Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут»

«Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут»

«Уӕ хъуыддӕгты зивӕггӕнаг ма ут. [...] Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут» (РОМ. 12:11).

1. Цагъар уай, уый тыххӕй адӕмӕн сӕ фылдӕр цы хъуыды кӕнынц, фӕлӕ Ромӕгтӕм 12:11 та уый тыххӕй цы фыст ис?

БИРӔТЫ хъуыдымӕ гӕсгӕ цагъар у, кӕйдӕр дӕлбар чи ис ӕмӕ йӕ хицау ӕдзух ӕфхӕргӕ кӕй кӕны, ахӕм адӕймаг. Фӕлӕ, Хуыцауы цагъар уай, уый бынтон ӕндӕр хъуыддаг у. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй адӕймаг йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕны, Хуыцауы цагъар кӕй уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ базоны, уарзӕгой Хицау кӕй у. Ӕмӕ апостол Павел дӕр фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм афтӕ куы ныффыста, «Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд сӕ уыцы ныхӕстӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кодтаиккой, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй (Ром. 12:11). Хуыцауы цагъар уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дунейы цагъартӕ ма суӕм? Ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион цагъартӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

«ӔЗ УАРЗЫН МӔ ХИЦАУЫ»

2. а) Израиладжы-иу цагъарӕй баззайын цӕмӕн бафӕндыд? ӕ) Цагъар-иу йӕ хъус ахуынкъ кӕнын кӕй бауагъта, уымӕй-иу цы равдыста?

2 Абон Йегъовӕ йӕ цагъартӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ бон у базонын, Хуыцау рагон Израилӕн цы Закъон радта, уымӕй. Дзуттӕгтӕй-иу цагъар чи уыд, уый-иу йӕ хицау ӕвдӕм аз хъуамӕ ссӕрибар кодтаид (Рац. 21:2). Фӕлӕ-иу кӕд цагъар йӕ хицауы уарзта ӕмӕ-иу ӕй нӕ фӕндыд ацӕуын, уӕд-иу, Йегъовӕйы лӕвӕрд Закъонмӕ гӕсгӕ, йӕ бон уыди баззайын. Ӕмӕ-иу уӕд хицау уыцы цагъары хъуамӕ дуары кӕнӕ дуары тарвазы цур ӕрлӕууын кодтаид ӕмӕ йын йӕ хъус туасӕй ахуынкъ кодтаид (Рац. 21:5, 6). Йӕ хъус-иу ын кӕй ахуынкъ кодтой, уый-иу хуымӕтӕджы нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ, дзуттаг ӕвзаджы «коммӕ кӕсын»-мӕ цы дзырд амоны, уымӕн йӕ хъуыды сӕйраджыдӕр у, адӕймаг цыдӕр кӕнӕ кӕйдӕр кӕй хъусы, уый. Уӕдӕ-иу цагъар йӕ хъус ахуынкъ кӕнын кӕй бауагъта, уымӕй-иу равдыста, кӕй йӕ фӕндыд дарддӕр дӕр йӕ хицаумӕ хъусын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм, уӕд мах дӕр равдисӕм, йӕ коммӕ кӕсын нӕ уый тыххӕй кӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕнӕм.

3. Хуыцауӕн нӕхи цӕмӕн снывонд кодтам?

3 Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм, ома йӕ цагъартӕ кӕй уыдзыстӕм, уый мах аскъуыддзаг кодтам донаргъуыд райсыны размӕ. Нӕхи йын куы снывонд кодтам, уӕд ын дзырд радтам, йӕ коммӕ кӕй кӕсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг тыхӕй ничи бакӕнын кодта. Суанг ӕрыгӕттӕ дӕр донаргъуыд сӕ ныййарджыты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй нӕ райсынц, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сӕхи кӕй бафӕнды, уый тыххӕй. Чырыстӕттӕй алчидӕр нӕ уӕларвон Хицау Йегъовӕйӕн йӕхи уый тыххӕй снывонд кӕны, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕны. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоан. 5:3).

СӔРИБАР АДӔМ, ФӔЛӔ УӔДДӔР ЦАГЪАРТӔ

4. Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй «рӕстдзинады цагъартӕ» суӕм?

4 Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, уый бар нын кӕй радта, ӕмӕ йӕ цагъартӕ уӕм! Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нын ис фадат, цӕмӕй тӕригъӕды ӕфсондзы бын мауал уӕм, ома ныл йӕ бар раздӕрау мауал цӕуа. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр зӕрдиагӕй хъусӕм Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесо Чырыстимӕ. Уыцы хабар хорз бамбарын кодта Павел. Йӕ фыстӕджытӕй иуы ныффыста: «Тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл ӕмӕ цӕрут Хуыцауы тыххӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы». Стӕй ма бамбарын кодта: «Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ кӕд уӕхи искӕмӕн коммӕгӕс цагъартау дӕттут, уӕд сымах, кӕй коммӕ кӕсут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут? Кӕнӕ тӕригъӕды цагъартӕ стут, ӕмӕ уӕд уӕ кӕрон у мӕлӕт, кӕнӕ та – коммӕгӕсдзинады цагъартӕ, ӕмӕ уӕд та уыдзыстут рӕстгӕнджытӕ. Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг зӕгъын, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр сымах уыдыстут тӕригъӕды цагъартӕ, ныр та Хуыцауӕн зӕрдӕйӕ коммӕгӕс стут ӕмӕ уын цы бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрут. О, тӕригъӕдӕй кӕй ссӕрибар стут, уымӕ гӕсгӕ систут рӕстдзинады цагъартӕ» (Ром. 6:11, 16–18). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел афтӕ кӕй загъта, «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс стут», зӕгъгӕ. Уӕдӕ нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд свӕййӕм «рӕстдзинады цагъартӕ».

5. Не ’ппӕты дӕр цӕимӕ хъӕуы тох кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

5 Фӕлӕ нын уӕддӕр цӕйдӕрты тыххӕй зын у, цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Хъӕуы нӕ дыууӕ хъуыддаджы ныхмӕ тох кӕнын. Сӕ иуы кой кодта апостол Павел. Уый ныффыста: «Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг» (Ром. 7:22, 23). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ тох кӕнын. Апостол Петр нӕ фӕдзӕхсы: «Сымах стут сӕрибар адӕм, ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд, фӕлӕ Хуыцауы цагъартау цӕрынӕн» (1 Пет. 2:16).

6, 7. Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй нӕм йӕ дуне рӕсугъд ӕмӕ хорз кӕсын райдайа?

6 Нӕ иннӕ тох та у, дӕлимонты бар кӕуыл цӕуы, уыцы дунеимӕ. Хӕйрӕг у ацы дунейы хицау, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр хӕцӕнгӕрзтӕ ис, уыдоны фӕрцы архайы, цӕмӕй нын нӕ иузӕрдиондзинад басӕтта, ома Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесо Чырыстийыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йе ’взӕр зондыл ацӕуӕм ӕмӕ афтӕмӕй йӕ цагъартӕ суӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:11, 12.) Уый архайы, цӕмӕй нӕм йӕ дуне рӕсугъд ӕмӕ хорз кӕсын райдайа. Апостол Иоанн нӕ фӕдзӕхсы: «Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы, уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис: тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын,– уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ» (1 Иоан. 2:15, 16).

7 Ацы дунейы адӕм тырнынц хъӕздыгдзинадмӕ. Хӕйрӕг сӕ ахӕм зондыл аразы, цыма сӕм бирӕ ӕхца куы уа, уӕд амондджын уыдзысты. Алы къахдзӕфыл дӕр амӕй-ай стырдӕр дуканитӕ аразынц. Рекламӕ дзуры, зӕгъгӕ, дӕхи цух мацӕмӕй уадз ӕмӕ дӕ уды дзӕбӕхӕн цӕр. Зӕгъӕм, туристон компаниты балхӕнӕн вӕййы хорз путевкӕтӕ, фӕлӕ уыцы путевкӕтӕй иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ сты, ӕмӕ хъуамӕ ацӕуай цалдӕр адӕймагимӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаджы йӕ рӕстӕг арвитын бахъӕуы, ацы дунейы зондыл хӕст чи у, ахӕм адӕмимӕ. Ӕмӕ арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕймаг бахауы, ацы дунейы зондыл хӕст чи у, уыдоны ’хсӕн. Алырдыгӕй дӕр хъуысы, дӕ цард фӕхуыздӕр кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын уый аразын кӕнынц ацы дунейы зондмӕ гӕсгӕ.

8, 9. Цӕмӕй нын у тӕссаг ӕмӕ цӕмӕн?

8 Фыццаг ӕнусы Петр чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи дард ластаиккой, дунейы зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдонӕй. Уый загъта: «Хорз сӕм кӕсы бон-сихорафон хъалцард кӕнын. Уыдон сты, дзаумайыл чъизи фӕдтӕ ӕмӕ цӕсгомыл аиппытӕ куыд уа, афтӕ. Уымӕй хуыздӕр сӕм ницы кӕсы, ӕмӕ уемӕ минас кӕнгӕйӕ сымахӕй искӕй сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй рӕдийын кӕной. [...] Стыр ныхӕстӕ, афтид ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ, чи рӕдийы, уыцы адӕмӕй нырма бынтон ӕрӕджы чи раирвӕзт, уыдоны цыбӕл кӕнынц буары монцтӕй ӕмӕ хӕлд митӕй. Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибардзинадӕй, афтӕмӕй та сӕхӕдӕг сты ӕнӕгъдаудзинады цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймаг кӕй дӕлбар у, уымӕн у йӕ цагъар» (2 Пет. 2:13, 18, 19).

9 Адӕймаг йӕ «цӕстыты монцты» фӕдыл куы ацӕуы, уӕд сӕрибар не свӕййы, фӕлӕ свӕййы ацы дунейы ӕнӕуынгӕ хицау Сайтан Хӕйрӕджы цагъар (1 Иоан. 5:19). Мулчы къӕппӕджы бахауынӕй ӕцӕгдӕр тӕссаг у. Фервӕзын та дзы зын у.

ӔЦӔГ ӔНТЫСТДЖЫН КӔЙ ИС СХОНӔН

10, 11. Хӕйрӕгӕн йӕ хъавд сӕйраджыдӕр кӕмӕ у ӕмӕ сын уӕлдӕр ахуырады тыххӕй зын цы вӕййы аразын?

10 Хӕйрӕг Едемы куыд архайдта, афтӕ архайы абон дӕр – хъавы, ӕвӕлтӕрд чи у, уыдонмӕ. Йӕ хъавд сӕйраджыдӕр у ӕрыгӕттӕм. Ӕрыгӕттӕй искӕй, стӕй иннӕты дӕр, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕнды, уӕд уый Хӕйрӕгӕн тынг хъыг вӕййы. Хуыцауы знаджы фӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн йӕхи чидӕриддӕр снывонд кӕны, уыдон ыл кӕронмӕ иузӕрдион ма баззайой.

11 Ӕркӕсӕм та, йӕ хъус-иу кӕмӕн ахуынкъ кодтой, ахӕм израилаг цагъары хабармӕ. Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕ хъус фӕрыстаид. Фӕлӕ-иу уыцы рыст тагъд ацыд, ӕмӕ-иу йӕ хъусыл цы нысан баззад, уый та-иу алкӕмӕн дӕр дзурӕг уыд, уыцы цагъары йӕ хицауимӕ баззайын кӕй бафӕндыд. Ӕрыгӕттӕн дӕр, се ’мгӕрттӕ цы фӕндагыл цӕуынц, уый нӕ, фӕлӕ ӕндӕр фӕндаг равзарын, чи зоны, зын уа ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, рыст дӕр бавзарой. Хӕйрӕг адӕмӕн ахӕм хъуыды хъары, ӕмӕ, йӕ къухы цы дуне ис, уым сын бирӕ куы бантыса, уӕд уыдзысты амондджын. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, нӕ царды сӕйрагдӕр Йегъовӕ куы уа. «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»,– загъта Йесо (Матф. 5:3). Чырыстӕттӕ сӕ цард снывонд кӕнынц Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, Хӕйрӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ. Уыдонӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынц ӕхсӕвӕй-бонӕй. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) Фӕлӕ уӕлдӕр ахуырады тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕн Библийыл хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕн арӕх тынг гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нӕ баззайы.

12. Абон ӕрыгӕтты цы фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын?

12 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй-иу чидӕртӕ кӕйдӕр цагъартӕ дӕр уыдысты. Ӕмӕ-иу хатт сӕ хицӕутты тыххӕй зын цард кодтой. Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы ныффыста: «Цагъар уыдтӕ, афтӕмӕй дӕ ӕрхуыдта? Уӕд ууыл ма мӕт кӕн, фӕлӕ кӕд дӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уай, уӕд уыцы фадатӕй спайда кӕн» (1 Кор. 7:21). Цагъарӕн-иу ӕвзӕр хицау куы уыд, уӕд-иу ын хуыздӕр уыди, куы дзы ссӕрибар уыдаид. Абон бирӕ бӕстӕты закъон домы, цӕмӕй сывӕллӕттӕ бӕлвырд азтӕ скъолайы ахуыр кӕной. Уый фӕстӕ уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕудзысты ӕви нӕ, уый сӕхи бар у. Чырыстон уӕлдӕр ахуырмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй куы бацӕуа, ӕмӕ йын ацы дунейы исты бантыса, уӕд ын Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын тынг зын уыдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:23.)

Кӕй цагъар уыдзынӕ?

УӔЛДӔР АХУЫРАД ӔВИ ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР АХУЫРАД?

13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕппӕты стырдӕр пайда цавӕр ахуырад хӕссы?

13 Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Кол. 2:8). Абон ахуыргонд адӕмӕй бирӕтӕ амонынц, «адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл» чи ӕнцайы, ахӕм «зондджын ныхӕстӕ ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕ». Институтты ӕмӕ университетты дӕр студенттӕн фылдӕр хатт растдӕр уыдӕттӕ фӕамонынц, бӕлвырд куыстыл та сӕ нӕ сахуыр кӕнынц ӕмӕ, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уыдонмӕ сӕ нӕ бацӕттӕ кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ равзарынц, бӕлвырд куыстыл кӕм сахуыр уыдзысты, ахӕм ахуырад, цӕмӕй сӕ бон уа хуымӕтӕг цард кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, Павел Тимофейӕн кӕй радта, уыцы уынаффӕ: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд. [...] Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тим. 6:6, 8). Ӕцӕг чырыстӕттӕ уымӕ нӕ тырнынц, цӕмӕй сын куысты цавӕрдӕр ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй алыхуызон кадджын нӕмттӕ раттой. Уыдон ууыл нӕ архайынц, цӕмӕй сын куысты «ӕппӕлӕн фыстӕджытӕ» дӕттой, фӕлӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр саразынц хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ суой. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 3:1–3.)

14. Филиппӕгтӕм 3:8 гӕсгӕ, Павел цы цӕстӕй каст, Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы цагъар кӕй уыд, уымӕ?

14 Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уый ахуыр кодта Гамалиилмӕ, дзуттаг Закъон чи амыдта, уымӕ. Павел цы ахуырад райста, уый абон абарӕн ис университеты ахуырадимӕ. Фӕлӕ цымӕ Павел уыцы ахуырады тыххӕй, Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы цагъар кӕй уыд, уыимӕ абаргӕйӕ цы хъуыды кодта? Павел ныффыста: «Ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быроныл, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Фил. 3:8). Павелы цӕвиттон ӕрыгон чырыстӕттӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн ахуырады фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. (Кӕс нывтӕм.)

ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР АХУЫРАД ЦАВӔР ХОРЗДЗИНӔДТӔ ХӔССЫ

15, 16. Йегъовӕйы организаци цавӕр ахуырад дӕтты ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан цы у?

15 Ацы дунейы институтты ӕмӕ университетты арӕх цы уавӕртӕ вӕййы? Студентты ’хсӕн тынг парахат вӕййы ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыднозт. Стӕй ма студенттӕн фӕамонынц эволюцийы ахуырад дӕр (Еф. 2:2). Йегъовӕйы организаци та дӕтты ӕппӕты хуыздӕр ахуырад, ӕмӕ йӕ цы ӕмбырдты уылты дӕтты, уым ис фарн. Алкӕмӕн дӕр нӕ ис фадат алы къуыри дӕр Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕнынӕн. Сӕрмагонд скъола ма ис, бинонтӕ кӕмӕн нӕй ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн дӕр (Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн), стӕй, пионертӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм бинонтӕн дӕр (Скъола чырыстон бинонтӕн). Уыцы скъолатӕ нын ӕххуыс кӕнынц нӕ уӕларвон Хицау Йегъовӕйы коммӕ кӕсынӕн.

16 Бирӕ зынаргъ хӕзнатӕ нӕ бон ссарын у нӕ литературӕйы индексы фӕрцы («Индекс публикаций Сторожевой Башни») ӕмӕ, компьютеры цы библиотекӕ вӕййы, уый фӕрцы (Watchtower Library). Нӕ организаци цы ахуырад дӕтты, уымӕн йӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм. Уый фӕрцы ма адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауой, ома йӕ хӕлӕрттӕ суой (2 Кор. 5:20). Ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн иннӕты ахуыр кӕнын (2 Тим. 2:2).

ХУЫЦАУЫ ЦАГЪАР ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔЙ У ХАЙДЖЫН

17. Адӕймаг ӕппӕты хуыздӕр ахуырад куы равзары, уӕд ын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы?

17 Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым хицау йӕ дыууӕ ӕууӕнкджын цагъарӕй сӕ куысты тыххӕй раппӕлыд ӕмӕ уый тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ хицау дӕр цин кодтой. Хицау сӕ райгонд кӕй уыд, уый равдыста, сӕ бар сын фылдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодта, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 25:21, 23.) Абон ӕппӕты хуыздӕр ахуырад чи равзары, уыдонӕн дӕр уый стыр цин ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Ӕркӕсӕм Майклы хабармӕ. Скъолайы тынг хорз ахуыр кодта. Ӕмӕ иухатт йӕ ахуыргӕнджытӕ йемӕ фембӕлдысты, цӕмӕй дарддӕр университеты ахуыр кӕныны тыххӕй аныхас кодтаиккой. Фӕлӕ уый куы базыдтой, ӕмӕ Майкл уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын нӕ фӕнд кӕны, уӕд сӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд. Майкл аскъуыддзаг кодта, университетмӕ кӕй нӕ бацӕудзӕн, фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ исты куыстыл кӕй сахуыр уыдзӕн, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ бон уа йӕхи дарын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Цымӕ Майкл йӕ уынаффӕйыл фӕфӕсмон кодта? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Нӕ организацийы цы скъолатӕ ис, уыдоны фӕрцы, стӕй пионерӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый фӕрцы цӕуыл сахуыр дӕн, уымӕн аргъ дӕр нӕй. Мӕ бон цасфӕнды ӕхца ма уыдаид бакусын, уӕддӕр мын ныр цы арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ кадджын хӕстӕ ис, уыдон уыцы ӕхцайӕ бирӕ зынаргъдӕр сты. Ӕз тынг райгонд дӕн, уӕлдӕр ахуырмӕ кӕй нӕ бацыдтӕн, уымӕй».

18. Ӕппӕты хуыздӕр ахуырад цӕмӕн равзӕрстай?

18 Ӕппӕты хуыздӕр ахуырад нын ӕххуыс кӕны Хуыцауы фӕндон ӕмбарынӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнынӕн. Уыцы ахуырады фӕрцы нын ис ныфс, кӕй «ссӕрибар уыдзыстӕм мӕлӕты цагъарадӕй» ӕмӕ нын ӕппынфӕстаг кӕй уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ уыцы ахуырады фӕрцы нӕ бон у хъуыддагӕй ӕвдисын, нӕ уӕларвон Хицау Йегъовӕйы ӕцӕгӕйдӕр кӕй уарзӕм, уый (Рац. 21:5).