Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у, алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи аразы, уыцы Хуыцау

Йегъовӕ у, алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи аразы, уыцы Хуыцау

«Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау» (1 КОР. 14:33).

1, 2. а) Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йемӕ иумӕ цавӕр куыст кодта? ӕ) Зӕдтӕ бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй архайынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

ЙЕГЪОВӔ, Дунесфӕлдисӕг Хуыцау, алцыдӕр аразы уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Хуыцау ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста йӕ Фырты. Библи йӕ хоны «Дзырд», уымӕн ӕмӕ Хуыцауы номӕй сӕйраджыдӕр уый дзырдта. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ». Уый Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты лӕггад кодта милуангай азтӕ. Библийы ма Хуыцауы Фырты тыххӕй кӕсӕм: «Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд». Фӕстӕдӕр ӕй Йегъовӕ зӕхмӕ ӕрӕрвыста, ӕмӕ уӕдӕй рацыд 2 000 азӕй фылдӕр. Зӕххыл уый уыди ӕххӕст адӕймаг, хуыдтой йӕ Йесо Чырысти. Йесо йӕ Фыдыл иузӕрдион кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кодта (Иоан. 1:1–3, 14).

2 Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ дӕр йӕ Фыдӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта – йӕ фарсмӕ уыди «куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:30). Йӕ Фыртимӕ иумӕ Йегъовӕ уӕлӕрвты сфӕлдыста милуангай зӕдты (Кол. 1:16). Уыцы зӕдты тыххӕй Библийы фыст ис: «Мин-минтӕ йын [ома Йегъовӕйӕн] лӕггад кодтой ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы» (Дан. 7:10). Зӕдтӕ архайынц бӕлвырд  уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Библи хоны Хуыцауы «ӕфсӕдтӕ» (Пс. 103:21).

3. Стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ цас сты ӕмӕ Дун-дуне куыд конд у?

3 Йегъовӕ уыйбӕрц стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ скодта, ӕмӕ сӕ адӕймагӕн йӕ бон банымайын дӕр нӕу. Цымӕ ӕдӕппӕтӕй цас сты? Иу газеты куыд фыст уыд, афтӕмӕй ахуыргӕндтӕ ӕрӕджы раиртӕстой, Дун-дунейы кӕй ис «иу-300 секстиллион * стъалыйы, раздӕр куыд хъуыды кодтой, уымӕй ӕртӕ хатты фылдӕр» (Houston Chronicle). Дун-дуне афтӕ конд у, ӕмӕ дзы алцӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат. Зӕгъӕм, алы стъалы дӕр хауы кӕцыдӕр галактикӕмӕ, алы галактикӕйы та ис миллиардгай кӕнӕ суанг триллионгай стъалытӕ, стӕй ма бирӕ планетӕтӕ дӕр. Галактикӕтӕн сӕ фылдӕр хауынц галактикӕты къордтӕм, уыцы къордтӕ та хауынц ноджы стырдӕр къордтӕм.

4. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой?

4 Уӕлӕрвтӕ куы райсӕм, уӕд дзы зыны диссаджы уаг ӕмӕ ӕгъдау, фӕнды Хуыцауы зӕдты кой кӕнӕм, фӕнды – стъалытӕ ӕмӕ планетӕты кой (Ис. 40:26). Уӕдӕ уӕд Йегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ дӕр бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куыннӕ хъуамӕ архайой. Уый у ӕнӕмӕнг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъӕуы стыр ӕмӕ ахсджиаг куыст кӕнын. Рагзамантӕй фӕстӕмӕ Хуыцауӕн йӕ адӕм иузӕрдионӕй куыд лӕггад кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау алкӕддӕр семӕ кӕй уыд, стӕй «ахӕм [кӕй] нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа», фӕлӕ «фарны Хуыцау» кӕй у. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40.)

РАГЗАМАНТЫ ХУЫЦАУЫ АДӔММӔ АЛЦЫДӔР УЫД УАГ ӔМӔ ӔГЪДАУЫЛ

5. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый рӕстӕгмӕ куыд ныкъкъуылымпы?

5 Йегъовӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр» (Райд. 1:28). Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕхӕдӕг не сфӕлдыста. Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ цот рауагътаиккой, уыцы цотӕн та хъуамӕ фӕзындаид сӕхи цот. Афтӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр хъуамӕ адӕмӕй байдзаг уыдаид. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ адӕм хъуамӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт скодтаиккой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уый тыххӕй Хуыцауы фӕнд рӕстӕгмӕ ныкъкъуылымпы (Райд. 3:1–6). Цасдӕры фӕстӕ «Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл». Ӕппынфӕстаг «зӕхх... ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци, фыдмитӕй байдзаг». Гъемӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта зӕххыл Доны хъаймӕт рауадзын ӕмӕ фыдадӕмы фесафын (Райд. 6:5, 11–13, 17).

6, 7. а) Ной Йегъовӕйы хорзӕх цӕй фӕрцы ссардта? (Кӕс нывмӕ 21 фарсыл.) ӕ) Нойы ныхӕстӕ чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыцы адӕмыл цы ’рцыд?

6 Фӕлӕ Доны хъаймӕты адӕм се ’ппӕт дӕр нӕ фесӕфтысты. Зӕгъӕм, Ной «ссардта Йегъовӕйы хорзӕх», уымӕн ӕмӕ «уыди рӕстгӕнӕг» ӕмӕ «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ». Йегъовӕ Нойӕн бахӕс кодта стыр нау саразын ӕмӕ, куыд аразгӕ у, уый дӕр ын бӕстон бамбарын кодта (Райд. 6:8, 9, 14–16). Уыцы науы фӕрцы, йӕ мидӕг цы адӕм ӕмӕ цы цӕрӕгойтӕ уыдаид, уыдон Доны хъаймӕты аирвӕзтаиккой. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ бакодтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕмӕ цӕрӕгойты наумӕ куы бакодтой, уӕд «Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта» (Райд. 7:5, 16).

7 Доны хъаймӕт ӕрцыд н. э. размӕ 2370 азы. Уӕд Йегъовӕ «фесӕфта, зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр уыдис, уыдон иууылдӕр». Фӕлӕ, науы чи уыд, уыдоны, ома йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Нойы ӕмӕ йӕ бинонты, бахъахъхъӕдта (Райд. 7:23). Абон зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр сты Ной ӕмӕ йӕ фыртты байзӕддӕгтӕ. Наумӕ чи нӕ бацыд, уыдон та се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты, уымӕн ӕмӕ «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» Нойы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой (2 Пет. 2:5).

Аст адӕймаджы бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый руаджы Доны хъаймӕты аирвӕзтысты (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

8. Хуыцау израилӕгтӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын куы бафӕдзӕхста, уыцы рӕстӕг цӕмӕй уыди бӕрӕг, алцыдӕр сӕм уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй уыд?

 8 Доны хъаймӕтӕй аст ӕнусӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд Хуыцау израилӕгты равзӕрста ӕмӕ сӕ йӕ адӕм схуыдта. Уый сын сӕ царды алы фӕзилӕнӕн дӕр сӕвӕрдта бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау, уӕлдайдӕр та, куыд ын хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уымӕн. Зӕгъӕм, израилӕгтӕй кӕйдӕрты сӕвӕрдта сауджынтӕй ӕмӕ левиттӕй. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау равзӕрста сылгоймӕгты дӕр, цӕмӕй «ӕмбырды цатыры бахизӕны раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ... лӕггад кодтаиккой» (Рац. 38:8). Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста Ханааны зӕхмӕ бацӕуын, фӕлӕ сӕ фылдӕр нӕ бакуымдтой, уымӕн ӕмӕ фӕтарстысты. Уый тыххӕй сын Хуыцау загъта: «Сымах нӕ бацӕудзыстут, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ кӕй тыххӕй расомы кодтон, уым ӕз уемӕ цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Уырдӕм бацӕудзысты ӕрмӕстдӕр Халев, Йефоннийы фырт, ӕмӕ Йесо, Навины фырт» (Ным. 14:30, 37, 38). Зӕрдӕвӕрд зӕхх басгарынмӕ чи ацыд, уыдонӕй Йесо Навин ӕмӕ Халевы йеддӕмӕ уыцы зӕххы тыххӕй хорз ничи загъта. Фӕстӕдӕр Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Моисей Йесо Навины йӕ бӕсты разамонӕгӕй сӕвӕрдта (Ным. 27:18–23). Йесо Навин израилӕгты Ханааны зӕхмӕ куы хъуамӕ бакодтаид, уӕд ын Хуыцау загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у. ...Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:9).

9. Раав Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ цавӕр зӕрдӕ дардта?

9 Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ Йесо Навинимӕ уыд, кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, уӕддӕр. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, н. э. размӕ 1473 азы израилӕгтӕ ханаайнаг горӕт Иерихонмӕ хӕстӕг куы ӕрбынат кодтой, уӕд цы хабар ӕрцыд, уый. Йесо Навин Иерихонмӕ дыууӕ сгарӕджы арвыста. Уым уыдон бацыдысты хӕтаг сылгоймаг Раавы хӕдзармӕ. Иерихоны паддзах йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй уыцы сгарджыты ӕрцахстаиккой, фӕлӕ сӕ Раав йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта ӕмӕ сӕ уым бамбӕхста. Раав израилаг сгарджытӕн загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн. ...Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы  дӕттӕ куыд бахус кодта, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн... цытӕ бакодтат, уый дӕр». Раав ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Йес. Н. 2:9–11). Раав Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кодта, израилӕгтӕ Иерихон куы бацахстой, уӕд (Йес. Н. 6:25). Раав равдыста, уырнындзинад ӕм кӕй ис ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн кӕй аргъ кӕны.

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔМ АЛЦЫДӔР УЫД УАГ ӔМӔ ӔГЪДАУЫЛ

10. Чырысти дзуттаг дины разамонджытӕн цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

10 Йесо Навины разамындӕй израилӕгтӕ Ханааны горӕттӕ иу иннӕйы фӕдыл бацахстой. Фӕлӕ уый фӕстӕ, иу-1 500 азы дӕргъы, израилӕгтӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ахызтысты. Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ куы ӕрӕрвыста, уӕдмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕм ӕппындӕр нал хъуыстой. Чырысти дӕр Иерусалим, «пехуымпарты чи мары», ахӕм горӕт дзӕгъӕлы не схуыдта. (Бакӕс Матфейы 23:37, 38.) Дзуттаг дины разамонджытӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй сыл уый дӕр йӕ къух систа. Чырысти сын загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матф. 21:43).

11, 12. а) Цӕмӕй уыд бӕрӕг, фыццаг ӕнусы Йегъовӕ йӕхицӕн израилӕгты бӕсты ног адӕм кӕй равзӕрста? ӕ) Хуыцау кӕмӕн арфӕ кодта, уыцы ног адӕмы ’хсӕн чи уыд?

11 Н. э. 1 ӕнусы Йегъовӕ израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йын зӕххыл иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ нал уыд. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ йе ’ргом раздӕхта ног адӕммӕ – Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй 120 адӕймаджы иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд «ӕвиппайды уӕларвӕй ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ, цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг». Уый фӕстӕ «ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ. Уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр иу ӕрцыд. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой» (Хъуыд. 2:1–4). Уыцы диссаджы хабары фӕстӕ ма чи хъуамӕ дызӕрдыг кодтаид, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйы ног адӕм кӕй сты ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕны!

12 Уыцы диссаджы бон «ахуыргӕнинӕгтыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц». Ӕмӕ сыл уӕдӕй фӕстӕмӕ «Йегъовӕ алы бон дӕр ӕфтыдта, ирвӕзындзинады фӕндагыл-иу чи слӕууыд, ахӕмты» (Хъуыд. 2:41, 47). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы афтӕ ӕнтыстджын уыдысты, ӕмӕ «Хуыцауы ныхас... парахат кодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой». Бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, уыимӕ сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ, Йегъовӕйы ног адӕммӕ ӕрбаиу сты (Хъуыд. 6:7). Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ ноджыдӕр равдыста, йӕ ног адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны – «ӕндӕр адӕмтӕй» чи уыд, уыдоны дӕр чырыстон ӕмбырдмӕ кӕнын райдыдта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:44, 45.)

13. Хуыцауы ног адӕм цавӕр куыст хъуамӕ кодтаиккой?

13 Хуыцау Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр куыст бахӕс кодта, уый бӕрӕг уыд. Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыцы куыст кодта – донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райдыдта «уӕларвон паддзахады» тыххӕй хъусын кӕнын (Матф. 4:17). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыцы куыст кӕнын бафӕдзӕхста. Чырысти сын загъта: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ хорз ӕмбӕрстой, цы хъуамӕ арӕзтаиккой, уый. Зӕгъӕм, Павел ӕмӕ Варнавӕ Писидийы Антиохийы куы уыдысты, уӕд, дзуттӕгтӕй сӕ ныхмӕ чи цыди, уыдонӕн хъӕбатырӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуыди фехъусын кӕнын. Фӕлӕ йӕ сымах  кӕй ницӕмӕ дарут ӕмӕ уӕхи ӕнусон царды аккагыл кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм. Уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз дӕ адӕмтӕн радтон рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕроны онг дӕр фехъусын кӕнай, адӕмы цӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзынӕн, уый“» (Хъуыд. 13:14, 45–47). Фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ, Хуыцауӕн зӕххыл цы адӕм ис, уыдон иннӕтӕн ӕргом хъусын кӕнынц, Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы аразы, уый.

БИРӔТӔ БАБЫН СТЫ, ФӔЛӔ ХУЫЦАУЫ АДӔМ АИРВӔЗТЫСТЫ

14. Фыццаг ӕнусы Иерусалимыл цы ’рцыд ӕмӕ уӕд чи аирвӕзт?

14 Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр хорз хабарыл нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ каст бӕллӕх. Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕн бафӕдзӕхста: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг. Уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алыварс цы хъӕутӕ ис, уым чи уа, уыдон та горӕтмӕ ма бацӕуӕнт» (Лук. 21:20, 21). Ӕмӕ хабар рауад, Чырысти куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Дзуттӕгтӕ ромӕгты ныхмӕ кӕй сызмӕстой, уый тыххӕй н. э. 66 азы Ромы ӕфсад, йӕ сӕргъы Цестий Галл, афтӕмӕй, Иерусалимыл ӕртыхст. Фӕлӕ стӕй ӕфсад ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ ацыд, ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Иерусалимӕй ӕмӕ Иудейӕйӕ алыгъдаиккой. Историк Евсевий куыд ныффыста, афтӕмӕй чырыстӕттӕй бирӕтӕ Иорданы цӕугӕдоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ, Перейы чи уыд, уыцы горӕт Пеллӕмӕ ацыдысты. Н. э. 70 азы ромаг ӕфсад, йӕ сӕргъы Тит, афтӕмӕй, фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. Фӕлӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы аирвӕзтысты.

15. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

15 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдтой, сӕ фӕдыл зылдысты, стӕй сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цыд ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой (Хъуыд. 11:19–21; 19:1, 19, 20). Цымӕ цӕй фӕрцы? Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау арфӕ кодта (Ӕмб. 10:22).

16. Цӕмӕй чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодтаид, уый тыххӕй сӕ алчидӕр цы хъуамӕ арӕзтаид?

16 Цӕмӕй чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фидардӕр кодтаид, уый тыххӕй сӕ алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг зӕрдиагӕй архайдтаид. Хъуамӕ сӕ алчидӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстаид, ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цыдаид ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайдтаид. Ӕмӕ фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Йегъовӕйы адӕмӕн ацы хъуыддӕгты фӕрцы сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты алцӕмӕн дӕр уыд бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау. Ӕмбырдты уыд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыдон се ’мчырыстӕттӕн уыдысты стыр ӕххуыс (Фил. 1:1; 1 Пет. 5:1–4). Стӕй ма-иу сӕ бӕрӕг кодтой цӕуӕг цӕстдарджытӕ дӕр, зӕгъӕм, Павел, ӕмӕ сын уыдон дӕр сӕ циныл цин ӕфтыдтой (Хъуыд. 15:36, 40, 41). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодтой, мах дӕр ын абон растдӕр афтӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у! Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, рагзамантӕй абоны онг йӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй *.

17. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр куыд кӕны, афтӕ Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай бонӕй-бонмӕ йӕ цыд тагъддӕр кӕны. Ды дӕр ууыл архайыс, цӕмӕй Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуай? Дӕ уырнындзинад фидар кӕныс? Иннӕ статьяйӕ базондзынӕ, уыцы хъуыддаг дӕ бон куыд у аразын, уый.

^ 3 абз. 300 секстиллионы рауайдзӕн, 100 миллиарды 3 триллионыл куы схатт кӕнай, уӕд. Уыцы нымӕц ӕнӕхъӕнӕй куы фыссай, уӕд 3-йы фӕстӕ хъӕуы 23 нолы сӕвӕрын.

^ 16 абз. Кӕс 2002 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статьятӕ «Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кувынц удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» ӕмӕ «Уыдон цӕуынц ӕцӕгады фӕндагыл». Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай абон куыд архайы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?».