Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕрыччы чындзӕхсӕвыл цин кӕнут!

Уӕрыччы чындзӕхсӕвыл цин кӕнут!

«Цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм... уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ» (РАРГ. 19:7).

1, 2. а) Уӕлӕрвты кӕй чындзӕхсӕвыл цин кӕндзысты? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

ЧЫНДЗӔХСӔВМӔ алцыдӕр бацӕттӕ кӕнынӕн фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг. Фӕлӕ ацы статьяйы ныхас ӕнӕуи чындзӕхсӕвыл нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ паддзахы чындзӕхсӕвыл. Уыцы диссаджы чындзӕхсӕв цӕттӕ кӕнынц иу-2 000 азы дӕргъы! Тынг тагъд рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй усгур йӕ усагимӕ баиу уа. Паддзахы галуанӕй райхъуысдзысты цины зӕлтӕ ӕмӕ зӕдтӕ зардзысты: «Кадджын кӕнут Йагъы, уымӕн ӕмӕ нӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ сси паддзах! Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йӕ скадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ, ӕмӕ йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта» (Рарг. 19:6, 7).

2 Уӕлӕрвты кӕй чындзӕхсӕвыл цин кӕндзысты, уыцы «Уӕрыкк» амоны Йесо Чырыстимӕ (Иоан. 1:29). Чындзӕхсӕвмӕ йӕхиуыл цавӕр уӕлӕдарӕс скӕндзӕн? Йӕ усаг чи у ӕмӕ йӕ чындзӕхсӕвмӕ куыд цӕттӕ кӕнынц? Кӕд уыдзӕн уыцы чындзӕхсӕв? Уыцы хабарыл цин кӕндзысты, уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдон, фӕлӕ цымӕ, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр уый цины хос уыдзӕн? Цӕмӕй ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй дарддӕр ӕркӕсӕм 45-ӕм псаломӕй иннӕ стихтӕм дӕр.

ЙӔ УӔЛӔДАРӔСӔЙ КӔЛЫ АДДЖЫН ТӔФ

3, 4. а) Псаломзарӕггӕнӕг Усгуры уӕлӕдарӕсы тыххӕй цы загъта? Паддзахӕн йӕ циныл цин цы ӕфтауы? ӕ) Усгуримӕ иумӕ чи цин кӕны, уыцы «паддзахы ус» ӕмӕ «паддзӕхты чызджытӕ» кӕмӕ амонынц?

3 Бакӕс Псалом 45:8, 9. Паддзах Йесо Чырысти йӕ уӕлӕ скодта усгуры уӕлӕдарӕс. Йӕ уӕлӕдарӕсӕй кӕлы адджын тӕф – «ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕ», зӕгъӕм, миррӕ ӕмӕ касси, цавӕр тӕф фӕкӕнынц, ахӕм. Рагон Израилы ахӕм хӕрздӕфгӕнӕнтӕй арӕзтой «сӕрмагонд сой» (Рац. 30:23–25).

4 Усгур цин кӕны, йӕ чындзӕхсӕв кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, ууыл. Ӕмӕ йӕ галуаны цы рӕсугъд зӕлтӕ хъуысы, уыдон дӕр ын йӕ циныл цин ӕфтауынц. Йемӕ иумӕ цин кӕнынц «паддзахы ус», ома Хуыцауы организацийы уӕларвон хай, ӕмӕ «паддзӕхты чызджытӕ», ома, уыцы уӕларвон хаймӕ чи хауы, уыцы сыгъдӕг зӕдтӕ. Уыдон дзурынц: «Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм... уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ»!

УСАДЖЫ ЦӔТТӔ КӔНЫНЦ ЧЫНДЗӔХСӔВМӔ

5. «Уӕрыччы усаг» кӕмӕ амоны?

5 Бакӕс Псалом 45:10, 11. Мах базыдтам, Усгур чи у, уый. Фӕлӕ йӕ усаг та чи у? Усаг амоны сӕрст чырыстӕтты къордмӕ, 144 минмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Йесо Чырысти у уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды Сӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:23, 24.) Уыдон йемӕ иумӕ уӕлӕрвты уыдзысты паддзӕхтӕ (Лук. 12:32). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Рарг. 14:1–4). Чындзӕхсӕвы фӕстӕ «Уӕрыччы усаг» йемӕ цӕрдзӕн йӕ уӕларвон цӕрӕнбынаты (Рарг. 21:9; Иоан. 14:2, 3).

6. Библи сӕрст чырыстӕтты «паддзахы чызг» цӕмӕн хоны ӕмӕ сын цӕмӕн уыд загъд, «ферох кӕн дӕ адӕмы», зӕгъгӕ?

6 45-ӕм псаломы усаг ӕрмӕст «чызг» нӕ хуыйны, фӕлӕ ма «паддзахы чызг» дӕр (Пс. 45:13). Чи у уыцы «паддзах»? Уый у Йегъовӕ Хуыцау. Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты банымадта йӕ «хъӕбултыл» (Ром. 8:15–17). Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты Чырыстийы усаг кӕй хъуамӕ суой, уымӕ гӕсгӕ сын загъд уыд: «Ферох кӕн дӕ адӕмы ӕмӕ дӕ [зӕххон] фыды хӕдзар». Уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ хъуамӕ уой, «уӕлӕрвты цы ис, ууыл, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ» (Кол. 3:1–4).

7. а) Чырысти йе суинаг усаджы куыд цӕттӕ кӕны? ӕ) Паддзах Йесо Чырыстимӕ йе суинаг усаг цы зӕрдӕ дары?

7 Ӕнусты дӕргъы Чырысти йе суинаг усаджы цӕттӕ кӕны, уӕлӕрвты сын цы чындзӕхсӕв хъуамӕ уа, уымӕ. Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Чырысти ӕмбырд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау радта, цӕмӕй йӕ «Хуыцауы ныхасы донӕй ныхса, ссыгъдӕг ӕй кӕна ӕмӕ йӕ афтӕмӕй срухс кӕна, ӕмбырд йӕ разы цӕхӕртӕ куыд кала, иу аипп, иу ӕнцъылд кӕнӕ дзы ӕндӕр ахӕм исты хъӕндзинад куыд нӕ уа, фӕлӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа» (Еф. 5:25–27). Павел рагон Коринфы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Ӕз уыл тынг тыхсын, Хуыцау уыл куыд тыхсы, афтӕ, уымӕн ӕмӕ, лӕппу ӕмӕ чызг куыд бафидауынц, афтӕ уӕ иу лӕгимӕ, Чырыстиимӕ, мӕхӕдӕг бафидауын кодтон, цӕмӕй уӕ йӕ разы ӕнӕцыд чызгау сыгъдӕгӕй ӕрлӕууын кӕнон» (2 Кор. 11:2). Паддзах Йесо Чырыстийы йе суинаг усаджы «рӕсугъддзинад йӕхимӕ ӕлвасы», ома, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй йын аргъ кӕны. Йӕ усаг та йӕ нымайы йӕ «сӕрыхицауыл» ӕмӕ йын «сӕрӕй ныллӕг кувы».

ЧЫНДЗЫ «РАКӔНЫНЦ ПАДДЗАХМӔ»

8. Псаломзарӕггӕнӕг усагӕй афтӕ цӕмӕн загъта, «тӕмӕнтӕ калы», зӕгъгӕ?

8 Бакӕс Псалом 45:13, 14а. Усаджы йӕ Усгурмӕ ракӕнынц, «тӕмӕнтӕ калы», афтӕмӕй. Раргомады 21:2 стихы усаг барст цӕуы горӕтимӕ, Ног Иерусалимимӕ, ӕмӕ дзы фыст ис, «йӕ мойагӕн... рӕсугъд арӕзт» кӕй у. Уыцы уӕларвон горӕт «Хуыцауы кадӕй тӕмӕнтӕ... калы», «цӕхӕртӕ калы тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, ӕрттивы сыгъдӕг дзӕнхъайы хуызӕн яшмӕйау» (Рарг. 21:10, 11). Раргомады чиныджы аив ныхӕстӕй фыст ис, Ног Иерусалимы куыд рӕсугъд у, уый тыххӕй (Рарг. 21:18–21). Уӕдӕ диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг усагӕй афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «тӕмӕнтӕ калы». Ӕмӕ, уӕлӕрвты цы чындзӕхсӕв уыдзӕн, уым ма ӕндӕр куыд хъуамӕ уа!

9. Усаджы кӕмӕ ракӕнынц, уыцы паддзах чи у? Усагӕн йӕ уӕлӕ цавӕр уӕлӕдарӕс ис?

9 Усаджы кӕмӕ ракӕнынц, уыцы Усгур у Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Усгур ӕй бацӕттӕ кодта – «Хуыцауы ныхасы донӕй» йӕ ссыгъдӕг кодта. Ӕмӕ ныр усаг у «сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау» (Еф. 5:26, 27). Усагӕн йӕ уӕлӕ хъуамӕ уа, уыцы хабары аккаг чи у, ахӕм уӕлӕдарӕс. Ӕмӕ, уӕвгӕ, ахӕм уӕлӕдарӕс скодта! «Йӕ уӕлӕдарӕс нывӕфтыд у сызгъӕринӕй» ӕмӕ йӕ паддзахмӕ ракӕнынц «рӕсугъд нывӕфтыд дарӕсы». Усагӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй чындзӕхсӕвмӕ «скӕна цӕхӕркалгӕ, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг ӕвдисы сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ» (Рарг. 19:8).

«ЧЫНДЗӔХСӔВ ӔРХӔЦЦӔ»

10. Уӕрыччы чындзӕхсӕв кӕд хъуамӕ уа?

10 Бакӕс Раргомад 19:7. Уӕрыччы чындзӕхсӕв кӕд хъуамӕ уа? Кӕд «йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта», уӕддӕр, Раргомады дарддӕр цы стихтӕ ис, уым чындзӕхсӕвы кой нӕй. Дзырд дзы цӕуы, стыр бӕллӕхӕн йӕ фӕстаг хайы рӕстӕджы цы уыдзӕн, ууыл (Рарг. 19:11–21). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Паддзахы чындзӕхсӕв, йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз уа, уый размӕ хъуамӕ уа? Нӕ. Раргомады чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдон, фӕд-фӕдыл куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, афтӕ фыст не сты. 45-ӕм псаломы Паддзахы чындзӕхсӕвы кой цӕуы, Паддзах Йесо Чырысти «йӕ астӕуыл йӕ хъама куы ӕрбабаста» ӕмӕ «уӕлахизмӕ куы атындзыдта», ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Пс. 45:3, 4).

11. Чырысти йе знӕгтыл куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?

11 Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цӕудзысты, уый. Фыццаг уал Хуыцау стӕрхон кӕндзӕн «хӕтаг сылгоймагӕн», Стыр Вавилонӕн, ома мӕнг динтӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Рарг. 17:1, 5, 16, 17; 19:1, 2). Уый фӕстӕ Чырысти Армагеддоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты», фесафдзӕн Хӕйрӕджы фыддуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр (Рарг. 16:14–16; 19:19–21). Ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах Чырысти Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн, ӕмӕ сӕ бон ницыуал уыдзӕн, мардӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Афтӕмӕй Чырысти йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдзӕн (Рарг. 20:1–3).

12, 13. а) Уӕрыччы чындзӕхсӕв кӕд уыдзӕн? ӕ) Уӕрыччы чындзӕхсӕвыл уӕлӕрвты чи цин кӕндзӕн?

12 Фӕстаг бонты цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕй мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдоны Хуыцау уӕларвон цардмӕ райгас кӕны. Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уымӕй цасдӕры фӕстӕ Йесо йӕхимӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдоны (1 Фес. 4:16, 17). Уӕдӕ Армагеддоны хӕсты размӕ 144 мины иууылдӕр уыдзысты уӕлӕрвты. Ӕмӕ уыцы хӕсты фӕстӕ та уыдзӕн Уӕрыччы чындзӕхсӕв. Уый уыдзӕн стыр цины хабар! Раргомады 19:9 фыст ис: «Амондджын сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ӕцӕгдӕр, усаг уыдзӕн тынг амондджын. Ӕмӕ Паддзах йӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзӕн, йӕ сӕрст ӕмбӕлттӕ иууылдӕр йемӕ уӕлӕрвты кӕй уыдзысты, ууыл (Лук. 22:18, 28–30). Фӕлӕ уыцы чындзӕхсӕвыл ӕрмӕст Усгур ӕмӕ йӕ усаг нӕ цин кӕндзысты.

13 Ацы статьяйы райдианы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй зӕдтӕ иумӕ зардзысты: «Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ... [Йегъовӕйы] скадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ, ӕмӕ йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта» (Рарг. 19:6, 7). Йегъовӕйӕн зӕххыл цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр уыцы хабарыл цин кӕндзысты?

«РАКӔНЫНЦ СӔ ХЪӔЛДЗӔГӔЙ»

14. 45-ӕм псаломы кӕй кой ис, уыцы «ӕмбал чызджытӕ» чи сты?

14 Бакӕс Псалом 45:12, 14ӕ, 15. Пехуымпар Захари загъта, кӕроны рӕстӕджы ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ адӕм цингӕнгӕйӕ кӕй ӕрбаиу уыдзысты, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдонмӕ. Захари ныффыста: «Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). 45-ӕм псаломы 12-ӕм стихы та уыцы «дӕс адӕймаджы» хуыйнынц «Тиры чызг» ӕмӕ «адӕмы хъӕздгуытӕ». Уыдон сӕрст чырыстӕттӕм ӕрбацӕуынц сӕ «лӕваримӕ» – зӕрдиагӕй сын ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕрст чырыстӕттӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн сын кӕй ӕххуыс кӕндзысты, уымӕ. 1935 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ «рӕстдзинадмӕ... ӕрбакодтой» милуангай адӕймӕгты (Дан. 12:3). Уыдон сӕрст чырыстӕттӕн сты сӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ. Сӕхи мӕнг динты ахуырӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кодтой, уымӕ гӕсгӕ 45-ӕм псаломы 14-ӕм стихы хуыйнынц усагӕн йе ’мбал «чызджытӕ», ома ӕнӕвнӕлд чызджытӕ. (Кӕс фиппаинаг уыцы стихмӕ.) Уыдон сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдисынц, Паддзах Йесо Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты.

15. Усаджы къордӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн «се ’мбал чызджытӕ» цавӕр хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц?

15 Усаджы къордӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон «се ’мбал чызджытӕй» тынг бузныг сты, зынгзӕрдӕйӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынӕн (Матф. 24:14). Раргомады чиныджы фыст ис: «Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“ Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: „Ӕрцу!“» (Рарг. 22:17). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, «ӕндӕр фыстӕ» фехъуыстой, сӕрст чырыстӕттӕ куыд сидынц, «ӕрцу», зӕгъгӕ, ӕмӕ ныр сӕхӕдӕг дӕр семӕ иумӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн дзурынц: «Ӕрцу!» (Иоан. 10:16).

16. Йегъовӕ «ӕндӕр фыстӕн» цавӕр диссаджы фадат радта?

16 Сӕрст чырыстӕттӕ «ӕндӕр фысты» тынг уарзынц ӕмӕ сын тынг ӕхсызгон у, Усгуры Фыд Йегъовӕ сын ахӕм диссаджы фадат кӕй радта, цӕмӕй уыдон дӕр Уӕрыччы чындзӕхсӕвыл цин кӕной. Уыцы «ӕмбал чызджыты» тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта ахӕм пехуымпар-ныхас: «Ракӕндзысты сӕ хъӕлдзӕгӕй, кафгӕ ӕмӕ заргӕйӕ». Уӕдӕ, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «ӕндӕр фыстӕ» дӕр Йегъовӕйы стыр бинонтимӕ иумӕ цин кӕндзысты, Уӕрыккӕн уӕлӕрвты чындзӕхсӕв куы уа, уӕд. Раргомады чиныджы «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты (Рарг. 7:9, 15).

Уӕрыччы чындзӕхсӕв усаджы «ӕмбал чызджытӕн» уыдзӕн стыр цины хос (кӕс 16 абзац)

«ДӔ ФЫДӔЛТЫ БЫНАТЫ УЫДЗЫСТЫ ДӔ ФЫРТТӔ»

17, 18. Уӕрыччы чындзӕхсӕв адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд фыд кӕмӕн суыдзӕн?

17 Бакӕс Псалом 45:16. Чырыстийы уӕларвон усагӕн ма «йе ’мбал чызджытӕ» ног дунейы цин кӕндзысты, чындзӕхсӕв цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоныл дӕр. Паддзах Йесо Чырысти райгас кӕндзӕн йӕ зӕххон «фыдӕлты», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ суыдзысты йӕ зӕххон «фырттӕ» (Иоан. 5:25–29; Дзут. 11:35). Чырысти сӕ кӕйдӕрты сӕвӕрдзӕн «кънйӕзтӕй ӕгас зӕххыл». Абон ӕмбырдты цы иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты Йесо ног дунейы «кънйӕзтӕй» сӕвӕрдзӕн, цӕмӕй адӕмӕн разамынд дӕттой (Ис. 32:1).

18 Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд иннӕ адӕмӕн дӕр суыдзӕн сӕ фыд. Куыд? Йӕ нывондыл ын чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты (Иоан. 3:16). Ӕмӕ сын афтӕмӕй Йесо Чырысти суыдзӕн «Ӕнусон фыд» (Ис. 9:6, 7).

ПАДДЗАХЫ НОМЫ ТЫХХӔЙ АЛКӔМӔН ДӔР ДЗУРӔМ

19, 20. 45-ӕм псаломы цы диссаджы хабӕртты кой ис, уыдон нӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр куыд хауынц?

19 Бакӕс Псалом 45:1, 17. Дзырд дӕр ыл нӕй, 45-ӕм псаломы цы хабӕртты кой ис, уыдон зонын хъӕуы чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕлӕрвты се ’фсымӕртимӕ ӕмӕ Усгуримӕ, Йесо Чырыстиимӕ, куы баиу уой, уымӕ. «Ӕндӕр фыстӕн» та сӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй дарддӕр дӕр сӕ кадджын Паддзахы коммӕ кӕсой. Уыдон тынг бузныг сты, ахӕм кад сӕм кӕй ӕрхауд, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттимӕ зӕххыл иумӕ лӕггад кӕной. Чындзӕхсӕвы фӕстӕ Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмы схайджын кӕндзысты, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй (Рарг. 7:17; 21:1–4).

20 Хуыцауы Паддзахады Паддзахы тыххӕй «арфӕйаг ныхас» куы сӕххӕст уа, уыцы рӕстӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ мах алкӕмӕн дӕр Паддзахы номы тыххӕй дзурӕм. Цӕй уӕдӕ нӕ Паддзахы «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» кадджын кӕнӕм!