ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Май 2014

Ацы номыры дзырд цӕуы, уацамынды нын цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты, зын фарстатӕ нӕм чи ратты, уыдонимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнынӕн. Хуыцауы организацийыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

«Мӕ хӕринаг у» Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын

Паддзах Давид, апостол Павел ӕмӕ Йесо Чырысти Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, ӕнцон кӕм нӕу, ахӕм рӕтты дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм?

«Кӕмӕн цавӕр дзуапп» хъуамӕ дӕттӕм?

Адӕймагимӕ нӕ Библийӕ цавӕрдӕр зын фарстайыл ныхас кӕнын куы бахъӕуа, уӕд йемӕ арӕхстджынӕй цӕй фӕрцы аныхас кӕндзыстӕм? Базон, хорз дзуапп раттынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддаджы тыххӕй.

Уацамынды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан уӕм

Уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыдонӕн куыд хъуамӕ уӕм? Матфейы 7:12 стихӕй цы ис базонӕн, уацамынды нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй?

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта

Кеннет Литтл радзырдта, Йегъовӕ Хуыцау ын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ ӕнӕныфсхаст мауал уыдаид. Бакӕс, ныфсджынӕй кӕй архайдта, уый тыххӕй йын Хуыцау цӕрӕнбонты куыд арфӕ кодта.

Йегъовӕ у, алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи аразы, уыцы Хуыцау

Рагон Израилы тыххӕй ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайой?

Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?

Тагъд Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Абон зӕххыл Хуыцауы номӕй цы организаци архайы, ууыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст ис»

Бразилийы хорз хабар хъусын кӕнынц 760 мин Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Хуссар Америкӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг куыд райдыдта?