Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?

Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?

«Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм» (1 ПЕТ. 3:12).

1. Хуыцау Израилы бӕсты йӕхицӕн кӕй равзӕрста? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ЙЕГЪОВӔ райгонд у, абон ын йӕ адӕм куыд лӕггад кӕнынц, уымӕй. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй рагзаманты Хуыцауы ’взӕрст адӕм уыдысты израилӕгтӕ. Фӕлӕ йыл уыдон сӕ зӕрдӕ сивтой. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ йӕхицӕн равзӕрста ног адӕм – Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты. Чырыстон ӕмбырд сси, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыцы организаци. Ӕмӕ н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд чырыстӕттӕ аирвӕзтысты (Лук. 21:20, 21). Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы номӕй архайы ног адӕм. Ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд уыдон дӕр аирвӕздзысты (2 Тим. 3:1). Ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

2. Йесо Чырысти «стыр бӕллӕхы» тыххӕй цы загъта? «Стыр бӕллӕх» цавӕр хабарӕй райдайдзӕн?

2 Фӕстаг бонты цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй Йесо Чырысти загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матф. 24:3, 21). Уыцы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, Йегъовӕ зӕххон  хицӕутты къухӕй «Стыр Вавилон», ома мӕнг динтӕ иууылдӕр, куы фесафа, уӕд (Рарг. 17:3–5, 16). Уый фӕстӕ та цы уыдзӕн?

ХӔЙРӔГ ХУЫЦАУЫ АДӔМЫЛ ЙӔХИ НЫЦЦӔВДЗӔН, ӔМӔ УӔД РАЙДАЙДЗӔН АРМАГЕДДОН

3. Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Йегъовӕйы адӕмыл йӕхи чи ныццӕвдзӕн?

3 Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ къухы чи ис, уыцы дуне сӕхи ныццӕвдзысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл. Зӕгъӕм, Библийы, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы» тыххӕй фыст ис: «Ды ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕ. Ӕрбацӕудзынӕ тыхдымгӕйау. Де ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ ӕмӕ, демӕ цы бирӕ адӕмтӕ уа, уыдонимӕ уыдзынӕ, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕххыл ӕппӕты сабырдӕр адӕм кӕй сты ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исынц, уый тыххӕй афтӕ зындзӕн, цыма, сӕ сӕрыл чи рахӕца, уый сын нӕй. Фӕлӕ куыд тынг фӕрӕдидзысты, сӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уыдон! (Йез. 38:1, 2, 9–12).

4, 5. Хӕйрӕг Йегъовӕйы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн?

4 Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон Йегъовӕйы адӕмыл сӕхи куы ныццӕвой, уӕд Йегъовӕ уый афтӕ банымайдзӕн, цыма йын йӕхи ныхмӕ рацыдысты. (Бакӕс Захарийы 2:8.) Ӕмӕ уӕд Хуыцау куыд бакӕндзӕн? Уый нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фесафой. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ уайтагъддӕр йӕ хъомысджын зӕдты ӕфсад рарвитдзӕн, цӕмӕй йӕ адӕмы фервӕзын кӕна. Уӕд райдайдзӕн Армагеддоны хӕст, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст», ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 16:14, 16).

5 Армагеддоны тыххӕй Библийы пехуымпарады фыст ис: «„Йегъовӕ адӕмты ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕудзӕн. Уый тӕрхон кӕндзӕн ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Фыдгӕнджыты фӕкӕндзӕн хъамайы амӕттаг“,– зӕгъы Йегъовӕ. Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Бӕллӕх цӕуы иу адӕмӕй иннӕ адӕммӕ, тыхджын дымгӕ сыстдзӕн зӕххы кӕрӕттӕй. Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Ӕмӕ сыл ничи фӕкӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ничи баныгӕндзӕн. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл“» (Йер. 25:31–33). Уӕдӕ Армагеддоны Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай та баззайдзӕн.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ БОНӔЙ-БОНМӔ ЦӔЙ ФӔРЦЫ РӔЗЫ

6, 7. а) «Тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн чи ис? ӕ) Фӕстаг азты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕцыл цас бафтыд?

6 Хуыцауы организацийы зӕххон хай бонӕй-бонмӕ рӕзы, уымӕн ӕмӕ дзы чи ис, уыдон хайджын сты Хуыцауы хорзӕхӕй. Библи зӕгъы: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм» (1 Пет. 3:12). Уыцы рӕстгӕнджытӕм хауынц, «стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн», уыцы «тынг бирӕ адӕм» дӕр (Рарг. 7:9, 14). Бафиппаинаг у, ӕнӕуи «бирӕ адӕм» кӕй не сты, фӕлӕ «тынг бирӕ адӕм». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кӕндзынӕ, ды дӕр уыцы адӕмимӕ стыр бӕллӕхы сӕрты куы ахизай, уӕд!

7 «Тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн чи ис, уыдон сты алы ӕмӕ алы адӕмыхӕттытӕй. Хуыцауы организацимӕ ӕрбаиу сты, хорз хабар сын кӕй фехъусын кодтой, уый фӕрцы. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Абон хъусын кӕнын Хуыцауы организацийӕн у йӕ сӕйраг куыст. Уый фӕрцы ныр милуангай адӕм Йегъовӕйӕн йӕ «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» лӕггад кӕнынц (Иоан. 4:23, 24). Зӕгъӕм, 2003 азӕй  2012 азмӕ сӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой 2 707 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ ӕгас дунейы дӕр ис 7 900 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Уыдонӕй уӕлдай ма алы аз дӕр ноджыдӕр милуангай адӕм ӕрбацӕуынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Уый тыххӕй мах нӕхицӕй сӕрыстыр не стӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг «рӕзын... кӕны Хуыцау» (1 Кор. 3:5–7). Ӕмӕ уый фӕрцы «тынг бирӕ адӕм» афӕдзӕй-афӕдзмӕ кӕнынц фылдӕр!

8. Абон Йегъовӕйы организаци афтӕ тынг цӕй фӕрцы рӕзы?

8 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ нымӕцыл куыд ӕфты, уый диссаг у. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, Йегъовӕ йӕхӕдӕг йе ’вдисӕнтӕн кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы. (Бакӕс Исайы 43:10–12.) Уый тыххӕй пехуымпар Исай ныффыста: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн» (Ис. 60:22). Сӕрст чырыстӕттӕ, кӕнӕ «Хуыцауы Израил», кӕддӕр уыдысты «армыдзаг», фӕлӕ рӕстӕг куыд цыди, афтӕ сӕ нымӕцыл ӕфтыд ӕмӕ Хуыцауы организаци рӕзыд (Гал. 6:16). Ӕмӕ сын Йегъовӕ абоны онг дӕр кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы сӕм ноджыдӕр милуангай адӕм ӕрбаиу. Уыцы адӕмӕн ис зӕххыл цӕрыны ныфс, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны.

ЙЕГЪОВӔ НӔМ ЦӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ

9. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕхи цӕстӕй фенӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ цы диссаджы цардӕй ӕвӕры, уый?

9 Йегъовӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ тынг бирӕ адӕмӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы цардӕй. Фӕлӕ цӕмӕй мах дӕр уыцы цард нӕхи цӕстӕй фенӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм (Ис. 48:17, 18). Зӕгъӕм, израилӕгтӕй Йегъовӕ домдта, цӕмӕй йын йӕ Закъон ӕххӕст кодтаиккой. Уыцы Закъоны уыд бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй, ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уыдаиккой, уый тыххӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй (Рац. 20:14; Лев. 19:18, 35–37; Дык. з. 6:6–9). Уыцы закъӕттӕ израилӕгтӕн пайда хастой ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдтой. Ӕмӕ хабар афтӕ у абон дӕр – Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сты нӕ пайдайӕн ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нын зынӕххӕстгӕнӕн не сты. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Нӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ «уырнындзинады фидар» (Тит. 1:13).

10. Библи нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ бинонтимӕ дӕр ӕдзухдӕр цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?

10 Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай размӕ кӕй цӕуы, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг. Зӕгъӕм, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый бонӕй-бонмӕ хуыздӕр ӕмбарӕм. Уый тыххӕй Библийы фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ» (Ӕмб. 4:18). Фӕлӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Нӕ организаци Библийӕ цавӕрдӕр стихтӕ абон куыд ӕмбарын кӕны, уый зонын? Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр фӕкӕсын? Нӕ литературӕйӕ мын ӕнӕкастӕй ницы баззайы? Мӕ бинонтимӕ иумӕ Библи алы къуыри дӕр фӕахуыр кӕнын?» Нӕ фылдӕр сразы уыдзысты, ацы хъуыддӕгтӕ афтӕ зын аразӕн кӕй не сты. Сӕйраг у, цӕмӕй-иу сын рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Дзырд дӕр ыл нӕй, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дарддӕр дӕр Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, стӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы организациимӕ размӕ цӕуӕм. Уый абон уӕлдай ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ стыр бӕллӕх тынг тагъд райдайдзӕн.

11. Йегъовӕйы адӕм ӕмбырды фембӕлдтӕм ӕмӕ конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуынц?

11 Йегъовӕйы организаци ныл тыхсы, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй  апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Рагон израилӕгтӕ-иу ӕрвылазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг ӕмӕ-иу ӕндӕр хӕттыты дӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйӕн куывтаиккой ӕмӕ-иу ын йӕ Закъон ахуыр кодтаиккой. Стӕй-иу уыцы ӕмбырдты сӕ циныл дӕр цин бафтыд, Неемийы рӕстӕг Халагъудты бӕрӕгбоны куыд уыд, афтӕ (Лев. 23:15, 16; Неем. 8:9–18). Махӕн дӕр не ’мбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ раст ахӕм пайда хӕссынц. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу дзы иу дӕр ма фӕцух кӕнӕм. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Тит. 2:2).

12. Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

12 Хуыцауы организацийы кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм «Хуыцауы хорз хабар». Уый нӕхицӕн кадыл нымайӕм, уымӕн ӕмӕ Библи уыцы хъуыддаг хоны «табуйаг хъуыддаг» (Ром. 15:16). Стӕй уыцы куыст кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм «Сыгъдӕг Хуыцау» Йегъовӕйы «ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9; 1 Пет. 1:15). Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы мах рухс кӕнӕм Йегъовӕйы сыгъдӕг ном. Ӕцӕгдӕр, «амондджын Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабар» хъусын кӕнын адӕймагӕн у, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм кад (1 Тим. 1:11).

13. Нӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ нӕ цард дӕр цӕуыл сты баст?

13 Хуыцауы зӕрдӕ махӕн ӕрмӕстдӕр хорз зӕгъы, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йемӕ ӕнгом уӕм ӕмӕ йӕ организациимӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмгуыст кӕнӕм. Моисей израилӕгтӕн загъта: «Арв ӕмӕ мын зӕхх ӕвдисӕн: абон уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут, уымӕн ӕмӕ уын уый дӕтты цард ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон, цӕмӕй цӕрат, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл» (Дык. з. 30:19, 20). Уыцы ныхӕстӕ абон махмӕ дӕр хауынц. Йегъовӕйы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, куы йӕ уарзӕм, йӕ ныхасмӕ йын куы хъусӕм ӕмӕ йемӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд махӕй дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, цард кӕй равзӕрстам.

14. Иу ӕфсымӕр Хуыцауы организацийы тыххӕй цы загъта?

14 Ӕфсымӕр Прайс Хьюз рӕстдзинад базыдта 1914-ӕм азы размӕ, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йӕ организацийыл дӕр иузӕрдионӕй баззад. Йӕ царды хабӕрттӕ куы дзырдта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн, фӕлӕ сӕйраджыдӕр бамбӕрстон уый, ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы организациимӕ ӕнгом уон ӕмӕ мӕ зӕрдӕ адӕймаджы зондыл ма дарон. Ӕфсымӕр Хьюз ахӕм зондыл хӕст кӕй уыд, уый фӕрцы-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыд. Уый загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр хъуса йӕ организацийы разамындмӕ.

ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИИМӔ РАЗМӔ ЦУ

15. Нӕ организаци Фыстадӕй кӕцыдӕр стихтӕ ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс.

15 Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ нын арфӕ кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ организациимӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Хуыцауы организаци Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны йе та, куыд хъусын кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы исты куы фӕивы, уӕд-иу уыцы ивындзинӕдтыл хъуамӕ сразы уӕм. Фыццаг ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕй  бирӕтӕ Моисейы закъоныл афтӕ ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ сын уыцы Закъоныл сӕ къух сисын зын уыд (Хъуыд. 21:17–20). Фӕлӕ Павел дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уый руаджы бамбӕрстой, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтӕй, «Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндты» фӕрцы кӕй не ссыгъдӕг вӕййы, фӕлӕ, «Йесо Чырысти йӕхи ӕрмӕстдӕр иу хатт нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы» (Дзут. 10:5–10). Фидарӕй ис зӕгъӕн, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр Павелы уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой ӕмӕ сӕ зондахаст кӕй фӕивтой. Мах дӕр хъуамӕ Библи ӕмӕ нӕ литературӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ-иу Йегъовӕйы организаци цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы скӕна, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгӕй уыцы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайӕм.

16. а) Ног дунейы диссаджы цард цӕмӕн уыдзӕн? ӕ) Дзӕнӕты цы арфӕдзинӕдтӕ уыдзӕн, уыдонӕй тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

16 Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон иууылдӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты. Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты Йесо Чырыстиимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдзысты (Ром. 8:16, 17). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрдзысты. Абон Йегъовӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис диссаджы фадат, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр дзурой, Хуыцау зӕрдӕ цы ног дунейӕ ӕвӕры, уый тыххӕй (2 Пет. 3:13). Уыцы ног дунейы «сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Пс. 37:11). Адӕм «хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты» ӕмӕ «сӕ къухты фыдӕбонӕй» райгонд уыдзысты (Ис. 65:21, 22). Ӕфхӕрд ничиуал ӕййафдзӕн, мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинадӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Пс. 72:13–16). Мӕнг динтӕ никӕйуал сайдзысты, уымӕн ӕмӕ нал уыдзысты (Рарг. 18:8, 21). Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, ӕмӕ уыдонӕн дӕр уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат (Ис. 25:8; Хъуыд. 24:15). Уыцы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, абон Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куы кӕнӕм ӕмӕ йӕ организациимӕ размӕ куы цӕуӕм, уӕд.

Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы куыд цӕрдзынӕ, уый? (кӕс 16 абзац)

17. Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

17 Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы рӕстӕг фервӕзӕм, уый тыххӕй нӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар, стӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ иумӕ лӕггад кӕнӕм. Ахӕм зӕрдӕйы уаг уыди псаломзарӕггӕнӕг Давидӕн дӕр. Уый зарыд: «Иу хъуыддаг куырдтон Йегъовӕйӕ, бӕлгӕ дӕр уымӕ кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты, цӕмӕй уынон Йегъовӕйы рӕсугъддзинад ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон» (Пс. 27:4). Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр Хуыцауимӕ ӕнгом уӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ организациимӕ размӕ цӕуӕд!