, фӕлӕ уый райдыдта хъуыды кӕнын, цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас уыд, ууыл. Гъемӕ йын йӕ дыргътӕй «ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта». Хӕйрӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Евӕйы бафӕндыдаид, йе Сфӕлдисӕг ын бар цӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, уый саразын.
8. Хӕйрӕг «буары монцты» фӕрцы Йесойы куыд фӕлвӕрдта ӕмӕ йын дзы цӕуылнӕ исты рауад?
8 Хӕйрӕг Йесойы ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕлвӕрдта, уӕд дӕр спайда кодта уыцы мадзалӕй. Йесо 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы куы ницы бахордта, уӕд ӕм Сайтан бацыд ӕмӕ йӕ фӕлварын райдыдта. Зыдта йӕ, Йесо ӕххормаг кӕй у, ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дурӕн зӕгъ, ӕмӕ дзул феста» (Лук. 4:1–3). Йесойӕн йӕ бон уыд равзарын, йӕхи бафсадынӕн Хуыцауы лӕвӕрд тыхӕй спайда кӕна ӕви нӕ. Йесо зыдта, уыцы тых ын йӕ буары фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн лӕвӕрд кӕй нӕ уыд. Кӕд ӕххормаг уыди, уӕддӕр ын хӕринаг Йегъовӕйӕ сӕйрагдӕр нӕ уыд. Йесо Хӕйрӕгӕн загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“» (Матф. 4:4; Лук. 4:4).
«ЦӔСТЫТЫ МОНЦТӔ»
9. Дзырдбаст «цӕстыты монцтӕ» цӕуыл дзурӕг у? Хӕйрӕг Евӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ уыцы мадзалӕй куыд спайда кодта?
9 Иоанн ма загъта «цӕстыты монцты» тыххӕй дӕр, ӕмӕ Хӕйрӕг адӕмы уымӕй дӕр фӕлвары. Дзырдбаст «цӕстыты монцтӕ» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг цӕмӕдӕр смондаг вӕййы, ӕнӕуи йӕм куы фӕкӕсы, уӕд дӕр. Евӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Хӕйрӕг уыцы мадзалӕй дӕр спайда кодта. Загъта йын: «Уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты». Хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласмӕ Евӕ цас фылдӕр каст, уыйас ӕм тынгдӕр мондаг кодта. Ӕмӕ Евӕ федта, бӕласы дыргътӕ «адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц».
10. Хӕйрӕг «цӕстыты монцты» фӕрцы Йесойы куыд фӕлвӕрдта ӕмӕ йын Йесо цавӕр дзуапп радта?
10 Хӕйрӕг Йесойы та куыд фӕлвӕрдта «цӕстыты монцты» фӕрцы? «Цӕстыфӕныкъуылдмӕ [йын] равдыста, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон, ӕмӕ йын загъта: „Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн“» (Лук. 4:5, 6). Хӕйрӕг Йесойӕн ӕцӕгӕй ӕппӕт паддзахӕдтӕ нӕ фенын кодта, фӕлӕ йын цӕстылуайӕны равдыста сӕ кад. Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ каст, ӕмӕ, Йесо уыцы диссӕгтӕ куы фена, уӕд ын уый фӕлварӕн суыдзӕн. Гъемӕ йын афтӕ бакодта: «Куы мын бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты дӕу» (Лук. 4:7). Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы Хӕйрӕг цы ӕнхъӕл уыд, ӕцӕгӕй ахӕм разындаид. Уайтагъд ын дзуапп радта: «Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Лук. 4:8).
«МУЛКӔЙ ӔППӔЛЫН»
11. Евӕ Хӕйрӕгӕн йӕхи сайын куыд бауагъта?
11 Дунейы цы ис, уыдӕтты кой кӕнгӕйӕ ма Иоанн загъта «мулкӕй ӕппӕлыны» Райд. 2:17; 3:5). Афтӕмӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Евӕйӕн йӕ бон у ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр цӕрын. Куыд зыны, афтӕмӕй Евӕ йӕхи сайын бауагъта йӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй. Хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы дыргътӕй бахордта, уымӕн ӕмӕ йӕ бауырныдта, кӕй нӕ амӕлдзӕн. Ӕвӕдза, куыд тынг рӕдыди!
тыххӕй дӕр. Зӕххыл Адам ӕмӕ Евӕйы йеддӕмӕ куы ничима цард, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй раз ӕппӕлыдысты, цы сӕм уыд, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр уыдон равдыстой сӕрбӕрзонддзинад. Хӕйрӕг Евӕйы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй баууӕндын кодта, Хуыцау дзы цыдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы. Загъта йын, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» цы бон бахӕра, уыцы бон кӕй «суыдзӕн Хуыцауы хуызӕн – зондзӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (12. Хӕйрӕг ма Йесойы ноджыдӕр куыд фӕлвӕрдта ӕмӕ йын Йесо цы загъта?
12 Евӕйӕ уӕлдай Йесо равдыста диссаджы сӕрныллӕгдзинад. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Йесо иннӕты дисы бафтыдтаид ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы бафӕлвӕрдтаид. Уый та уыдаид сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг! Фӕлӕ йын Йесо комкоммӕ ӕмӕ бӕлвырд загъта: «Афтӕ фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“». (Бакӕс Лукайы 4:9–12.)
ЦЫ ХЪУАМӔ АРАЗӔМ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔ ДАРДДӔР ДӔР НӔ ХӔЛАР УА?
13, 14. Хӕйрӕг абон адӕмы куыд сайы?
13 Абон дӕр Хӕйрӕг пайда кӕны, Евӕйы ӕмӕ Йесойы кӕмӕй фӕлвӕрдта, уыцы мадзӕлттӕй. «Буары монцты» руаджы Хӕйрӕг адӕмы ӕфтауы ӕнӕгъдаудзинадыл, фыднозтыл ӕмӕ фырхӕрдыл. «Цӕстыты монцты» фӕрцы та архайы, цӕмӕй адӕм порнографимӕ кӕсой, уӕлдайдӕр та Интернеты. Адӕм «мулкӕй ӕппӕлын» кӕй уарзынц, уый руаджы та Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй суой сӕрбӕрзонд, бӕллой стыр бартӕм, кадмӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ.
14 «Дунейы цы ис», уыдӕттӕ ис абарӕн, кӕсагахсӕг кӕмӕй фӕпайда кӕны, ахӕм сайӕнтимӕ. Сайӕнтӕ кӕсаджы сӕхимӕ ӕлвасынц, фӕлӕ вӕййынц ӕнгуырыл конд. Чи зоны, адӕймагмӕ цыдӕр хорз кӕса кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕна, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй фӕцӕрӕн нӕй. Ӕмӕ Хӕйрӕг, гӕнӕн ис, уымӕй афтӕ спайда кӕна, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы закъоны сӕрты дӕр ахиза. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр суа, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл тыхсын ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын. Ды та Хӕйрӕгӕн дӕхи сайын бауадздзынӕ?
15. Йесойау нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ фӕлӕууын?
Пс. 1:1, 2). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр уыдонау Хуыцауыл иузӕрдион уӕм (Ром. 15:4). Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй куы кад кӕнӕм, уый цы уарзы, мах дӕр уый куы уарзӕм ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, мах дӕр уымӕй не сӕфт куы уынӕм, уӕд нӕхи фыдбылызӕй бахиздзыстӕм (Пс. 97:10).
15 Кӕд Хӕйрӕг Евӕйыл хинӕй рацыд, уӕд ын Йесойы фӕсайын та нӕ бантыст. Йесо йын алы хатт дӕр дзуапп лӕвӕрдта Фыстадӕй ӕмӕ-иу загъта, «фыст у», зӕгъгӕ. Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас хорз зондзыстӕм ӕмӕ-иу фӕлварӕны рӕстӕг нӕ бон уыдзӕн хъӕугӕ стихтӕ ӕрхъуыды кӕнын (16, 17. Цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уый ныл куыд фӕзыны?
16 Апостол Павел нӕ разӕнгард кӕны «арф хъуыды кӕнынмӕ», цӕмӕй ацы дунейы зондыл ма цӕуӕм, фӕлӕ архайӕм Хуыцауы зондӕй (Ром. 12:1, 2). Нӕ хъуыдытыл нӕ бар кӕй хъуамӕ цӕуа, уый кой кӕнгӕйӕ Павел загъта: «Басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон ӕмӕ алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:5). Цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уый тынг фӕзыны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл (Фил. 4:8).
17 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уӕд хъуамӕ ӕвзӕр хъуыдытӕн ӕмӕ фӕндтӕн нӕ сӕры зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕнӕм. Хъуамӕ Йегъовӕйы «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ» уарзӕм (1 Тим. 1:5). Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ мӕнгард кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ хатт зонгӕ дӕр нӕ бакӕнӕм, «дунейы цы ис, уый» ныл куыд тынг фӕзыны (Йер. 17:9). Уӕдӕ ахсджиаг у Павелы уынаффӕмӕ хъусын: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Кор. 13:5). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ фӕндтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц?»
18, 19. Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг адӕймӕгтӕ уӕм?
18 «Дунейы цы ис», уыдӕттӕй нын цӕмӕй фӕлварӕн мацы суа, уый тыххӕй ма ноджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Иоанны ныхӕстӕ: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17). Хӕйрӕджы дунемӕ куы акӕсай, уӕд цыма ӕнустӕм дӕр лӕудзӕн, афтӕ зыны. Фӕлӕ иубон йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хӕйрӕджы дунейы цы ис, уыдӕттӕй ӕнустӕм ницы фӕлӕудзӕн. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕг ницӕмӕй асайдзӕн.
19 Апостол Петр куыд ныффыста, афтӕмӕй, «Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл даргӕйӕ» хъуамӕ уӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ. Петр загъта, зӕгъгӕ, «уыцы бон арв арты басудздзӕн, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон та сзынг уыдзысты ӕмӕ батайдзысты» (2 Пет. 3:12). Уыцы бон тынг хӕстӕг у. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Хӕйрӕджы дунейӕ ӕппындӕр ницы ныууадздзӕн. Фӕлӕ нӕ уӕдмӕ Хӕйрӕг, «дунейы цы ис», уыдӕттӕй фӕлвардзӕн, Евӕйы ӕмӕ Йесойы куыд фӕлвӕрдта, афтӕ. Мах хъуамӕ Евӕйау нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цӕуӕм. Науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕджы нӕ хуыцауыл нымайӕм. Хъуамӕ Йесойау ахӕм фӕлварӕнты ныхмӕ фӕлӕууӕм, цӕст сӕхимӕ куы ӕлвасой, уӕд дӕр. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг адӕймӕгтӕ уӕм!