Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн

Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн

«Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн – зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды» (ПС. 19:7).

1. Ӕмбырдты арӕх цавӕр хабӕрттыл фӕныхас кӕнӕм? Уыцы хабӕрттӕ ӕдзухдӕр кӕй фӕиртасӕм, уый нын цы ӕххуыс у?

«ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫДЖЫ» ахуыргӕнӕн статья куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд дӕм ахӕм фарста никуы фӕзыны: «Ӕрӕджы дӕр ма ахӕм ӕрмӕг не ’взӕрстам?» Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм иуцасдӕр цӕуыс, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, иуӕй-иу темӕтӕ дзы ногӕй-ногмӕ кӕй фӕцӕуынц ӕвзӕрст. Арӕх фӕныхас кӕнӕм Хуыцауы Паддзахадыл, Чырыстийы нывондыл, хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕмӕ иуӕй-иу миниуджытыл, зӕгъӕм, уарзондзинадыл ӕмӕ уырнындзинадыл. Ацы хабӕрттӕ ӕдзухдӕр кӕй фӕиртасӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Стӕй ма нын уыцы хъуыддаг ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы ныхас ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ ма уӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны, ахӕмтӕ (Иак. 1:22).

2. а) Библийы дзырд «амындтӕ» арӕх цӕмӕ фӕамоны? ӕ) Хуыцауы закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

2 Библийы дзырд «амындтӕ»-й цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый арӕх фӕамоны, Хуыцау йӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕны, ахӕм амындтӕм, стӕй йӕ закъӕттӕм, фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм дӕр. Адӕм цы закъӕттӕ ӕрымысынц, уыдон арӕх фӕхъӕуы фӕивын кӕнӕ фӕхуыздӕр кӕнын. Уыдонӕй уӕлдай, Йегъовӕйы закъӕттыл ӕмӕ уагӕвӕрдтыл алкӕддӕр ис ӕууӕндӕн. Кӕд, Хуыцау раджы заманты йӕ адӕмӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ абон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕм исты фау ӕрхӕссӕн ис. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Дӕ амындтӕ ӕнустӕм дӕр раст сты» (Пс. 119:144).

3, 4. а) Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ йӕ амындты фӕрцы цы фӕаразы? ӕ) Израилӕгтӕ Хуыцауы амындтӕм куы хъуыстаиккой, уӕд сын уый цы пайда уыдаид?

3 Иуӕй-иу хатт нӕ Йегъовӕ йӕ амындты фӕрцы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй фӕфӕдзӕхсы. Хуыцау израилӕгты дӕр арӕх йӕ пехуымпарты фӕрцы цӕмӕйдӕрты фӕдзӕхста. Зӕгъӕм, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны размӕ сын Моисей загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕууат. Кӕннод уӕм Йегъовӕйы маст ссудздзӕн» (Дык. з. 11:16, 17). Библи кӕсгӕйӕ ис фенӕн, Хуыцау йӕ адӕмӕн бирӕ ӕндӕр амындтӕ дӕр кӕй лӕвӕрдта ӕмӕ-иу сын уыцы амындтӕ дӕр стыр ӕххуыс кӕй уыдысты.

4 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл арӕх лӕууын кодта, кӕй дзы хъуамӕ тӕрсой, кӕй йӕм хъуамӕ хъусой ӕмӕ йын йӕ ном кӕй хъуамӕ кадджын кӕной (Дык. з. 4:29–31; 5:28, 29). Израилӕгтӕ Хуыцауы амындтӕм куы хъуыстаиккой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой (Лев. 26:3–6; Дык. з. 28:1–4).

ИЗРАИЛӔГТӔ-ИУ ХУЫЦАУЫ АМЫНДТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ РАКАСТЫСТЫ

5. Хуыцау паддзах Езекийы сӕрыл цӕмӕн тох кодта?

5 Израилы адӕмы историмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Хуыцау алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кодта, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм иу хабар. Ассирийы паддзах Сеннахирим Иудӕйы паддзахадмӕ куы бабырста, уӕд паддзах Езекимӕ дӕр ӕртхъирӕнтӕ кодта. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид. Иу ӕхсӕвмӕ Хуыцауы зӕд, «Ассирийы паддзахы ӕфсады цыдӕриддӕр хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонтӕ» уыд, уыдоны ныццагъта. Ӕмӕ Сеннахиримы сӕхимӕ ӕгадӕй аздӕхын бахъуыд (2 Аз. 32:21; 2 Пад. 19:35). Хуыцау паддзах Езекийы сӕрыл цӕмӕн тох кодта? Уымӕн ӕмӕ Езеки «Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд, алкӕддӕр йӕ коммӕ каст ӕмӕ, Йегъовӕ... цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕххӕст кодта» (2 Пад. 18:1, 5, 6).

Йегъовӕйы амындтӕ Иосийы сразӕнгард кодтой раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ (кӕс 6 абзац)

6. Иоси Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый куыд равдыста?

6 Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм чи хъуыста, уыдоны ’хсӕн уыд паддзах Иоси дӕр. Аст азы йеддӕмӕ йыл нӕма цыд, афтӕмӕй «арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый». Хуыцау ӕй цы фӕндагыл кодта, уыцы фӕндагӕй «нӕдӕр рахизырдӕм аздӕхт, нӕдӕр галиуырдӕм» (2 Аз. 34:1, 2). Иоси йӕ паддзахад мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кодта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ ӕрмӕст Иосийӕн нӕ раарфӕ кодта, фӕлӕ Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:31–33.)

7. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы амындтӕ куы ницӕмӕ дардтой, уӕд-иу сӕ хабар куыд рауад?

7 Фӕлӕ, хъыгагӕн, Хуыцауы адӕм йӕ амындтыл алкӕд не ’ууӕндыдысты. Ӕнусты дӕргъы-иу куы иуырдӕм фесты, куы та – иннӕрдӕм. Куы-иу хъуыстой Йегъовӕмӕ, куы та – нӕ. Сӕ уырнындзинад-иу куы ӕрлӕмӕгъ, уӕд-иу иннӕ адӕмты зондыл ӕнцонтӕй ацыдысты ӕмӕ-иу мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой (Еф. 4:13, 14). Ӕмӕ-иу сыл уӕд ӕрцыд, Йегъовӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый – кӕй йыл не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй-иу бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой (Лев. 26:23–25; Йер. 5:23–25).

8. Израилӕгты хабар нын зондзонӕн куыд у?

8 Израилӕгты хабар нын зондзонӕн куыд у? Хуыцау абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты уынаффӕтӕ ӕмӕ сын зонд амоны (2 Пет. 1:12). Йӕ Ныхас ын куы фӕкӕсӕм, уӕд нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны. Ӕмӕ нын Йегъовӕ сӕрибардзинад кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у равзарын: йӕ фӕдзӕхстытӕм ын хъусдзыстӕм ӕви, нӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ кӕндзыстӕм (Ӕмб. 14:12). Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Йегъовӕйы амындтыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ нын уыцы амындтӕм хъусын цы пайда у, ууыл.

ХУЫЦАУМӔ ХЪУС, ӔМӔ ЦӔРАЙ

9. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ сӕ зӕрдыл куыд лӕууын кодта, кӕй сын ӕххуыс кӕны, уый?

9 Израилӕгтӕн, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл» сӕ балц куы райдыдта, уӕд сын Йегъовӕ бӕлвырд нӕ бамбарын кодта, разамынд сын куыд дӕтдзӕн, куыд сӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сыл куыд тыхсдзӕн, уый. Фӕлӕ сын 40 азы дӕргъы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, куы йыл ӕууӕндой ӕмӕ йын йӕ амындтӕм куы хъусой, уӕд сын хорз кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ израилӕгтӕн фӕндаг амыдта – бонӕй-иу сӕ разӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та-иу сын сӕ фӕндаг рухс кодта артау судзгӕ цӕджындз. Афтӕмӕй сын Хуыцау сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, уыцы зын балцы сын кӕй ӕххуыс кӕны (Дык. з. 1:19; Рац. 40:36–38). Стӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уыдӕттыл дӕр-иу батыхст. «Сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ не срӕсыдысты». Ӕцӕгдӕр, израилӕгтӕ «ницы цух уыдысты» (Неем. 9:19–21).

10. Йегъовӕ абон йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты?

10 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ абон лӕууынц ног дунейы къӕсӕрыл. Цымӕ нӕ фидарӕй уырны, «стыр бӕллӕхы» сӕрты ахизынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын Йегъовӕ кӕй дӕтты? (Матф. 24:21, 22; Пс. 119:40, 41). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕ ног дунемӕ мигъы хуызӕн цӕджындзы фӕрцы ӕмӕ артау судзгӕ цӕджындзы фӕрцы нӕ кӕны. Абон нын разамынд дӕтты йӕ организацийы фӕрцы, ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цырддзаст уӕм. Зӕгъӕм, арӕхӕй-арӕхдӕр не ’ргом здӕхт цӕуы уымӕ, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ бинонтимӕ дӕр Библи ахуыр кӕнӕм, стӕй цӕмӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Кӕд нӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын хъуыди, цӕмӕй ацы амындтӕм гӕсгӕ архайӕм, уӕд сӕ цымӕ скодтам? Уыцы хъуыддӕгты фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар, ӕмӕ уый та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ног дунемӕ бацӕуӕм.

Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ нӕ Паддзахады залтӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ зилӕм, ӕмӕ дзы уый фӕрцы тӕссаг ницӕмӕй у (кӕс 11 абзац)

11. Хуыцау нӕ хорзыл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

11 Хуыцауы организаци ма нын хорз разамынд дӕтты ӕнӕуи хъуыддӕгты фӕдыл дӕр. Зӕгъӕм, разӕнгард нӕ кӕны мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсынмӕ ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕнынмӕ, цӕмӕй къаддӕр цӕуылдӕрты мӕт кӕнӕм. Хуыцауы организаци ма нын хорз уынаффӕтӕ дӕтты, не ’ддаг бакаст цавӕр хъуамӕ уа ӕмӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ хъуамӕ ӕвзарӕм, уый фӕдыл, стӕй, уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуӕм ӕви нӕ, уый фӕдыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цы хъӕуы саразын, цӕмӕй нӕ хӕдзары, нӕ машинӕйы ӕмӕ нӕ Паддзахады залы тӕссаг мацӕмӕй уа, стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхтӕм нӕхи куыд хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый дӕр. Уыцы уынаффӕтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау нӕ хорзыл тыхсы.

ХУЫЦАУЫ АМЫНДТЫ ФӔРЦЫ ФЫЦЦАГ ЧЫРЫСТӔТТӔ УЫДЫСТЫ ИУЗӔРДИОН

12. а) Йесо йӕ апостолтӕн арӕх цӕй тыххӕй дзырдта? ӕ) Цавӕр хабар бацагайдта Петры зӕрдӕ ӕмӕ уыцы хабар мах цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

12 Фыццаг ӕнусы Хуыцауы адӕмӕн ӕдзухдӕр лӕвӕрд цыдысты амындтӕ. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн арӕх дзырдта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Фӕлӕ, сӕрныллӕгдзинад цы у, уый сын ӕрмӕст ныхӕстӕй не ’мбарын кодта. Уыцы миниуӕг сын хъуыддагӕй дӕр равдыста. Зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд йӕ апостолтимӕ ӕрӕмбырд сты Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕмӕ апостолтӕ ӕхсӕвӕр куы хордтой, уӕд Йесо фынгӕй сыстад ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ ныхсадта, кӕд уый лӕггадгӕнӕджы хӕс уыд, уӕддӕр (Иоан. 13:1–17). Ахӕм сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыста, уый йӕ апостолты зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ уыцы хабар никуы ферох кодтой. Иу-30 азы фӕстӕ апостол Петр, уыцы ӕхсӕвӕры чи уыд, уыдонӕй иу, йе ’мчырыстӕттӕн сӕрныллӕгдзинады тыххӕй уынаффӕ радта (1 Пет. 5:5). Йесойы цӕвиттон хъуамӕ не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕна, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ уӕм сӕрныллӕг (Фил. 2:5–8).

13. Йесо йӕ апостолтӕн арӕх цавӕр ахсджиаг миниуӕджы тыххӕй дзырдта?

13 Йесо ма йӕ апостолтимӕ арӕх ныхас кодта, фидар уырнындзинад сӕм кӕй хъуамӕ уыдаид, ууыл дӕр. Иухатт апостолтӕй чидӕртӕ иу хӕйрӕджджын лӕппуйӕ хӕйрӕджы фӕсурынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ сын ницы рауад. Ӕмӕ Йесойы бафарстой: «Махӕн ӕй нӕ бон цӕуылнӕ баци расурын?» Уый сын загъта: «Уымӕн ӕмӕ уӕм уырнындзинад фаг нӕй. Ӕцӕг уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа... уӕд... ницы уыдзӕн ахӕмӕй, уӕ бон цы нӕ уа саразын» (Матф. 17:14–20). Йесо цалынмӕ зӕххыл уыд, уӕдмӕ йӕ апостолтӕн ӕмбарын кодта, уырнындзинад ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуӕг кӕй у, уый. (Бакӕс Матфейы 21:18–22.) Абон мах дӕр конгрессты ӕмӕ ӕмбырдты фехъусӕм бирӕ хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Цымӕ уыцы фембӕлдтӕй алкӕцыйы дӕр вӕййӕм? Уыцы фембӕлдтӕм ӕрмӕст фӕцин кӕнынмӕ не ’рбацӕуӕм, фӕлӕ цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ амындтыл кӕй ӕууӕндӕм, уый.

14. Абон иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ нын нӕ зӕрдыл арӕх лӕууын кӕнынц, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзӕм. Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг у, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:39). Йесойы ӕфсымӕр Иаков та уарзондзинад схуыдта «паддзахы закъон» (Иак. 2:8). Апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ рагон фӕдзӕхст, райдианӕй кӕй зонут, уый» (1 Иоан. 2:7, 8). Ацы ныхӕстӕй, «рагон фӕдзӕхст», зӕгъгӕ, Иоанны цы зӕгъын фӕндыд? Иоанн дзырдта, чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, уыцы фӕдзӕхсты тыххӕй. Уыцы фӕдзӕхст «рагон» уымӕн схуыдта, ӕмӕ йӕ Йесо радта «райдианӕй», ома, Иоанн йӕ фыстӕг куы фыста, уымӕй цалдӕр дӕсазы размӕ. Фӕлӕ уыцы фӕдзӕхст «ног» дӕр уыд схонӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр, ног уавӕрты, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты хъуыдаид удуӕлдай уарзт ӕвдисын. Абон Хуыцау мах дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрау хиуарзон ма уӕм, фӕлӕ иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

15. Йесойӕн зӕххыл йӕ сӕйраг хӕс цы уыд?

15 Йесо адӕмыл тынг тыхсти. Уый бӕрӕг у, рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта, стӕй мӕрдты дӕр кӕй ӕгас кодта, уымӕй. Фӕлӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнын йӕ сӕйраг хӕс нӕ уыд. Йӕ сӕйраг хӕс уыди адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ сын уый бирӕ фылдӕр пайда ӕрхаста. Ома куыд? Йесо уӕд кӕй сдзӕбӕх кодта ӕмӕ кӕй райгас кодта, уыдон уӕддӕр базӕронд сты ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Фӕлӕ, цы хорз хабар хъусын кодта, ууыл чи баууӕндыд, уыдонӕн ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 11:25, 26).

16. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг абон куыд апарахат?

16 Фыццаг ӕнусы Йесо цы хъуыддаг райдыдта, уый абон аххӕссыд ӕнӕхъӕн зӕххыл. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19). Уыдон уыцы фӕдзӕхст сӕххӕст кодтой, ӕмӕ йӕ мах дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст кӕнӕм! Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, авд милуан адӕймагӕй фылдӕр, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры ӕмӕ цалдӕр милуан адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынц. Ацы хъуыддаг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах цӕрӕм фӕстаг бонты.

АБОН ДӔР ӔУУӔНД ЙЕГЪОВӔЙЫЛ

17. Павел ӕмӕ Петр се ’мчырыстӕттӕн цавӕр уынаффӕтӕ радтой?

17 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн-иу цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодтой, уый фӕрцы сӕ бон уыди сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Зӕгъӕм, Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд Тимофеймӕ ныффыста: «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, мӕнӕй кӕй фехъуыстай, уыцы раст ныхӕсты хуызӕгыл» (2 Тим. 1:13). Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Тимофейы куыннӕ бафидар кодтаиккой. Апостол Петр дӕр йе ’мчырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ удыхъӕды фидар кодтаиккой фидардзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад, стӕй ӕфсымӕрты уарзтаиккой. Уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ацы хабӕрттӕ [уын] ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн, кӕд сӕ зонут ӕмӕ, цы рӕстдзинад базыдтат, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр» (2 Пет. 1:5–8, 12).

18. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цы амындтӕ лӕвӕрд цыди, уыдонмӕ цы цӕстӕй кастысты?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелӕн ӕмӕ Петрӕн сӕ фыстӕджыты уыд, «кӕддӕр сыгъдӕг пехуымпартӕ кӕй дзырдтой», ахӕм ныхӕстӕ дӕр (2 Пет. 3:2). Фӕлӕ цымӕ фыццаг ӕнусы не ’фсымӕртӕ мӕсты кодтой, ногӕй та сын уыцы иу хабӕртты тыххӕй кӕй дзырдтой, ууыл? Ӕппындӕр нӕ. Уыдон зыдтой, уыцы амындтӕ Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыдысты ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кодтой, цӕмӕй «нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй фылдӕрӕй-фылдӕр хайджын... кодтаиккой ӕмӕ йӕ ноджы хуыздӕр... базыдтаиккой» (2 Пет. 3:18).

19, 20. Йегъовӕйы амындтыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

19 Йегъовӕ нын йӕ ӕнӕфау Ныхас Библийы фӕрцы цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын махӕн стыр пайда кӕй у, ууыл бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис ӕууӕндӕн. (Бакӕс Йесо Навины 23:14.) Библийы мах кӕсӕм, Хуыцау миназты дӕргъы ӕнӕххӕст адӕмимӕ куыд архайдта, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты мах пайдайӕн (Ром. 15:4; 1 Кор. 10:11). Стӕй ма уынӕм, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый дӕр. Пехуымпарӕдтӕ абарӕн ис, бирӕ раздӕр кӕй тыххӕй уыд загъд, ахӕм амындтимӕ. Зӕгъӕм, уыцы пехуымпарӕдтӕй иуы «фӕстаг бонты» тыххӕй куыд фыст уыд, раст афтӕ абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц милуантӕ (Ис. 2:2, 3). Дунейы уавӕртӕ бонӕй-бонмӕ фыддӕр кӕй кӕнынц, уымӕй дӕр ӕххӕст кӕны Библийы фыст пехуымпарад. Стӕй, гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕгас зӕххыл дӕр аххӕссыд, ӕмӕ уымӕй дӕр сӕххӕст сты Йесойы ныхӕстӕ (Матф. 24:14).

20 Не Сфӕлдисӕг-иу ӕнусты дӕргъы бирӕ хӕттыты равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый. Уӕдӕ йыл цымӕ ӕууӕндӕм? Уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ амындтыл ын куы ӕууӕндӕм, уӕд. Иу хо, Роселлен, загъта: «Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын куы райдыдтон, уӕд ирддӕрӕй федтон, куыд мӕ уарзы, куыд мыл тыхсы ӕмӕ мӕ куыд фидар кӕны». Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйы амындтӕм хъусӕм, цӕмӕй нын пайда хӕссой!