Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕйы рӕсугъддзинадмӕ» кӕс

«Йегъовӕйы рӕсугъддзинадмӕ» кӕс

Адӕймаг зын уавӕрты куы бахауы, уӕд арӕх йӕ бон ӕндӕр ницӕуылуал вӕййы хъуыды кӕнын, йӕ тых асӕтты ӕмӕ цардмӕ дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайы. Рагон Израилы паддзах Давидӕн йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ уыд. Цымӕ-иу ахӕм уавӕрты куыд кодта? Давид загъта: «Йегъовӕмӕ дзынӕзтон ӕххуысмӕ, Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, куырдтон дзы йӕ хорзӕх. Уымӕн фӕкодтон мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, уымӕн дзырдтон, цы маст ӕвзарын, уый тыххӕй, мӕ бон куы нал уыди, уӕд. Ды мын зыдтай мӕ фӕндаг». Куыд уынӕм, афтӕмӕй-иу Давид Хуыцаумӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуысы тыххӕй куывта (Пс. 142:1–3).

Зын сахат-иу Давид Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуысы тыххӕй куывта

Ӕндӕр псаломы та Давид загъта: «Иу хъуыддаг куырдтон Йегъовӕйӕ, бӕлгӕ дӕр уымӕ кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты, цӕмӕй уынон Йегъовӕйы рӕсугъддзинад ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон» (Пс. 27:4). Кувӕндон, ома цатыр, уыд, Йегъовӕмӕ кӕм куывтой, уыцы бынат. Давид левит нӕ уыди. Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цатыры ӕдде кӕрты куыд лӕууыд. Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй цӕрӕнбонты уыцы ран уыдаид ӕмӕ «Йегъовӕйы рӕсугъддзинадмӕ» кастаид.

Дзырд «рӕсугъддзинад» амоны, зӕрдӕйӕн ӕмӕ зондӕн ӕхсызгон, зӕрдӕмӕдзӕугӕ цы у, ахӕм цӕмӕдӕр. Давид Йегъовӕйы кувӕндонмӕ кӕсынӕй не ’фсӕст, ома алкӕддӕр тынг аргъ кодта Хуыцауы кувӕндонӕн ӕмӕ дзы цы арӕзт цыд, уымӕн. Махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн абон цы арӕзт цӕуы, уыдӕттӕм ӕз дӕр Давиды цӕстӕй кӕсын?»

ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДӔГТӔН АРГЪ КӔН

Цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй нӕ абон къухӕй арӕзт кувӕндон нӕ хъӕуы. Абон уый тыххӕй ис стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон – ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, ӕппӕт уыдӕттӕ *. Уыцы хъуыддӕгтӕм кӕсынӕй куы не ’фсӕдӕм, ома сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр «Йегъовӕйы рӕсугъддзинад» уындзыстӕм.

Ахъуыды кӕнӕм, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз чи уыд ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы ӕрхуы нывондхӕссӕныл (Рац. 38:1, 2; 40:6). Уыцы нывондхӕссӕн уымӕ амыдта, ӕмӕ Хуыцау разы уыд, цӕмӕй Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид (Дзут. 10:5–10). Ахъуыды-ма кӕнӕм, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Апостол Павел ныффыста: «Знӕгтӕ уӕвгӕйӕ бафидыдтам Хуыцауимӕ йӕ Фырты мӕлӕты руаджы» (Ром. 5:10). Йесо Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы стӕм «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕны (Пс. 25:14).

«Нӕ тӕригъӕдтӕй [кӕй] ссыгъдӕг стӕм», уый фӕрцы нӕ «Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауагъта» (Хъуыд. 3:19). Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, ахӕм адӕймаг йӕ фыдхъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ бынтондӕр фӕивта. Уый уынгӕйӕ йын фӕлмӕнзӕрдӕ тӕрхонгӕнӕг йӕ мӕлӕты тӕрхон аивта. Куыд амондджын уыдзӕн ӕмӕ куыд цин кӕндзӕн уыцы адӕймаг! Мах дӕр стӕм, уыцы адӕймаг цы уавӕры уыд, уый хуызӕн уавӕры. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр уыцы тӕрхонгӕнӕгау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы ӕмӕ мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдоны.

ӔЦӔГ ХУЫЦАУӔН КӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫС, УЫЙ ДЫН ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Давидӕн тынг ӕхсызгон уыд, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ куыд арӕзт цыдысты, уымӕ кӕсын, зӕгъӕм, израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ куыд цыдысты, Закъон куыд кастысты ӕмӕ йӕ куыд ӕмбарын кодтой, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кодтой, уымӕ (Рац. 30:34–38; Ным. 3:5–8; Дык. з. 31:9–12). Уыцы хъуыддӕгтӕ абарӕн ис, абон мах ӕцӕг Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уыимӕ.

Рагзаманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр «уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1). Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр не ’фсымӕртӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц (1 Пет. 2:17). Не ’мбырдты нын фембарын кӕнынц Хуыцауы Ныхас. Йӕ организацийы уылты нын Йегъовӕ дӕтты бирӕ ахуыргӕнӕн программӕтӕ. Ис нӕм бирӕ литературӕ, цӕмӕй дзы пайда кӕнӕм, Библи нӕхӕдӕг куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр ӕмӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы дӕр. Разамонӕг советӕй иу ӕфсымӕр афтӕ загъта: «Йегъовӕйы Ныхасыл кӕй фӕхъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ бамбарыныл кӕй фӕархайын, цы арф хъуыдытӕ ӕмбӕхст дзы ис, уыдон кӕй фӕиртасын, уый фӕрцы уырнындзинадӕй дӕн хъӕздыг ӕмӕ мын уый удӕнцой хӕссы». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «зонындзинӕдтӕ нӕ удӕн ӕхсызгон сты» (Ӕмб. 2:10).

Йегъовӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ алы бон дӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕкувынц. Ахӕм куывдтытӕ йын сты хӕрздӕфгӕнаг буды тӕфау (Пс. 141:2). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй куы фӕкувӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ уый махӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ у!

Моисей Хуыцаумӕ куывта: «Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хорзӕх уӕд махыл. Ӕмӕ нын нӕ къухты фыдӕбонӕн ахъаз кӕн» (Пс. 90:17). Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн (Ӕмб. 10:22). Чи зоны, кӕмӕндӕрты рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодтам. Кӕнӕ та, чи зоны, бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм, кӕд адӕм хорз хабармӕ нӕ хъусынц, цавӕрдӕр низӕй рынчын стӕм, цӕуылдӕр маст кӕнӕм йе та нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр (1 Фес. 2:2). Кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр мах уынӕм «Йегъовӕйы рӕсугъддзинад», ӕмӕ ӕмбарӕм, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ фыдӕбонӕн тынг кӕй аргъ кӕны.

Давид зарыд: «Царды мидӕг Йегъовӕ у мӕ хай ӕмӕ мӕ нуазӕн. Дӕумӕ ӕвӕрд у мӕ хай. Бынӕн мӕм цы ’рхауд, уый мӕ зӕрдӕйӕн у ӕхсызгон» (Пс. 16:5, 6). Давид Йегъовӕйӕ йӕ «хайы» тыххӕй, ома йӕ хӕлар кӕй уыд ӕмӕ йӕ ахӕм кады аккаг кӕй скодта, цӕмӕй йын лӕггад кодтаид, уый тыххӕй, бузныг уыд. Давидау махӕн дӕр вӕййы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй цух не стӕм. Цӕй ӕмӕ нын дарддӕр дӕр циндзинад хӕссӕд, ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый ӕмӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндонӕн!

^ 6 абз. Кӕс 1996 азы 1 июлы «Сторожевая башня», 14–24 фӕрстӕ.