Елисей уыдта, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхуӕрдӕттӕ. Ды та?
Сирийы паддзахы фӕндыд Хуыцауы пехуымпар Елисейы ссарын ӕмӕ йӕ ӕрцахсын. Паддзах базыдта, Елисей горӕт Дофаны кӕй ис. Дофан уыди бӕрзонд ран ӕмӕ йӕ алыварс амад уыд къултӕ. Сирийы хицау йӕ бӕхтӕ, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад арвыста уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ йыл ӕртыхстысты (2 Пад. 6:13, 14).
Елисейы лӕггадгӕнӕг райсомӕй куы сыстад ӕмӕ ӕддӕмӕ куы рацыд, уӕд знӕгты ӕфсад федта, ӕмӕ фӕтарст. «Сӕфӕм, мӕ хицау! Цы бакӕнӕм?» – ныхъхъӕр кодта лӕг. «Ма тӕрс,– загъта йын Елисей.– Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй». Уый фӕстӕ пехуымпар Хуыцаумӕ скуывта: «О Йегъовӕ, курын дӕ, йӕ цӕстытӕ йын байгом кӕн, цӕмӕй ӕппӕт дӕр фена». Дарддӕр Библийы фыст ис: «Уӕд Йегъовӕ лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта, Елисейы алыварс хӕхтӕ, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕй кӕй нал зындысты» (2 Пад. 6:15–17). Ацы хабарӕй, стӕй ма Елисейыл ноджыдӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Сириӕгтӕ горӕтыл куы ӕртыхстысты, уӕд Елисей нӕ фӕтарст, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ уыдта, кӕй йын ӕххуыс кӕны, уый. Абон мах не ’нъхӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ диссӕгтӕ кӕй араздзӕн, фӕлӕ фидарӕй зонӕм, йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уый. Хъахъхъӕны нӕ, раст цыма нӕ алыварс, артау цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ис, афтӕ. Уырнындзинады цӕстӕй кӕсгӕйӕ сӕ куы «уынӕм» ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕдзух Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд «цӕрдзыстӕм ӕдасӕй» ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Пс. 4:8). Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, Елисейыл ма цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон нын цы пайда фӕуыдзысты, ууыл.
ЕЛИСЕЙ ССИ ИЛИЙАЙЫ ЛӔГГАДГӔНӔГ
Иухатт Елисей зӕхх куы хуым кодта, уӕд ӕм пехуымпар Илийа бацыд ӕмӕ йыл йӕ уӕлӕдарӕс ӕрӕппӕрста. Елисей ӕмбӕрста, уый цӕуыл дзурӕг уыд, уый. Елисей куывд скодта, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ йӕ хӕдзар ныууагъта, цӕмӕй Илийайӕн лӕггад кодтаид (1 Пад. 19:16, 19–21). Елисей цӕттӕ уыд, Хуыцауы цыдӕриддӕр фӕндыд, уый аразынмӕ, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ пайда кодта. Фӕстӕдӕр та йӕ равзӕрста пехуымпарӕй Илийайы бӕсты.
2 Пад. 3:11). Уӕды заман хӕргӕ-хӕрын вилкӕтӕ, кӕрдтӕ ӕмӕ ӕндӕр мигӕнӕнтӕй нӕ пайда кодтой, фӕлӕ хордтой къухӕй. Хӕрды фӕстӕ та-иу хицау йӕ къухтӕ куы ӕхсадта, уӕд-иу ын сыл дон йӕ лӕггадгӕнӕг кодта. Уӕдӕ Елисей цы арӕзта, уыдӕттӕй иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ кадджын схонӕн нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Елисей стыр кадыл нымадта, Илийайы лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый.
Ӕвӕццӕгӕн, Елисей Илийайӕн лӕггад кодта иу-ӕхсӕз азы. Уыцы рӕстӕг Елисей уыд, «Илийайы къухтыл-иу дон чи кодта, уый» (Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ сын ис алыхуызон хӕстӕ. Уыдон сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ сты, уымӕн ӕмӕ сӕм ис уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕнды, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын. Иуӕй-иуты дзы фӕхъӕуы сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын, цӕмӕй, зӕгъӕм, Вефилы лӕггад кӕной кӕнӕ аразой Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕстыхӕйттӕ. Цы куыстытӕ кӕнынц, уыдонӕй, чи зоны, кӕцыдӕртӕ бирӕтӕм ахсджиаг ӕмӕ кадджын нӕ кӕсынц. Фӕлӕ нӕ иу дӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыцы куыстытӕ иууылдӕр тынг кадджын сты (Дзут. 6:10).
ЕЛИСЕЙ ЙӔ ХӔС ӔХХӔСТ КОДТА
Цалынмӕ Хуыцау «Илийайы тыхдымгӕйы уӕлӕрвтӕм... [нӕ] ахаста», уӕдмӕ йӕ арвыста Вефилмӕ, Галгалмӕ. Илийа Елисейӕн загъта, цӕмӕй йемӕ ма рацыдаид, фӕлӕ йын Елисей дзуапп радта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн». Фӕндагыл ма йын Илийа дыууӕ хатты загъта, цӕмӕй баззадаид, фӕлӕ йын не сразы (2 Пад. 2:1–6). Руф Ноемины куыд нӕ ныууагъта, афтӕ Елисей дӕр Илийайы нӕ ныууагъта (Руф 1:8, 16, 17). Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ стыр кадыл нымадта, Йегъовӕ йын Илийайӕн лӕггад кӕнын кӕй бахӕс кодта, уый.
Елисей нын у фӕзминаг. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын йӕ организацийы цыфӕнды куыст ма бахӕс кӕной, уӕддӕр ын стыр аргъ кӕндзыстӕм. Уымӕй стырдӕр кад нӕй! (Пс. 65:4; 84:10).
«РАКУР, ЦЫ ДӔ ХЪӔУЫ, УЫЙ»
Вефилмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Илийа Елисейӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ Хуыцау дӕуӕй нӕ акодта, уӕдмӕ ракур, цы дӕ хъӕуы, уый». Елисей йын дзуапп радта: «Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау дӕуӕн цы тых радта, уымӕй мын дыууӕ хайы ратт». Соломонау Елисей дӕр ракуырдта, йӕ бон Йегъовӕйӕн хуыздӕр лӕггад кӕнын цӕй фӕрцы уыдаид, уый (1 Пад. 3:5, 9; 2 Пад. 2:9). Цы ракуырдта? Израилы-иу адӕймагӕн йӕ бынтӕй дыууӕ хайы хъуамӕ баззадаиккой йӕ хистӕр фыртӕн (Дык. з. 21:15–17). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Елисей ракуырдта, цӕмӕй Илийайы фӕстӕ Хуыцауы пехуымпар уый суыдаид. Стӕй ма йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй уый дӕр Йегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг Илийайау хъӕбатыр уыдаид (1 Пад. 19:13, 14).
Цымӕ йын Илийа цы загъта? «Зын хъуыддаг курыс,– загъта йын пехуымпар.– Куыд мӕ акӕндзӕн, уый кӕд фенай, уӕд афтӕ уыдзӕн. Кӕд мӕ нӕ фенай, уӕд та нӕ уыдзӕн» (2 Пад. 2:10). Йӕ дзуапп дзурӕг у дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: Елисейы фӕндон сӕххӕст уыдаид ӕви нӕ, уый Йегъовӕйӕ кӕнгӕ уыд. Дыккаг: кӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй йын Хуыцау йӕ курдиат сӕххӕст кодтаид, уӕд хъуамӕ Илийайы ма ныууагътаид, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр.
ЕЛИСЕЙ ФЕДТА...
Цымӕ Хуыцау Елисейӕн радта, цы дзы куырдта, уый? Библийы фыст ис: «Фӕндагыл ныхӕстӕгӕнгӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕ разы февзӕрд, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ Илийайы тыхдымгӕ уӕлӕрвтӕм ахаста. Елисей йӕм каст» *. Уый уыд Йегъовӕйы дзуапп Елисейы курдиатӕн. Елисей федта, Хуыцау Илийайы куыд акодта, стӕй, Илийамӕ цы тых уыд, уымӕй дыууӕ хайы райста ӕмӕ йӕ бӕсты Хуыцауы пехуымпар сси (2 Пад. 2:11–14).
Илийайы тыхдымгӕ куы ахаста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрхауд, ӕмӕ йӕ Елисей систа ӕмӕ йӕ йӕ уӕлӕ скодта. Уыцы уӕлӕдарӕсӕй бӕрӕг уыд, ныр Елисей кӕй сси Хуыцауы пехуымпар. Пехуымпарӕй йӕ Хуыцау кӕй равзӕрста, уый ма рабӕрӕг, фӕстӕдӕр Иорданы цӕугӕдоны дӕттӕ дыууӕ дихы кӕй акодта, уымӕй дӕр.
Илийайы тыхдымгӕ куы ахаста, уӕд Елисей цы федта, уый йӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр диссаг фӕкаст. Ӕмӕ ай-гъайдӕр, артау цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ алы бон чи уыны?! Елисей сӕ кӕй федта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ куы фехъусы, уӕд артау цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ нӕ фенӕм. Фӕлӕ нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ йе стыр хъаруйӕ кӕй пайда кӕны, цӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕна. Йегъовӕ йӕ организацийы зӕххон хайӕн кӕй арфӕ Йез. 10:9–13).
кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «фӕуынӕм», йӕ уӕларвон бӕхуӕрдон иу ран кӕй нӕ лӕууы (Елисей иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федта, Йегъовӕ цы стыр хъаруйы хицау у, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы пехуымпар сарӕзта 16 диссаджы – Илийа цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй дыууӕ хатты фылдӕр *. Артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ Елисей дыккаг хатт федта, статьяйы райдианы цы хабары кой ис, уый куы ’рцыд, уӕд – знӕгтӕ Дофаныл куы ӕртыхстысты, уыцы рӕстӕг.
ЕЛИСЕЙ ЙӔ НЫФС ДАРДТА ЙЕГЪОВӔЙЫЛ
Кӕд знӕгтӕ Дофаныл ӕртыхстысты, уӕддӕр Елисей нӕ фӕтарст. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд. Махмӕ дӕр хъуамӕ уа ахӕм фидар уырнындзинад. Уый тыххӕй та хъӕуы Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нӕ бон уа уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын ӕмӕ нӕм уой, адӕймагмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи фӕзыны, уыцы миниуджытӕ (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23).
Елисей Дофаны цы федта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар ӕмӕ йӕ ныфс тынгдӕр дарын райдыдта Йегъовӕйы уӕларвон ӕфсӕдтыл, ома зӕдтыл. Пехуымпар ӕй бамбӕрста, Хуыцау йӕ зӕдты горӕты алыварс ӕмӕ йӕ бацахсынмӕ чи хъавыд, уыдоны алыварс кӕй ӕртыхсын кодта. Хуыцау сириӕгты бакуырм кодта, ӕмӕ афтӕмӕй диссаджы хуызы Елисейы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы фервӕзын кодта (2 Пад. 6:17–23). Уыцы зын уавӕры, стӕй-иу ӕндӕр уавӕрты дӕр, Елисей Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йыл йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардта.
Цӕй уӕдӕ мах дӕр Елисейау нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕд нын «Хуыцау... йӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзӕн ӕмӕ нын раарфӕ кӕндзӕн» (Пс. 67:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, артау цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ абон махӕн нӕ алыварс нӕй. Фӕлӕ тагъд «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн мах дӕр ӕмӕ нын ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны дӕр (Матф. 24:21; Рарг. 7:9, 14). Уӕдмӕ та нӕ рох макуы уӕд, «Хуыцау [кӕй] у не ’мбӕхсӕн» (Пс. 62:8).
^ 16 абз. Илийа уӕларвмӕ, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ зӕдтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм, не ссыд. Кӕс 1998 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 14 фарс.