Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон»

«Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон»

«Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ... кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл» (РАЦ. 12:14).

1, 2. Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр цавӕр бӕрӕгбоны тыххӕй хъӕуы зонын ӕмӕ цӕмӕн?

ЦАВӔР бон схонис зӕрдылдарӕн бон? Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъдзӕн, нӕ чындзӕхсӕвы бон, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ та, чи зоны, скӕной сӕ адӕмы историйӕ цавӕрдӕр ахсджиаг боны кой, зӕгъӕм, сӕ бӕстӕ хӕдбар куы сси, уыцы боны кой. Фӕлӕ, кӕцыдӕр адӕм 3 500 азӕй фылдӕр кӕй бӕрӕг кӕнынц, ахӕм бӕрӕгбон зоныс?

2 Уый у Куадзӕны бӕрӕгбон. Раджы заманты йӕ израилӕгтӕ бӕрӕг кӕнын райдыдтой, Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый номыл. Ӕмӕ уыцы бӕрӕгбоны тыххӕй дӕу дӕр хъӕуы зонын, уымӕн ӕмӕ дӕ цардмӕ дӕр хауы. Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъай: «Куадзӕны бӕрӕгбон дзуттӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ ӕз та дзуттаг диныл хӕст куы нӕ дӕн. Ӕмӕ уӕд уыцы бӕрӕгбоны тыххӕй мӕн цӕмӕн хъӕуы зонын?» Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар апостол Павелы ныхӕстӕм: «Нӕ Куадзӕны уӕрыкк, Чырысти, нывондӕн хаст ӕрцыд» (1 Кор. 5:7). Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фылдӕр базонӕм дзуттаг Куадзӕны тыххӕй. Стӕй ма хъуамӕ ӕркӕсӕм, уыцы бӕрӕгбон, Йесо ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр цы бафӕдзӕхста, уыимӕ куыд баст у, уымӕ дӕр.

ИЗРАИЛӔГТӔ КУАДЗӔНЫ БӔРӔГБОН ЦӔМӔН БӔРӔГ КОДТОЙ?

3, 4. Израилӕгтӕ Куадзӕн фыццаг хатт куы сбӕрӕг кодтой, уый размӕ цы ’рцыд?

3 Дзуттаг чи нӕу, суанг уыдонӕй дӕр сӕдӕгай милуантӕ цыдӕртӕ зонынц, фыццаг Куадзӕны хӕдразмӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй. Чи зоны, уыдӕтты тыххӕй базыдтой Библийӕ, Рацыды чиныгӕй, кӕнӕ та сын сӕ чидӕр радзырдта. Йе та, чи зоны, уыцы хабӕрттыл арӕзт кинотӕм кастысты.

4 Израилӕгтӕ бирӕ азты дӕргъы Египеты уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ иуафон Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ йе ’фсымӕр Аароны арвыста фараонмӕ ахӕм ныхасимӕ, зӕгъгӕ мын мӕ адӕмы ауадз. Фӕлӕ уыцы сӕрбӕрзонд фараон не сразы, ӕмӕ Йегъовӕ египетӕгтыл фӕд-фӕдыл цалдӕр бӕллӕхы ӕруагъта. Дӕсӕм бӕллӕх сыл куы ’руагъта,– сӕ фыццаггуырдты сын куы ныццагъта,– уӕд фараон израилӕгты ауагъта (Рац. 1:11; 3:9, 10; 5:1, 2; 11:1, 5).

5. Цалынмӕ израилӕгтӕ Египетӕй нӕ рацыдысты, уӕдмӕ цы хъуамӕ сарӕзтаиккой? (Кӕс нывмӕ 17 фарсыл.)

5 Фӕлӕ цалынмӕ израилӕгтӕ Египетӕй нӕ рацыдысты, уӕдмӕ сӕ хъуыди бӕлвырд хъуыддӕгтӕ саразын. Хабар уыд н. э. размӕ 1513 азы уалдзӕджы, авивы мӕйы (фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой нисаны мӕй) *. Хуыцау израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй 10 нисаны сӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтаиккой, 14 нисаны хурныгуылды фӕстӕ чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабармӕ. Хурныгуылды фӕстӕ та цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕм бонтӕ нымад цыдысты хурныгуылдӕй хурныгуылдмӕ. 14 нисаны алы бинонтӕ дӕр хъуамӕ аргӕвстаиккой нӕл уӕрыкк (кӕнӕ нӕл сӕныкк) ӕмӕ йын йӕ тугӕй хъуамӕ бапырх кодтаиккой сӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд ӕмӕ дуары тарвӕзтӕ (Рац. 12:3–7, 22, 23). Бинонтӕ хъуамӕ уыцы уӕрыччы физонӕг бахордтаиккой донгонд дзултӕ ӕмӕ кӕрдӕджытимӕ. Уыцы изӕр Хуыцауы зӕд хъуамӕ Египеты зӕххыл разылдаид ӕмӕ египетӕгты фыццаггуырдты ныццагътаид. Фӕлӕ, Хуыцауы ныхасмӕ чи байхъуыстаид, уыцы израилӕгтӕн сӕ фыццаггуырдтыл ницы ’рцыдаид. Уый фӕстӕ израилӕгтӕ хъуамӕ Египетӕй рацыдаиккой (Рац. 12:8–13, 29–32).

6. Израилӕгтӕ Куадзӕн алы аз дӕр цӕмӕн хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой?

6 Израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, Хуыцау сӕ Египетӕй куы ракодта, уыцы бон. Хуыцау сын загъта: «Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын у закъон ӕнустӕм». 14 нисаны-иу Куадзӕн куы сбӕрӕг кодтой, уӕд-иу уый хӕдфӕстӕ та авд боны бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Уыцы аст боны иумӕйагӕй хуыдтой Куадзӕны бӕрӕгбон (Рац. 12:14–17; Лук. 22:1; Иоан. 18:28; 19:14). Куадзӕн уыди, дзуттӕгтӕ алы аз дӕр кӕй хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой, уыцы бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу (2 Аз. 8:13).

7. Йесо бындур цавӕр ног бӕрӕгбонӕн ӕрӕвӕрдта?

7 Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кодтой, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр Куадзӕн бӕрӕг кодтой (Матф. 26:17–19). Фӕстаг хатт ӕй куы сбӕрӕг кодтой, уӕд Йесо бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн – Хицауы ӕхсӕвӕрӕн, кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕрӕн. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой. Фӕлӕ йӕ цымӕ кӕцы бон хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой?

ХИЦАУЫ ӔХСӔВӔР КӔЦЫ БОН СБӔРӔГ КОДТОЙ?

8. Куадзӕны ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры?

8 Куыд федтам, афтӕмӕй Чырысти Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта, йӕ апостолтимӕ Куадзӕн * куы сбӕрӕг кодта, уый хӕдфӕстӕ. Уӕдӕ Хицауы ӕхсӕвӕр дӕр ӕмӕ Куадзӕн дӕр сбӕрӕг кодтой иу бон. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы дзуттӕгтӕ Куадзӕн фӕбӕрӕг кӕнынц, мах Ӕрымысӕн изӕр куы фӕбӕрӕг кӕнӕм, уыцы бон нӕ, фӕлӕ иу кӕнӕ цалдӕр боны раздӕр йе та фӕстӕдӕр. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, Куадзӕн бӕрӕг кӕнын кӕд хъуыди, уый фӕдыл Хуыцау израилӕгтӕн цы загъта, уымӕ. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бӕлвырд загъта, 14 нисаны уӕрыкк цафон хъуамӕ аргӕвстаиккой, уый, ӕмӕ Куадзӕн дӕр растдӕр уӕд хъуамӕ райдыдтаид. (Бакӕс Рацыд 12:5, 6.)

9. Рацыды 12:6 стихмӕ гӕсгӕ-иу Куадзӕны уӕрыкк кӕд хъуамӕ аргӕвстаиккой? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ  «Цафон?».)

9 Рацыды 12:6 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй-иу уӕрыкк хъуамӕ аргӕвстаиккой «дыууӕ изӕры астӕу». Иуӕй-иу тӕлмацты ацы дзырдбаст у «изӕрдалынгты» кӕнӕ «хурныгуылды рӕстӕг». Уӕдӕ-иу уӕрыкк хъуамӕ аргӕвстаиккой, хур-иу куы аныгуылд, уӕд, фӕлӕ-иу цалынмӕ бынтон нӕ баталынг, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый та уыд 14 нисанӕн йӕ райдиан.

10. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ-иу Куадзӕны уӕрыкк кӕд ӕмӕ цафон аргӕвстой? Уый фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры?

10 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр дзуттӕгтӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ иугӕр Куадзӕны уӕрыкк кувӕндоны ӕргӕвдын хъуыд, уӕд-иу ууыл бирӕ рӕстӕг ацыдаид, уымӕн ӕмӕ-иу нывӕндтӕ тынг бирӕ уыдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, зӕгъгӕ, Рацыды 12:6 фыст ныхӕстӕ амонынц 14 нисанӕн йӕ кӕронмӕ, ома фӕссихорӕй хурныгуылдмӕ. Фӕлӕ ма-иу уӕд Куадзӕны ӕхсӕвӕр та кӕд хъуамӕ бахордтаиккой? Профессор Джонатан Клаванс ныффыста: «Дзуттӕгты нымадмӕ гӕсгӕ ног бон райдайы хурныгуылды фӕстӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕссынц 14 нисаны. Фӕлӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын ӕмӕ ӕхсӕвӕр хӕрын та райдайынц 15 нисаны, кӕд Рацыды чиныджы, афтӕ кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй нӕй фыст, уӕддӕр». Стӕй ма ныффыста: «Раввинты чингуыты... ницы ис фыст, н. э. 70 азы Кувӕндон куы ныппырх кодтой, уӕдмӕ Седер [Куадзӕны ӕхсӕвӕр] куыд бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй» (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам).

11. а) Н. э. 33 азы Куадзӕны бон Йесойыл цавӕр хабӕрттӕ ’рцыд? ӕ) Уыцы аз 15 нисан «стыр сабат» цӕмӕн уыд? (Кӕс фиппаинаг.)

11 Уӕдӕ н. э. 33 азы Куадзӕн кӕцы бон сбӕрӕг кодтой? «Куадзӕны нывонд ӕргӕвдыны бон» куы ӕрхӕстӕг, уӕд, 13 нисаны, Йесо Петрӕн ӕмӕ Иоаннӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кӕнут» (Лук. 22:7, 8). Уый фӕстӕ, 14 нисаны хурныгуылды фӕстӕ, мах къӕлиндармӕ гӕсгӕ цыппӕрӕмы изӕрӕй, Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕр бахордта. Стӕй сын бацамыдта, Хицауы ӕхсӕвӕр куыд хъуамӕ бӕрӕг кӕной, уый (Лук. 22:14, 15). Уыцы ӕхсӕв Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йын стӕрхон кодтой. 14 нисаны сихормӕ ’ввахс Йесойы хъӕдыл байтыгътой, ӕмӕ фӕссихор амард (Иоан. 19:14). Уӕдӕ «нӕ Куадзӕны уӕрыкк, Чырысти, нывондӕн хаст ӕрцыд», дзуттӕгтӕ-иу сӕ Куадзӕны уӕрыкк куы аргӕвстой, уыцы бон (1 Кор. 5:7; 11:23; Матф. 26:2). Ӕмӕ уыцы боны кӕрон та, 15 нисан куы нӕма райдыдта, уӕд, Йесойы зӕппадзы бавӕрдтой * (Лев. 23:5–7; Лук. 23:54).

АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ КӔЙ ФӔРЦЫ ИС БАЗОНӔН, УЫЦЫ ЗӔРДЫЛДАРӔН БОН

12, 13. Израилаг сывӕллӕттӕн Куадзӕны бӕрӕгбон цӕуыл дзурӕг уыд?

12 Израилӕгтӕ Египеты сӕ фыццаг Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уыцы рӕстӕг сын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй Куадзӕн бӕрӕг кодтаиккой алы аз дӕр ӕмӕ афтӕ кодтаиккой «ӕнустӕм». Куадзӕны рӕстӕг-иу сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куыннӕ фарстаиккой, уыцы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнынц, уымӕй. (Бакӕс Рацыд 12:24–27; Дык. з. 6:20–23.) Уӕдӕ Куадзӕны бӕрӕгбон суанг сывӕллӕттӕн дӕр уыд, ахсджиаг хабӕрттӕ-иу кӕй фӕрцы базыдтой, ахӕм «зӕрдылдарӕн бон» (Рац. 12:14).

13 Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ израилаг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кодтой, Куадзӕнимӕ баст чи уыд, бирӕ ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕнын. Уый фӕрцы сывӕллӕттӕ хорз ӕмбӕрстой, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг ӕмӕ удӕгас Хуыцау, йӕ адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сӕ хорзыл кӕй тыхсы. Уый рабӕрӕг, дӕсӕм хатт «египетӕгты куы бафхӕрдта» ӕмӕ израилӕгты фыццаггуырдты куы бахъахъхъӕдта, уӕд.

14. Ныййарджытӕн сӕ бон цы у сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнын, Куадзӕны рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы?

14 Абон чырыстон ныййарджытыл уыцы хӕс нӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн алы аз дӕр ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурой, Египеты Куадзӕны рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Фӕлӕ дын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд хорз уаид, уыцы хабары фӕрцы сын куы ’мбарын кӕнис, Хуыцау йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны. Хъуамӕ бӕрӕг уа, дӕхи дӕр фидарӕй кӕй уырны, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр сӕ Хъахъхъӕнӕг кӕй у (Пс. 27:11; Ис. 12:2). Стӕй-иу ӕрмӕст дӕхӕдӕг ма дзур, цыма лекци кӕсыс, уыйау, фӕлӕ-иу семӕ зӕрдиагӕй ныхас кӕн, цӕмӕй-иу уыдон дӕр сӕ хъуыдытӕ зӕгъой. Уыцы хабӕрттӕ дӕ бинонтимӕ иумӕ куы равзарай, уӕд сын афтӕмӕй баххуыс кӕндзынӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндынӕн.

Куадзӕны тыххӕй ныхас кӕнгӕйӕ, дӕ сывӕллӕттӕн дӕ бон цы у ӕмбарын кӕнын? (кӕс 14 абзац)

15, 16. Рацыды чиныджы 12 сӕрӕй 15 сӕры онг цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

15 Куадзӕны рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй ма базонӕн ис, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕр кӕй у. Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгты Египетӕй куыд ракодта, ууыл. Йегъовӕ сын фӕндаг амыдта мигъы хуызӕн цӕджындз ӕмӕ артау судзгӕ цӕджындзы фӕрцы. Стӕй Сырх денджыз фӕдих кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы быныл ацыдысты, дон та сӕ галиу фарс ӕмӕ сӕ рахиз фарс къултау лӕууыд. Иннӕ фарсмӕ сӕрӕгасӕй куы ахызтысты, уӕд федтой, денджызы дӕттӕ египетаг ӕфсадыл куыд ныккалдысты, уый. Ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйы, кӕй сӕ фервӕзын кодта, уый тыххӕй зарӕджы скадджын кодтой: «Зардзынӕн Йегъовӕйӕн... Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста. Йагъ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ тых, уымӕн ӕмӕ уый у мӕ ирвӕзынгӕнӕг» (Рац. 13:14, 21, 22; 15:1, 2; Пс. 136:11–15).

16 Ныййарджытӕ, сымах та уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕууӕндой, Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын йӕ бон кӕй у, ууыл? Исты уынаффӕтӕ куы фӕхӕссут кӕнӕ уӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕныхас кӕнут, уӕд ӕй фӕуынынц, уӕхӕдӕг дӕр ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндут? Хорз уаид, уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг, Рацыды чиныджы 12 сӕрӕй 15 сӕры онг цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ куы ӕркӕсиккат ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, ууыл куы аныхас кӕниккат. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта, ууыл аныхас кӕнын ма уӕ бон у Хъуыддӕгты 7:30–36 ӕмӕ Данелы 3:16–18, 26–28 фыст хабӕрттӕм гӕсгӕ дӕр. Хъуамӕ не ’ппӕт дӕр, стырӕй-чысылӕй, фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмы рагзаманты куыд ирвӕзын кодта, афтӕ сӕ фидӕны дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 1:9, 10.)

МАХӔН ЗӔРДЫЛ ДАРЫНӔН

17, 18. Йесойы тугӕн Куадзӕны уӕрыччы тугӕй стырдӕр аргъ цӕмӕн ис?

17 Ӕцӕг чырыстӕттӕ дзуттӕгты Куадзӕн нӕ бӕрӕг кӕнынц. Уый уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуыди кӕнын, уыцы бӕрӕгбон, ӕмӕ мах та Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм (Ром. 10:4; Кол. 2:13–16). Уыцы бӕрӕгбоны бӕсты мах бӕрӕг кӕнӕм Хуыцауы Фыртӕн йӕ мӕлӕты бон. Фӕлӕ уӕддӕр, фыццаг Куадзӕн куыд сбӕрӕг кодтой, уый махӕн дӕр цӕуылдӕр дзурӕг у.

18 Израилӕгтӕ сӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд ӕмӕ дуары тарвӕзтӕ уӕрыччы тугӕй кӕй бапырх кодтой, уый фӕрцы сӕ фыццаггуырдтӕ мӕлӕтӕй аирвӕзтысты. Абон мах нӕдӕр Куадзӕны бон, нӕдӕр ӕндӕр бон Хуыцауӕн фосы нывӕндтӕ нӕ хӕссӕм, уымӕн ӕмӕ ис уыдонӕй стырдӕр нывонд – уыцы нывонды туг мӕлӕтӕй ирвӕзын кӕны ӕнустӕм. Апостол Павел бамбарын кодта, уый кӕй у Йесойы туг, сӕрст чырыстӕттыл «кӕй бапырх кодта, уыцы туг». Уыцы туджы фӕрцы уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты уӕлӕрвты. Павел сӕ схуыдта, «сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕмӕн сты, уыцы фыццаггуырдты ӕмбырд» (Дзут. 12:23, 24). Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр сӕ ирвӕзындзинад уыцы нывонды тугыл баст у. Не ’ппӕты дӕр хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын мӕнӕ ацы ныфсы ныхӕстӕ: «Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ» (Еф. 1:7).

19. Йесо куыд амард, уыцы хабарыл хъуыды кӕнгӕйӕ Библийы пехуымпарӕдтыл тынгдӕр цӕмӕн ӕууӕнддзыстӕм?

19 Куадзӕны рӕстӕг-иу израилӕгтӕ хъуамӕ уӕрыккӕн йе стджытӕй иу дӕр ма асастаиккой (Рац. 12:46; Ным. 9:11, 12). Цы зӕгъӕн ис «Хуыцауы Уӕрыкк» Йесойы тыххӕй та, адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн чи ӕрхаста, уый тыххӕй? (Иоан. 1:29). Йесойы байтыгътой хъӕдыл, йӕ дыууӕ фарс та йын байтыгътой дыууӕ фыдгӕнӕджы. Дзуттӕгтӕ Пилатӕн загътой, цӕмӕй ӕфсӕддонтӕ Йесойӕн дӕр ӕмӕ уыцы фыдгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕнгтӕ асастаиккой. Афтӕмӕй тагъддӕр амардаиккой ӕмӕ 15 нисанмӕ, стыр сабатмӕ, хъӕдыл ауыгъдӕй нӕ баззадаиккой. Ӕфсӕддонтӕ дыууӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр сӕ зӕнгтӕ асастой, «фӕлӕ Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ, амард, уый куы федтой, уӕд ын йӕ зӕнгтӕ нал асастой» (Иоан. 19:31–34). Ӕмӕ нын уыцы хабар нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Куадзӕны уӕрыккӕн дӕр-иу йе стджытӕй иу дӕр кӕй нӕ асастой, уый. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Куадзӕны уӕрыкк уыд, н. э. 33 азы 14 нисаны цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонӕн сӕ «аууон» (Дзут. 10:1). Хабар куыд рауад, уымӕй сӕххӕст сты Псаломы 34:20 фыст ныхӕстӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы Библийы пехуымпарӕдтыл тынгдӕр куыннӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм.

20. Куадзӕн ӕмӕ Хицауы ӕхсӕвӕр цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

20 Фӕлӕ, дзуттӕгтӕ Куадзӕн куыд бӕрӕг кодтой, уый хицӕн кӕны, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн Хицауы ӕхсӕвӕр куыд бафӕдзӕхста бӕрӕг кӕнын, уымӕй. Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ-иу уӕрыккӕн бахордтой йӕ дзидза, туг та – нӕ. Йесо та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон кӕй хъуамӕ аходой дзулӕй дӕр ӕмӕ сӕнӕй дӕр, йӕ буармӕ ӕмӕ йӕ тугмӕ чи амыдта, уыцы нысӕнттӕй. Ӕмӕ уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы (Мар. 14:22–25).

21. Куадзӕны тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?

21 Дзырд дӕр ыл нӕй, фыццаг Куадзӕн Хуыцауы адӕмы историйы уыди тынг ахсджиаг хабар, ӕмӕ дзы махӕй алчидӕр бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны. Уӕдӕ кӕд Куадзӕн «зӕрдылдарӕн бон» чырыстӕттӕн нӕ, фӕлӕ дзуттӕгтӕн уыд, уӕддӕр хъуамӕ уыцы бӕрӕгбоны тыххӕй зонӕм ӕмӕ, махӕн цӕуыл дзурӕг у, уый ма рох кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тим. 3:16).

^ 5 абз. Авивы мӕй дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ уыди фыццаг мӕй, ӕмӕ йӕ нисан хонын та райдыдтой, израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ’рыздӕхтысты, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ йӕ ацы статьяйы мах хондзыстӕм нисаны мӕй.

^ 8 абз. Ацы ран дзырд цӕуы, рагон Израилы цы Куадзӕн бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй, нӕ рӕстӕджы дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстон динтӕ кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уыцы Куадзӕны тыххӕй нӕ, фӕлӕ.

^ 11 абз. Куадзӕны фӕстӕ бон, 15 нисан, уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон. Ӕмӕ-иу уыцы бон алкӕддӕр нымад уыд сабатбоныл, къуырийы бонтӕй кӕцыфӕндымӕ ма ӕрхаудаид, уӕддӕр. Н. э. 33 азы 15 нисан дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ ӕнӕуи дӕр уыди сабатбон (мах къӕлиндармӕ гӕсгӕ майрӕмбоны изӕрӕй сабаты изӕрмӕ). Ӕмӕ дыууӕ сабаты дӕр иу бонмӕ кӕй ӕрхаудысты, уымӕ гӕсгӕ уыцы бон уыд «стыр сабат». (Бакӕс Иоанны 19:31, 42.)