Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнут

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнут

БИБЛИ зӕгъы: «Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ, зӕнӕг у йӕ лӕвар» (Пс. 127:3). Уӕдӕ диссаг нӕу, чырыстон ныййарджытӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд тынг кӕй фӕцин кӕнынц.

Сывӕллоны райгуырд ныййарджытӕн ӕрмӕст циндзинад не ’рхӕссы, фӕлӕ сын фӕзыны ахсджиаг хӕстӕ дӕр. Цӕмӕй сывӕллон рӕза ӕмӕ фидар уа, уый тыххӕй йӕ йӕ ныййарджытӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕфсадой пайдайаг хӕринӕгтӕй. Ӕмӕ цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл фидар лӕууа, уый тыххӕй та йӕ хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕной (Ӕмб. 1:8). Фӕлӕ кӕд хъӕуы сывӕллоны ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йӕ цӕуыл ахуыр кӕнын хъӕуы?

НЫЙЙАРДЖЫТЫ ХЪӔУЫ ХУЫЦАУЫ ӔХХУЫС

Ӕркӕсӕм-ма, рагон израилаг горӕт Цорӕйы чи цард, уыцы нӕлгоймаджы хабармӕ. Йӕ ном хуынди Маной ӕмӕ уыд Даны хӕдзарвӕндагӕй. Манойӕн йӕ ус ӕнӕзӕнӕг уыд. Фӕлӕ йӕм иухатт Йегъовӕйы зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн (Тӕрх. 13:2, 3). Кӕд Маной ӕмӕ йӕ ус тынг бацин кодтой, уӕддӕр мӕт кодтой, сӕ сывӕллоны куыд хъомыл кӕндзысты, ууыл. Маной Хуыцаумӕ скуывта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы нӕм ӕрӕрвыстай, ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, иу хатт ма нӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый» (Тӕрх. 13:8). Маной ӕмӕ йӕ ус сӕ фыртӕн, Самсонӕн, Хуыцауы Закъон амыдтой, ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Библийы фыст ис: «Цасдӕры фӕстӕ... Йегъовӕйы тых Самсоны разӕнгард кӕнын райдыдта». Самсон сси Израилы тӕрхонгӕнджытӕй иу ӕмӕ стыр диссӕгтӕ сарӕзта (Тӕрх. 13:25; 14:5, 6; 15:14, 15).

Маной Хуыцауӕй разамынд куырдта, цы сывӕллон сын хъуамӕ райгуырдаид, уый куыд хъуамӕ хъомыл кодтаиккой, уый фӕдыл

Цымӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕд хъуамӕ райдайой ахуыр кӕнын? Тимофейӕн йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ «сыгъдӕг Фыстытӕ» йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» амыдтой (2 Тим. 1:5; 3:15). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Тимофейы хӕрз гыццылӕй райдыдтой ахуыр кӕнын.

Хорз уаид, чырыстон ныййарджытӕ-иу Хуыцауӕй ӕххуыс куы куриккой ӕмӕ алцыдӕр рагацау куы спълан кӕниккой, цӕмӕй сӕ сывӕллоны ахуыр кӕной йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ». Ӕмбисӕндты 21:5 фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуыры, уӕдмӕ ныййарджытӕ сӕхи фӕцӕттӕ кӕнынц. Сывӕллонӕн сӕ цытӕ хъӕудзӕн, уыдӕттӕ ма суанг фысгӕ дӕр ныккӕнынц. Уӕдӕ йын йӕ уырнындзинадыл рагацау ахъуыды кӕнын дӕр афтӕ ахсджиаг у. Сӕ нысан хъуамӕ уа сӕ сывӕллоны хӕрз гыццылӕй ахуыр кӕнын райдайын.

Сывӕллӕттӕ куыд фестыр кӕнынц, уый чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, сывӕллонӕн йӕ райгуырдыл цалдӕр мӕйы куы рацӕуы, уӕд йӕ магъз афтӕ хорз фӕкусы, ӕмӕ йын ног цыдӕртӕ бахъуыды кӕнын ӕнцон вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ныййарджытӕ уыцы рӕстӕгӕй спайда кӕной, ӕмӕ сӕ сывӕллонӕн Йегъовӕйы закъӕттӕ амонын райдайой.

Иу хо, пионер, йӕ гыццыл чызджы тыххӕй загъта: «Мемӕ-иу ӕй уацамынды акодтон, кӕд ыл иу мӕй йеддӕмӕ нӕма цыд, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕд нырма ницы ӕмбӕрста, уӕддӕр ӕй фидарӕй зонын, уый йыл хорзырдӕм кӕй фӕзынд. Дыууӕ азы йыл куы цыд, уӕд-иу уацамынды кӕуыл фембӕлдыстӕм, уыдонӕн-иу трактаттӕ уыцы ныфсджынӕй лӕвӕрдта».

Ныййарджытӕ сӕ цоты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куы ахуыр кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн уый стыр пайда ӕрхӕссы. Фӕлӕ ныййарджытӕ зонынц, уый алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы.

«РӔСТӔГӔЙ, ХУЫЗДӔР КУЫДДӔРИДДӔР У, АФТӔ ПАЙДА КӔНУТ»

Сывӕллӕттӕ тӕлфаг кӕй вӕййынц ӕмӕ иу ран бадынӕй тагъд кӕй афӕлмӕцынц, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн зын вӕййы сӕ цоты ахуыр кӕнын. Сывӕллӕтты алцыдӕр фӕцымыдис кӕны ӕмӕ, сӕ алыварс цыдӕриддӕр вӕййы, уый сӕ фӕфӕнды базонын. Уӕдӕ цымӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллоны куы ахуыр кӕной, уӕд-иу ма афӕлмӕца?

Ахъуыды-ма кӕнӕм Моисейы ныхӕстыл: «Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы. Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд» (Дык. з. 6:6, 7). Ацы ныхӕстӕ ныййарджытӕн ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сӕ сывӕллонӕн цы амонынц, уый йын арӕх кӕй хъӕуы дзурын. Гыццыл сывӕллон, дон кӕнын арӕх кӕуыл фӕхъӕуы, ахӕм тала бӕласӕй уӕлдай нӕу. Цӕмӕй стыр адӕймаг, ахсджиаг цы у, уый бахъуыды кӕна, уый тыххӕй йын ӕй цалдӕр хатты фӕхъӕуы зӕгъын. Уӕдӕ сывӕллонӕн дӕр исты цалдӕр хатты куы зӕгъай, уӕд ӕй бахъуыды кӕндзӕн!

Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ цотӕн Хуыцауы закъӕттӕ бацамоной, уый тыххӕй сӕ фӕхъӕуы рӕстӕг. Хъыгагӕн сӕ арӕх кӕй нӕ февдӕлы, уымӕ гӕсгӕ сын уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ апостол Павел чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй сӕ «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕной» (Еф. 5:15, 16). Уый сӕ къухы куыд бафтдзӕн? Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ бинойнаг пионер кӕмӕн у, иу ахӕм ӕфсымӕр куыд загъта, афтӕмӕй йын цӕмӕй йӕ сывӕллоны ахуыр кӕнынӕн фаг рӕстӕг уа, стӕй ӕмбырды хъуыддӕгтыл дӕр ӕххӕсса ӕмӕ ма кусгӕ дӕр кӕна, уый тыххӕй йӕ алцыдӕр фӕхъӕуы спълан кӕнын. Цымӕ сӕ чызджы ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг кӕд ссарынц? Уыцы ӕфсымӕр зӕгъы: «Алы райсом дӕр куыстмӕ ацӕуыны размӕ мӕ бинойнагимӕ нӕ чызгӕн фӕкӕсӕм „Мӕ библион радзырдты чиныг“ кӕнӕ брошюрӕ „Алы бон дӕр Фыстад иртас“. Изӕры дӕр цалынмӕ фынӕй кӕнынмӕ нӕ ацӕуы, уӕдмӕ йемӕ цыдӕртӕ бакӕсӕм, стӕй йӕ уацамынды дӕр немӕ акӕнӕм. Фӕнды нӕ, цӕмӕй нын цы фадат ис, уымӕй спайда кӕнӕм, ӕмӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнӕм».

«ФЫРТТӔ СТЫ ФАТТӔ»

Алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллон ӕмбаргӕ адӕймаг суа. Фӕлӕ нӕ сывӕллӕтты сӕйрагдӕр уый тыххӕй ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзой (Мар. 12:28–30).

Псаломы 127:4 стихы фыст ис: «Тыхджын адӕймаджы къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты, лӕгӕн йе ’рыгонӕй чи райгуырд, уыцы фырттӕ». Библи сывӕллӕтты бары фаттимӕ. Уыцы фаттӕ афтӕ фехсын хъӕуы, цӕмӕй нысаныл сӕмбӕлой. Фатӕхсӕгӕн йӕ фат куы атӕха, уӕд ӕй фӕстӕмӕ нал раздахдзӕн. Ныййарджытӕм сӕ «фаттӕ» – сӕ сывӕллӕттӕ – бирӕ рӕстӕг нӕ фӕвӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ уыцы рӕстӕгӕй спайда кӕнын фӕхъӕуы, цӕмӕй сын Хуыцауы закъӕттӕ сӕ зонды ӕмӕ сӕ зӕрдӕты нывӕрой.

Апостол Иоанн йӕ «сывӕллӕтты», ома рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодта, уыдоны, тыххӕй ныффыста: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4). Чырыстон ныййарджытӕ дӕр Хуыцауӕн бузныг фӕдзурынц, сӕ сывӕллӕттӕ «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц», уый уынгӕйӕ.