Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Архайӕм Чырыстийы куывдмӕ гӕсгӕ

Архайӕм Чырыстийы куывдмӕ гӕсгӕ

«Мӕ Фыд... скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна» (ИОАН. 17:1).

1, 2. Нӕ эрӕйы 33 азы Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ Куадзӕн куы сбӕрӕг кодта, уӕд уый фӕстӕ цы сарӕзта?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо Чырысти йе ’ввахс ӕмбӕлттимӕ сбӕрӕг кодта Куадзӕн. Ацы бӕрӕгбон сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау сын сӕ фыдӕлты Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, уый. Фӕлӕ Йесойы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст ноджы диссагдӕр сӕрибардзинад – «ӕнусон ирвӕзындзинад». Иннӕ бон, уый дӕр уыд 14 нисан, Чырыстийы хъуамӕ йе знӕгтӕ амардтаиккой. Фӕлӕ уыцы фыдхъуыддаг хъуамӕ адӕмӕн ӕрхастаид арфӕдзинӕдтӕ. Уӕд Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр фадат фӕзынд тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзынӕн (Дзут. 9:12–14).

2 Цӕмӕй нын нӕ уарзӕгой Хуыцау цы лӕвар ракодта, уый ма ферох кӕнӕм, уый тыххӕй Йесо Куадзӕны бӕсты бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн. Йесо райста донгонд дзул, ӕрсаста йӕ, йӕ 11 иузӕрдион апостолмӕ йӕ алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Стӕй сӕм алӕвӕрдта сырх сӕны къус ӕмӕ сын загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй» (Лук. 22:19, 20).

3. а) Йесойы мӕлӕты фӕстӕ цавӕр стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд? ӕ) Чырысти цӕй тыххӕй куывта, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

3 Хуыцау ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн цы бадзырд уыд (Моисейы закъонимӕ чи уыд баст, уыцы бадзырд), уымӕн тагъд хъуамӕ кӕрон ӕрцыдаид. Уый хъуамӕ ивд ӕрцыдаид ног бадзырдӕй – Йегъовӕ Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытимӕ цы бадзырд хъуамӕ скодтаид, уымӕй. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ израилӕгты хуызӕн суыдаиккой. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн куыд куывтой, уыцы хъуыддаджы се ’хсӕн иудзинад нӕ уыд, ӕмӕ уымӕй Хуыцауы сыгъдӕг ном худинаг кодтой (Иоан. 7:45–49; Хъуыд. 23:6–9). Фӕлӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйӕн ӕмвӕндӕй лӕггад кодтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ном кадджын кодтаиккой. Ӕмӕ Йесо цы сарӕзта? Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид. Уый тыххӕй фыст ис Иоанны 17:1–26, ӕмӕ уымӕй рӕсугъддӕр куывды ныхӕстӕ адӕймаг ӕндӕр никуы бакӕсдзӕн. (Кӕс нывмӕ 26 фарсыл.) Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм уыцы куывды ныхӕстӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Хуыцау Йесойы куывд фехъуыста?» Стӕй ма нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Ӕз дӕр уыцы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын?»

ЧЫРЫСТИЙӔН ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР ЦЫ УЫД?

4, 5. а) Йесо йӕ куывды райдианы цы загъта, уымӕй цы ис базонӕн? ӕ) Йесо йӕ куывды йӕхи тыххӕй цы куырдта, уый йын Йегъовӕ куыд сӕххӕст кодта?

4 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кодта. Стӕй уӕларвмӕ скаст ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрцыди. Скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна. Ды йӕ алкӕмӕн дӕр хицауӕй сӕвӕрдтай, цӕмӕй йын кӕй радтай, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратта ӕнусон цард. [...] Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон. Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (Иоан. 17:1–5).

5 Йесо йӕ куывды райдианы загъта, ӕппӕты сӕйрагдӕр ын цы уыд, уыдӕтты тыххӕй. Фыццаг уал скуывта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыд скадджын уыдаид. Кувын куыд хъӕуы, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уымӕй размӕ куы амыдта, уӕд дӕр фыццаг уый кой скодта, «нӕ Фыд, срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ (Лук. 11:2). Уый фӕстӕ Йесо скуывта йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй. Хуыцауӕй ракуырдта, цӕмӕй сын фидӕны йӕ бон бауыдаид «раттын ӕнусон цард». Фӕстагмӕ Йесо йӕхи тыххӕй дӕр скуывта: «Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа». Йегъовӕ Йесойы куывд фехъуыста ӕмӕ йын радта, цы дзы куырдта, уымӕй ноджы фылдӕр – ӕппӕт «зӕдты номӕй кадджындӕр ном» (Дзут. 1:4).

АДӔЙМАГ «ХЪУАМӔ БАЗОНА... ИУНӔГ ӔЦӔГ ХУЫЦАУЫ»

6. Апостолты цы хъуыди аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккой ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, афтӕ кӕй архайдтой?

6 Йесо ма йӕ куывды ской кодта, адӕймаг ӕнусон цард райсыны тыххӕй цы хъуамӕ араза, уый тыххӕй дӕр. (Бакӕс Иоанны 17:3.) Уый загъта, адӕймаг кӕй «хъуамӕ базона» Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы. Уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй фылдӕр базонӕм. Дыккаджы та, цы базонӕм, уый хъуамӕ нӕ царды ӕххӕст кӕнӕм. Апостолтӕ ацы дыууӕ хъуыддаджы дӕр арӕзтой, ӕмӕ уый бӕрӕг у Йесойы куывды ныхӕстӕй: «Цы ныхӕстӕ [мын] загътай, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтон, ӕмӕ сыл баууӕндыдысты» (Иоан. 17:8). Фӕлӕ цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы ныхӕстыл дарддӕр дӕр хъуыды кодтаиккой ӕмӕ сӕ сӕ царды дӕр ӕххӕст кодтаиккой. Цымӕ уыцы иузӕрдион апостолтӕ афтӕ суанг сӕ зӕххон царды кӕронмӕ дӕр кодтой? Бӕгуыдӕр. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ алкӕй ном дӕр ӕнустӕм фыст ӕрцыд, уӕларвон Иерусалимы бындуры цы дыууадӕс дуры уыд, уыдоныл (Рарг. 21:14).

7. Хуыцауы «базонай», уымӕ цы хауы ӕмӕ уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

7 Уӕдӕ нӕ кӕд ӕнустӕм цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ Хуыцауы «базонӕм». Иоанны 17:3 «базонын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый ӕвдисы дӕргъвӕтин архайд. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, ууыл хъуамӕ бонӕй-бонмӕ ӕфтауӕм. Фӕлӕ Хуыцауы зонын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ йын йӕ миниуджыты тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй зонай. Хъуамӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм, стӕй хъуамӕ уарзӕм не ’мчырыстӕтты дӕр. Библи зӕгъы: «Чи нӕ уарзы, уый... Хуыцауы нӕ базыдта» (1 Иоан. 4:8). Хуыцауы зонай, уымӕ ма хауы йӕ коммӕ кӕсын дӕр. (Бакӕс 1 Иоанны 2:3–5.) Цӕй стыр кад у, Хуыцауы чи зоны, уыцы адӕмӕй уай! Фӕлӕ уый гӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ адӕймаг, Хуыцауимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕй йӕхи ӕнӕхай фӕкӕна. Ӕмӕ уый зыны Иудӕ Искариоты хабарӕй. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ уӕд фидӕны схайджын кӕндзӕн диссаджы лӕварӕй – ӕнусон цардӕй (Матф. 24:13).

«ДӔ НОМЫ ТЫХХӔЙ»

8, 9. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ мӕт сӕйраджыдӕр цӕуыл уыд ӕмӕ цавӕр ӕгъдауы ныхмӕ уыди?

8 Иоанны чиныджы 17 сӕры Йесойы куывды ныхӕстӕй ирдӕй зыны, Чырысти ӕрмӕст йӕ апостолты кӕй нӕ уарзта, фӕлӕ абон мах дӕр кӕй уарзы (Иоан. 17:20). Фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийӕн йӕ мӕт сӕйраджыдӕр нӕ ирвӕзындзинадыл нӕ уыд. Зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй суанг йӕ мӕлӕты онг сӕйраджыдӕр архайдта йӕ Фыды ном кадджын кӕныныл. Зӕгъӕм, зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый Назареты ӕмбырдгӕнӕны куы ӕмбарын кодта, уӕд Исайы тыхтонӕй бакаст ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон». Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо ацы скъуыддзаг кӕсгӕйӕ Хуыцауы ном дӕр загъта (Лук. 4:16–21).

9 Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй бирӕ раздӕр дзуттаг дины разамонджытӕ адӕмӕн амонын райдыдтой, Хуыцауы ном дзурын кӕй нӕ фӕтчы. Фидарӕй ис зӕгъӕн, Йесо уыцы ӕгъдауы ныхмӕ кӕй уыди. Уый дзуттаг дины разамонджытӕн загъта: «Ӕз ӕрцыдтӕн мӕ Фыды номӕй, фӕлӕ мыл сымах не ’ууӕндут. Ӕндӕр исчи уӕм йӕхи номӕй куы ’рцӕуид, уӕд ууыл та баууӕндиккат» (Иоан. 5:43). Фӕстӕдӕр, йӕ мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд та йӕ куывды ногӕй загъта, йӕ мӕт сӕйраджыдӕр цӕуыл уыд, уый тыххӕй. Йесо скуывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном» (Иоан. 12:28). Ӕмӕ ныр цы куывдыл ныхас кӕнӕм, уым дӕр хорз зыны, Йесойӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыд йӕ Фыды ном кадджын кӕнын.

10, 11. а) Йесо йӕ Фыды ном куыд ӕргом кодта? ӕ) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйы ном адӕмӕн цӕмӕн ӕргом кӕнынц?

10 Йесо Хуыцаумӕ куывта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон. Уыдон дӕу уыдысты, ӕмӕ сӕ ды мӕнӕн радтай, ӕмӕ дын дӕ ныхас сӕххӕст кодтой [...] Ӕз ацы дунейы нал уыдзынӕн, фӕлӕ уыдон ацы дунейы сты, ӕз та цӕуын дӕумӕ. Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой» (Иоан. 17:6, 11).

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ Фыды ном кӕй раргом кодта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу сын ӕй ӕрмӕст зӕгъгӕ кодта. Йесо ма сын ӕмбарын кодта, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый дӕр, ома, цавӕр диссаджы миниуджыты хицау у ӕмӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый (Рац. 34:5–7). Ныр Йесо у Паддзах уӕлӕрвты ӕмӕ абон дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы ном ӕгас зӕххыл дӕр ӕргом кӕной. Уыцы хъуыддаг цӕмӕн аразынц? Цӕмӕй Йегъовӕйы фылдӕр адӕм базоной, цалынмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион ӕвдисӕнты фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр базондзысты Йегъовӕйы стыр ӕмӕ кадджын ном! (Йез. 36:23).

«ЦӔМӔЙ АЦЫ ДУНЕ БАУУӔНДА»

12. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм, Йесо цы куыст райдыдта, уый?

12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй, цы куыст райдыдта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой. Ӕмӕ йӕ куывды дӕр Хуыцауӕн афтӕ загъта: «Ды мӕн куыд рарвыстай ацы дунемӕ, афтӕ сӕ ӕз дӕр арвыстон дунемӕ». Фӕлӕ Йесо зыдта, уыцы хъуыддаджы йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕххуыс кӕй хъӕуы. Ӕмӕ цалынмӕ зӕххыл семӕ уыд, уӕдмӕ сын сӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кодта. Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд ской кодта ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уал дзы ракуырдта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хӕйрӕджы чъизи дунейӕ ма уыдаиккой. Стӕй дзы ракуырдта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасы фыст рӕстдзинады фӕрцы сыгъдӕг уыдаиккой. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ та балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн уыдаид, йӕхи ӕмӕ йӕ Фыды ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад. Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Йесо цы ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй куывта, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын?» Чырыстийы фидарӕй уырныдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ куы архайдтаиккой, уӕд сӕм бирӕтӕ кӕй байхъуыстаиккой. (Бакӕс Иоанны 17:15–21.)

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы архайдтой, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид (кӕс 13 абзац)

13. Йегъовӕ Йесойы куывд кӕй фехъуыста, уый фыццаг ӕнусы куыд рабӕрӕг?

13 Йегъовӕ Йесойы куывд фехъуыста, ӕмӕ уый фенӕн ис Хъуыддӕгты чиныг иртасгӕйӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды чи уыд, уыдон уыдысты дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр. Уыди дзы хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ, цагъартӕ ӕмӕ цагъарты хицӕуттӕ. Ахъуыды-ма кӕн, куыд тӕссаг уыд, куы ныддихтӕ уыдаиккой, уымӕй! Фӕлӕ се ’хсӕн ахӕм иудзинад уыд, ӕмӕ сӕ апостол Павел абарста иу буары уӕнгтимӕ, Йесойы та абарста сӕримӕ (Еф. 4:15, 16). Хӕйрӕджы дунейы ахӕм иудзинад уыдаид, уымӕн гӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы (1 Кор. 3:5–7).

Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ис иудзинад (кӕс 14 абзац)

14. Йегъовӕ Йесойы куывд кӕй фехъуыста, уый нӕ рӕстӕджы цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Фӕлӕ, хъыгагӕн, апостолты мӕлӕты фӕстӕ хабар фӕивта. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ раст дины ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ уый аххосӕй ӕмбырд сектӕтыл ныддихтӕ (Хъуыд. 20:29, 30). Фӕлӕ 1919 азы Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты мӕнг дины уацарӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ кӕрӕдзийыл сты фидар тӕгтӕй баст (Кол. 3:14). Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ иумӕ кӕй хъусын кодтой, уый ӕгас дунейы дӕр цавӕр тыллӕг ӕрхаста? Абон семӕ ӕмвӕндӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны авд милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ сты «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Иоан. 10:16; Рарг. 7:9). Афтӕмӕй Йегъовӕ фехъуыста Йесойы куывд, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ «дуне зона, ды мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй уарзыс» (Иоан. 17:23).

ЗӔРДӔМӔХЪАРГӔ КӔРОНБӔТТӔН

15. Йесо сӕрст чырыстӕтты тыххӕй Хуыцауӕй цы куырдта?

15 Йесо 14 нисаны изӕрӕй, Хуыцаумӕ куы скуывта, уый размӕ, йӕ апостолтимӕ скодта бадзырд, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уый фӕдыл ӕмӕ сӕ афтӕмӕй «скадджын кодта» (Лук. 22:28–30; Иоан. 17:22). Ӕмӕ уый фӕстӕ скуывта, фидӕны ма йӕ сӕрст фӕдылдзӕуӕг чи суыдаид, уыдоны се ’ппӕты тыххӕй дӕр: «Мӕ Фыд, уый мӕ фӕнды, ӕмӕ мын кӕй радтай, уыдон дӕр, ӕз кӕм дӕн, уым мемӕ уой, цӕмӕй уыной, куыд мӕ скадджын кодтай, уый. Кадджын та мӕ уымӕн скодтай, ӕмӕ мӕ бауарзтай, дуне куы нӕма уыди, уӕд» (Иоан. 17:24). Сӕрст чырыстӕттӕм ахӕм арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй сӕм «ӕндӕр фыстӕ» хӕлӕг нӕ кӕнынц, фӕлӕ сын сӕ циныл цин кӕнынц. Ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, абон ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн кӕй ис иудзинад.

16, 17. а) Йесойӕн йӕ фидар фӕнд цы уыд, уый тыххӕй йӕ куывды кӕрон цы загъта? ӕ) Махӕн дӕр нӕ фидар фӕнд цы у?

16 Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр дины разамонджыты аххосӕй нӕ разы кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕй ис, ӕцӕгӕй йӕ чи зоны ӕмӕ йын ӕмвӕндӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕм. Чырыстийы рӕстӕджы дӕр афтӕ уыд. Ӕмӕ йӕ куывды кӕрон ацы ныхӕстӕ дӕр уымӕн загъта: «Мӕ рӕстаг Фыд, ацы дуне дӕ нӕ базыдта, фӕлӕ дӕ ӕз зонын, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр зонынц, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый. Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоан. 17:25, 26).

17 Ӕцӕгдӕр, Йесо Чырысти йӕ Фыды ном раргом кодта. Чырысти ныр у ӕмбырды Сӕр, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын йӕ Фыды ном ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый иннӕтӕн ӕргом кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ Йесойы разамындмӕ хъусӕм – зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 10:42). Стӕй нӕ хъарутӕ уымӕ саразӕм, цӕмӕй нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм. Афтӕмӕй архайдзыстӕм Йесойы куывдмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы номӕн кад хӕсдзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзыстӕм.