Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нывондӕн цы хӕсдзынӕ?

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нывондӕн цы хӕсдзынӕ?

«Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 КОР. 9:7).

1. Бирӕтӕ сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?

АДӔЙМАГ цӕттӕ вӕййы, ахсджиаг ын цы у, уый тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты тыххӕй сӕ рӕстӕг, се ’хца ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц. Олимпаг хъӕзтытӕм йӕхи чи фӕцӕттӕ кӕны, уыцы ӕрыгон спортсментӕ сӕхиуыл нӕ фӕауӕрдынц, ӕмӕ се ’мгӕрттӕ сӕхи куы фӕирхӕфсынц, уыцы рӕстӕг уыдон та сахатгай тренировкӕтӕ фӕкӕнынц. Йесо Чырысти дӕр-иу, ахсджиаг ын цы уыд, уый тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта. Уый йӕхицӕн хъӕздыг цард нӕ агуырдта, стӕй бинонтӕ дӕр не скодта ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыд. Йесо йӕ хъарутӕ иууылдӕр радта Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн (Матф. 4:17; Лук. 9:58). Ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр уыцы хъуыддаджы тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой. Уыдонӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цыдаид, ӕмӕ уый тыххӕй, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой (Матф. 4:18–22; 19:27). Уӕдӕ хорз уаид, махӕй алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Мӕнӕн та царды ӕппӕты сӕйраг цы у?»

2. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕнӕмӕнг цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? ӕ) Уыцы хъуыддӕгтӕй уӕлдай ма бирӕтӕ цы аразынц?

2 Цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сты ӕнӕмӕнг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕимӕ ӕрмӕстдӕр уыдоны фӕрцы уыдзысты ӕнгом. Уыцы хъуыддӕгты тыххӕй сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Зӕгъӕм, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувой, йӕ Ныхас ын кӕсой, сӕ бинонтимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной, ӕмбырдтӕм цӕуой ӕмӕ хъусын кӕной. Афтӕмӕй уыдон Хуыцауӕн нывӕндтӕ хӕссынц * (Йес. Н. 1:8; Матф. 28:19, 20; Дзут. 10:24, 25). Нӕ фыдӕбоны фӕрцы ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы ӕмӕ адӕм, «Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уымӕ» гуылф кӕнынц (Ис. 2:2). Бирӕтӕ ма сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, цӕмӕй лӕггад кӕной Вефилы, аразой Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ, цӕттӕ кӕной конгресстӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕной, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдонӕн. Ӕмӕ кӕд уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнусон цард райсынӕн ӕнӕмӕнг не сты, уӕддӕр тынг ахсджиаг сты, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа.

3. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кӕнӕм, уый нын хорзӕй цы хӕссы? ӕ) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

3 Хуыцауы хъуыддаджы абоны хуызӕн никуыма хъуыди ӕппӕт тыхтӕй архайын. Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, бирӕтӕ Йегъовӕйы тыххӕй сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц! (Бакӕс Псалом 54:6.) Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ афтӕ удуӕлдайӕ кӕй архайӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад (Дык. з. 16:15; Хъуыд. 20:35). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕй дӕр хъӕуы йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын: «Цымӕ ма Хуыцауы Паддзахады тыххӕй мӕхи ноджыдӕр цӕмӕй у мӕ бон фӕцух кӕнын? Мӕ рӕстӕг, ме ’хца, мӕ хъарутӕ ӕмӕ мӕ курдиӕттӕ цавӕр хъуыддӕгтӕн дӕттын? Мӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизон?» Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, рагзаманты Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ барвӕндон нывӕндтӕ куыд хастой, уымӕ, цӕмӕй сӕ бафӕзмӕм ӕмӕ нӕ циныл цин бафта.

РАГОН ИЗРАИЛЫ ЦАВӔР НЫВӔНДТӔ ХАСТОЙ

4. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ цӕмӕн хастой?

4 Цӕмӕй израилӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди нывӕндтӕ хӕссын. Нывӕндтӕ хӕссын ма сӕ хъуыди, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой. Уыцы нывӕндтӕй иутӕ уыдысты ӕнӕмӕнг, иннӕтӕ та – адӕймаг йӕхи зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хаста, ахӕмтӕ (Лев. 23:37, 38). Зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, ома лӕварӕн, ӕрхӕссӕн уыд судзинаг нывонд. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ кӕй хастой, уымӕн иу цӕвиттон у, Соломоны арӕзт кувӕндон Хуыцауӕн куы нывонд кодтой, уыцы хабар (2 Аз. 7:4–6).

5. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй мӕгуыртӕн дӕр сӕ бон уыдаид нывӕндтӕ хӕссын?

5 Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау у, ӕмӕ ӕмбӕрста, израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн иухуызон нывӕндтӕ хӕссын сӕ бон кӕй нӕу. Адӕймагӕн йӕ бон цы уыд ӕрхӕссын, уымӕй фылдӕр дзы нӕ домдта. Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ-иу нывондӕн хъуыди фос ӕрхӕссын, ӕмӕ-иу ын йӕ туг та хъуыди рауадзын. Нывӕндты туг уыд, адӕм Хуыцауы Фырты уылты кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы «фидӕны хорздзинӕдтӕн... сӕ аууон» (Дзут. 10:1–4). Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй адӕймаг уыцы закъон цыфӕндыйӕ дӕр ӕххӕст кодтаид. Зӕгъӕм, фосы нывонд ӕрхӕссын йӕ къух кӕмӕн нӕ амыдта, уымӕн-иу йӕ бон уыд нывондӕн бӕлӕттӕ ӕрхӕссын, ӕмӕ-иу Хуыцауӕн уый дӕр уыд ӕхсызгон. Афтӕмӕй суанг мӕгуыртӕн дӕр сӕ бон уыди Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын, ӕмӕ сын уый уыд стыр цины хос (Лев. 1:3, 10, 14; 5:7). Фӕлӕ адӕм сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ нывондӕн цыфӕнды ма хастаиккой, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ алкӕмӕй дӕр домдта дыууӕ хъуыддаджы.

6. Нывонд ӕрхӕссын кӕй фӕндыд, уыдонӕй Йегъовӕ цы домдта ӕмӕ уымӕ хъусын ахсджиаг цӕмӕн уыд?

6 Фыццаг уый, ӕмӕ-иу адӕймаг хъуамӕ ӕрхастаид, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, нывондӕн ӕнӕсахъат фос кӕй хъуамӕ хӕссой, цӕмӕй йын «йӕ хорзӕх... ссарой» (Лев. 22:18–20). Исты хъӕндзинад кӕмӕ уыд, ахӕм фосы нывонд Йегъовӕйӕн ӕхсызгон нӕ уыдаид. Дыккаг та уый, ӕмӕ-иу адӕймаг хъуамӕ Хуыцауы цӕсты уыдаид сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау. Адӕймаг-иу истӕй тыххӕй сыгъдӕг куы нӕ уыд, уӕд-иу хъуамӕ ӕрхастаид тӕригъӕды тыххӕй нывонд кӕнӕ нывонд аххосы тыххӕй, цӕмӕй-иу Йегъовӕимӕ бафидыдтаид. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ йӕ бон уыди, зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хастой, ахӕм нывонд ӕрхӕссын дӕр (Лев. 5:5, 6, 15). Уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд. Сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ нывонд куы ’рхастаид, зӕгъӕм, фарны нывонд, уӕд ӕй закъонмӕ гӕсгӕ хъуыди адӕмы ’хсӕнӕй фесафын (Лев. 7:20, 21). Фӕлӕ сыгъдӕг чи уыд ӕмӕ йӕ нывонд дӕр ӕнӕсахъат кӕмӕн уыд, уымӕн та-иу йӕ бон уыди сыгъдӕг цӕсгомӕй нывонд ӕрхӕссын ӕмӕ цин кӕнын. (Бакӕс 1 Азфыстыты 29:9.)

АБОН МАХ ЦАВӔР НЫВӔНДТӔ ХӔССӔМ

7, 8. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты чи фӕцух кӕны, уыдонӕн цины хос цы вӕййы? ӕ) Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн дӕттын?

7 Абон дӕр бирӕтӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ у. Не ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый у арфӕйаг хъуыддаг. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕрӕн стыр циндзинад хӕссы, Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ ног Паддзахады залмӕ куы бацӕуынц кӕнӕ сын ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ куы баххуыс кӕнӕм, уӕд тынг амондджын вӕййынц ӕмӕ нын арфӕйы ныхӕстӕ фӕдзурынц. Ӕмӕ уӕд ноджы хуыздӕр бамбарын, нӕ куыст ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу».

Израилӕгтӕ нывӕндтӕй бирӕтӕ хастой сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ абон мах дӕр Хуыцауӕн нывӕндтӕ афтӕ хӕссӕм (кӕс 7–13 абзацтӕ)

8 Йегъовӕйы организаци алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа. 1904 азы ӕфсымӕр Чарлз Тейз Рассел ныффыста: «Алкӕй дӕр нӕ йӕ рӕстӕгӕн, йӕ бартӕн, йе ’хцайӕн ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕн Хицау сӕвӕрдта хӕдзармӕгӕсӕгӕй, ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайа, цӕмӕй уыдӕттӕй нӕ Хицауы кадӕн, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕна». Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд нӕ бахъӕуы нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын, фӕлӕ уӕддӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм (2 Сам. 24:21–24). Цымӕ нӕ бон нӕ уаид нӕ фадӕттӕй хуыздӕр пайда кӕнын?

Австралийы Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон

9. Лукайы 10:2–4 фыст ныхӕстӕй цы ис базонӕн, нӕ рӕстӕгӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, уый тыххӕй?

9 Нӕ рӕстӕг. Нӕ литературӕ тӕлмац кӕнынӕн ӕмӕ мыхуыр кӕнынӕн, стӕй, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразынӕн, конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, боны мидӕг цал сахаты ис, уымӕ бафтауӕн нӕй. Фӕлӕ нын нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн, Йесойы уынаффӕйы цы арф хъуыды ис, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Фӕндагыл салам дӕтгӕйӕ хъӕбыстӕ макӕмӕн кӕнут» (Лук. 10:2–4). Цымӕ сын ахӕм уынаффӕ цӕмӕн радта? Иу библииртасӕг загъта: «Салам дӕтгӕйӕ мах кӕрӕдзийӕн ӕнӕуи сӕрӕй куыд акувӕм ӕмӕ нӕ къухтӕ куыд райсӕм, Скӕсӕны-иу афтӕ нӕ кодтой. Зонгӕтӕ-иу куы фембӕлдысты, уӕд-иу кӕрӕдзийӕн фӕхъӕбыстӕ кодтой, кӕрӕдзийӕн-иу сӕрӕй бирӕ хӕттыты ныллӕг акуывтой, суанг-иу сӕ зонгуытыл дӕр ӕрхаудтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй кӕрӕдзийӕн зӕххы онг акуывтой. Ӕмӕ-иу уыдӕттыл бирӕ рӕстӕг ацыд». Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмы хъуамӕ мацӕмӕ дардтаиккой. Уый фӕндыд, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, бирӕ рӕстӕг сын кӕй нӕ уыд ӕмӕ сӕ хъарутӕ, ахсджиагдӕр цы уыд, уымӕ кӕй хъуамӕ сарӕзтаиккой (Еф. 5:16). Цымӕ нӕ бон нӕ уаид уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр аразӕм?

Хъусынгӕнджытӕ Паддзахады залы (Кени, Африкӕ)

10, 11. а) Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ раттӕм, уыдон цавӕр хъуыддӕгтыл хардз цӕуынц? ӕ) 1 Коринфӕгтӕм 16:1, 2 цы уынаффӕ ис, уый нын цавӕр хъуыддаджы у ӕххуыс?

10 Не ’хца. Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ ӕхца. Алы аз дӕр дӕсгай милуан доллӕры бахардз вӕййы, цӕмӕй цӕуӕг цӕстдарджытӕн, сӕрмагонд пионертӕн ӕмӕ миссионертӕн сӕ бон уа лӕггад кӕнын. 1999 азӕй фӕстӕмӕ мӕгуыр бӕстӕты арӕзт ӕрцыд 24 500 Паддзахады залӕй фылдӕр. Фӕлӕ ма уӕддӕр хъӕуы ноджыдӕр иу-6 400 Паддзахады залы. Нӕ журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ӕй алы мӕй дӕр мыхуыргонд ӕрцӕуы иу-100 милуан экземпляры. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт цӕуынц нӕ барвӕндон мысайнӕгты руаджы.

11 Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн мысайнӕгты тыххӕй радта хорз уынаффӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 16:1, 2.) Баразӕнгард сӕ кодта, цӕмӕй-иу къуырийы кӕронмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кастаиккой, ме ’хцайӕ ма цы баззайа, уый мысайнагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу цӕмӕй къуырийы райдианы, сӕ къух цас амыдта, уыйбӕрц хицӕнӕй сӕвӕрдтаиккой. Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр нӕ рӕдау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ фадӕттӕм гӕсгӕ рагацау спълан кӕнынц, мысайнаг цас ратдзысты, уый (Лук. 21:1–4; Хъуыд. 4:32–35). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ахӕм рӕдаудзинад чи ӕвдисы, уыдонӕн.

Регионалон арӕзтадон комитеты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕр (Таксидо, Нью-Йорк, АИШ)

12, 13. Иуӕй-иуты цы фӕхъыгдары, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ курдиӕттӕй ноджы хуыздӕр пайда кӕной? Йегъовӕ сын куыд баххуыс кӕндзӕн?

12 Нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Паддзахады хъуыддаджы архайгӕйӕ нӕ хъарутӕй ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы-иу бафӕллайӕм, уӕд-иу нын тыхтӕ кӕй ратдзӕн (Ис. 40:29–31). Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм, Паддзахады хъуыддаджы архайынӕн чи хъӕуы, ахӕм курдиӕттӕ нӕй? Кӕнӕ, мыййаг, афтӕ фӕхъуыды кӕныс, ӕмӕ ацы хъуыддагмӕ иннӕтӕ дӕуӕй хуыздӕр арӕхсынц? Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, цы хъуыддӕгтӕм арӕхсы, уыдон ноджы хуыздӕр араза. Раст афтӕ Хуыцау баххуыс кодта Веселеил ӕмӕ Аголиавӕн дӕр (Рац. 31:1–6; кӕс нывмӕ 11 фарсыл).

13 Йегъовӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын дӕттӕм (Ӕмб. 3:27). Иерусалимы кувӕндон цалцӕг кӕнын куы хъуыди, уыцы рӕстӕг Йегъовӕ дзуттӕгтӕн загъта, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кодтаиккой, уыцы куыстмӕ цы цӕстӕй кастысты, ууыл (Аг. 1:2–5). Уыдон ӕндӕр хъуыддӕгтыл систы ӕмӕ сын Йегъовӕйы хъуыддаг царды фыццаг бынаты нал уыд. Хорз уаид, нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ куы раттиккам: «Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын мын царды ӕппӕты сӕйраг у? Мыййаг мӕ мӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ мӕ пълӕнттыл ахъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй ацы фӕстаг бонты Паддзахады хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайон?»

НЫВӔНДТӔ ХӔССӔМ, ЦЫ НӔМ ИС, УЫМӔ ГӔСГӔ

14, 15. а) Не ’фсымӕртӕй мӕгуыр чи у, уыдон нын фӕзминаг цӕмӕй сты? ӕ) Цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм?

14 Бирӕ бӕстӕты адӕм цӕрынц тынг мӕгуыр уавӕрты. Ӕмӕ нӕ организаци ахӕм бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕны (2 Кор. 8:14). Фӕлӕ, мӕгуыр чи у, суанг ахӕм ӕфсымӕртӕ дӕр сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц Паддзахады хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, сӕ къух цы амоны, уый зӕрдиагӕй кӕй дӕттынц (2 Кор. 9:7).

15 Зӕгъӕм, Африкӕйы мӕгуырдӕр бӕстӕтӕй иуы не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ сӕ цӕхӕрадӕтты иу гыццыл хай рахицӕн кодтой, цӕмӕй-иу уыцы зӕххы тыллӕгӕй цы ӕхца бакусой, уый-иу Паддзахады хъуыддагӕн раттой. Иуафон та уыцы бӕстӕйы спълан кодтой Паддзахады зал саразын, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕндыди уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын. Фӕлӕ зал аразын хъуамӕ райдыдтаиккой хуымтӕ тауыны афон. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой уыцы хъуыддаджы фӕкӕсын, ӕмӕ-иу боныгон Паддзахады зал арӕзтой, изӕрӕй та-иу ацыдысты сӕ хуымтӕм хор тауынмӕ. Цӕй диссаджы удуӕлдайдзинад равдыстой! Уыцы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, фыццаг ӕнусы Македонийы чи цард, уыцы чырыстӕтты. Уыдон кӕд «тынг мӕгуыр» уыдысты, уӕддӕр ӕфсымӕртӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын бар радтаиккой, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы чырыстӕттӕм ӕхцайӕ фӕкӕсынӕн (2 Кор. 8:1–4). Цӕй ӕмӕ мах дӕр Паддзахады хъуыддагӕн, нӕ къух цы амоны, уый дӕттӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйӕ йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм. (Бакӕс Дыккаг закъон 16:17.)

16. Нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнын нӕ бон куыд у?

16 Рагон израилӕгтау мах дӕр фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, нӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссӕм, уыцы нывӕндтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. Хуыцауы раз ӕмӕ ныл нӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдон нын сты ӕппӕты сӕйраг ӕмӕ сӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хъуамӕ афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бинонты уырнындзинад нал фидар кӕнӕм ӕмӕ сыл иннӕ хъуыддӕгты дӕр нал тыхсӕм. Уый афтӕ уыдзӕн, цыма Йегъовӕйӕн дӕттӕм, «цы нӕм нӕй, уый». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:12.) Стӕй нӕхи уырнындзинад дӕр хъуамӕ фидар кӕнӕм (1 Кор. 9:26, 27). Дзырд дӕр ыл нӕй, Библи цы дзуры, уый куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ цингӕнгӕйӕ хӕсдзыстӕм ӕмӕ уымӕн дӕр «уӕлдай ӕхсызгон» уыдзысты.

НӔ НЫВӔНДТӔН ХУЫЦАУЫ ЦӔСТЫ ИС СТЫР АРГЪ

17, 18. Паддзахады хъуыддаджы удуӕлдайӕ чи архайы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ не ’ппӕт дӕр цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

17 Не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй «нывондӕн хӕссынц» сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ се ’хца (Фил. 2:17). Сӕ рӕдаудзинады тыххӕй сын мах тынг аргъ кӕнӕм. Паддзахады хъуыддаджы разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ бинойнӕгтӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр раппӕлинаг сты сӕ рӕдаудзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй.

18 Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа, уый тыххӕй бирӕ фыдӕбон хъӕуы. Ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фылдӕр архайӕм. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Паддзахады хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй куы архайай, уӕд ссардзынӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ, ӕмӕ фидӕны та схайджын уыдзынӕ ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй (Мар. 10:28–30).

^ 2 абз. Кӕс 2012 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕппӕт удӕй хӕссӕм», 21–25 фӕрстӕ.