Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»

«[Йесо] дзул райста, ӕмӕ, Хуыцауӕн бузныг куы загъта, уӕд ӕй ӕрсаста ӕмӕ загъта: „Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“» (1 КОР. 11:23, 24).

1, 2. Йесо Иерусалиммӕ цӕуинаг куы уыд, уыцы рӕстӕг йӕ апостолтӕ цӕуыл хъуыды кодтаиккой?

ИЕРУСАЛИМЫ хъахъхъӕнджытӕ арвыл федтой ног мӕй. Сӕйраг тӕрхондоны уый базыдтой, ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтой, нисаны мӕй кӕй райдыдта. Хабар Израилы алы рӕттӕм фӕхӕццӕ кодтой, ӕртытӕ кӕй ссыгътой ӕмӕ хабархӕсджытӕ кӕй арвыстой, уый фӕрцы. Апостолтӕ зыдтой, Куадзӕны бон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: «Йесойы куыннӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй Куадзӕнмӕ Иерусалимы уа».

2 Уыцы рӕстӕг Йесо йӕ апостолтимӕ уыди Перейы (Иорданы фаллаг фарс), ӕмӕ уый уыд йӕ фӕстаг балц Иерусалиммӕ (Матф. 19:1; 20:17, 29; Мар. 10:1, 32, 46). Нисаны мӕйы фыццаг бон кӕй сбӕлвырд, уымӕ гӕсгӕ адӕм зыдтой, 13 боны фӕстӕ, 14 нисаны хурныгуылды фӕстӕ, Куадзӕн кӕй уыдзӕн.

3. Дзуттӕгтӕ Куадзӕн цы бон бӕрӕг кодтой, уый чырыстӕтты зонын цӕмӕн хъӕуы?

3 Куыд зонӕм, афтӕмӕй Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр скодтой, дзуттӕгтӕ-иу Куадзӕн цы бон кодтой, растдӕр уыцы бон. 2014 азы Хицауы ӕхсӕвӕр, кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕр, уыдзӕн 14 апрелы хурныгуылды фӕстӕ. Уыцы бон ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр уыдзӕн ахсджиаг бон. Цӕмӕн? Уый бамбарӕн ис 1 Коринфӕгтӕм 11:23–25 фыст ныхӕстӕй: «Йесойы цы ’хсӕв ауӕй кодтой, уыцы ӕхсӕв дзул райста, ӕмӕ, Хуыцауӕн бузныг куы загъта, уӕд ӕй ӕрсаста ӕмӕ загъта: „Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“. Ӕмӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны къус дӕр ӕмӕ загъта: „Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд... Афтӕ кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“».

4. а) Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цавӕр фарстатыл ис ахъуыды кӕнӕн? ӕ) Ӕрымысӕн изӕр кӕцы бон хъуамӕ уа, уый алы аз дӕр куыд базонӕм? (Кӕс рамкӕ  «Ӕрымысӕн изӕр 2014 азы».)

4 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕстдӕр Ӕрымысӕн изӕр бафӕдзӕхста бӕрӕг кӕнын. Ӕмӕ дӕу дӕр куыннӕ фӕнддзӕн уыцы хабар сбӕрӕг кӕнын. Хорз уаид, алчидӕр нӕ рагацау ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мӕхи уыцы бонмӕ куыд бацӕттӕ кӕнон? Уыцы хабар сбӕрӕг кӕнынӕн цавӕр нысӕнттӕ бахъӕудзӕн ӕрцӕттӕ кӕнын? Куыд ӕй бӕрӕг кӕндзысты? Уыцы бӕрӕгбон ӕмӕ дзы цы нысӕнттӕ уыдзӕн, уыдон мӕнӕн цӕуыл дзурӕг сты?»

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ ЧИ ВӔЙЙЫ, УЫЦЫ НЫСӔНТТӔ

5. Йесо йӕ апостолтӕн Куадзӕны ӕхсӕвӕрмӕ цы бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын?

5 Чырысти йӕ апостолтӕн Куадзӕны ӕхсӕвӕрмӕ уат бацӕттӕ кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд сын афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй йӕ тынг срӕсугъд кодтаиккой. Куыд зыны, афтӕмӕй Йесойы ӕрмӕстдӕр уый фӕндыд, цӕмӕй бацӕттӕ кодтаиккой, алкӕмӕн дӕр фаг бынат кӕм уыдаид, ахӕм хуымӕтӕг ӕмӕ сыгъдӕг уат. (Бакӕс Марчы 14:12–16.) Стӕй ма хъуамӕ бацӕттӕ кодтаиккой, ӕхсӕвӕрӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ дӕр, зӕгъӕм, донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн. Ӕмӕ Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы бахордта, уӕд сын се ’ргом раздӕхта уыцы дзул ӕмӕ сӕнмӕ.

6. а) Йесо Куадзӕны ӕхсӕвӕры фӕстӕ дзулы тыххӕй цы загъта? ӕ) Ӕрымысӕн изӕры цавӕр дзул хъуамӕ уа?

6 Апостол Матфей дӕр уыди уыцы ӕхсӕвӕры, ӕмӕ фӕстӕдӕр ныффыста: «Йесо дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Айсут ӕмӕ хӕрут“» (Матф. 26:26). Уыцы дзул уыд донгонд, Куадзӕнмӕ-иу кӕй фыхтой, ахӕм (Рац. 12:8; Дык. з. 16:3). Дзул конд уыд мӕнӕуы ссадӕй ӕмӕ донӕй, нӕдӕр ыл ӕнхъизӕн уыд, нӕдӕр цӕхх кӕнӕ ӕндӕр хъацӕнтӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ дзул уыди тъӕпӕн ӕмӕ хус, ӕмӕ уыд ӕнцонсӕттӕн. Нӕ рӕстӕджы дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Ӕрымысӕн изӕры размӕ искӕмӕн фӕзӕгъынц, цӕмӕй-иу мӕнӕуы ссадӕй ӕмӕ донӕй хыссӕ скӕной ӕмӕ дзы дзултӕ сойӕ сӕрст тебӕйы сфыцой. (Мӕнӕуы ссад кӕм нӕй, уыцы рӕтты та дзул скӕнӕн ис пырындз, хъӕбӕрхор, нартхор кӕнӕ ӕндӕр хоры ссадӕй.)

7. Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесойы къухы цавӕр сӕн уыд ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры цавӕр сӕнӕй ис спайда кӕнӕн?

7 Матфей ма ноджыдӕр ныффыста: «[Йесо] райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ сын загъта: „Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут“» (Матф. 26:27, 28). Йесо кӕй райста, уыцы къусы уыди сырх сӕн (уый ногтынд сӕнӕфсиры дон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕнӕфсиртонӕн афон раджы фӕци). Кӕд израилӕгтӕ фыццаг Куадзӕн бӕрӕг кӕнгӕйӕ сӕн нӕ нызтой, уӕддӕр Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Куадзӕны фынгыл сӕн хъуамӕ ма уа. Суанг ма Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг дӕр сӕнӕй спайда кодта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Ӕрымысӕн изӕры вӕййы сӕн. Цавӕр сӕн хъуамӕ уа? Уый хъуамӕ уа сырх сӕн, ӕмӕ, Йесойы туг сыгъдӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг. Сӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ уа хиконд кӕнӕ ӕлхӕнгӕ, зӕгъӕм, бордо, бургунди кӕнӕ каберне.

ДЗУЛ ӔМӔ СӔН ЦӔМӔ АМОНЫНЦ

8. Дзул ӕмӕ сӕн цӕмӕ амонынц, уый ӕмбарын чырыстӕттӕн ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Апостол Павел цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, Хицауы ӕхсӕвӕр кӕй хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕрмӕст апостолтӕ нӕ, фӕлӕ. Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ Хицауӕй цы базыдтон, сымахӕн дӕр уый бацамыдтон: нӕ Хицау Йесо... дзул райста, ӕмӕ, Хуыцауӕн бузныг куы загъта, уӕд ӕй ӕрсаста ӕмӕ загъта: „Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“» (1 Кор. 11:23, 24). Уымӕ гӕсгӕ суанг нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕ уыцы ахсджиаг хабар алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц. Стӕй сын ахсджиаг у, дзул ӕмӕ сӕн цӕмӕ амонынц, уый ӕмбарын дӕр.

9. Йесо дзулы тыххӕй цы загъта, уый фӕдыл бирӕтӕ цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл хӕст сты?

9 Библийы тӕлмацтӕй иуӕй-иуты Йесойы ныхӕстӕ афтӕ тӕлмац сты: «Ай у мӕ буар». Ӕмӕ уый тыххӕй, чырыстон аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕй бирӕты уырны, уыцы дзул диссаджы хуызы Йесойы буар кӕй фестад. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕ уыд *. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр уым бадти ӕмӕ уыцы дзул дӕр сӕ разы уыд. Бӕрӕг у, Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы. Уый дзырдта фӕсномыгӕй, ӕндӕр хӕттыты дӕр-иу куыд кодта, афтӕ (Иоан. 2:19–21; 4:13, 14; 10:7; 15:1).

10. Ӕрымысӕн изӕры цы дзул вӕййы, уый цӕмӕ амоны?

10 Апостолты раз чи уыд ӕмӕ кӕмӕй хъуамӕ сахуыстаиккой, уыцы дзул амыдта Йесойы буармӕ. Иу рӕстӕг ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ иугӕр Йесо дзул сӕтгӕ ӕркодта, фӕлӕ йе стджытӕй та иу дӕр саст не ’рцыд, уӕд уыцы дзул амоны сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдмӕ, Библи «Чырыстийы буар» кӕй хоны, уымӕ (Еф. 4:12; Ром. 12:4, 5; 1 Кор. 10:16, 17; 12:27). Фӕлӕ уыцы фарста арфдӕр куы раиртӕстой, уӕд бамбӕрстой, дзул кӕй амоны Йесойӕн йӕ зӕххон буармӕ. Йесо, «адӕймаг уӕвгӕйӕ, хъизӕмӕрттӕ... бавзӕрста», ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг хъӕдыл байтыгътой. Уӕдӕ, Ӕрымысӕн изӕры цы дзул вӕййы, уый амоны Йесойы буармӕ, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уыцы буармӕ (1 Пет. 2:21–24; 4:1; Иоан. 19:33–36; Дзут. 10:5–7).

11, 12. а) Йесо сӕны тыххӕй цы загъта? ӕ) Ӕрымысӕн изӕры цы сӕн вӕййы, уый цӕмӕ амоны?

11 Дзул цӕмӕ амоны, уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы ӕмбарӕм, Йесо уый фӕстӕ сӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр. Мах кӕсӕм: «Куадзӕны ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны къус дӕр ӕмӕ загъта: „Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй“» (1 Кор. 11:25). Библийы тӕлмацтӕй бирӕты, зӕгъӕм, 1993 азы уагъд «Ног фӕдзӕхсты», фыст ис: «Ацы нуазӕн у ног дины бадзырд Мӕ туджы фӕрцы» (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам). Цымӕ уыцы нуазӕн, кӕнӕ къус, йӕхӕдӕг уыди, Йесо кӕй сфидар кодта, уыцы ног бадзырд? Нӕ. Йесо дзырдта, къусы мидӕг цы сӕн уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыцы сӕн цӕмӕ амыдта? Йӕ тугмӕ, адӕмы тыххӕй чи хъуамӕ ныккалдаид, уымӕ.

12 Марчы чиныджы фыст ис, Йесо туджы тыххӕй цы загъта, уый: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй» (Мар. 14:24). Матфейы чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойы туг «ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой» (Матф. 26:28). Ацы ныхӕстӕй ирдӕй зыны, сырх сӕн кӕй амоны Йесойы тугмӕ. Йесо нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы «нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:7.)

Апостолтӕ цы сӕнӕй сахуыстой, уый амыдта бадзырды тугмӕ – Йесойы тугмӕ (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

ЧЫРЫСТИЙЫ МӔЛӔТЫ БОН КУЫД ФӔБӔРӔГ КӔНЫНЦ

13. Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр куыд фӕбӕрӕг кӕнынц?

13 Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнынмӕ фыццаг хатт ӕрбацӕудзынӕ, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды базонын, цы дзы уыдзӕн, уый. Уыцы хабар бӕрӕг кӕндзысты, алкӕмӕн дӕр бынат кӕм уа, ахӕм аив ӕмӕ сыгъдӕг агъуысты. Чи зоны йӕ дидинджытӕй иу гыццыл срӕсугъд кӕной, фӕлӕ, бӕрӕгбоны рӕстӕг агъуыст бирӕ цӕмӕйдӕрты куыд срӕсугъд кӕнынц, афтӕ нӕ уыдзӕн. Стӕй уыцы фембӕлд бадты хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг радзурдзӕн, Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ ныхас уыдзӕн ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ уӕздан. Уыцы ӕфсымӕр бамбарын кӕндзӕн, Йесо мах тыххӕй цы стыр хъуыддаг сарӕзта, уый – йӕхи нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:8–10.)

14. Ӕрымысӕн изӕры цавӕр дыууӕ алыхуызон ныфсы тыххӕй цӕудзӕн дзырд?

14 Раныхас кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕр ма ноджыдӕр бамбарын кӕндзӕн, чырыстӕттӕн Библимӕ гӕсгӕ цы дыууӕ алыхуызон ныфсы ис, уый. Сӕ иутӕн ис уӕлӕрвты цӕрыны ныфс – уыдон Чырыстиимӕ иумӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Уыцы чырыстӕттӕ бирӕ не сты, ӕмӕ се ’хсӕн сты Йесойы иузӕрдион апостолтӕ дӕр (Лук. 12:32; 22:19, 20; Рарг. 14:1). Нӕ рӕстӕджы Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн та ис зӕххыл цӕрыны ныфс – уыдон ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрдзысты. Ӕппынфӕстаг сӕххӕст уыдзӕн, чырыстӕттӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цӕй тыххӕй кувынц, уый – Хуыцауы фӕнд уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уыдзӕн зӕххыл дӕр (Матф. 6:10). Библийы фыст ис, адӕм ӕнустӕм цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уый тыххӕй (Ис. 11:6–9; 35:5, 6; 65:21–23).

15, 16. Ӕрымысӕн изӕры дзул радӕттыны афон куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕнын хъӕудзӕн?

15 Ӕфсымӕр йӕ раныхасы кӕрон зӕгъдзӕн, Йесо ӕхсӕвӕры рӕстӕг цы сарӕзта, уый саразыны афон кӕй ӕрцыд. Йӕ цуры стъолыл уыдзӕн донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн. Ӕфсымӕр Библийӕ бакӕсдзӕн, Йесо йӕ апостолтӕн дзулы тыххӕй цы загъта, уый, зӕгъӕм, Матфейы чиныджы фыст ныхӕстӕ: «Йесо дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар“» (Матф. 26:26). Йесо донгонд дзул цалдӕр хайыл ӕрсаста, цӕмӕй дзы йӕ апостолтӕй алкӕмӕ дӕр алӕвӕрдтаид. Ӕмӕ 14 апрелы дӕр Ӕрымысӕн изӕры тӕбӕгъты уыдзӕн донгонд дзул.

16 Цалынмӕ уыцы тӕбӕгътӕ нӕ адӕттой, уӕдмӕ ӕфсымӕртӕй исчи цыбыртӕй Хуыцаумӕ скувдзӕн. Тӕбӕгътӕ фаг уыдзысты, цӕмӕй сӕ алкӕмӕ дӕр цыбыр рӕстӕгмӕ адӕттӕн уа. Ӕмӕ уый сараздзысты уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, стӕй, фембӕлд цы бынаты уыдзӕн, уым хуыздӕр куыд уа, афтӕ. Дзулӕй бирӕтӕ нӕ саходдзысты йе та дзы ӕппындӕр ничи саходдзӕн, 2013 азы ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры куыд уыд, афтӕ.

17. Йесо сӕны тыххӕй цы бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг цы сараздзысты?

17 Уый фӕстӕ ӕфсымӕр бакӕсдзӕн, Йесо дарддӕр цы сарӕзта, уый тыххӕй: «Стӕй та райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ сын загъта: „Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут, уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой“» (Матф. 26:27, 28). Йесойы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕй исчи Хуыцаумӕ скувдзӕн ӕмӕ стӕй сӕн дӕр адӕммӕ адӕтдзысты.

18. Кӕд Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр нӕ саходдзӕн, уӕддӕр ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй уым уой?

18 Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй саходдзысты, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уыдон. Ӕмӕ иннӕтӕ та дзул ӕмӕ сӕн ӕнӕуи кӕрӕдзимӕ адӕтдзысты. (Бакӕс Лукайы 22:28–30; 2 Тим. 4:18.) Фӕлӕ кӕд чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр дзул ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходдзысты, уӕддӕр ахсджиаг у, цӕмӕй уыдон дӕр уым уой. Цӕмӕн? Афтӕмӕй равдисдзысты, Йесойы нывондӕн тынг кӕй аргъ кӕнынц. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг хъуыды кӕндзысты, уыцы нывонды фӕрцы фидӕны цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, ууыл. Зӕгъӕм, уыдоны ныфс ис, «стыр бӕллӕхы» сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн кӕй уыдзысты. Хуыцау сӕ банымайдзӕн рӕстгӕнджытыл, уымӕн ӕмӕ «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Рарг. 7:9, 14–17).

19. Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын уыцы фембӕлд фылдӕр пайда ӕрхӕсса?

19 Ӕгас зӕххыл дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи куыд цӕттӕ кӕндзыстӕм? Уымӕй цалдӕр къуырийы размӕ адӕмы хондзыстӕм, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм ӕрбацӕуа. Цалдӕр боны раздӕр та Библийӕ кӕсын райдайдзыстӕм, н. э. 33 азы Хицауы ӕхсӕвӕры размӕ бонты Йесо цы сарӕзта ӕмӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй. Стӕй нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр афтӕ спълан кӕндзыстӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕнӕмӕнг ӕрбацӕуӕм. Фембӕлдмӕ гыццыл раздӕр ӕрбацӕудзыстӕм, цӕмӕй-иу уазджытӕн ӕгасцуай зӕгъӕм ӕмӕ программӕйӕ иу хай дӕр ма фӕцух кӕнӕм. Хорз уаид, ӕфсымӕр Библийы стихтӕ куы кӕса ӕмӕ сӕ куы ӕмбарын кӕна, уӕд-иу сӕ мах дӕр нӕ Библиты куы кӕсиккам, цӕмӕй нын уыцы фембӕлд фылдӕр пайда ӕрхӕсса. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕудзыстӕм, уымӕй равдисдзыстӕм, Йесойы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй кӕй хъусӕм йӕ фӕдзӕхстмӕ: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 Кор. 11:24).

^ 9 абз. Немыцаг ахуыргонд Генрих Майер куыд ныффыста, афтӕмӕй апостолтӕй ничи ахъуыды кодтаид, ӕцӕгдӕр Йесойы буар кӕй хӕрынц ӕмӕ йын йӕ туг кӕй нуазынц, уымӕн ӕмӕ уӕд «Йесойы буар нырма ӕнӕхъӕн уыд», ома Йесо нырма удӕгас уыди. Стӕй ма ныффыста, Йесо «хуымӕтӕг ныхӕстӕй» кӕй бамбарын кодта, дзул ӕмӕ сӕн цы нысан кӕнынц, уый ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ апостолтӕ йӕ ныхӕстӕ раст ма бамбӕрстаиккой.