Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый нын хӕссы арфӕдзинӕдтӕ

Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый нын хӕссы арфӕдзинӕдтӕ

Райсом ныл цы ’рцӕудзӕн, уый нӕ фӕзонӕм, стӕй зын уавӕрты дӕр бахауӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕхи зондӕй ныфсджын чи вӕййы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн. Уый ӕз ӕмӕ мӕ бинойнаг нӕхицӕй зонӕм – цӕрӕнбонты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдыстӕм. Цӕй ӕмӕ уын цыбыртӕй нӕ царды хабӕрттӕ радзурон.

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ базонгӕ сты 1919 азы Сидар-Пойнты, штат Огайойы (АИШ), Ӕппӕтдунеон библииртасджыты конгрессы, ӕмӕ уыцы аз сӕ цард баиу кодтой. Ӕз райгуырдтӕн 1922 азы, дыууӕ азы фӕстӕ та райгуырд ме ’фсымӕр Пол. Мӕ цардӕмбал Грейс райгуырд 1930 азы. Йӕ ныййарджытӕ Рой ӕмӕ Рут Хауэлл схъомыл сты Библииртасджыты бинонты ’хсӕн. Руты ныййарджытӕ уыдысты ӕфсымӕр Чарлз Тейз Расселлы ӕмбӕлттӕ.

Грейсимӕ базонгӕ стӕм 1947 азы, ӕмӕ 1949 азы 16 июлы нӕ цард баиу кодтам. Нӕ чындзӕхсӕвы размӕ аныхас кодтам, дарддӕр куыд цӕрдзыстӕм, ууыл. Мах баныхас кодтам, дыууӕйӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нын цот кӕй нӕ уыдзӕн. 1950 азы 1 октябры райдыдтам ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. 1952 азы та мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй.

ЦӔУӔГ ЦӔСТДАРӔДЖЫ КУЫСТ ӔМӔ ГАЛААДЫ СКЪОЛА

Дыууӕйӕ дӕр ӕй ӕмбӕрстам, цӕмӕй нӕ ног хӕс ӕххӕст кӕнын нӕ бон уыдаид, уый тыххӕй нӕ ӕххуыс кӕй хъуыд. Мӕн ахуыр кодтой фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ, фӕлӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй Грейсӕн дӕр исчи баххуыс кодтаид. Ӕмӕ уӕд бацыдтӕн ӕфсымӕр Марвин Хоулинмӕ, нӕ бинонты рагон ӕмбал чи уыд ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг цӕуӕг цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, уымӕ, ӕмӕ йын загътон: «Грейс нырма ӕрыгон у ӕмӕ йӕм фаг фӕлтӕрддзинад нӕй. Кӕимӕ балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ чи сахуыр кӕна, ахӕм никӕй зоныс?» Уый мын дзуапп радта: «Куыннӕ, зонын. Эдна Винкль у фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг ӕмӕ йӕм уый фӕкӕсдзӕн». Фӕстӕдӕр Грейс Эднӕйы тыххӕй загъта: «Йӕ фӕрцы сахуыр дӕн, цӕмӕй-иу хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ма тыхстаин, нӕ ныхас нын-иу ӕрдӕгыл чи аскъуыдта, уыимӕ дарддӕр куыд ныхас кӕнын хъуыд, уый зыдта, стӕй мӕ сахуыр кодта адӕммӕ лӕмбынӕг хъусын, цӕмӕй-иу бамбӕрстаин, цы йын зӕгъын хъӕуы, уый. Уый хуызӕн мын ничи баххуыс кодтаид!»

Галиуырдыгӕй: Нейтан Норр, Малком Аллен, Фред Раск, Лайл Рюш, Эндрю Вагнер

Грейсимӕ лӕггад кодтам дыууӕ районы – штат Айовӕйы, стӕй Миннесотӕйы ӕмӕ Хуссар Дакотӕйы иуӕй-иу рӕтты. Уый фӕстӕ нӕ арвыстой Нью-Йоркмӕ, 1-аг районмӕ. Нӕ районмӕ хаудысты Бруклин ӕмӕ Куинс. Никуы нӕ ферох уыдзӕн, уырдӕм нӕ куы арвыстой, уӕд нӕхимӕ куыд ӕвӕлтӕрд кастыстӕм, уый. Нӕ районмӕ хауд ӕмбырд «Бруклин-Хайтс», ӕмбырдтӕ цыдысты Вефилы Паддзахады залы, ӕмӕ дзы уыди, Вефилы чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Уыцы ӕмбырды мӕм мӕ фыццаг раныхасы фӕстӕ ӕрбацыд ӕфсымӕр Нейтан Норр ӕмӕ мын загъта: «Малколм, цы нӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, уый фӕдыл нын уынаффӕ радтай, ӕмӕ нӕ уый, ӕцӕгдӕр, хъуыд. Рох дӕ макуы уӕд, фӕлмӕн уынаффӕты фӕрцы нын куы нӕ ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ Йегъовӕйы организацийы стыр пайда нӕ уыдзӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ кӕн». Ӕмбырды фӕстӕ йын йӕ ныхӕстӕ Грейсӕн радзырдтон. Уыцы рӕстӕг цардыстӕм Вефилы. Нӕ къомнӕтмӕ куы ссыдыстӕм, уӕд фыртыхстӕй ӕмӕ фырфӕлладӕй нӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты.

«Фӕлмӕн уынаффӕты фӕрцы нын куы нӕ ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ Йегъовӕйы организацийы стыр пайда нӕ уыдзӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ кӕн»

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, 24-ӕм къласмӕ. Нӕ ахуыр хъуамӕ фӕуыдаиккам 1955 азы февралы. Цалынмӕ Галаады скъоламӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ нын загътой, ахуыры фӕстӕ нӕ ӕнӕмӕнгӕй миссионертӕй кӕй не снысан кӕндзысты. Фӕлӕ нын уыцы ахуыр хъуамӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй районон куыст кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхстаиккам. Галаады скъолайы фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтам, стӕй сахуыр стӕм сӕрныллӕгдзинадыл.

Ферн ӕмӕ Джордж Кауч, Грейс ӕмӕ ӕз Галаады скъолайы, 1954 аз

Скъола каст куы фестӕм, уӕд мӕ снысан кодтой облӕстон цӕстдарӕгӕй. Нӕ облӕстмӕ хаудысты штаттӕ Индианӕ, Мичиган ӕмӕ Огайо. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, 1955 азы декабры, ӕфсымӕр Норрӕй фыстӕг райстам. Уым фыст уыди: «Уӕ хъуыды мын ӕргом зӕгъут, ма йӕ басусӕг кӕнут. Кӕд уӕ Вефилы лӕггад кӕнын фӕнды... кӕнӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй иуцасдӕр Вефилы балӕггад кӕнат, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуат, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд дӕ облӕстон кӕнӕ районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дӕр мын ӕй зӕгъут». Мах ын дзуапп радтам, зӕгъгӕ нӕ кӕдӕмфӕнды дӕр куы снысан кӕной, уӕддӕр разы уыдзыстӕм. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой.

ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНӔМ

Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ мӕ хӕс уыд ӕнӕхъӕн Америкӕйы Иугонд Штатты конгрессты раныхӕстӕ дзурын. Ӕз ӕххуыс кодтон ӕрыгон ӕфсымӕртӕн. Уыдонӕй бирӕтӕн фӕстӕдӕр Йегъовӕйы организацийы сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакодтой. Уый фӕстӕ та уыдтӕн ӕфсымӕр Норры секретарь, куыстон, ӕппӕт дунейы хъусын кӕныны хъуыддагӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы хайады.

Лӕггад кӕнын уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады, 1956 аз

Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд, уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады лӕггад кӕнын. Уым куыстон ӕфсымӕр Томас (Бад) Салливанимӕ. Томас бирӕ азты дӕргъы уыд уыцы хайады цӕстдарӕг. Стӕй ма дзы уыди, бирӕ цӕуылдӕрты кӕмӕй сахуыр дӕн, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕртӕ дӕр. Уыдонӕй иу уыд, чи мӕ ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр, Фред Раск. Хъуыды ма йӕ кӕнын, куыд ӕй бафарстон: «Фред, мӕ фыстӕджытӕй мын иуӕй-иуты уыйбӕрц фиппаинӕгтӕ цӕмӕн скӕныс?» Уый бахудт ӕмӕ мын загъта: «Малколм, исты куы зӕгъай, уӕд ӕй стӕй ӕндӕр ныхӕстӕй бамбарын кӕндзынӕ, фӕлӕ исты куы ныффыссай, уӕлдайдӕр та ардыгӕй, уӕд дзы алцыдӕр хъуамӕ уа раст ӕмӕ бӕлвырд». Уый фӕстӕ мын фӕлмӕнӕй загъта: «Фидар у – хорз кусыс, фӕстӕдӕр та ноджы хуыздӕр кусдзынӕ».

Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ Грейс куыста алыхуызон хайӕдты, зӕгъӕм, къомнӕттӕ ӕфснайдта, ӕмӕ йӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уыцы азты дӕргъы Вефилы цы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ лӕггад кодта, уыдонӕй искӕуыл абон дӕр куы фембӕлӕм, уӕд Грейсӕн сӕ мидбылты худгӕйӕ фӕзӕгъынц: «Мӕ хуыссӕн ӕфснайын мӕ сахуыр кодтай, ӕмӕ дӕ мӕ мад уый тыххӕй тынг фӕбузныг». Грейс ма лӕггад кодта, нӕ литературӕйы заказты хайады, кӕсджыты фарстатӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, стӕй аудиокассетӕты къопитӕ кӕм кодтой, уыцы хайӕдты. Алыхуызон куыстытӕ кӕй кодта, уый фӕрцы бамбӕрста, Йегъовӕйы организацийы цыфӕнды куыст ма кӕнай кӕнӕ кӕмфӕнды дӕр ма лӕггад кӕнай, уӕддӕр уый стыр кад ӕмӕ стыр арфӕдзинад кӕй у. Ӕмӕ абоны онг дӕр уыцы хъуыдыйыл хӕст у.

НӔ ЦАРДЫ ЦЫДӔРТӔ АИВТАМ

1970 азты бамбӕрстам, нӕ ацӕргӕ ныййарджыты фарсмӕ кӕй хъуамӕ уӕм. Уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ уыд. Вефилӕй ацӕуын ӕмӕ, тынг кӕй уарзтам, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныууадзын нӕ нӕ фӕндыд. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбӕрстон, нӕ ныййарджытӕм кӕсын мӕ хӕс кӕй у. Гыццыл фӕстӕдӕр Вефилӕй ацыдыстӕм, фӕлӕ хъуыды кодтам, уавӕр куы фӕива, уӕд фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзыстӕм.

Цӕмӕй нӕ бон нӕхи дарын уыдаин, уый тыххӕй, страховкӕтӕ чи кодта, ахӕм фирмӕмӕ кусынмӕ бацыдтӕн. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, куы мӕ ахуыр кодтой, уӕд мын мӕ хицау цы загъта, уый: «Ацы куыст ахӕм у, ӕмӕ адӕммӕ хъуамӕ изӕрыгӕтты цӕуӕм. Хӕдзары сӕ ӕрмӕстдӕр уыцафон ис баййафӕн. Алы изӕр дӕр клиенттӕ агурынӕй ахсджиагдӕр ницы ис». Ӕз ын загътон: «Ӕмбарын ӕй, дӕ хъуыддаг хорз кӕй зоныс, ӕмӕ дын дӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнын. Фӕлӕ мын царды ӕппӕты зынаргъдӕр у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ уыдзӕн. Кӕцыдӕр изӕрты кусдзынӕн, фӕлӕ-иу дыццӕджы ӕмӕ цыппӕрӕмы изӕрӕй цӕудзынӕн ме ’мбырдмӕ». Куысты тыххӕй ӕмбырдтӕ кӕй нӕ цух кодтон, уый тыххӕй мын Йегъовӕ арфӕ кодта.

Мӕ мад амарди 1987 азы июлы, зӕрӕдты хӕдзары, йӕ разы уыдыстӕм, афтӕмӕй. Хистӕр медицинон хо бацыд Грейсмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ацу хӕдзармӕ ӕмӕ баулӕф. Алчидӕр ӕй зоны, ӕдзухдӕр де ’фсины уӕлхъус кӕй уыдтӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ мацы хӕсс, дӕ бон цы уыд, уый сарӕзтай».

Вефилы лӕггад кӕнын тынг кӕй уарзтам, уымӕ гӕсгӕ 1987 азы декабры курдиат арвыстам, цӕмӕй та нӕ ногӕй фӕхуыдтаиккой. Фӕлӕ цалдӕр боны фӕстӕ рабӕрӕг, Грейсӕн йӕ тъӕнгты рак кӕй ис. Операци ӕмӕ алыхуызон хосты фӕстӕ Грейс сдзӕбӕх. Фӕлӕ нӕм уӕдмӕ Вефилӕй фыстӕг ӕрцыд, цӕмӕй бынӕттон ӕмбырды баззадаиккам. Мах фидарӕй сфӕнд кодтам, хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайдзыстӕм.

Фӕстӕдӕр мӕ мӕ куыстӕй Техасмӕ арвыстой. Уым климӕт хъармдӕр уыд, ӕмӕ хъуыды кодтам, Грейсӕн уым хуыздӕр кӕй уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Ныр Техасы цӕрӕм 25 азы бӕрц. Ам нын ис замманай ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, ӕмӕ сӕ тынг уарзӕм.

ЦӔУЫЛ САХУЫР СТӔМ

Грейсӕн рак фыццаг уыд йӕ тъӕнгты, стӕй йӕ хъуыры, ӕрӕджы та йӕ риуы фӕзынди, фӕлӕ йӕ цардӕй никуы хъаст кодта. Мӕ хъуыдыйӕн мын аргъ кӕны ӕмӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ балӕууы. Арӕх ӕй бафӕрсынц: «Бӕрӕг у, амондджын кӕй стут. Кӕрӕдзи афтӕ хорз цӕй фӕрцы ӕмбарут?» Грейс сын фӕзӕгъы, уымӕн нын кӕй ӕххуыс кӕны цыппар хъуыддаджы: «Мах кӕрӕдзийӕн стӕм хуыздӕр ӕмбӕлттӕ. Алы бон дӕр ӕргом фӕныхас кӕнӕм. Нӕ рӕстӕг иумӕ фервитӕм. Ӕмӕ кӕд кӕрӕдзимӕ истӕй тыххӕй смӕсты вӕййӕм, уӕддӕр, цалынмӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм, уӕдмӕ не схуыссӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт кӕрӕдзи дӕр смӕсты кӕнӕм, фӕлӕ хатыр кӕнын кӕй зонӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ кӕй ферох кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын.

«Алы хатт дӕр дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ дыл цы зындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдонӕн быхс»

Уыцы зындзинӕдты фӕрцы сахуыр стӕм ахӕм хорз хъуыддӕгтыл:

  1.  Алы хатт дӕр дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ зындзинӕдтӕн быхс. Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у (Ӕмб. 3:5, 6; Йер. 17:7).

  2.  Алы хъуыддаджы дӕр разамынд агур Йегъовӕйы Ныхасы. Йегъовӕмӕ хъусын ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ архайын тынг ахсджиаг у. Кӕд алы хатт йӕ коммӕ нӕ кӕсыс, уӕд нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ коммӕгӕс дӕ (Ром. 6:16; Дзут. 4:12).

  3.  Йегъовӕйы раз дын хорз ном уа, уымӕй ахсджиагдӕр царды ницы ис. Хъӕздыгдзинадмӕ ма бӕлл, фӕлӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕн (Ӕмб. 28:20; Еккл. 7:1; Матф. 6:33, 34).

  4.  Кув, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнай, дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Хъуыды кӕн, дӕ бон саразын цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ дӕ бон цы у, ууыл (Матф. 22:37; 2 Тим. 4:2).

  5.  Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ кӕмӕн арфӕ кӕны, ӕрмӕстдӕр иунӕг ахӕм организаци кӕй ис (Иоан. 6:68).

Грейс дӕр ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйӕн фӕлӕггад кодтам фӕйнӕ 75 азӕй фылдӕр, уыдонӕй иумӕ – 65 азы бӕрц. Уыцы азты дӕргъы Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтам, уый нын хаста стыр циндзинад. Мах кувӕм, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ иууылдӕр сӕхиуыл бавзарой, адӕймаг йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы фӕдары, уӕд ын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы, уыдон.