Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ мын алы бон дӕр мӕ уаргъ хӕссы

Йегъовӕ мын алы бон дӕр мӕ уаргъ хӕссы

Кӕд мӕм уыйбӕрц низтӕ ис, ӕмӕ сын тыххӕй фӕразын, уӕддӕр алкӕддӕр уыдтон, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд мын куыд ӕххуыс кӕны. 20 азӕй фылдӕр та мын уӕлдай циндзинад хӕссы, Йегъовӕйӕн пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый.

Ӕз райгуырдтӕн 1956 азы уӕззау низимӕ – мӕ астӕуы хъӕд уыд сахъат (расщелина позвоночника). Мӕ астӕуы хъӕды нерв хъыгдард кӕй уыд, уый аххосӕй мӕ къӕхтыл рӕстмӕ нӕ цыдтӕн ӕмӕ ма мӕм ӕндӕр уӕззау низтӕ дӕр фӕзынд.

Куы райгуырдтӕн, уымӕй гыццыл раздӕр дыууӕ миссионеры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, мӕ ныййарджытимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Гыццыл куы уыдтӕн, уыцы рӕстӕг мӕ райгуырӕн горӕт Усакосы (Намиби) уыди ӕрмӕстдӕр цалдӕр хъусынгӕнӕджы. Ӕмбырд дзы кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕмбырды программӕ ӕвзӕрстам нӕ бинонтимӕ. Авд азы мыл куы цыд, уӕд мӕ доныхуыпп мӕ уыргтӕй мӕ мисындзӕгмӕ нал цыд (уростомия), ӕмӕ мын операци кӕнын бахъуыд, цӕмӕй мын мӕ тӕн ахуынкъ кодтаиккой ӕмӕ уырдыгӕй трубкӕйы уылты мӕ доныхуыпп ӕддӕмӕ цыдаид. 14-аздзыдӕй та суртӕ кӕнын райдыдтон. Скъола нӕм дард кӕй уыд ӕмӕ мӕ ӕппынӕдзух мӕ ныййарджыты ӕххуыс кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ кӕронмӕ каст нӕ фӕдӕн.

Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй мын фидар уырнындзинад уыдаид. Мӕ мадӕлон ӕвзагыл, африкаансыл, нӕ литературӕйӕ бирӕ нӕма уыд. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ организацийы чингуытӕ кастаин, уый тыххӕй англисаг ӕвзаг сахуыр кодтон. Хъусынгӕнӕг сдӕн ӕмӕ 19-аздзыдӕй донаргъуыд райстон. Уый фӕстӕ цыппар азы дӕргъы арӕх рынчынтӕ кодтон, стӕй-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Уымӕй уӕлдай, кӕм цардтӕн, уыцы горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр кӕрӕдзи зыдтой, ӕмӕ адӕмӕй кӕй тарстӕн, уымӕ гӕсгӕ, цас мӕ фӕндыд, уыйбӕрц нӕ хъусын кодтон.

20 азӕй мыл гыццыл фылдӕр куы цыд, уӕд Намибийӕ алыгъдыстӕм Хуссар Африкӕмӕ. Уым фыццаг хатт ацыдтӕн ӕмбырдмӕ. Уый уыд стыр диссаг! Фӕлӕ та мӕ ногӕй операци кӕнын бахъуыд – ацы хатт та ме ставд тъангыл (колостомия).

Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд фехъуыстон районон цӕстдарӕджы раныхас пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардтой. Зыдтон ӕй, ме ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй кӕй нӕ уыд, фӕлӕ йӕ уыдтон, Йегъовӕ мын-иу зын рӕстӕджыты куыд ӕххуыс кодта, уый. Ӕмӕ курдиат балӕвӕрдтон, пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Фӕлӕ ме ’нӕниздзинады тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ разыйы дзуапп раттыныл дызӕрдыг кодтой.

Уӕддӕр ӕз мӕхицӕн загътон, мӕ бон цас у, уыйбӕрц кӕй хъусын кӕндзынӕн. Мӕ мады ӕмӕ иннӕты ӕххуысӕй 6 мӕйы дӕргъы пионеры нормӕ ӕххӕст кодтон. Уый фӕрцы мӕ ныфс бацыд, пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ бон кӕй бауыдзӕн ӕмӕ мӕ ме ’нӕниздзинад дӕр кӕй нӕ бакъуылымпы кӕндзӕн. Ӕз та ногӕй курдиат балӕвӕрдтон, ӕмӕ мын ацы хатт разыйы дзуапп радтой. Ӕмӕ 1988 азы 1 сентябры ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мын Йегъовӕ ӕдзух ӕххуыс кӕны. Мӕ уавӕрыл кӕй нӕ хъуыды кӕнын, фӕлӕ адӕмӕн рӕстдзинад кӕй амонын, уый мӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй хъахъхъӕны ӕмӕ мын мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕны. Тынг цин кӕнын, цалдӕр адӕймагӕн кӕй баххуыс кодтон, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕхи снывонд кодтаиккой ӕмӕ донаргъуыд райстаиккой.

Ныр дӕр мӕм бирӕ низтӕ ис, фӕлӕ мын Йегъовӕ алы бон дӕр мӕ уаргъ хӕссы (Пс. 68:19). Йегъовӕ мын ӕрмӕст мӕ низтӕн фӕразынӕн не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма мын цӕмӕй мӕ цард циндзинад дӕр хӕсса!