Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зондӕй архай

Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зондӕй архай

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (ӔМБ. 3:5).

1, 2. Уынаффӕтӕ хӕссын уарзыс? Цы уынаффӕтӕ рахастай, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын?

АЛЫ бон дӕр нӕ фӕхъӕуы бирӕ алыхуызон уынаффӕтӕ хӕссын. Уынаффӕтӕ хӕссын дын ӕнцон у? Иуӕй-иуты фӕфӕнды, цӕмӕй алцыдӕр сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной. Ӕмӕ, ӕндӕр исчи сӕ бӕсты уынаффӕ рахӕсса, уый кой скӕнын дӕр нӕ уадзынц, мӕ цард мӕхи бар у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ, ӕмӕ ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Чидӕртӕ та зонд фӕагурынц чингуыты кӕнӕ та фӕфӕрсынц алыхуызон уынаффӕгӕнджыты, ӕмӕ хатт уый тыххӕй стыр ӕхцатӕ дӕр бафидынц.

2 Мах зонӕм, ӕмӕ кӕд цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ бар не сты ӕмӕ сӕ мах не скъуыддзаг кӕнӕм, уӕддӕр бирӕ фарстаты фӕдыл нӕхи бон у уынаффӕ хӕссын (Гал. 6:5). Фӕлӕ уый дӕр ӕмбарӕм, ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон алы хатт раст кӕй нӕ разынынц.

3. Уынаффӕтӕ хӕссынӕн нын цавӕр амындтӕ ӕххуыс кӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр уыцы хъуыддаг алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

3 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм амондджын, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау нӕ царды бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл бӕлвырд амындтӕ дӕтты. Ӕмӕ йӕ зонӕм, уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ уынаффӕтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр кӕй цӕудзысты ӕмӕ нӕхицӕн дӕр пайда кӕй хӕсдзысты. Фӕлӕ хатт ахӕм фарстатӕ ӕмӕ уавӕртӕ вӕййы, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы уый фӕдыл бӕлвырд ницы вӕййы фыст. Ахӕм уавӕрты-иу куыд хъуамӕ базонӕм, растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын? Зӕгъӕм, мах зонӕм, давӕн кӕй нӕй (Еф. 4:28). Фӕлӕ цӕмӕй кӕнгӕ у, хъуыддаг давдыл нымад уыдзӕн ӕви нӕ? Адӕймаг цы адавта, уый аргъӕй? Ӕви йӕ цӕмӕн адавта, уымӕй? Цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй афтӕ куы фӕдзурынц, зӕгъгӕ, уый фӕдыл бӕлвырд закъон нӕй, уӕд уынаффӕ куыд рахӕссӕм? Цы нын баххуыс кӕндзӕн ахӕм фарстатӕ лыг кӕнынӕн?

ӔМБАРГӔЙӔ АРХАЙ

4. Исты фарста алыг кӕнын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд нын хатт цавӕр уынаффӕ раттынц?

4 Не ’мчырыстӕттӕй искӕмӕн куы зӕгъӕм, ахсджиаг фарста алыг кӕнын мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд нын, чи зоны, зӕгъа, дзӕбӕх ыл ахъуыды кӕн, ӕмбаргӕйӕ архай, зӕгъгӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, уый хорз уынаффӕ у. Библи дӕр нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй уынаффӕ хӕсгӕйӕ тагъд ма кӕнӕм. Фыст дзы ис: «Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмб. 21:5). Фӕлӕ ӕмбаргӕйӕ архайын цы нысан кӕны? Адӕймаг дзӕбӕх, лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕна ӕмӕ, хъуыддагмӕ цыдӕриддӕр хауы, уымӕ куы ӕркӕса, уӕд цымӕ уый фаг уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ йын хорз уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ, ӕмбаргӕ уай, уымӕ фылдӕр цыдӕр хауы (1 Пет. 4:7).

5. Алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕ уӕм, уый нын цӕуылнӕ уайы?

5 Махӕй иу дӕр ахӕм нӕу, ӕмӕ алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕ уа. Цӕмӕн афтӕ у? Не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст, ӕмӕ уый ӕндавы нӕ буарыл дӕр ӕмӕ нӕ зондыл дӕр (Пс. 51:5; Ром. 3:23). Стӕй ма нӕ бирӕтӕ кӕддӕр уыдысты, Хӕйрӕг кӕй «бакуырм» кодта, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ нӕ зыдтам (2 Кор. 4:4; Тит. 3:3). Уӕдӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ бирӕ дӕр куы фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ раст уынаффӕ ма рахӕссӕм (Ӕмб. 14:12).

6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм ӕмбаргӕдзинад уа ӕмӕ уӕззау зондӕй архайын сахуыр уӕм?

6 Мах ӕнӕххӕст стӕм, фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр у ӕххӕст, фау ӕрхӕссӕн ӕм ницӕмӕй ис (Дык. з. 32:4). Ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон у, кӕй нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зондахаст ивӕм ӕмӕ сахуыр уӕм уӕззау зондӕй архайын. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 1:7.) Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг уой. Хъуамӕ нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуа. Стӕй хъуамӕ алцӕмӕ дӕр кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны ӕмӕ куыд архайы, мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ архайӕм.

7, 8. Цавӕр хабарӕй зыны, зын уавӕрты дӕр, стӕй нӕ иннӕтӕ сӕхи зондыл куы аразой, уӕд дӕр нӕ бон кӕй у раст уынаффӕ рахӕссын?

7 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Ӕндӕр бӕстӕмӕ кусынмӕ чи ацӕуы, уыдонӕн уыцы бӕстӕйы сывӕллӕттӕ куы райгуыры, уӕд сӕ бирӕтӕ сӕ ныййарджытӕм арвитынц, цӕмӕй сӕ бон уа дарддӕр кусын *. Ӕндӕр бӕстӕмӕ кусынмӕ чи ацыд, иу ахӕм сылгоймагӕн райгуырд фыры хъулы хуызӕн лӕппу. Уыцы рӕстӕг сылгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ-иу цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цард дӕр ивта. Фӕлӕ уӕд йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ лӕгӕн дӕр се ’мбӕлттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттӕ райдыдтой дзурын, цӕмӕй сывӕллоны лӕджы ныййарджытӕм арвитой. Сылгоймаг та Библи ахуыргӕнгӕйӕ базыдта, йӕ сывӕллоны йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ хъомыл кӕна, уымӕн ӕмӕ йын уыцы хӕс Хуыцауӕй лӕвӕрд у (Пс. 127:3; Еф. 6:4). Куыд хъуамӕ бакодтаид уыцы сылгоймаг? Иннӕтӕм растдӕр ӕмӕ хуыздӕр куыд касти, афтӕ? Ӕви хъуамӕ, Библи цы дзуры, уымӕ байхъуыстаид, кӕд ын афтӕмӕй ӕхца кусын зындӕр уыдаид ӕмӕ йӕ кӕд чидӕртӕ нӕ бамбӕрстаиккой, уӕддӕр? Ды та йӕ бынаты куыд бакодтаис?

8 Уыцы сылгоймаг тынг тыхсти, иннӕтӕ йӕ ӕнцад нал уагътой, ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куывды дзырдта ӕмӕ дзы разамынд агуырдта. Йӕ хабары тыххӕй ныхас кодта, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыимӕ дӕр ӕмӕ ӕмбырды иннӕтимӕ дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй сабыргай ӕмбарын райдыдта, Йегъовӕ йын йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Стӕй ма ахъуыды кодта, сывӕллон йӕ тӕккӕ рӕзгӕйӕ йӕ ныййарджытимӕ куы нӕ уа, уӕд рӕвдыдцух кӕй уыдзӕн. Йӕ уавӕрмӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ куы ӕркаст, уӕд ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ сывӕллоны арвитын раст кӕй нӕ уыдзӕн. Йӕ лӕг дӕр уыдта, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ-иу алкӕддӕр сӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдысты, стӕй сывӕллон дӕр куыд дзӕбӕх рӕзы ӕмӕ куыд цин кӕны. Ӕмӕ уӕд лӕг дӕр сразы Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ иумӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта.

9, 10. Ӕмбаргӕйӕ архайын цы нысан кӕны? Нӕ бон куыд у ӕмбаргӕйӕ архайын?

9 Ныртӕккӕ ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр иу хабармӕ, фӕлӕ уыцы хабарӕй хорз зыны, ӕмбаргӕйӕ архайын ӕрмӕст уый кӕй нӕу, ӕмӕ, дӕхимӕ кӕнӕ иннӕтӕм растдӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕнай. Не ’нӕххӕст зонд ӕмӕ зӕрдӕ абарӕн ис хӕлд сахатимӕ. Ахӕм сахат куы размӕ фӕцӕуы, куы та фӕстейӕ баззайы. Ӕмӕ йыл куы ӕууӕндай, уӕд дын уый зианы хос йеддӕмӕ ницы уыдзӕн (Йер. 17:9). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст кӕнӕм. (Бакӕс Исайы 55:8, 9.)

10 Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Дӕ хъус-ма ӕрдар, афтӕ кӕй зӕгъы, «дӕхи зондӕй ныфсджын ма у», зӕгъгӕ. Стӕй та зӕгъы, «дӕ зӕрдыл дар» Йегъовӕйы, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы йеддӕмӕ никӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ алкӕддӕр ӕмбаргӕйӕ архайы. Уымӕ гӕсгӕ, исты фарста алыг кӕнын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ Библимӕ ӕркӕсӕм, цӕмӕй-иу Хуыцауы хъуыды базонӕм. Ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ рахӕссӕм уынаффӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайын нысан кӕны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын.

ДӔ ЗОНД, РАСТ ЦЫ У ӔМӔ ЦЫ НӔУ, УЫЙ ӔМБАРЫН АХУЫР КӔН

11. Цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уа?

11 Раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайын сахуыр уай, уый ӕнцон нӕу. Уый уӕлдай зын вӕййы, рӕстдзинады фӕндагыл фыццаг къахдзӕфтӕ чи аразы кӕнӕ донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдонӕн. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон у, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын суой. Библи сӕ хоны «сывӕллӕттӕ», уымӕн ӕмӕ вӕййынц, къахӕй цӕуын чи ахуыр кӕны, ахӕм сабиты хуызӕн. Сывӕллон цӕуын куы фӕахуыр кӕны, уӕд уал фыццаг гыццыл къахдзӕфтӕ фӕкӕны. Библи «сывӕллӕттӕ» кӕй хоны, уыдон дӕр раст уынаффӕтӕ хӕссын гыццылгай фӕахуыр кӕнынц. Ӕрхъуыды-ма кӕн, апостол Павел фӕлтӕрд адӕймӕгты тыххӕй афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон сты, «йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», ахӕмтӕ. Ныхӕстӕ «архайын» ӕмӕ «ахуыр кӕнын» амонынц дӕргъвӕтин архайдмӕ. Ӕмӕ раст афтӕ ногты дӕр хъӕуы цасдӕр рӕстӕг, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:13, 14.)

Ӕнӕуи хъуыддӕгты раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ зонд ахуыр кӕндзыстӕм (кӕс 11 абзац)

12. Раст уынаффӕтӕ хӕссын куыд сахуыр уыдзыстӕм?

12 Ацы статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй нӕ алы бон дӕр фӕхъӕуы бирӕ алыхуызон уынаффӕтӕ хӕссын. Иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, нӕ уынаффӕтӕн сӕ 40 процентӕй фылдӕрыл лӕмбынӕг нӕ ахъуыды кӕнӕм, фӕлӕ сӕ рахӕссӕм, куыд ахуыр стӕм, афтӕ. Зӕгъӕм, алы райсом дӕр дӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, дӕ уӕлӕ цы скӕндзынӕ. Чи зоны, уый ахсджиаг хъуыддагыл нӕ нымайыс ӕмӕ дӕ уынаффӕйыл бирӕ дӕр нӕ фӕхъуыды кӕныс, уӕлдайдӕр, тагъд куы фӕкӕныс, уӕд. Фӕлӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дын ахсджиаг у ахъуыды кӕнын, дӕ уӕлӕ цы скӕныс, уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгыл фидауы ӕви нӕ (2 Кор. 6:3, 4). Дзаумӕттӕ ӕлхӕнынмӕ куы фӕцӕуыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс, адӕм цы дарынц, ууыл. Фӕлӕ, цымӕ, ууыл дӕр ахъуыды кӕныс, уыцы дарӕс ӕфсармыл дзурӕг у ӕви нӕ, стӕй йӕ аргъ цас у, ууыл? Ахӕм гыццыл хъуыддӕгты раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ зонд ахуыр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы стырдӕр хъуыддӕгты дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Лук. 16:10; 1 Кор. 10:31).

РАСТ ЦЫ У, УЫЙ АРАЗЫН ДӔ ФИДАРӔЙ ФӔНДӔД

13. Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

13 Раст уынаффӕ рахӕссын иу хъуыддаг у, йе ’ххӕст кӕнын та – ӕндӕр. Зӕгъӕм, тамако ныууадзын чи сфӕнд кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕн уый нӕ рауайы, уымӕн ӕмӕ сӕ афтӕ тынг нӕ фӕфӕнды. Уӕдӕ цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ фӕнд дӕ къухы бафта? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн йӕ бон у йӕ фӕнд фидар кӕнын, нуӕрттӕ куыд ис фидар кӕнӕн, афтӕ. Нуӕрттӕй цас фылдӕр кусай, уыйас тыхджындӕр кӕнынц. Куы нӕ сӕ кусай, уӕд та ныллӕмӕгъ вӕййынц. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тынгдӕр фӕнда нӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын? Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:13.)

14. Павелӕн, раст цы у, уый аразын цӕмӕн ӕнтысти?

14 Раст цы у, уый аразын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, уый Павел йӕхицӕй зыдта. Иу хатт ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы». Цы аразын ӕй фӕндыд, кӕнӕ йӕ цы аразын хъуыди, уый хорз ӕмбӕрста, фӕлӕ-иу ӕй хатт цыдӕр нӕ уагъта. Павел ӕргом загъта: «Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг». Цымӕ йӕ уавӕры ницы уыд бакӕнӕн? Куыннӕ. Павел загъта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:18, 22–25). Ӕндӕр ран та ныффыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13).

15. Раст цы у, уый аразын нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы фӕндфидарӕй архайын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Илийа, Ваалӕн чи куывта, уыдонӕн ӕмӕ, Йегъовӕйӕ чи аздӕхт, уыцы израилӕгтӕн Кармилы хохыл цы загъта, уый: «Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут? Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут» (1 Пад. 18:21). Израилы фырттӕ зыдтой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ куывтаиккой. Фӕлӕ уыдон «дыууӕрдӕм кодтой», ома сӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ Ваалӕн дӕр фӕндыд кувын. Йесо Навин уыдонӕй тынг хицӕн кодта. Уыцы хабарӕй бирӕ раздӕр уый израилӕгтӕн загъта: «Кӕд уӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ фӕнды, уӕд... равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут... Фӕлӕ ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15). Ахӕм фидар фӕнд ӕм кӕй уыд, уый йӕхицӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдонӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста? Уыдон бацыдысты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм калд, уыцы зӕхмӕ» (Йес. Н. 5:6).

УЫНАФФӔТӔ ХӔСГӔЙӔ ЗОНДӔЙ АРХАЙ, ӔМӔ АРФӔГОНД УАЙ

16, 17. Нӕ уынаффӕтӕ Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы вӕййынц, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм?

16 Ӕркӕсӕм, нӕ рӕстӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабармӕ. Донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, иу ахӕм ӕфсымӕрӕн ис цардӕмбал ӕмӕ ӕртӕ гыццыл сывӕллоны. Йӕ куысты йын кӕд стыр мызд нӕ фидынц, уӕддӕр уыцы куыст кӕддӕр йӕхӕдӕг равзӕрста, цӕмӕй-иу сабат ӕмӕ хуыцаубоны ма куыстаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид йӕ бинонтимӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын. Иу бон ын йе ’мкусджытӕй иу загъта, зӕгъгӕ, иумӕ ӕндӕр куысты кусын райдайӕм, ӕхца, дам, дзы фылдӕр фидынц, стӕй, дам, сӕ кусджытӕн фылдӕр цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕнынц. Не ’фсымӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ фӕхъуыдытӕ кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкуывта. Ӕмбӕрста йӕ, цалынмӕ йын ног куысты дӕр уыйбӕрц сӕрибар рӕстӕг раттой, уӕдмӕ йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа. Ахӕм уавӕры ды та куыд бакодтаис?

17 Не ’фсымӕр дзӕбӕх ахъуыды кодта, уыцы куыст, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн, ӕмӕ не сразы. Куыд хъуыды кӕныс, фӕстӕдӕр йӕ уынаффӕйыл фӕфӕсмон кодта? Ӕппындӕр нӕ! Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ бинонтӕн бирӕ ӕхцайӕ фылдӕр пайда ӕрхаста, Йегъовӕмӕ кӕй баввахс сты, уый. Сӕ хистӕр чызгыл дӕс азы куы цыд, уӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта, бирӕ сӕ кӕй уарзы, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр тынг кӕй уарзы. Уыцы ныхӕстӕ не ’фсымӕрӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн стыр цины хос куыннӕ уыдысты. Стӕй сын сӕ чызг загъта, кӕй йӕ фӕнды йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Уыцы гыццыл чызг уыдта, йӕ фыдӕн царды сӕйрагдӕр кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йыл уый тынг фӕзынд.

Раст уынаффӕтӕ хӕсс ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ иумӕ цин кӕн (кӕс 18 абзац)

18. Алы бон дӕр уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зондӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

18 Моисей ӕдзӕрӕг быдыры израилӕгтӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, афтӕ Йесо Чырысти дӕр Хуыцауы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы Хӕйрӕджы дунейы разамынд дӕтты. Тагъд ацы фыддуне сӕфт ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ, Йесо Навин израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, афтӕ Йесо Чырысти дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты бакӕндзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ (2 Пет. 3:13). Уӕдӕ ныр уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ нӕ раздӕры хабӕрттӕм аздӕхӕм, ома, раздӕр цы зондыл хӕст уыдыстӕм, цӕуыл ахуыр уыдыстӕм, цӕмӕн аргъ кодтам ӕмӕ цӕмӕ бӕллыдыстӕм, уыдӕттӕм. Ныр уый рӕстӕг у, цӕмӕй хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарӕм, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ром. 12:2; 2 Кор. 13:5). Уӕдӕ, алы бон цы уынаффӕтӕ хӕссыс, уыдонӕй бӕрӕг уӕд, Хуыцау йе ’нусон хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн, ахӕм адӕймаг кӕй дӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:38, 39.)

^ 7 абз. Сывӕллоны ма фыды кӕнӕ мады ныййарджытӕм уый тыххӕй дӕр арвитынц, цӕмӕй йӕ уыдон уым се ’мбӕлттӕн ӕмӕ сӕ хиуӕттӕн равдисой.