Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ сӕ ӕмбӕхста хӕхты аууӕтты

Йегъовӕ сӕ ӕмбӕхста хӕхты аууӕтты

ИУ СЫЛГОЙМАГ райсомӕй раджы йӕ хӕдзары дуарӕй ракаст ӕмӕ къӕсӕрыл ауыдта цыдӕр тыхтон. Систа йӕ ӕмӕ йӕ алыварс аракӕс-бакӕс кодта, фӕлӕ уынджы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн ын уыцы тыхтон йӕ дуары раз чидӕр ӕхсӕвыгон ныууагъта. Сылгоймаг тыхтон иу гыццыл байгом кодта, ӕмӕ уайтагъд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ бахызт ӕмӕ йӕ фӕстӕ дуар ахгӕдта. Цымӕ цӕмӕн? Уыцы тыхтоны уыд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ – хицауад кӕсын кӕй нӕ уагъта, уый! Сылгоймаг тыхтон йӕ риумӕ ӕрбалхъывта ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕхинымӕр уыцы зынаргъ лӕвары тыххӕй бузныг загъта.

Ахӕм хабӕрттӕ-иу Германийы 1930-ӕм азты арӕх ӕрцыд. 1933 азы нацисттӕ бартӕ сӕ къухмӕ куы райстой, уӕд уыцы бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хайы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар нал уыди. Ричард Рудольф *, ныр 100 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы ӕфсымӕр, дзуры: «Мах фидарӕй уырныдта, хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмы закъӕттӕй иу дӕр кӕй нӕ бауромдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ном цыфӕндыйӕ дӕр хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн. Цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр Библи ахуыр кодтаиккам ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъусын кодтаиккам, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъуыди Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Фӕлӕ нӕм афтӕ ӕнцонтӕй нал ӕфтыди, уымӕн ӕмӕ нын сӕрибарӕй архайыны бар нал уыд. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтам, цымӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дарддӕр куыд цӕудзӕн, зӕгъгӕ». Гыццыл фӕстӕдӕр Ричардӕн загътой, йӕ бон кӕй уыдзӕн хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕм литературӕ ӕфта. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг аразын бахъуыди «хӕхты аууӕтты» (Тӕрх. 9:36).

КОНТРАБАНДИСТТЫ КЪАХВӔНДӔГТЫЛ

Цӕугӕдон Эльбӕйыл (кӕнӕ Лабейыл) уӕлӕмӕ куы абалц кӕнай, уӕд ӕппынфӕстаг бахӕццӕ уыдзынӕ Уӕйыг хӕхтӕм (Крконоше). Уыцы хӕхтӕ сты, ныр Польшӕ ӕмӕ Чехийы ’хсӕн арӕн кӕм ис, уым. Кӕд сӕ бӕрзӕнд 1 600 метры йеддӕмӕ нӕу, уӕддӕр хӕхты рӕгътӕ афӕдзы ’рдӕг вӕййынц митӕй ӕмбӕрзт, мит та дзы ӕруары 3 метры бӕрзӕндӕн. Уыцы ран боныхъӕд ӕвиппайды фӕивы, ӕмӕ, уый чи ницӕмӕ ӕрдара, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ бахауой, хӕхты цъуппытыл ӕнӕнхъӕлӕджы чи ӕртыхсы, уыцы бӕзджын мигъы.

Ӕнусты дӕргъы ацы хӕхтӕ уыдысты, алыхуызон провинцитӕ, паддзахӕдтӕ ӕмӕ бӕстӕтӕ кӕрӕдзийӕ чи хицӕн кодта, ахӕм арӕнтӕ. Уыцы тӕссаг бынӕтты зын цӕуӕн кӕй уыди, уый тыххӕй хицауадӕн ӕнцон нӕ уыд, цӕмӕй сӕм йӕ хъус дардтаид. Ӕмӕ раздӕр бирӕ контрабандисттӕ уыцы хӕхты сӕрты хастой, закъонмӕ гӕсгӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ хӕссӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм дзауматӕ. 1930-ӕм азты, Чехословаки ӕмӕ Германийы ’хсӕн арӕн Уӕйыг хӕхтыл куы цыд, уӕд, хъӕбатыр Ӕвдисӕнты бахъуыд, кӕддӕр контрабандисттӕ цы къахвӕндӕгтыл цыдысты, уыдоныл цӕуын. Цӕмӕн? Цӕмӕй Германимӕ ӕфсымӕртӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ хастаиккой, ӕнцондӕр ӕй самал кӕнын кӕм уыд, уырдыгӕй. Уыцы Ӕвдисӕнты ’хсӕн уыд ӕрыгон Ричард дӕр.

Хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ сӕ уӕлӕ ахӕм дзаумӕттӕ скодтой, цӕмӕй-иу сӕ туристтӕ фенхъӕлдтаиккой, ӕмӕ-иу литературӕ Уӕйыг хӕхтыл Германимӕ хастой

ТӔССАГ «БАЛЦЫТӔ»

«Улӕфгӕ бонты-иу хӕхтӕм араст стӕм, иу-авд ӕрыгон ӕфсымӕры кӕм уыд, ахӕм къордтӕй, ӕмӕ-иу нӕ уӕлӕ ахӕм дзаумӕттӕ скодтам, цӕмӕй-иу нӕ туристтӕ фенхъӕлдтаиккой,– дзуры Ричард.– Германийӕ-иу куы рацыдыстӕм, уӕд-иу нӕ бахъуыд ӕртӕ сахаты бӕрц, цӕмӕй-иу ӕфцӕгыл ахызтаиккам ӕмӕ-иу бахӕццӕ уыдаиккам Шпиндлерув-Млинмӕ». Ацы горӕтмӕ-иу адӕм цыдысты улӕфынмӕ. Шпиндлерув-Млин ис Чехийы территорийыл ӕмӕ Германийӕ у иу-16,5 километры дарддӕр. Уыцы рӕстӕг дзы царди бирӕ немыцӕгтӕ. Уыдонӕй иу нӕлгоймаг сразы ис ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕныныл. Уыцы нӕлгоймаг уыди фермер, ӕмӕ йӕм уыд, туристты-иу кӕуыл ласта, ахӕм бӕхуӕрдон. Ӕмӕ-иу йӕ бӕхуӕрдоныл уырдӕм хӕстӕг горӕтӕй ӕрбаласта нӕ литературӕйӕ йедзаг къоппытӕ. Уыцы горӕтмӕ та-иу сӕ Прагӕйӕ поездыл ӕрбарвыстой. Къоппытӕ-иу йӕ фермӕйы хосдоны бамбӕхста, ӕмӕ-иу сӕ стӕй не ’фсымӕртӕ уырдыгӕй Германимӕ фӕхӕццӕ кодтой.

Ричард дарддӕр дзуры: «Фермӕмӕ-иу куы ’рбацыдыстӕм, уӕд-иу нӕ рюкзактӕ литературӕйӕ байдзаг кодтам. Уыцы рюкзактӕ уыдысты уӕззӕуттӕ хӕссынӕн, ӕмӕ-иу нӕ алчидӕр хаста 50 килӕйы бӕрц». Цӕмӕй-иу ӕфсымӕрты мачи федтаид, уый тыххӕй-иу цыдысты талынджы – цӕугӕ-иу ракодтой, хур-иу куы аныгуылд, уӕд, ӕмӕ-иу сӕ хӕдзӕрттӕм та ӕрхӕццӕ сты, цалынмӕ-иу хур не скаст, уӕдмӕ. Уыцы рӕстӕг Германийы районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кодта Эрнст Веснер. Уый радзырдта, ӕфсымӕртӕ-иу куыд ӕмбӕхстысты, уый тыххӕй: «Дыууӕ ӕфсымӕры-иу разӕй ацыдысты, иу-100 метры дарддӕр та-иу сӕ фӕстӕ цыдысты, литературӕ чи хаста, уыцы ӕфсымӕртӕ. Разӕй чи цыд, уыдон-иу искӕуыл куы фембӕлдысты, уӕд-иу иннӕтӕн уайтагъд сӕ цырӕгъты рухсӕй ацамыдтой, чидӕр дзы кӕй ис. Уыцы нысан фенгӕйӕ-иу уыдон къутӕрты бамбӕхстысты ӕмӕ-иу ӕнхъӕлмӕ кастысты. Уыцы дыууӕ ӕфсымӕры та-иу сӕм ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ-иу сын пароль загътой, цӕмӕй-иу сӕ базыдтаиккой. Сӕ пароль та ивтой алы къуыри дӕр». Фӕлӕ ӕфсымӕртӕн немыцаг пъӕлицӕйӕгтӕй уӕлдай тӕссаг уыди ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр.

Ричард радзырдта ахӕм хабар: «Иу изӕр мӕ фылдӕр кусын бахъуыди, ӕмӕ Чехимӕ ме ’фсымӕртӕй фӕстӕдӕр ацыдтӕн. Уыцы ’хсӕв мигъ ныббадт ӕмӕ уыди тынг талынг, стӕй къӕвда уарын дӕр райдыдта. Ӕмӕ уыцы уазалы зыр-зыргӕнгӕ цыдтӕн. Ныллӕг нӕзы бӕлӕсты ’хсӕн фӕдзӕгъӕл дӕн ӕмӕ цалдӕр сахаты мӕ бон фӕндаг ссарын нӕ уыд. Ахӕм уавӕрты-иу чи бахауд, уыцы туристтӕй-иу бирӕтӕ мӕлгӕ дӕр акодтой. Ме ’фсымӕртыл ӕрмӕстдӕр райсомӕй раджы сӕмбӕлдтӕн, фӕстӕмӕ куы цыдысты, уӕд».

Хъӕбатыр ӕфсымӕрты гыццыл къорд-иу хӕхтыл ахызт алы къуыри дӕр, ӕмӕ афтӕ – иу-ӕртӕ азы дӕргъы. Зымӕгон-иу сӕ зынаргъ хӕссинӕгтимӕ кӕм къахдзоныгътыл цыдысты, кӕм та-иу ӕнӕуи дзоныгътӕй дӕр пайда кодтой. Хатт-иу арӕныл ахызтысты боныгон дӕр, иу-20 ӕфсымӕры кӕм уыд, ахӕм къордтӕй, ӕмӕ-иу ацыдысты, туристтӕ кӕуыл цыдысты, уыцы фӕндӕгтыл. Цӕмӕй туристты хуызӕн тынгдӕр уыдаиккой, уый тыххӕй-иу семӕ цалдӕр хойы акодтой. Хотӕй-иу чидӕртӕ разӕй ацыдысты ӕмӕ-иу истӕмӕй тӕссаг куы уыди, уӕд-иу сӕ худтӕ хӕрдмӕ сӕппӕрстой.

Митӕй ӕмбӕрзт Уӕйыг хӕхтыл хизын тынг тӕссаг уыд

Ӕфсымӕртӕ-иу уыцы ӕхсӕвыгон балцытӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд-иу дарддӕр цы сарӕзтой? Литературӕ-иу уайтагъд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм арвыстой. Куыд? Публикацитӕ-иу афтӕ батыхтой, цыма сапӕттӕ сты, ӕмӕ-иу сӕ Хиршбергы ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ аластой. Уыцы тыхтӕттӕ-иу арвыстой Германийы алы рӕттӕм, уым та-иу сӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’мчырыстӕттӕм сусӕгӕй фӕхӕццӕ кодтой, статьяйы райдианы куыд бакастыстӕм, афтӕ. Ацы хъуыддаджы алы адӕймаджы куыст дӕр уыд тынг ахсджиаг, ӕмӕ дзы, зӕгъгӕ, искӕй базыдтой, уӕд хабар тынг ӕвзӕр уыдаид. Фӕлӕ иубон ӕрцыд, кӕмӕй тарстысты, иу ахӕм хабар.

1936 азы пъӕлицӕ ссардта, Берлинмӕ ӕввахс нӕ литературӕ кӕм ӕмбӕхстам, уыцы скълад. Цы дзы ссардтой, уыдӕтты ’хсӕн уыд ӕртӕ тыхтоны, Хиршбергӕй сӕ чидӕр ӕрбарвыста. Пъӕлицӕйы кусджытӕ къухфыстытӕм гӕсгӕ сбӕлвырд кодтой, «фыдгӕнджыты» къорды сӕйраг чи уыд, уый ӕмӕ йӕ ӕрцахстой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма ӕрцахстой, сӕ зӕрдӕ ма кӕмӕ ’хсайдта, ноджыдӕр дыууӕ ахӕм адӕймаджы, сӕ иу уыд Ричард Рудольф. Уыцы ӕфсымӕртӕ алцыдӕр сӕхимӕ кӕй райстой, уый фӕрцы иннӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы тӕссагдӕр чи сси, уыцы балцыты дарддӕр дӕр цӕуын.

УЫЦЫ ХАБӔРТТӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

Уӕйыг хӕхты сӕрты кӕй хастой, уыцы литературӕ стыр ӕххуыс уыди Германийы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕн. Фӕлӕ сӕм ӕй ӕрмӕст Уӕйыг хӕхты сӕрты нӕ хӕццӕ кодтой. 1939 азы онг, цалынмӕ Германийы ӕфсӕдтӕ Чехословаки нӕ бацахстой, уӕдмӕ Германи ӕмӕ Чехословакийы ’хсӕн ахӕм фӕндӕгтӕ ӕндӕр рӕтты дӕр уыди. Германийы иннӕ сыхаг бӕстӕты дӕр, зӕгъӕм, Францийы, Голландийы ӕмӕ Швейцарийы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайдтой, цӕмӕй, ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы ӕфсымӕртӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг хӕццӕ кодтаид, кӕд уымӕй сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи тӕссаг уавӕры ӕппӕрстой, уӕддӕр.

Абон нӕ фылдӕрӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ис парахатӕй ӕмӕ алыхуызон форматты. Уӕдӕ-иу ног публикаци куы райсай,– фӕнды йӕ Паддзахады залы райсай, фӕнды йӕ нӕ сайтӕй jw.org рафыссай,– уӕд-иу ахъуыды кӕн, цас цыдӕртӕ хъуыди саразын, цӕмӕй дӕм фӕхӕццӕ уыдаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныртӕккӕ ӕхсӕвыгон митӕй ӕмбӕрзт хӕхтыл хизын никӕйуал хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй дӕм уыцы литературӕ уа.

^ 3 абз. Лӕггад кодта Силезийы, Хиршбергы ӕмбырды. Горӕт Хиршберг ныр хуыйны Еленя-Гурӕ ӕмӕ ис Польшӕйы, хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй.