Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа»!

«Ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа»!

«Не ’фсымӕртӕ, курӕг [уӕ] стӕм: ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа» (2 ФЕС. 2:1, 2).

1, 2. Абон сайӕн митӕ афтӕ парахат цӕмӕн сты? Цавӕр сайӕн ныхӕстӕ вӕййы фехъусӕн? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

МАХ ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕм алы къахдзӕфыл дӕр сайынц, цӕстфӕлдахӕн митӕ кӕнынц. Фӕлӕ нӕм уый хъуамӕ диссаг ма кӕса. Библи нын ӕргом кӕны, Сайтан Хӕйрӕг сайынмӕ тынг дӕсны кӕй у, стӕй ацы дуне йӕ къухы кӕй ис, уый дӕр (1 Тим. 2:14; 1 Иоан. 5:19). Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Рарг. 12:12). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕджы зондыл чи цӕуы, уыдон бонӕй-бонмӕ мӕнгарддӕр кӕндзысты, ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр та архайдзысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты асайыныл.

2 Иуӕй-иу хатт телевизоры, Интернеты ӕмӕ газетты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй афтӕ радзурынц, ӕмӕ адӕм хабӕрттӕ раст нӕ бамбарынц. Хатт та сӕ ӕргом мӕнг ныхӕстӕ дӕр фӕкӕнынц. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ, алцыдӕр кӕронмӕ не сбӕлвырд кӕнынц, афтӕмӕй уыцы ныхӕстыл баууӕндынц.

3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи сайын ма бауадзӕм?

3 Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Библийы фӕрцы нӕ бон у Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй нӕхи бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас «пайда у... хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тим. 3:16). Апостол Павел Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕм цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, чидӕртӕ сӕ сӕхи сайын кӕй бауагътой. Павел сыл кӕй тыхсти, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа» (2 Фес. 2:1, 2). Ацы ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у уыдонмӕ гӕсгӕ архайын?

АФОНЫЛ НӔ ФӔДЗӔХСЫНЦ

4. Павел фессалоникӕгты «Йегъовӕйы боны» ӕрцыды тыххӕй куыд фӕдзӕхста ӕмӕ абон мах та куыд фӕдзӕхсынц?

4 Павел фессалоникӕгтӕм фыццаг цы фыстӕг ныффыста, уым сын сӕ хъус ӕрдардта «Йегъовӕйы боны» ӕрцыдмӕ. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕ «талынджы» уыдаиккой ӕмӕ сын уыцы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы уыдаид. Павел сӕ схуыдта «рухсы хъӕбултӕ» ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» уыдаиккой. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–6.) Абон мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Стыр Вавилонӕн, ома мӕнг динтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, йе сӕфт куы ’рцӕуа, уымӕ. Уыцы хабарӕй райдайдзӕн Йегъовӕйы стыр бон. Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй абон бирӕ цыдӕртӕ зонӕм. Стӕй ма нӕ нӕ организаци ӕмбырдты уылты ӕдзухдӕр фӕдзӕхсы, абон нын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Ӕмӕ нын уый дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм. Цӕмӕй нӕ фӕфӕдзӕхсынц, уый-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд нӕ фидар фӕнд уыдзӕн Хуыцауӕн «арф хъуыды кӕнгӕйӕ» лӕггад кӕнын (Ром. 12:1).

Павел йӕ фыстӕджыты уылты чырыстӕтты афоныл бафӕдзӕхста (кӕс 4, 5 абзацтӕ)

5, 6. а) Павел фессалоникӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы цӕй тыххӕй фыста? ӕ) Тагъд Хуыцау Йесойы фӕрцы цы сараздзӕн ӕмӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

5 Павел фессалоникӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг куы арвыста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр сӕм ныффыста дыккаг фыстӕг дӕр. Уым сын се ’ргом раздӕхта, фидӕны цы бӕллӕх хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕ ӕмӕ загъта, уӕд Йесо кӕй тӕрхон кӕндзӕн, «Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ... хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн» (2 Фес. 1:6–8). Уыцы фыстӕджы 2-аг сӕры Павел ныффыста, ӕмбырды чидӕртӕ Йегъовӕйы боны тыххӕй «сагъӕсты [кӕй] бахаудысты». Уыдон афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Йегъовӕйы бон тынг хӕстӕг у, раст цыма уӕдмӕ дӕр ралӕууыд. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 2:1, 2.) Уыцы чырыстӕттӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ Павел пехуымпарӕдты тыххӕй куы фыста, уӕд дӕр уый кой кодта: «Ныртӕккӕ цы зонӕм, уый ӕххӕстӕй нӕ зонӕм, ӕмӕ пехуымпариуӕг дӕр ӕххӕстӕй нӕ кӕнӕм. Фӕлӕ алцыдӕр хорз куы базонӕм, уӕд, ӕххӕстӕй цы нӕ зонӕм, ахӕмӕй ницыуал уыдзӕн» (1 Кор. 13:9, 10). Фӕлӕ сӕ Йегъовӕйы фӕндӕй Павел, стӕй апостол Петр ӕмӕ иннӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ фыстӕджыты уылты афоныл фӕдзӕхстой, ӕмӕ сӕм куы хъуыстаиккой, уӕд Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой.

6 Уыцы чырыстӕттӕн хъуыди сӕ зондахаст сраст кӕнын. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Павел бамбарын кодта, Йегъовӕйы боны ӕрцыды размӕ кӕй хъуамӕ фӕзына, «раст дин чи ныууагъта, ахӕмтӕ» ӕмӕ, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» *. Уый фӕстӕ, нысангонд рӕстӕджы, Хицау Йесо фесафдзӕн, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаджы» дӕр ӕмӕ йын йӕхи сайын чи бауагъта, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Павел бамбарын кодта, ахӕм тӕрхон сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «рӕстдзинад кӕй нӕ бауарзтой, уый тыххӕй» (2 Фес. 2:3, 8–10). Уӕдӕ хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Цымӕ мӕнӕй та ис зӕгъӕн, рӕстдзинад тынг кӕй уарзын? Ацы журналӕн йӕ алы номыр дӕр, стӕй иннӕ публикацитӕ дӕр лӕмбынӕг фӕиртасын? Нӕ организаци Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ ныр куыд ӕмбарын кӕны, уый зонын?»

ЦАВӔР АДӔМИМӔ ЛЫМӔН КӔНЫС, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

7, 8. а) Фыццаг чырыстӕттӕн тӕссаг цавӕр хъуыддӕгтӕй уыд? ӕ) Абон ӕцӕг чырыстӕттӕн уӕлдайдӕр цӕмӕй у тӕссаг?

7 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ чырыстӕттӕн, раст дин чи ныууагъта, ӕрмӕст уыдоны ахуырӕдтӕй нӕ уыд тӕссаг. Павел Тимофеймӕ ныффыста, зӕгъгӕ, «адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ». Ӕмӕ ма ныффыста: «Иуӕй-иутӕ уыцы уарзты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тим. 6:10). Чырыстӕтты ма ӕдзухдӕр хъуыди «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтимӕ» тох кӕнын дӕр (Гал. 5:19–21).

8 Фӕлӕ уӕддӕр Павел фессалоникӕгты уӕлдай тынгдӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи дард ластаиккой «мӕнг апостолтӕй». Уыцы «мӕнг апостолтӕ» рӕстдзинад зыгъуыммӕ кодтой, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акодтаиккой (2 Кор. 11:4, 13; Хъуыд. 20:30). Фӕстӕдӕр Йесо Ефесы ӕмбырды чырыстӕттӕй раппӕлыд, «ӕвзӕр адӕмӕн кӕй нӕ быхстой», уый тыххӕй. Уыдон ахӕм адӕмы «бафӕлвӕрдтой» ӕмӕ бамбӕрстой, мӕнг апостолтӕ кӕй сты ӕмӕ сайгӕ кӕй кӕнынц (Рарг. 2:2). Бафиппаинаг у, Павел фессалоникӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы афтӕ кӕй ныффыста: «Не ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсӕм: цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ чи кӕны... ахӕм ӕфсымӕртӕм хӕстӕг ма цӕут». Стӕй сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой, «кусын кӕй нӕ фӕндыд», уыцы чырыстӕттӕй (2 Фес. 3:6, 10). Уӕдӕ кӕд ахӕм адӕймӕгтӕй хъуамӕ хызтаиккой сӕхи, уӕд цас ахсджиагдӕр уыди, цӕмӕй сӕхи дард ластаиккой, раст дины ныхмӕ дзурын чи райдыдта, уыдонӕй! Ӕцӕгдӕр, чырыстӕттӕн ахӕм адӕмимӕ лымӕн кӕнын уыди тынг тӕссаг, ӕмӕ сын семӕ иумӕйагӕй хъуамӕ мацы уыдаид. Ӕмӕ хабар афтӕ у абон дӕр (Ӕмб. 13:20).

9. Исчи нын Библийӕ цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл йӕхи хъуыдытӕ куы хъара кӕнӕ Йегъовӕйы организацимӕ фаутӕ куы хӕсса, уӕд къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

9 Бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕны стыр бӕллӕх ӕмӕ ацы фыддунейы кӕрон. Уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕ хъусын абон уӕлдай ахсджиаг у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды рох кӕнын, Йегъовӕйы стыр хорзӕхӕй «цӕй тыххӕй стӕм хайджын, уый» (2 Кор. 6:1). Не ’мбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕй нын исчи, Библийы бӕлвырд дзуапп кӕмӕн нӕй, ахӕм фарстаты фӕдыл нӕхи хъуыдытӕ куы дзурын кӕна йе та хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕм фаутӕ куы хӕсса, уӕд хъуамӕ уӕм къӕрцхъус (2 Фес. 3:13–15).

ДАРДДӔР ДӔР ХӔЦУТ, ЦЫ УЫН БАЦАМЫДТОЙ, УЫДӔТТЫЛ

10. Фессалоникӕгтӕ дарддӕр дӕр цавӕр «ӕгъдӕуттыл» хъуамӕ хӕцыдаиккой?

10 Павел фессалоникаг чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй фидар лӕууыдаиккой ӕмӕ дарддӕр дӕр хӕцыдаиккой, цы «ӕгъдӕуттӕ» сын бацамыдтой, уыдоныл. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 2:15, фип.) Цавӕр ӕгъдӕутты кой кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕнг динты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ахуырӕдты кой нӕ кодта. Уый дзырдта Йесо Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй, стӕй, Хуыцауы фӕндӕй йӕхӕдӕг ӕмӕ иннӕтӕ сӕ фыстӕджыты цы ныффыстой, уый тыххӕй дӕр. Павел Коринфы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Фӕнды мӕ сымахӕй раппӕлын, алы хъуыддаджы дӕр мӕ уӕ зӕрдыл кӕй дарут ӕмӕ уын цы бацамыдтон, уыдӕттыл фидар кӕй хӕцут, уый тыххӕй» (1 Кор. 11:2). Павел кӕй амыдта, уыцы ахуырӕдтӕ уыдысты Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ Фыртӕй, ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ уыди фидарӕй ӕууӕндӕн.

11. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ адӕймаг йӕхи сайын бауадзы?

11 Павел дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым бамбарын кодта, афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауыл нал феууӕнды ӕмӕ йыл иузӕрдион нал вӕййы. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 2:1; 3:12.) Иу уый, ӕмӕ адӕймаджы уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ахӕссы. Иннӕ та уый, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕхӕдӕг адард вӕййы. Уый бамбарӕн ис ахӕм цӕвиттонӕй: хатт бӕлӕгъ доны былӕй афтӕ ахӕссы, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, хатт та адӕймаг бӕлӕгъ былӕй йӕхӕдӕг атӕры. Дыууӕ уавӕры дӕр хорз ӕвдисынц, адӕймаг рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайы ӕмӕ йӕхи сайын куы бауадзы, уӕд ыл цы ’рцӕуы.

12. Чырыстон Йегъовӕйӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй адард вӕййы?

12 Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕй дӕр кӕуылдӕрты ахӕм хабар ӕрцыд. Цымӕ махӕн та уымӕй тӕссаг у? Адӕймагӕн йӕ рӕстӕг чи хӕры, ахӕм хъуыддӕгтӕ абон бирӕ ис. Ахъуыды-ма кӕн, адӕм ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг хардз кӕнынц, зӕгъӕм, Интернеты кӕрӕдзимӕ кӕй фӕфыссынц кӕнӕ ӕдзухдӕр спорты хабӕрттӕм сӕ хъус кӕй фӕдарынц, ууыл. Ацы хъуыддӕгтӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстонӕн къуылымпыйы хос суой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг кӕной. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй мауал кува, стӕй йын Библи ахуыр кӕнынӕн, ӕмбырдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн фаг рӕстӕг мауал уа. Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ зонд ма «сдзӕгъӕлтӕ уа»?

НӔХИ КУЫД ХЪАХЪХЪӔНӔМ, ЦӔМӔЙ НӔ ЗОНД МА «СДЗӔГЪӔЛТӔ УА»

13. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр цавӕр зондыл хӕст сты ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа?

13 Абон тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый. Стӕй, уыцы хъуыддагимӕ разы чи нӕу, ахӕм адӕмимӕ лымӕн кӕнын тӕссаг кӕй у, уый дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм. Апостол Петр нӕ рӕстӕджы тыххӕй ныффыста: «Фӕстаг бонты фӕзындзӕн, хорз цы у, ууыл чи худдзӕн, ахӕм адӕм. Уыдон цӕудзысты сӕ зӕрдӕйы фӕдыл ӕмӕ дзурдзысты: „Кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис? Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ“» (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр куы иртасӕм, уӕд никуы рох кӕндзыстӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Библийы фыст ныхӕстӕ, чидӕртӕ раст дин ныууадздзысты, зӕгъгӕ, раджы райдыдтой ӕххӕст кӕнын. «Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» ныр дӕр ис ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ архайы. Уӕдӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у (Соф. 1:7).

Уацамындмӕ нӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ зонд не «сдзӕгъӕлтӕ уыдзӕн» (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14. Хуыцауӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ уый куыд хъахъхъӕндзӕн?

14 Махӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, хорз хабар ӕдзухдӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм ӕмӕ нӕ зонд ма «сдзӕгъӕлтӕ уа». Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд сын афтӕмӕй бацамыдта, сӕ уырнындзинад куыд хъуамӕ хъахъхъӕной (Матф. 28:19, 20). Цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр уыцы хъуыддагмӕ уазал цӕстӕй нӕ кастаиккой ӕмӕ йӕ сӕ хӕсыл кӕй нымадтой, ӕрмӕст уый тыххӕй дзы нӕ архайдтаиккой. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Павел сын афтӕ кӕй загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнут. Пехуымпар-ныхасыл ӕнӕрвӕссон ма кӕнут» (1 Фес. 5:19, 20). Библийӕ цы пехуымпар-ныхӕстӕ базыдтам, уыдон диссаг сты, ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй куыннӕ хъуамӕ хъусын кӕнӕм!

15. Бинонты ахуыры рӕстӕг цавӕр фарстатыл ис аныхас кӕнӕн?

15 Махӕй алкӕй дӕр фӕнды нӕ бинонтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ноджы хуыздӕр хъусын кӕной. Ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ, сӕ бинонтимӕ иумӕ Библи куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд иуцасдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй аныхас кӕной, куыд хъусын кӕндзысты, ууыл. Дӕуӕн дӕр дӕ бинонтимӕ дӕ бон у аныхас кӕнын, зӕгъӕм, ахӕм фарстатыл: уый размӕ кӕимӕ ныхас кодтат, уыдонмӕ ногӕй куы бацӕуат, уӕд сын цы зӕгъдзыстут? Тынгдӕр сӕ цавӕр фарстатӕ бацымыдис кӕндзысты? Хуыздӕр сӕм кӕд уыдзӕн ногӕй бацӕуын? Чидӕртӕ та сӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ иуцасдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕной. Сымахӕн дӕр уӕ бон нӕ уаид уӕ бинонтимӕ афтӕ кӕнын? Ӕмбырдты ӕдзухдӕр куы архайат, уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн ӕмӕ уый фӕрцы уӕ зонд хъахъхъӕндзыстут (Пс. 35:18). Бинонты ахуыр нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Библийы бӕлвырд дзуапп кӕмӕн нӕй, уыцы фарстатыл ӕнӕхъуаджы ма рахъуыды-бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм.

16. Сӕрст чырыстӕтты цы разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ зонд хъахъхъӕной?

16 Йегъовӕ бирӕ азты дӕргъы йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны – ӕххуыс сын кӕны, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарой. Уыцы пехуымпарӕдтыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм, нӕ диссаджы фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Сӕрст чырыстӕтты ис фидар ныфс, Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты кӕй уыдзысты. Ӕмӕ сӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ зонд хъахъхъӕной. Павел фессалоникӕгтӕм ныффыста: «Сымах тыххӕй, не ’фсымӕртӕ, Йегъовӕйӕн уарзон адӕм, мах хъуамӕ алкӕддӕр Хуыцауӕн бузныг дзурӕм, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау райдианы равзӕрста... йӕ сыгъдӕг тыхӕй уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ рӕстдзинадыл кӕй ӕууӕндут, уый фӕрцы» (2 Фес. 2:13). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ныхӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕм абон дӕр хауынц.

17. 2 Фессалоникӕгтӕм 3:1–5 цы фыст ис, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

17 Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ сӕ зонд хъахъхъӕной. Кӕд дӕуӕн дӕр зӕххыл цӕрыны ныфс ис, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Павел фессалоникаг сӕрст ӕфсымӕрты цӕмӕ разӕнгард кодта, уый. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 3:1–5.) Уыцы ныхӕстӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айса. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй, Павел фессалоникӕгтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдон махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты. Уыцы фыстӕджыты фӕрцы ӕмбарӕм, куыд тӕссаг у, Библийӕ цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл ӕнӕхъуаджы куы рахъуыды-бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ, дызӕрдыггаг цы у, ууыл куы ӕууӕндӕм. Кӕрон тынг хӕстӕг у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй кӕй фӕдзӕхсы, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм!

^ 6 абз. Хъуыддӕгты 20:29, 30 куыд фыст ис, афтӕмӕй Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, ӕмбырдӕн йӕхи мидӕг кӕй фӕзындзӕн, «рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной». Ӕмӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ, йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдон ӕмбырды иннӕтӕй сӕхи уӕлдӕр ӕвӕрын райдыдтой. Н. э. 3 ӕнусмӕ рабӕрӕг, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» чи у, уый – чырыстон динты разамонджытӕ иумӕйагӕй. (Кӕс брошюрӕ «Статьи для изучения из английских изданий Сторожевой Башни 1989 и 1990 годов», статья «Кто такой „человек беззакония“», 28–32 фӕрстӕ [br1-U]).