Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацӕргӕтӕн кад кӕнут

Ацӕргӕтӕн кад кӕнут

«Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн» (ЛЕВ. 19:32).

1. Абон адӕм иууылдӕр цавӕр мӕгуырау уавӕры сты?

ЙЕГЪОВӔЙЫ никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм зӕронд кодтаиккой ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрстаиккой. Йӕ фӕнд уыди, цӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕниз уыдаиккой ӕмӕ дзӕнӕты цардаиккой. Фӕлӕ абон, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц» (Ром. 8:22). Адӕм тӕригъӕды тыххӕй куыд хъизӕмар кӕнынц, уымӕ кӕсын Хуыцауӕн зын куыннӕ у. Ӕмӕ, хъыгагӕн, арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц ӕмӕ йӕ фылдӕр ӕххуыс куы бахъӕуы, уӕд ӕй иууылдӕр ферох кӕнынц (Пс. 39:5; 2 Тим. 3:3).

2. Чырыстӕттӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цӕмӕн аргъ кӕнынц?

2 Мах тынг аргъ кӕнӕм, ӕмбырдты ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр кӕй ис, уымӕн. Фӕлтӕрдджын кӕй сты, уый фӕрцы сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм. Чи зоны, уыцы ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ сты нӕ хиуӕттӕ. Фӕлӕ нын кӕд ницы бавӕййынц, уӕддӕр сыл тыхсӕм ӕмӕ сыл аудӕм (Гал. 6:10; 1 Пет. 1:22). Не ’ппӕтӕн дӕр пайда уыдзӕн, Хуыцау ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл аныхас кӕнын. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, бинонтыл ӕмӕ ӕмбырдыл ацӕргӕты раз цавӕр хӕстӕ ис, уымӕ дӕр.

«КУЫ БАЗӔРОНД УОН, УӔД МӔ МА АППАР»

3, 4. а) 71-ӕм псалом чи ныффыста, уый Йегъовӕйӕ цы куырдта? ӕ) Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон цы у Хуыцауӕй курын?

3 Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцаумӕ куывта: «Куы базӕронд уон, уӕд  мӕ ма аппар. Хъару мӕм куы нал уа, уӕд мӕ ма ныууадз» (Пс. 71:9). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, Давид ныффыста. Уый Хуыцауӕн лӕггад кодта йе ’рыгонӕй суанг йӕ зӕронды бонтӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта (1 Сам. 17:33–37, 50; 1 Пад. 2:1–3, 10). Фӕлӕ Давид куы базӕронд, уӕд дӕр Йегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр ӕххуыс кодтаид. (Бакӕс Псалом 71:17, 18.)

4 Абон Давиды уавӕры бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты. Кӕд сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ сӕ царды «фыдбонтӕ» ралӕууыдысты, уӕддӕр Хуыцауы кадджын кӕнынӕн, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц (Еккл. 12:1–7). Бирӕтӕн сӕ, чи зоны, сӕ бон нал у, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц аразын, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, Хуыцауӕн цас лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр Давидау сӕ бон у Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй сын дарддӕр дӕр арфӕ кӕна ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна. Уыцы иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕной, Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр, Давид цӕуыл тыхсти, ууыл тыхсынц, ӕмӕ Давиды та йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ зӕгъынмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг баразӕнгард кодта.

5. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

5 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ ацӕргӕтӕн тынг кӕй аргъ кӕны, стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Пс. 22:24–26; Ӕмб. 16:31; 20:29). Левиты 19:32 фыст ис: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз дӕн Йегъовӕ». Ацы ныхӕстӕ фыст куы ’рцыдысты, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм хӕсджын уыдысты, цӕмӕй ацӕргӕтӕн кад кодтаиккой, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр. Фӕлӕ цымӕ ацӕргӕтыл тыхсын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын сӕйраджыдӕр кӕй хӕс у?

БИНОНТЫ ХӔС

6. Ныййарджытӕм сӕ цот цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой, уыцы хъуыддаджы Йесо фӕзминаг куыд у?

6 Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Рац. 20:12; Еф. 6:2). Ацы фӕдзӕхст тынг ахсджиаг кӕй у, уый Йесо Чырысти равдыста, фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Уый сын бауайдзӕф кодта, сӕ ныййарджытыл кӕй нӕ тыхстысты, уый тыххӕй (Мар. 7:5, 10–13). Уыцы хъуыддаджы Йесо йӕхӕдӕг уыд фӕзминаг. Суанг ӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд дӕр ма йӕ мадыл тыхсти. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ мад уӕдмӕ идӕдз уыди, ӕмӕ Йесо йе ’ввахс хӕлар ӕмӕ ахуыргӕнинаг Иоаннӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мадыл батыхстаид (Иоан. 19:26, 27).

7. а) Ныййарджытӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй апостол Павел цавӕр уагӕвӕрд ныффыста? ӕ) Павел уыцы уагӕвӕрды тыххӕй куы фыста, уӕд цӕй кой кодта?

7 Апостол Павел Тимофеймӕ цы фыстӕг ныффыста, уым загъта, чырыстӕттӕ сӕ бинонтыл кӕй хъуамӕ тыхсой. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:4, 8, 16.) Павел уыцы уагӕвӕрды тыххӕй ныффыста, ӕмбырд ӕхцайӕ кӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кодтаид, уый кой куы кодта, уӕд. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацӕргӕ идӕдз сылгоймӕгтӕн фыццаджыдӕр хъуамӕ ӕххуыс кодтаиккой, сӕ цотӕй, сӕ цоты цотӕй кӕнӕ ӕндӕр хиуӕттӕй чырыстон чи уыди, уыдон. Афтӕмӕй ӕмбырд уӕлдай хӕрдзтӕ нӕ кодтаид. Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сӕ хиуӕттӕй ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл тыхсынц ӕмӕ сын ӕхцайӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, «Хуыцауыл иузӕрдион» кӕй сты, уый.

8. Ацӕргӕ ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд амындтӕ цӕуылнӕ ис?

8 Чи сыстыр, уыцы сывӕллӕттӕн сӕ хӕс у сӕ ацӕргӕ ныййарджытыл тыхсын ӕмӕ сын ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Павел кодта уырнӕг хиуӕтты кой, фӕлӕ нӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ куы нӕ уой, уӕддӕр сӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы. Алы бинонтӕн дӕр ис сӕхи уавӕртӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, сӕ ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕндзысты. Стӕй, иу бинонтӕй чи сты, уыдон дӕр кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнынц сӕ удыхъӕдӕй, се ’нӕниздзинадӕй ӕмӕ  сӕ алкӕй дӕр цы фӕхъӕуы, уымӕй. Ацӕргӕтӕй иутӕн бирӕ сывӕллӕттӕ ис, иннӕтӕн та иу сывӕллон йеддӕмӕ нӕй. Иутӕн сӕ бӕстӕйы закъонмӕ гӕсгӕ хицауадӕй ӕххуыс ракурыны фадат ис, иннӕтӕн та нӕй. Стӕй, иу адӕймаг цӕуыл сразы уа, ууыл иннӕ не сразы уыдзӕн. Уӕдӕ йӕ ацӕргӕ хиуӕттыл чи тыхсы, уымӕ хъуамӕ фаутӕ ма хӕссӕм, уыцы хъуыддаг куыд аразы, уый тыххӕй. Уый зондыл ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уаид. Библимӕ гӕсгӕ цавӕрфӕнды уынаффӕ ма рахӕссӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, раджы заманты куыд кодта, афтӕ (Ным. 11:23).

9–11. а) Иуӕй-иуты цавӕр зын фарста алыг кӕнын бахъӕуы? (Кӕс нывмӕ 20 фарсыл.) ӕ) Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны ӕмӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕ лӕггад ныууадзыныл тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕй дард куы цӕрой, уӕд сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ ныййарджытӕй искӕуыл исты куы ’рцӕуа, зӕгъӕм, куы ахауа ӕмӕ дзы исты куы асӕтта, уӕд сӕм, чи зоны, бахъӕуа уайтагъд ӕрцӕуын. Ахӕм хабары фӕстӕ ацӕргӕ ныййарӕгмӕ, чи зоны, иуцасдӕр йе та бирӕ рӕстӕг дӕр хъӕуа кӕсын *.

10 Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ ныййарджытӕй дард чи у, уыдоны, чи зоны, бахъӕуа уӕлдай зын фарста алыг кӕнын. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон, стӕй миссионертӕ ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ се ’ппӕт дӕр сӕ лӕггад Йегъовӕйы арфӕдзинадыл нымайынц ӕмӕ йын тынг аргъ кӕнынц. Фӕлӕ сӕ ныййарджытӕ куы фӕрынчын уой, уӕд, чи зоны, фыццаг ахъуыды кӕной, сӕ лӕггад ныууадзын сӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм кӕсой. Фӕлӕ хорз уаид, Йегъовӕмӕ куы скувиккой ӕмӕ куы ахъуыды кӕниккой: «Нӕ ныййарджыты ӕцӕгдӕр уый хъӕуы ӕмӕ сӕ уый фӕнды?» Чырыстонӕн Хуыцауы хъуыддаджы цы кадджын хӕстӕ ис, уыдон хъуамӕ уайтагъд ма ныууадза, стӕй уый алы хатт хъӕугӕ дӕр нӕ бакӕны. Чи зоны, йӕ ныййарӕджы иуцасдӕр рӕстӕг йеддӕмӕ нӕ хъӕуа ӕххуыс. Ӕмӕ йӕм, чи зоны, йе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр ӕхсызгонӕй фӕкӕсой (Ӕмб. 21:5).

11 Ӕркӕсӕм, Японийӕ чи сты, дыууӕ ахӕм хӕрзӕфсымӕры хабармӕ. Сӕ иу лӕггад кодта миссионерӕй Хуссар Америкӕйы, иннӕ та лӕггад кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады, Бруклины (Нью-Йорк). Сӕ ацӕргӕ ныййарджыты ӕххуыс куы бахъуыди, уӕд сӕм дыууӕйӕ дӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй аскъуыддзаг кодтаиккой, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын. Фӕстӕдӕр, миссионертӕй сӕ чи лӕггад кодта, уыдон сфӕнд кодтой сӕ лӕггад ныууадзын, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм кастаиккой. Фӕлӕ сӕм стӕй сӕ ныййарджыты ӕмбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймаг телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ сын загъта, сӕ уавӕрыл сын хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕй аныхас кодта ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр миссионертӕй лӕггад кӕной. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын сӕ лӕггадӕн тынг аргъ кодтой ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй уын уӕ ныййарджытӕм фӕкӕсдзыстӕм. Ахӕм уарзондзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй сӕ уыцы бинонтӕ се ’ппӕт дӕр тынг фӕбузныг сты.

12. Ацӕргӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд бинонтӕ цӕуыл хъуамӕ архайой?

12 Сӕ ныййарджытӕ кӕсинаг кӕмӕн сты, уыдон цавӕрфӕнды уынаффӕ ма рахӕссой, уӕддӕр сӕ алчидӕр хъуамӕ ууыл архайа, цӕмӕй Хуыцауы номӕн кад хӕссой. Махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй, Йесойы рӕстӕджы чи цард, уыцы дины разамонджыты хуызӕн суӕм (Матф. 15:3–6). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ уынаффӕты фӕрцы Хуыцауӕн кад хӕссӕм ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр хорз ном уа (2 Кор. 6:3).

ӔМБЫРДЫ ХӔС

13, 14. Библийӕ куыд зыны, ӕмбырдыл дӕр кӕй ис уыцы хӕс, цӕмӕй ацӕргӕ чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕна?

13 Алкӕмӕн йӕ бон нӕу ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам,  уыцы ӕмбырдау баххуыс кӕнын. Фӕлӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ӕмбырдыл дӕр ис уыцы хӕс, цӕмӕй ацӕргӕ чырыстӕттӕн, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕна. Иерусалимы ӕмбырды тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «се ’хсӕн, хъуаг чи ӕййӕфта, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕ уыд». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хъӕздгуытӕ уыдысты. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ-иу «ӕхца байуӕрстой, хъуаг чидӕриддӕр ӕййӕфта, уыдоныл» (Хъуыд. 4:34, 35). Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕмбырды ӕфсымӕрты бахъуыд иу зын хъуыддаг лыг кӕнын. Алы бон-иу хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу, грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой. Ӕмӕ уӕд апостолтӕ снысан кодтой фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты, цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ сӕ хъус дардтаиккой. Уый фӕрцы идӕдзтӕн фаг хӕринаг лӕвӕрд цыдаид ӕмӕ сӕ хъулон нал кодтаиккой (Хъуыд. 6:1–5). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы хъуыддаг рӕстӕгмӕ арӕзт ӕрцыд. Ома куыд? Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонмӕ Иерусалиммӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ. Уыдон иуцасдӕр уым баззадысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой, ӕмӕ сӕм уыцы рӕстӕг хъуыди фӕкӕсын. Фӕлӕ кӕд уыцы хъуыддаг рӕстӕгмӕ уыд, уӕддӕр, апостолтӕ цы уынаффӕ рахастой, уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырдтӕн сӕ бон кӕй у ӕххуысхъуаг чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын.

14 Куыд федтам, афтӕмӕй Павел Тимофейӕн бамбарын кодта, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыцы идӕдзтӕй ӕмбырд кӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кодтаид (1 Тим. 5:3–16). Библийы фысджытӕй ма ноджыдӕр иу, Иаков, чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сидзӕртӕн, идӕдзтӕн ӕмӕ, тыхст уавӕры чи уыд, уыдонӕн ӕххуыс кодтаиккой (Иак. 1:27; 2:15–17). Апостол Иоанн дӕр ныффыста: «Хъуаг чи ницӕмӕй ӕййафы, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы?» (1 Иоан. 3:17). Уӕдӕ иугӕр чырыстӕттӕй алкӕуыл дӕр ис уыцы хӕс, цӕмӕй-иу ӕххуысхъуаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фӕкӕса, уӕд ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр уыцы хӕс куыннӕ ис.

Ацӕргӕ чырыстоныл исты куы ’рцӕуа, уӕд ӕмбырдӕн йӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнын хъӕудзӕн, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?

15 Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад ацӕргӕтӕн пенси фиды, стӕй сын ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕххуыс кӕны (Ром. 13:6). Кӕцыдӕр бӕстӕты та ахӕм ӕххуыс нӕй. Ӕмӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбырд куыд ӕххуыс кӕндзысты, уый ууыл дӕр у баст. Кӕд ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ цот дард цӕрынц, уӕд уый дӕр, чи зоны, фӕзына, сӕ ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕндзысты, ууыл. Хорз уаид, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕргом куы ныхас кӕниккой,  цӕмӕй сын ӕмбырды сӕ бинонты уавӕр ӕмбарой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у ахӕм ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын, сӕ бӕстӕйы закъонмӕ гӕсгӕ сӕм цавӕр ӕххуыс ӕмбӕлы, уый тыххӕй базонынӕн ӕмӕ уыцы ӕххуыс райсынӕн. Стӕй ма сӕ бон у, ӕмӕ-иу сывӕллӕттӕн фӕхабар кӕной, зӕгъӕм, сӕ ныййарджытӕн цавӕрдӕр ахсджиаг писмотӕ ӕнӕкастӕй кӕй баззадысты йе та сӕ хостӕ кӕй нӕ нуазынц, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ацӕргӕ чырыстӕтты сывӕллӕттӕ ахӕм хабӕрттыл иумӕ бӕстон куы ныхас кӕной, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн алыхуызон фарстатӕ лыг кӕнын. Йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕй дард чи у, уыдонӕн ахӕм ӕххуысгӕнджытӕ куы уа, уӕд бинонтӕ къаддӕр тыхсдзысты.

16. Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’мбырды ацӕргӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

16 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц ӕмӕ сын, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕнынц. Раст цыма сӕхи бинонтӕй сты, афтӕ сыл тыхсынц. Чидӕртӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ баныхас кӕнынц, цӕмӕй ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм радыгай кӕсой. Кӕд сӕ кӕмӕндӕрты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны фадат нӕй, уӕд афтӕмӕй та ацӕргӕ чырыстӕтты сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уыдон дарддӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной. Цӕй диссаджы удуӕлдайдзинад ӕвдисынц уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ! Фӕлӕ кӕд ацӕргӕтӕн ӕмбырды иннӕтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сывӕллӕтты сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын нал хъӕуы.

АЦӔРГӔТӔН СӔ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУӔМ ӔМӔ СЫН АФТӔМӔЙ КАД КӔНӔМ

17, 18. Ацӕргӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдон дӕр сӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, цӕмӕй сын ӕнцондӕр уа?

17 Ацӕргӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдон дӕр сӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй куы кӕсой, уӕд сын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Иуӕй-иутӕн, кӕй зӕронд кӕнынц, уый тыххӕй сӕ ныфс асӕтты, суанг сӕхимӕ дӕр ныхъхъусынц. Уӕдӕ нӕ, чи зоны, уӕлдай хъарутӕ ӕрӕвӕрын хъӕуа, цӕмӕй ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй кад кӕнӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та нӕ бон у семӕ ӕхсызгон хабӕрттыл ныхас кӕнын. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи фӕлӕггад кодта, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй хъӕуы ӕппӕлын. Йегъовӕйӕ сӕ лӕггад рох нӕу, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис се ’мчырыстӕттӕй дӕр. (Бакӕс Малахийы 3:16; Дзуттӕгтӕм 6:10.)

18 Ацӕргӕтӕм чи кӕсы, уыдоны алы бон дӕр фӕхъӕуы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ сын уый бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, кӕмӕ кӕсынц, уыдон дӕр ахудын куы зоной, уӕд (Еккл. 3:1, 4). Ацӕргӕтӕй бирӕтӕ ууыл дӕр фӕархайынц, цӕмӕй сӕхицӕн ӕгӕр бирӕ ма домой. Уыдон ӕмбарынц, хӕларзӕрдӕ куы уой, уӕд сын иннӕтӕ зӕрдиагдӕрӕй кӕй ӕххуыс кӕндзысты ӕмӕ-иу сӕ ӕхсызгондӕрӕй кӕй бабӕрӕг кӕндзысты. Ацӕргӕты чи бабӕрӕг кӕны, уыдон арӕх фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕз уый бафидар кӕнынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ мӕхӕдӕг бафидар дӕн (Ӕмб. 15:13; 17:22).

19. Ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн?

19 Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм зӕронд куы нал кӕной ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕн сӕ кой дӕр куы нал уа, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕдмӕ та уал Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, фидӕны сӕм ӕнусон цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы ацы зын рӕстӕджыты фидар лӕууӕм. Нӕ уырнындзинады фӕрцы «нӕ ныфс нӕ сӕтты», ӕмӕ «кӕд нӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕд, нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны» (2 Кор. 4:16–18; Дзут. 6:18, 19). Фӕлӕ цымӕ, ацӕргӕтӕм чи кӕсы, уыдонӕн ма фидар уырнындзинадӕй уӕлдай ноджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн? Иннӕ статьяйы уый фӕдыл уыдзӕн хорз уынаффӕтӕ.

^ 9 абз. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, ацӕргӕтӕм кӕсын куы хъӕуа, уӕд сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон цы у аразын, ууыл.