Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы амындтӕ уӕнт дӕ зӕрдӕйы цин

Йегъовӕйы амындтӕ уӕнт дӕ зӕрдӕйы цин

«Дӕ амындтӕ дын мӕхи бакодтон ӕнустӕм» (ПС. 119:111).

1. а) Адӕм амындтӕм цы цӕстӕй ракӕсынц ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй адӕймаг уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракӕсы?

АДӔМӔН исчи исты куы фӕамоны, уӕд уымӕ алы хатт иухуызон цӕстӕй нӕ ракӕсынц. Зӕгъӕм, бартӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймаг сын куы ратта исты амындтӕ, уӕд сӕ зӕрдиагӕй айсынц. Фӕлӕ сын се ’мгӕрттӕй кӕнӕ, сӕхицӕй къаддӕр бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй исчи куы ратта уынаффӕ, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ мацӕмӕ ӕрдарой. Иутӕ, зонд сын куы фӕамонынц кӕнӕ сын уынаффӕ куы раттынц, уӕд ӕрӕнкъард вӕййынц кӕнӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц йе та сӕм худинаг ӕркӕсы. Иннӕты та уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ цӕмӕдӕр баразӕнгард кӕна, ныфс сӕ бауадза ӕмӕ сӕ бафӕнда цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын. Ахӕм уавӕрты адӕм сӕхи алыхуызон цӕмӕн фӕдарынц? Уымӕн иу аххосаг у сӕрбӕрзонддзинад. Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕхъуыды кӕны, ацы уынаффӕ мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ. Гъемӕ йӕм йӕ хъус не ’рдары ӕмӕ йын пайда не ’рхӕссы (Ӕмб. 16:18).

2. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхасӕй лӕвӕрд уынаффӕтӕн цӕмӕн аргъ кӕнынц?

2 Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хорз уынаффӕтӕн аргъ кӕнынц, уӕлдайдӕр, Хуыцауы Ныхасӕй куы вӕййынц, уӕд. Йегъовӕйы амындты фӕрцы нӕхи хъахъхъӕнӕм, зиан нын чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, мулкмӕ бӕллынӕй ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй, стӕй раст цӕстӕй кӕсӕм наркотиктӕм ӕмӕ нозтмӕ дӕр (Ӕмб. 20:1; 2 Кор. 7:1; 1 Фес. 4:3–5; 1 Тим. 6:6–11). Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы амындтӕм кӕй хъусӕм, уый фӕрцы «нӕ зӕрдӕ... райы» (Ис. 65:14).

3. Псаломзарӕггӕнӕджы цӕмӕй хъуамӕ бафӕзмӕм?

3 Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ хӕлар уа, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайӕм. Хорз уаид, махӕн дӕр псаломзарӕггӕнӕгау нӕ бон куы уаид афтӕ зӕгъын: «Дӕ амындтӕ дын мӕхи бакодтон ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин» (Пс. 119:111). Дӕуӕн дӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын ӕхсызгон у? Ӕви дӕм хатт зынӕххӕстгӕнӕн фӕкӕсынц? Кӕд иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр уынаффӕты тыххӕй смӕсты вӕййыс, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд – дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн фидарӕй баууӕндын, Хуыцауы уынаффӕтӕй хуыздӕр кӕй нӕй. Ӕркӕсӕм, уый нын кӕй фӕрцы бантысдзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ.

ХУЫЦАУМӔ КУВ, ӔМӔ ЙЫЛ ТЫНГДӔР ӔУУӔНДАЙ

4. Давидӕн йӕ царды цавӕр хъуыддаг никуы фӕивта?

4 Паддзах Давид йӕ царды бавзӕрста маст дӕр ӕмӕ циндзинад дӕр. Фӕлӕ иу хъуыддаг йӕ царды никуы фӕивта – йӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дардта йе Сфӕлдисӕгыл. Давид загъта: «О Йегъовӕ, дӕумӕ кувын ӕмӕ дӕуӕн дӕттын мӕхи. О мӕ Хуыцау, дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ» (Пс. 25:1, 2). Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыдыл афтӕ тынг ӕууӕндыдаид?

5, 6. Хуыцауы Ныхасӕй цы ис базонӕн, Давид Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй?

5 Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, истӕуыл куы фӕтыхсынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цы ахъуыды кӕндзынӕ, де ’мбал кӕнӕ-иу дӕ дӕ хион ӕрмӕст бахъуаджы сахат куы ӕрцагура, ӕхца кӕнӕ йӕ ӕндӕр исты куы хъӕуа, уӕд? Цасдӕры фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, дызӕрдыг кӕнын райдайдзынӕ, кӕй дӕ уарзы, ууыл. Фӕлӕ Давидӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд. Давиды куывдтытӕй бӕрӕг уыди, Хуыцауыл алкӕддӕр кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ алкӕддӕр кӕй уарзта, ӕвзӕр рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ хорз рӕстӕджыты дӕр (Пс. 40:8).

6 Дӕ хъус ма ӕрдар, Давид Йегъовӕйы куыд кадджын кодта ӕмӕ йын куыд арфӕ кодта, уымӕ: «О Йегъовӕ, нӕ Хицау, куыд диссаг у дӕ ном ӕгас зӕххыл дӕр! Дӕ кады кой хъуысы ӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр!» (Пс. 8:1). Давид йӕ уӕларвон Фыдимӕ куыд ӕнгом уыд, уый ацы ныхӕстӕй ирдӕй куыннӕ зыны. Хуыцауы хъомыс ӕмӕ кад Давиды дисы ӕфтыдта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй кадджын кодта «ӕнӕхъӕн бон» (Пс. 35:28).

7. Йегъовӕимӕ ӕдзухдӕр ныхас кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

7 Давидау мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕимӕ ӕдзухдӕр ныхас кӕнӕм, цӕмӕй йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм. Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Стӕй нын цӕмӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй хай кӕна, уый тыххӕй дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын. (Бакӕс 1 Иоанны 3:22.)

8. Нӕ куывдтытӕ уыцы иухуызон цӕуылнӕ хъуамӕ уой?

8 Куы фӕкувыс, уӕд, мыййаг, ӕдзухдӕр уыцы иу ныхӕстӕ нӕ фӕкӕныс? Кӕд о, уӕд-иу куывды размӕ иу гыццыл ахъуыды кӕн, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл. Не ’мбалӕн кӕнӕ нӕ хионӕн ӕдзухдӕр уыцы иу ныхӕстӕ куы кӕнӕм, уӕд ын, цымӕ, ӕхсызгон уыдзӕн? Чи зоны, цы дзурыс, уымӕ ӕппындӕр мауал хъуса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын куывдтытӕм алкӕддӕр хъусдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уыцы иу ныхӕстӕ ма кӕнӕм.

9, 10. а) Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй ис кувӕн? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм?

9 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм, уӕд нӕ куывдтытӕ хъуамӕ уӕлӕнгай ма уой. Йегъовӕйӕн нӕ зӕрдӕ цас тынгдӕр ӕргом кӕнӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Фӕлӕ цӕй тыххӕй ис кувӕн? Хуыцауы Ныхас нын дзуапп дӕтты: «Алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Фил. 4:6). Уӕдӕ нӕ бон у кувын, нӕ цардимӕ ӕмӕ нын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад ис, уыимӕ цыдӕриддӕр баст у, уый тыххӕй.

10 Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты куывдтытӕ фыст ис, уыдонӕй нӕ бон бирӕ у базонын (1 Сам. 1:10, 11; Хъуыд. 4:24–31). Зӕгъӕм, Псаломты чиныджы ис бирӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ ӕмӕ зарджытӕ. Ӕмӕ уыцы куывдтыты ӕмӕ зарджыты цынӕхуызон ӕнкъарӕнтӕ ис, ахӕм нӕй – райдай зӕрдӕсаст адӕймаджы хъарджытӕй ӕмӕ фӕу стыр цины ныхӕстӕй. Уыцы иузӕрдион адӕймӕгты ныхӕстыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ куывдтытӕ фӕхъӕздыгдӕр кӕндзыстӕм.

ХУЫЦАУЫ АМЫНДТЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

11. Библийы уагӕвӕрдтыл нӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

11 Давид загъта: «Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн – зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды» (Пс. 19:7). Кӕд ӕвӕлтӕрд стӕм, уӕддӕр Хуыцауы фӕдзӕхстыты фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ суӕм зондджын. Фӕлӕ Библийы иуӕй-иу уагӕвӕрдтыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, цӕмӕй нын ӕцӕгдӕр пайда ӕрхӕссой. Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ хорз куы ӕмбарӕм, уӕд царды алы уавӕрты дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, скъолайы кӕнӕ нын куысты исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕной, уӕд нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. Стӕй, Хуыцау туджы тыххӕй цы бафӕдзӕхста, ууыл дӕр фидарӕй хӕцдзыстӕм. Уый фӕрцы ма дунейы хъуыддӕгтӕй дӕр дард лӕудзыстӕм, ӕмӕ нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд дӕр уыдзӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсын куы сахуыр уӕм, уӕд фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдзыстӕм ӕмӕ рагацау аскъуыддзаг кӕндзыстӕм, цавӕрдӕр уавӕры куыд бакӕндзыстӕм, уый. Нӕхи афтӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд бирӕ мӕстытӕй хызт уыдзыстӕм (Ӕмб. 15:28).

12. Цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы амындтыл фидар хӕцӕм?

12 Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цымӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕлвырд кӕнӕм, уыдӕттыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у? Зӕгъӕм, ӕцӕгдӕр нӕ уырны, Стыр Вавилон тагъд пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн? Фидӕны нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъӕм, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыдӕттыл раздӕрау фидарӕй ӕууӕндӕм? Хъусын кӕныны хъуыддаджы ма зынгзӕрдӕйӕ архайӕм, ӕви нын сӕйрагдӕр систы нӕхи хъуыддӕгтӕ? Йегъовӕйы ном срухс уа ӕмӕ, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уа, уый ма нын раздӕрау ахсджиаг у? Ахӕм фарстатыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы амындтыл фидар хӕцӕм ӕмӕ сӕ «нӕхи бакӕнӕм ӕнустӕм» (Пс. 119:111).

13. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цавӕрдӕр хабӕрттӕ зын бамбарӕн цӕмӕн уыдысты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕй абон цыдӕртӕ кӕронмӕ не ’мбарӕм, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ раргом кӕнынӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уый нӕма ӕрцыд. Йесо йӕ апостолтӕн бирӕ хӕттыты дзырдта, кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ йӕ кӕй хъуамӕ амарой, уый тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 12:40; 16:21.) Фӕлӕ йын апостолтӕ йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстой. Уыдӕттӕ бамбӕрстой, Йесо куы райгас, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд ӕмӕ сын Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куы бамбарын кодта, ӕрмӕстдӕр уӕд (Лук. 24:44–46; Хъуыд. 1:3). Стӕй, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый дӕр не ’мбӕрстой, цалынмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй не схайджын сты, уӕдмӕ (Хъуыд. 1:6–8).

14. 20-ӕм ӕнусы райдианы чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй нын бирӕтӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

14 Раст афтӕ 20-ӕм ӕнусы райдианы дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ, «фӕстаг бонты» кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый фӕдыл алцы раст не ’мбӕрстой (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, 1914 азы сӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, раст уыцы рӕстӕг уӕлӕрвтӕм ист кӕй ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ кӕд уыцы хабар уӕд не ’рцыд, уӕддӕр уыдон дарддӕр дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ бамбӕрстой, разӕй сӕм нырма стыр куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы – хъусын кӕныны хъуыддаг (Мар. 13:10). Уымӕ гӕсгӕ, 1922 азы Джозеф Рутерфорд, уӕды рӕстӕджы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр, Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ) ӕхсӕнадӕмон конгрессы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй». Ӕмӕ уӕдӕй абонмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн у сӕ сӕйраг хъуыддаг ӕмӕ сӕ иууылдӕр уымӕй зонынц (Матф. 4:23; 24:14).

15. Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнын нын пайда цӕмӕн у?

15 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кодта ӕмӕ сӕ ныронг дӕр куыд ӕххӕст кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзыстӕм, фидӕны дӕр йӕ бон кӕй бауыдзӕн йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын. Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыцы фидӕн ӕдзух уыдзӕн нӕ цӕстыты раз ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм.

ХУЫЦАУӔН ИУЗӔРДИОНӔЙ ЛӔГГАД КӔН, ӔМӔ ЙЫЛ ТЫНГДӔР ӔУУӔНДАЙ

16. Хуыцауӕн ӕппӕт тыхтӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

16 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕдзух кӕны архайгӕ – афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ мацы араза. «Дӕу хуызӕн стыр тыхы хицау чи у, о Йагъ?» – бафарста псаломзарӕггӕнӕг. Стӕй ма загъта: «Дӕ цонг у хъомысджын, дӕ къух – фидар, дӕ рахиз къух – бӕрзонд» (Пс. 89:8, 13). Йегъовӕ йӕхӕдӕг ӕдзухдӕр архайгӕ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын ӕхсызгон у, мах дӕр ын ӕппӕт тыхтӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нын уый тыххӕй арфӕ кӕны. Уый уыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ,– нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ,– сӕхицӕн ӕнцад кӕй нӕ бадынц ӕмӕ «лӕвар къӕбӕр [кӕй] нӕ хӕрынц» (Ӕмб. 31:27). Хуыцауы хъуыддӕгты ӕнӕзивӕгӕй кӕй архайӕм, уымӕй фӕзмӕм не Сфӕлдисӕгӕн йӕхи. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый цин хӕссы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. (Бакӕс Псалом 62:12.)

17, 18. Уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куы ӕвдисӕм, уӕд нын уый кӕй баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндынӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куы ӕвдисӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндынӕн? Ӕркӕсӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Йегъовӕ загъта, цӕмӕй, бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы цӕугӕдонмӕ бахызтаиккой. Фӕлӕ адӕм цӕугӕдонмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уалдзыгон къӕвдаты тыххӕй дон ивылд кӕй уыд. Куыд бакодтой израилӕгтӕ? Мыййаг, сӕ цатыртӕ доны был ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ цалдӕр къуырийы ӕнхъӕлмӕ кастысты, цалынмӕ дон не ’рбада, уӕдмӕ? Нӕ, уыдон сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд? Библийы фыст ис: «Куыддӕр, чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы былмӕ бахӕццӕ сты ӕмӕ сӕ къӕхтӕ доныл андзӕвыдысты... афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цыди, уыдон сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты. [...] Цалынмӕ Израилы адӕм сур зӕххыл иннӕ фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ та Иорданы астӕу сур зӕххыл ӕнӕзмӕлгӕйӕ лӕууыдысты» (Йес. Н. 3:12–17). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы абухгӕ дӕттӕ куы ӕрлӕууыдысты, уӕд израилӕгтӕ куыд цин кодтаиккой! Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уырнындзинад бафидар.

Йесо Навины рӕстӕджы Йегъовӕйыл йӕ адӕм куыд ӕууӕндыдысты, ды дӕр ыл афтӕ ӕууӕнддзынӕ? (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

18 Абон Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй ахӕм диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ-иу нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд нын раарфӕ кӕны. Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнын. Йесо Чырысти, Йегъовӕйы ӕппӕты сӕйрагдӕр Ӕвдисӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы хъуыддаджы сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. [...] Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Фӕлӕ уыдон зӕгъынц, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ ахӕм ныфс кӕй бауадзы, ӕмӕ сӕ бон вӕййы уацамынды адӕмимӕ ныхас кӕнын. (Бакӕс Псалом 119:46; 2 Коринфӕгтӕм 4:7.)

19. Цас нӕ фӕнды, уыйас лӕггад кӕнын нӕ бон куы нӕ уа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон нӕу, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ низтӕй тыхсынц кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Фӕлӕ хъуамӕ фидарӕй зоной, нӕ «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» сын сӕ уавӕртӕ кӕй уыны ӕмӕ сӕ кӕй ӕмбары (2 Кор. 1:3). Уый аргъ кӕны, цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн. Ӕмӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, нӕ ирвӕзындзинад сӕйраджыдӕр баст кӕй у, Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм ӕви нӕ, ууыл (Дзут. 10:39).

20, 21. Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

20 Нӕ лӕггадмӕ цы хауы? Хуыцауӕн нӕ рӕстӕгӕй, нӕ хъарутӕй ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕй, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй дӕттӕм. Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды «хорз хабар хъусын кӕнын» (2 Тим. 4:5). Уыцы хъуыддаг нын стыр циндзинад хӕссы, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн» (1 Тим. 2:4). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын кӕй арфӕ кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад хъӕздыгдӕр кӕны (Ӕмб. 10:22). Стӕй ма нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ зӕрдӕ не Сфӕлдисӕгыл дарӕм (Ром. 8:35–39).

21 Куыд базыдтам, афтӕмӕй адӕймагӕн йӕхигъӕдӕй нӕ рауайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы разамындыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнда. Ууыл хъӕуы бакусын. Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндай, уый тыххӕй йӕм ӕдзухдӕр кув, стӕй хъуыды кӕн, йӕ фӕндон рагзаманты куыд ӕххӕст кодта ӕмӕ йӕ фидӕны куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕмӕ йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕн. Йегъовӕйы амындтӕ уыдзысты ӕнустӕм. Ӕмӕ сӕм куы хъусай, уӕд ды дӕр ӕнустӕм цӕрдзынӕ!