Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ цы пайда сты?

Ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ цы пайда сты?

Зӕххыл Чырыстийӕ хуыздӕр Ахуыргӕнӕг кӕй никуы уыд, ууыл, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ. Чи зоны дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уый хуызӕн фарстатӕй ӕмӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнай. Фӕлӕ-иу Йесо адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ арӕх ныхмӕвӕрд хъуыдытӕй кӕй пайда кодта, ууыл искуы ахъуыды кодтай?

Бирӕтӕ ныхас кӕнгӕйӕ ныхмӕвӕрд хъуыдытӕй фӕпайда кӕнынц, хъуыды дӕр ыл нӕ фӕкӕнынц, афтӕмӕй. Зӕгъӕм, дӕ бон у зӕгъын: «Дыргътӕ иууылдӕр рӕгъӕд сты, фӕлӕ дзы иу нырма цъӕх у». Кӕнӕ: «Гыццылӕй тынг ӕфсӕрмыгӕнаг чызг уыд, фӕлӕ ныр афтӕ нал у».

Ахӕм уавӕрты фыццаг скӕнынц хабары кой, уый фӕстӕ та фӕзӕгъынц ныхмӕвӕрд хъуыды. Ныхмӕвӕрд хъуыды райдайы ахӕм дзырдтӕй, зӕгъӕм, фӕлӕ, та, афтӕмӕй та, иннӕмӕй та, уӕддӕр, науӕд, уый бӕсты, куыдфӕнды ма уа. Кӕнӕ та ныхмӕвӕрд хъуыды рауайы, иу хъуыды иннӕйы куы фӕбӕлвырддӕр кӕны, уӕд. Хъуыдытӕ вӕййынц кӕрӕдзиимӕ баст ӕмӕ вӕййынц ӕнцонӕмбарӕн.

Кӕд иуӕй-иу ӕвзӕгты кӕнӕ адӕммӕ ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ арӕх нӕй фехъусӕн, уӕддӕр хорз уаид, цы пайда сты, уый куы ӕмбариккам. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ арӕх ӕмбӕлы Хуыцауы Ныхасы. Чырысти дӕр сӕ арӕх пайда кодта. Мӕнӕ дзы иуӕй-иутӕ. «Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй барӕн къусы бын нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ сӕвӕрынц цырагъдарӕныл». «Ӕз... [Закъон] фехалынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ... [йӕ] сӕххӕст кӕнынмӕ». «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы...». «Уыд загъд: „Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст“. Ӕз та уын зӕгъын: фыдлӕгӕн йӕ ныхмӕ ма цу, фӕлӕ дын дӕ рахиз уадул чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр» (Матф. 5:15, 17, 27, 28, 38, 39).

Ахӕм ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ ӕмбӕлы Библийы иннӕ чингуыты дӕр. Уыдоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзынӕ, цы хъуамӕ аразай ӕмӕ цӕмӕн. Кӕд дын сывӕллон ис, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм ныхмӕвӕрдыл: «Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4). Апостол Павел ӕрмӕст уый куы ныффыстаид, фыд (кӕнӕ мад) сывӕллоны кӕй хъуамӕ хъомыл кӕной, Хуыцау куыд амоны, афтӕ, уӕд уый дӕр уыдаид зондыл дзурӕг ӕмӕ раст. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕсты хъуыды бӕлвырддӕр кӕны, цы ныхмӕвӕрд хъуыды дзы ис, уый, зӕгъгӕ, сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ Йегъовӕйы зондыл аразут.

Уыцы сӕры дӕлдӕр Павел фыссы: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ... уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Еф. 6:12). Ацы ныхмӕвӕрды фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, хорз ӕмбарыс, хуымӕтӕг тохы кӕй нӕ архайыс. Уыцы тох ӕнӕуи адӕмимӕ нӕу, фӕлӕ у фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ.

НЫХМӔВӔРД ХЪУЫДЫТӔ ДЫН ПАЙДА УӔНТ

Ефесӕгтӕм фыстӕджы ма Павел ноджыдӕр бирӕ ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ ныффыста. Куы сыл ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Павел цы зӕгъынмӕ хъавыд ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, уый хуыздӕр бамбарӕм.

Дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕмӕ дын стыр пайда фӕуыдзӕн, ацы статьяйы цы таблицӕ ис, уый. Уым фыст сты, Ефесӕгтӕм фыстӕджы 4 ӕмӕ 5 сӕрты цы ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Алкӕцы дӕр дзы куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цардыл ахъуыды кӕн. Дӕхимӕ ратт ахӕм фарстатӕ: «Ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕз цы хъуыды кӕнын? Ахӕм уавӕры мӕхи куыд фӕдарын? Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ныхмӕвӕрдӕн йӕ кӕцы хай хауы мӕнмӕ?» Зӕгъӕм, кӕцыдӕр ныхмӕвӕрды фӕрцы куы бамбарай, цыдӕр фӕивын дӕ кӕй хъӕуы, уӕд-иу, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Ӕмӕ дын уӕд уыцы ныхмӕвӕрд стыр пайда фӕуыдзӕн.

Ацы таблицӕйӕ ма уӕ бон спайда кӕнын у бинонты ахуыры рӕстӕг дӕр. Фыццаг уал уӕ бинонтӕ иууылдӕр лӕмбынӕг бакӕсӕнт, цы ныхмӕвӕрдтӕ дзы ис, уыдон. Стӕй дзы иуӕн йӕ бон у зӕгъын ныхмӕвӕрдӕн йӕ фыццаг хай, иннӕтӕ та йын хъуамӕ зӕгъой, дыккаг хайы цы хъуыды ис, уый. Уый фӕстӕ бинонтӕн сӕ бон уыдзӕн аныхас кӕнын, дыккаг хайӕ сӕ царды куыд спайда кӕндзысты, ууыл. Ныхмӕвӕрдтыл-иу афтӕ куы аныхас кӕнат, уӕд уый ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕндӕр искуы дӕр сӕхи дарой, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.

Ныхмӕвӕрдӕн йӕ дыккаг хай дӕ бон зӕгъын у?

Ныхмӕвӕрдтӕн стыр тых кӕй ис, уый цас хуыздӕр ӕмбарай, уыйас сӕ зӕрдиагдӕрӕй агурдзынӕ Библийы, ӕмӕ дын хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ стыр ӕххуыс уыдзысты. Зӕгъӕм, дӕ бон адӕймагӕн зӕгъын у: «Бирӕтӕ зӕгъынц, уд кӕй нӕ мӕлы, фӕлӕ-ма ӕркӕс, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ». Кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый дӕ бон у бафӕрсын: «Бирӕты уырны, Хуыцау ӕмӕ Чырысти иу кӕй сты, фӕлӕ Библи та цы зӕгъы? Ды та куыд хъуыды кӕныс?»

Библийы цы бирӕ хорз ныхмӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрынӕн. Ӕмӕ сӕ нӕ бон пайда кӕнын у, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр Библийы рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнӕм.