Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Йесо, «ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн» кӕд хъусын кодта? (1 Пет. 3:19).

Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо, куы райгас, уый фӕстӕ фыдгӕнӕг зӕдтӕн фехъусын кодта, сӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгты тыххӕй сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (15/6, 23 фарс).

Дыккаг хатт бинонтӕ чи скӕны, уый цавӕр ӕртӕ зындзинадыл сӕмбӕлы ӕмӕ йӕ бон куыд у сӕ сӕрты ахизын?

Фыццаг: хъуамӕ архайа, цӕмӕй, йӕ раздӕры цардӕмбалимӕ куыд царди, уыцы хъуыдытӕ йын йӕ ног цард ма халой. Дыккаг: йӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй йӕ ног цардӕмбалимӕ зонгӕ чи нӕу, уыдонӕй хъуамӕ йӕхи дард ма ласа. Ӕртыккаг: йӕ фыццаг цардӕмбал ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ ног цардӕмбалыл ӕнӕууӕнк ма кӕна (1/7, 9, 10 фӕрстӕ).

Адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл Йесо тӕрхон кӕд рахӕсдзӕн? (Матф. 25:32).

Уыцы хабар уыдзӕн, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уӕд, мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ (15/7, 6 фарс).

Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы фыдгӕнджыты кой ис, уыдонӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын, кӕнӕ сӕ «дӕндӕгты къӕс-къӕс», кӕд цӕудзӕн? (Матф. 13:36, 41, 42).

Уый уыдзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг, фервӕзӕн сын кӕй нӕй, уый куы бамбарой, уӕд (15/7, 13 фарс).

Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон кӕд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой? (Матф. 24:45–47).

Уыцы ныхӕстӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕххӕст кӕнын нӕ райдыдтой, фӕлӕ 1914 азы фӕстӕ. 1919 азы Йесо уыцы цагъарӕн йӕ бар бакодта йӕ хӕдзаронты. Хӕдзаронтӕ та сты, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг чи исы, уыцы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр (15/7, 21–23 фӕрстӕ).

Йесо цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар кӕд бакӕндзӕн?

Уый уыдзӕн фидӕны, стыр бӕллӕхы рӕстӕг, ӕууӕнкджын цагъар уӕлӕрвты йӕ хӕрзиуӕг куы райса, уӕд (15/7, 25 фарс).

Цымӕ Библийы иуӕй-иу нӕмттӕ уый тыххӕй не ’рцыдысты фыст, ӕмӕ ӕвзӕр адӕймӕгтӕ уыдысты кӕнӕ кадджын нӕ уыдысты?

Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Библийы хорз адӕмӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмӕй дӕр кӕйдӕр нӕмттӕ фыст не ’рцыдысты (Руф 4:1–3; Матф. 26:18). Иузӕрдион зӕдтӕй дӕр дзы дыууӕйы ном йеддӕмӕ нӕй фыст (1/8, 10 фарс).

Заксенхаузены концлагерӕй кӕй ракодтой, уыцы 230 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн Хуыцау хъару кӕй лӕвӕрдта, уымӕй уӕлдай ма сын цы баххуыс кодта удӕгасӕй баззайынӕн?

Ӕххормаг ӕмӕ рынчынтӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй уыдысты лӕмӕгъ, фӕлӕ уӕддӕр кӕрӕдзи фидар кодтой – кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ма ӕрлӕуу, размӕ цу, зӕгъгӕ (15/8, 18 фарс).

Израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоныл куыд ахызтысты ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бацыдысты, уыцы хабар нӕ ныфс цӕмӕн уадзы?

Кӕд Иорданы дӕттӕ ивылд уыдысты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид иннӕ фарсмӕ ахизын. Уый фенгӕйӕ сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид ӕмӕ Хуыцауыл тынгдӕр ӕууӕндын куыннӕ райдыдтаиккой. Ӕмӕ уыцы хабар махӕн дӕр у стыр ныфсы хос (15/9, 16 фарс).

Библийы алыхуызон хуызты кой арӕх кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у?

Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау зоны, хуызтӕ адӕймаджы зӕрдӕйы уагыл кӕй фӕзынынц ӕмӕ хуызты фӕрцы цыдӕртӕ хуыздӕр кӕй бахъуыды кӕны (1/10, 14, 15 фӕрстӕ).

Михейы 5:5 авд фыййау ӕмӕ аст кънйазы тыххӕй цы пехуымпарад ис фыст, уый нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?

Мах ӕмбарӕм, Михейы 5:5 цы авд фыййау ӕмӕ аст кънйазы кой ис, уыдон кӕй амонынц ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Уыдон се ’мчырыстӕтты фидар кӕнынц, цӕмӕй, фидӕны знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд цӕттӕ разыной (15/11, 20 фарс).

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн нӕй?

Мах хъӕуы хорз разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ, зын уавӕрты куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл. Ӕмӕ нын Хуыцау дӕтты уыцы разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ. Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы нӕ цард хорз цӕуы ӕмӕ стӕм амондджын. Ӕмӕ, йӕ Ныхас Библийы уылты зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр ӕвӕры, уый сӕххӕст кӕндзӕн (1/12, 4–6 фӕрстӕ).