Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта

Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта

Мӕ цардӕмбал Эвелинимӕ поездыл ацыдыстӕм гыццыл горӕт Хорнепейнмӕ цӕгат Онтариойы (Канадӕ). Уырдӕм ныххӕццӕ стӕм райсомӕй раджы, ӕмӕ дзы уыди тынг уазал. Бынӕттон ӕфсымӕр ныл сӕмбӕлд ӕмӕ нӕ сӕхимӕ акодта. Уым йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ фыртимӕ аходӕн бахордтам. Стӕй арф миты ацыдыстӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ. Фӕссихор мын уыди раныхас – районон цӕстдарӕгӕй мӕ куы снысан кодтой, уый фӕстӕ уый уыди мӕ фыццаг раныхас. Уыдыстӕм ӕрмӕстдӕр нӕхӕдӕг фондзӕй, ӕндӕр ничи ӕрбацыд.

УЫЦЫ хабар уыди 1957 азы. Раст зӕгъгӕйӕ, мӕ раныхасмӕ афтӕ гыццыл адӕм кӕй байхъуыста, уый тыххӕй нӕ тыхстӕн. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ тынг ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн. Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд-иу нӕм уазӕгуаты чи ӕрбацыд, уыдонӕй-иу мӕхи бамбӕхстон, куы-иу сӕ зыдтон, уӕд дӕр.

Уӕдӕ уӕм, ӕвӕццӕгӕн, диссаг фӕкӕсдзӕн, Йегъовӕйы организацийы мӕ хӕстӕн сӕ фылдӕр бирӕ адӕмимӕ баст кӕй уыдысты – зонгӕтимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕзонгӕтимӕ дӕр. Фӕлӕ кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ ӕнӕныфсхаст уыдтӕн, уӕддӕр мӕ бон баци уыцы хӕстӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын, ӕрмӕст мӕхи хъаруйӕ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы хъаруйӕ. Ӕз федтон, Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй ӕххӕст кодта: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10). Йегъовӕ мын ӕппӕты тынгдӕр ӕххуыс кодта ме ’мчырыстӕтты уылты. Цӕй уӕдӕ уын уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иуты тыххӕй радзурон, ӕмӕ райдайдзынӕн мӕ сабибонтӕй.

УЫДИ ЙӔМ БИБЛИ ӔМӔ ГЫЦЦЫЛ САУ ЧИНЫГ

Нӕ фермӕ хуссар-ныгуылӕн Онтариойы

Мах цардыстӕм хуссар-ныгуылӕн Онтариойы. 1940 азы нӕм иу хур бон, хуыцаубоны, нӕ фермӕмӕ ӕрбацыд Элси Хантинфорд. Дуар ын бакодта мӕ мад. Мӕ фыд та мемӕ мидӕгӕй бадти ӕмӕ сӕм уырдыгӕй хъуыста – уый дӕр мӕн хуызӕн ӕфсӕрмыгӕнаг уыди. Уый фенхъӕлдта, хо Хантинфорд цыдӕртӕ кӕй уӕй кӕны ӕмӕ дзы мӕ мад исты ӕнӕхъӕугӕ дзаума кӕй балхӕндзӕн. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг рацыд ӕмӕ йын загъта, мах ницы хъӕуы, зӕгъгӕ. Хо Хантинфорд ӕй бафарста: «Библи ахуыр кӕнын дӕр уӕ нӕ фӕнды?» Мӕ фыд ын загъта: «Уый та нӕ куыннӕ фӕнды!»

Хо Хантинфорд нӕм йӕ тӕккӕ афоныл ӕрбацыд. Мӕ ныййарджытӕ уый размӕ тынг зӕрдиагӕй архайдтой  Канадӕйы Иугонд аргъуаны хъуыддӕгты, фӕлӕ аскъуыддзаг кодтой аргъуан ныууадзын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу сауджын аргъуаны бахизӕны ӕрцауыгъта, мысайнӕгтӕ чи лӕвӕрдта, уыдоны номхыгъд, цӕмӕй йӕ алчидӕр уыдтаид. Мӕ ныййарджытӕ мӕгуыр кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ-иу арӕхдӕр сӕ нӕмттӕ уыдысты хыгъды кӕрон, ӕмӕ сын аргъуаны хистӕртӕ фылдӕр мысайнаг дӕттын кодтой. Стӕй ма аргъуаны сауджынтӕй сӕ иу загъта, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй цӕуыл ӕууӕндын, уый куы амонон адӕмӕн, уӕд ӕнӕ куыстӕй баззайдзынӕн. Уыдӕтты тыххӕй нӕ бинонтӕ аргъуан ныууагътой. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йын кувын.

Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Канадӕйы хъусын кӕныны бар нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ хо Хантинфорд нӕ бинонтимӕ ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кодта ӕрмӕстдӕр Библийӕ ӕмӕ, йӕ гыццыл сау чиныджы цы фыстытӕ уыд, уыдонӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр куы бамбӕрста, хицӕуттыл ӕй кӕй нӕ сардаудзыстӕм, уӕд нын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ дӕр радта. Алы ахуыры фӕстӕ дӕр-иу нӕ публикацитӕ арф бамбӕхстам *.

Мӕ ныййарджытӕ донаргъуыд райстой 1948 азы

Хо Хантинфорд хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, кӕд ӕй хъыгдардтой ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзӕрста, уӕддӕр. Йӕ зӕрдӕйы уаг мӕ дисы ӕфтыдта, ӕмӕ ӕз дӕр сфӕнд кодтон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕ ныййарджытӕ донаргъуыд куы райстой ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы систы, уымӕй иу азы фӕстӕ, 1949 азы 27 февралы, ӕз дӕр донаргъуыд райстон, фосӕн дон кӕм дардтам, уыцы ӕфсӕйнаг мигӕнӕны. Уӕд мыл цыди 17 азы. Уый фӕстӕ сфӕнд кодтон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайын.

ЙЕГЪОВӔ МЫН БАХХУЫС КОДТА, ЦӔМӔЙ НЫФСДЖЫНДӔР СУЫДАИН

1952 азы мӕ ӕнӕнхъӕлӕджы Вефилмӕ фӕхуыдтой

Мӕ ныфс нӕ хастон уайтагъд пионерӕй лӕггад кӕнын райдайынмӕ. Цасдӕр рӕстӕг куыстон дыууӕ раны, банчы ӕмӕ офисы, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уал хъуамӕ ӕхца бакусон, цӕмӕй стӕй пионерӕй лӕггад кӕнон. Фӕлӕ ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд, ӕмӕ-иу ме ’хцатӕ уайтагъд бахардз сты. Ӕмӕ мӕ иу ӕфсымӕр, Тед Сарджент, зӕгъгӕ, баразӕнгард кодта, цӕмӕй ныфсджындӕр уыдаин ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаин (1 Аз. 28:10). Йӕ уынаффӕ мын баххуыс кодта, ӕмӕ 1951 азы ноябры пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Уыди мӕм ӕрмӕстдӕр 40 доллӕры, зӕронд велосипед  ӕмӕ ног пъартфел. Фӕлӕ мын Йегъовӕ алкӕддӕр лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъуыд, уый. Куыд тынг бузныг дӕн Тедӕй, пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ мӕ кӕй сразӕнгард кодта, уый тыххӕй! Уый фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн.

1952 азы августы кӕрон мӕм иу изӕр Торонтойӕ телефонӕй ӕрбадзырдтой. Канадӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал мӕ фӕхуыдта, цӕмӕй сентябрӕй уым лӕггад кӕнын райдыдтаин. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн ӕмӕ уӕдмӕ филиалы дӕр никуы уыдтӕн, уӕддӕр тынг цин кодтон, уымӕн ӕмӕ-иу мын иннӕ пионертӕ Вефилы тыххӕй диссаджы хабӕрттӕ радзырдтой. Вефилмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕхи хӕдзары дӕн.

«ӔФСЫМӔРТӔ ХЪУАМӔ ӔМБАРОЙ, КӔЙ СЫЛ ТЫХСЫС, УЫЙ»

Вефилмӕ куы ’рцыдтӕн, уымӕй дыууӕ азы фӕстӕ ӕфсымӕр Билл Якосы бӕсты Торонтойы иу ӕмбырды райдыдтон ӕмбалады лӕггадгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын (ныр хуыйны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор). 23 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, ӕмӕ мӕхимӕ ахӕм цӕстӕй кастӕн, цыма хуымӕтӕг хъӕуккаг лӕппу дӕн ӕмӕ ницы ӕмбарын. Фӕлӕ мын ӕфсымӕр Якос сӕрныллӕгӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цы аразын мӕ хъуыди, уый. Ӕмӕ мын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта.

Ӕфсымӕр Якос уыди, ӕдзух йӕ мидбылты чи худти ӕмӕ фидӕрттӕ арӕзт чи уыд, ахӕм нӕлгоймаг. Уый алкӕддӕр хъуыды кодта адӕмыл. Ӕфсымӕрты тынг уарзта, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр уарзтой. Хӕдзармӕ сӕм бӕрӕггӕнӕг цыди ӕрмӕст зындзинӕдты рӕстӕг нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи дӕр. Билл Якос мӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕз дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кодтаин ӕмӕ семӕ уацамынды цыдаин. Билл мын загъта: «Кен, ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ӕмбарой, кӕй сыл тыхсыс, уый. Уӕд дын дӕ хъӕндзинӕдтӕ ницӕмӕ дардзысты».

МӔ БИНОЙНАГ ӔНУВЫД УЫДИ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДӔР ӔМӔ МӔНЫЛ ДӔР

1957 азы январӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуыс ноджы тынгдӕр ӕнкъарын райдыдтон. Уыцы мӕй мӕ цард баиу кодтон Эвелинимӕ. Уый фӕци Галаады скъолайы 14-ӕм кълас. Нӕ чындзӕхсӕвы размӕ Эвелин лӕггад кодта Квебекы, французаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы провинцийы. Уыцы рӕстӕг Квебекы pомаг католикон аргъуанӕн уыди стыр бартӕ, ӕмӕ уый тыххӕй Эвелинӕн уым хъусын кӕнын зын уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйыл тынг ӕнувыд уыди, ӕмӕ йӕ лӕггад нӕ ныууагъта.

Эвелинимӕ нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1957 аз

Эвелин мӕныл дӕр тынг ӕнувыд уыд (Еф. 5:31). Йе ’нувыддзинад нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ фӕлвӕрд ӕрцыд. Мах фӕндыд нӕ иумӕйаг царды фыццаг мӕй Флоридӕмӕ (АИШ) ацӕуын. Фӕлӕ мӕм нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ дыккаг бон Канадӕйы филиалӕй ӕрбадзырдтой, цӕмӕй уырдӕм ацыдаин – иу къуырийы дӕргъы дзы хъуамӕ цыдаид цавӕрдӕр фембӕлд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нын нӕ пълӕнттӕ хӕлдта, фӕлӕ мах фӕндыд, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый аразын. Уымӕ гӕсгӕ Флоридӕмӕ нал ацыдыстӕм. Цалынмӕ ӕз филиалы уыдтӕн, уӕдмӕ Эвелин та хъусын кодта филиалмӕ хӕстӕг. Кӕд уыцы территори Квебекӕй тынг хицӕн кодта, уӕддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кодта.

Уыцы къуырийы кӕрон ма фехъуыстон ноджыдӕр иу диссаджы хабар – Онтариойы цӕгат хаймӕ мӕ районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Бинонтӕ нырма ӕрӕджы ӕркодтон, стӕй мыл 25 азы йеддӕмӕ нӕ цыд ӕмӕ уыдтӕн тынг ӕвӕлтӕрд. Фӕлӕ мах нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам  ӕмӕ ацыдыстӕм. Цӕугӕ та акодтам ӕхсӕвыгон поездыл, Канадӕйы зымӕджы ӕппӕты уазалдӕр куы вӕййы, уыцы бонтӕй иуы. Немӕ ма уыд цалдӕр фӕлтӕрдджын цӕуӕг цӕстдарӕджы. Уыдон фӕстӕмӕ цыдысты, кӕм лӕггад кодтой, уыцы рӕттӕм. Сӕ ныхӕстӕй нӕ тынг бафидар кодтой! Иу ӕфсымӕр ма нын йӕ бынат дӕр радта, фынӕй кӕнӕн кӕм уыд, уыцы вагоны, цӕмӕй ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ма бадтаиккам. Дыккаг бон райсомӕй, нӕ чындзӕхсӕвӕй 15 боны фӕстӕ, ӕрцыдыстӕм Хорнепейнмӕ, цы гыццыл къорд дзы уыд, уый бабӕрӕг кӕнынмӕ, райдианы дӕр уыцы хабары кой кодтон.

Эвелинимӕ нӕм нырма бирӕ ивындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. 1960-ӕм азты кӕрон, облӕстон цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд мӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 36-ӕм къласмӕ. Ахуыр кӕнын хъуамӕ райдыдтаиккам 1961 азы февралы Бруклины (штат Нью-Йорк), ӕмӕ нӕ ахуыр хъуамӕ ахастаид дӕс мӕйы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг цин кодтон, фӕлӕ мын иннӕмӕй та зын уыди, уымӕн ӕмӕ Эвелины нӕ фӕхуыдтой. Кӕй фӕхуыдтой, уыцы ӕфсымӕрты бинойнӕгтау Эвелинӕн дӕр загътой, цӕмӕй писмо ныффысса, цӕттӕ кӕй у дӕс мӕйы иунӕгӕй фӕцӕрынмӕ. Эвелинӕн уый тынг зын уыд, кӕугӕ дӕр ма скодта, фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодтам, Галаады скъоламӕ кӕй ацӕудзынӕн. Эвелин цин кодта, бирӕ цӕуылдӕрты дзы кӕй сахуыр уыдзынӕн, ууыл.

Цалынмӕ ӕз ахуыр кодтон, уӕдмӕ Эвелин та Канадӕйы Вефилы лӕггад кодта. Уым ӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ иу уаты царди сӕрст хоимӕ, Маргарет Ловеллимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Эвелинимӕ кӕрӕдзи тынг мысыдыстӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй нын уыцы рӕстӕг цы хӕстӕ уыди, уыдон ӕххӕст кодтаиккам. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ организацийы тыххӕй Эвелин иунӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.

Галаады скъолайы ӕртӕ мӕйы бӕрц куы фӕахуыр кодтон, уӕд мын ӕфсымӕр Нейтан Норр (уыцы рӕстӕг ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уый) диссаджы хабар фехъусын кодта. Ӕфсымӕр Норр мӕ бафарста, зӕгъгӕ, дӕ бон нӕ уаид Галаады скъола ныууадзын ӕмӕ Канадӕйы филиалмӕ ацӕуын, цӕмӕй уым Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъолайы ахуыргӕнӕг уай. Ӕфсымӕр Норр мын загъта, зӕгъгӕ дӕ кӕд нӕ фӕнды, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ ма ацӕуай. Мӕ бон уыди Галаады скъола фӕуын ӕмӕ стӕй миссионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕр Норр ма мын бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Канадӕмӕ куы аздӕхай, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, Галаадмӕ мауал фӕхоной ӕмӕ дӕ Канадӕйы филиалмӕ дӕр мауал снысан кӕной. Загъта ма мын, зӕгъгӕ, дам, ацы хъуыддаг хъуамӕ дӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнай, фӕлӕ, дам, уал фыццаг дӕ бинойнагимӕ аныхас кӕн.

Фӕлӕ мын Эвелин уый размӕ дӕр загъта, Хуыцауы хъуыддагимӕ баст хӕстӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр Норрӕн ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ загътон: «Йегъовӕйы организаци нын цыфӕнды ма бахӕс кӕна,– цингӕнгӕйӕ йӕ араздзыстӕм». Мах алкӕддӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдыстӕм, ӕмӕ, нӕхи цы фӕнда, уый кӕй нӕ араздзыстӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕйы организаци цы бахӕс кӕна, уый.

1961 азы апрелы Бруклинӕй Канадӕмӕ ӕрыздӕхтӕн, цӕмӕй Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ  кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъолайы ахуыргӕнӕг уыдаин. Фӕстӕдӕр нӕ Эвелинимӕ Вефилмӕ лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдтой. Уый фӕстӕ мӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕхуыдтой Галаады скъолайы 40-ӕм къласмӕ. Хъуамӕ райдыдтаид 1965 азы. Ӕмӕ та Эвелины ногӕй фыссын хъуыди, цӕттӕ кӕй у уыцы рӕстӕг иунӕгӕй цӕрынмӕ. Фӕлӕ цалдӕр къуырийы фӕстӕ Эвелины дӕр Скъоламӕ мемӕ куы фӕхуыдтой, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд.

Галаады скъоламӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд нын ӕфсымӕр Норр загъта, французаг ӕвзаг чи ахуыр кӕны, уыцы студентты Африкӕмӕ кӕй арвитдзысты. Ӕмӕ мах дӕр Эвелинимӕ уыдоны ’хсӕн уыдыстӕм. Фӕлӕ уый ӕнхъӕл чи уыд, ӕмӕ ахуыр куы фӕуӕм, уӕд нӕ фӕстӕмӕ Канадӕмӕ арвитдзысты! Мӕн снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй (ныр хуыйны филиалы комитеты координатор). Уӕд мыл 34 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ ӕфсымӕр Норрӕн загътон: «Ӕз нырма ӕрыгон дӕн». Фӕлӕ мӕ уый йӕ ныхӕстӕй ныфс бауагъта. Ӕмӕ ӕз дӕр фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ архайдтон, цӕмӕй-иу ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссыны размӕ Вефилы фӕлтӕрдджындӕр ӕфсымӕртимӕ аныхас кодтаин.

АДӔЙМАГ ВЕФИЛЫ ЙӔХӔДӔГ ДӔР АХУЫР КӔНЫ ӔМӔ ИННӔТЫ ДӔР АХУЫР КӔНЫ

Вефилы мын диссаджы фадӕттӕ ис, цӕмӕй иннӕтӕй ахуыр кӕнон. Филиалы комитеты иумӕ кӕимӕ лӕггад кӕнын, уыцы ӕфсымӕртӕн тынг аргъ кӕнын ӕмӕ мын бирӕ цӕмӕйдӕрты сты фӕзминаг. Ам филиалы, стӕй, цы ӕмбырдты лӕггад кодтам, уым базонгӕ стӕм сӕдӕгай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ – ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр,– ӕмӕ уыдонӕй дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.

Канадӕйы Вефилы бинонтимӕ райсомӕй хӕрды размӕ Библийы стихыл ныхас кӕнын

Вефилы ма мын бирӕ фадӕттӕ ис, цӕмӕй мӕхӕдӕг дӕр иннӕты ахуыр кӕнон ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнон. Апостол Павел Тимофейӕн загъта: «Цы базыдтай... ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц». Стӕй ма йын загъта: «Бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:2; 3:14). Иуӕй-иу хатт мӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ афӕрсынц, 57 азы Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр дӕ, зӕгъгӕ. Ӕз сын фӕзӕгъын: «Йегъовӕйы организаци дын цы бахӕс кӕны, уый аразынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ у ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнд, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл».

Афтӕ мӕм кӕсы, цыма Вефилмӕ нырма знон ӕрцыдтӕн, ӕфсӕрмыгӕнаг, ӕвӕлтӕрд ӕрыгон лӕппу. Фӕлӕ мын уыцы азты дӕргъы Йегъовӕ «хӕцыд мӕ рахиз къухыл». Ӕххуыс-иу мӕ тынгдӕр куы хъуыди, уӕд-иу мын арӕхдӕр баххуыс кодта мӕ хӕларзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уылты. Ӕмӕ мын Йегъовӕ ныр дӕр дзуры: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:13).

^ 10 абз. 1945 азы 22 майы нын Канадӕйы хицауад сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар радта.