Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕты лӕмӕгъдзинӕдтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

Иннӕты лӕмӕгъдзинӕдтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

«Буары уӕнгтӕй лӕмӕгъдӕр чи зыны, уыдон хъӕуынц ӕхсызгонӕй» (1 КОР. 12:22).

1, 2. Павелӕн лӕмӕгъты бамбарын йӕ бон цӕмӕн уыди?

АЛЧИДӔР нӕ хатгай вӕййы лӕмӕгъ. Адӕймаг гриппӕй куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йын аллергийӕ куы райдайы, уӕд ын хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ кӕнын дӕр тынг зын вӕййы. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, иу кӕнӕ дыууӕ къуыри нӕ, фӕлӕ мӕйгӕйттӕ куы уаис афтӕ лӕмӕгъ. Ахӕм уавӕры дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕндид, цӕмӕй дын иннӕтӕ дӕ зын ӕмбарой.

2 Апостол Павел дӕр-иу хатгай ӕрлӕмӕгъ, ӕмбырды ӕдде дӕр ӕмӕ ӕмбырды мидӕг дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдоны тыххӕй. Цалдӕр хатты йӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ йӕм хъарутӕ ӕппындӕр нал ис (2 Кор. 1:8; 7:5). Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Павел бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Искуы афтӕ уыди, ӕмӕ чидӕр лӕмӕгъ уа, ӕмӕ ӕз йемӕ ма уон лӕмӕгъ?» (2 Кор. 11:29). Чырыстон ӕмбырды цы алыхуызон адӕм уыд, уыдоны Павел абарста адӕймаджы буары уӕнгтимӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ сӕ «лӕмӕгъдӕр чи зыны, уыдон хъӕуынц ӕхсызгонӕй» (1 Кор. 12:22). Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Лӕмӕгъдӕр чи зыны, уыдонмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ афтӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

 ЙЕГЪОВӔ АДӔЙМАДЖЫ ЛӔМӔГЪДЗИНӔДТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ

3. Цӕмӕн у тӕссаг, ӕмбырды ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайӕм, уымӕй?

3 Ацы дунейы адӕм архайынц, иннӕтӕй хуыздӕр куыд уой, ууыл, ӕмӕ сӕм тынг кадджын сты, ӕрыгон ӕмӕ хъаруджын чи у, уыдон. Бирӕтӕ цыфӕнды дӕр бакӕнынц, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафта, ӕмӕ, лӕмӕгъдӕр чи у, уыдоны сӕртыл дӕр алӕгӕрдынц. Кӕд мах ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нымайӕм, уӕддӕр нын тӕссаг у, дунейы зондахаст ныл куы фӕзына, уымӕй. Ӕмӕ уӕд, не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй лӕмӕгъ ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм. Уӕдӕ цы хъӕуы, цӕмӕй ӕмбырды алкӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм?

4, 5. а) Павел адӕймаджы буары тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уымӕй нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ адӕймаджы лӕмӕгъдзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй? ӕ) Лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда хӕсдзӕн?

4 Йегъовӕ адӕймаджы лӕмӕгъдзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы цы цӕвиттон ӕрхаста, уый фӕрцы. Уыцы фыстӕджы 12-ӕм сӕры Павел фыссы, адӕймаджы буары ӕппӕты ӕгуыдзӕгдӕр кӕнӕ лӕмӕгъдӕр уӕнгтӕ дӕр кӕй хъӕуынц. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 18, 21–23.) Эволюцийы ахуырадыл хӕст чи у, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ дзурынц, ӕмӕ адӕймаджы буары цавӕрдӕр уӕнгтӕ нӕ хъӕуынц. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ бӕстондӕр раиртӕстой, адӕймаджы буар куыд конд у, уый. Ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, кӕддӕр ӕнӕхъӕугӕ уӕнгтыл нымад чи уыд, уыдон дӕр тынг ахсджиаг сты *. Зӕгъӕм, раздӕр ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, къахы гыццыл ӕнгуылдзӕй ницы пайда ис. Фӕлӕ ныр зонынц, уыцы ӕнгуылдзтӕ адӕймагӕн уӕлӕмӕ сыстынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц.

5 Павелы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ӕмбырды алчидӕр кӕй хъӕуы. Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕхи ницӕйагыл нымайӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр «хъӕуы ӕхсызгонӕй», суанг, лӕмӕгъдӕр чи зыны, уыдон дӕр (Иов 4:18, 19). Уӕдӕ нӕ хъуамӕ мачи дызӕрдыг кӕна, нӕхи ӕмбырды дӕр ӕмӕ Хуыцауы организацийы ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг кӕй хъӕуӕм, ууыл. Ӕрхъуыды-ма кӕн, ацӕргӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕрмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы куыд фӕкастӕ, уый. Уыцы адӕймагӕн уый стыр ӕххуыс фӕуыдаид, фӕлӕ цымӕ дӕуӕн та исты пайда ӕрхаста? Куыннӕ ма! Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр фӕцин кӕнӕм, стӕй уый фӕрцы ноджы фӕразондӕр свӕййӕм, иннӕты тынгдӕр уарзын райдайӕм ӕмӕ нӕ чырыстон удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнӕм (Еф. 4:15, 16). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды алкӕмӕн дӕр, уыимӕ лӕмӕгътӕн дӕр, аргъ кӕнӕм. Не ’фсымӕртӕм ӕмӕ нӕ хотӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домдзыстӕм ӕмӕ сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм.

6. Павел дзырдтӕй «лӕмӕгъ» ӕмӕ «фидар» куы спайда кодта, уӕд цӕй кой кодта?

6 Павел коринфӕгтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уым дзырдтӕй «лӕмӕгъ» ӕмӕ «лӕмӕгъдзинӕдтӕ» спайда кодта, адӕмӕй бирӕтӕ чырыстӕттӕм цы цӕстӕй кастысты, уый кой кӕнгӕйӕ, стӕй йӕхи кой кӕнгӕйӕ дӕр (1 Кор. 1:26, 27; 2:3). Йӕ иннӕ фыстӕджы та иуӕй-иу чырыстӕтты тыххӕй ныффыста, сӕ уырнындзинад «фидар» кӕй у. Фӕлӕ йӕ уымӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уыдон иннӕтӕй хуыздӕр уыдысты (Ром. 15:1). Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, фӕлтӕрд чи у, уыцы чырыстӕттӕ, рӕстдзинады чи нӕма ӕрфидар, уыдонимӕ фӕразон кӕй хъуамӕ уыдаиккой.

НӔ ЗОНДАХАСТ НӔ, МЫЙЙАГ, ФӔИВЫН НӔ ХЪӔУЫ?

7. Зын уавӕры чи ис, уыдонӕн баххуыс кӕнын нын хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

7 Лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй бафӕзмӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм (Пс. 41:1;  Еф. 5:1). Фӕлӕ нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, зын уавӕры чи ис, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Цӕуылнӕ? Чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕ зындзинӕдты сӕхӕдӕг сты аххосджын. Йе та сын цы зӕгъӕм, уый нӕ фӕзонӕм, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй нӕхи дард фӕласӕм. Ӕркӕсӕм иу хойы хабармӕ, йӕ ном Синтийӕ *. Йӕ лӕг ӕй куы ныууагъта, уӕд ӕй тынг хъуыди ӕххуыс. Синтийӕ зӕгъы: «Хотӕ ӕмӕ дӕ ӕфсымӕртӕ сӕхи дард куы ласой ӕмӕ, хорз ӕмбӕлттӕй куыд ӕнхъӕл дӕ, афтӕ куы нӕ архайой, уӕд дын зын куыннӕ уыдзӕн. Адӕймаг зын уавӕры куы бахауы, уӕд ӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй йӕ фарсмӕ исчи уа». Паддзах Давид дӕр йӕхицӕй зыдта, адӕймагӕн куыд зын вӕййы, йе ’мбӕлттӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд (Пс. 31:12).

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн сӕ зын ӕмбарӕм?

8 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн сӕ зын ӕмбарӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕй тыххӕй сты лӕмӕгъ – чидӕртӕ сӕ низӕфхӕрд сты, кӕмӕндӕрты сӕ депресси ис, кӕмӕндӕрты та сӕ бинонтӕ рӕстдзинады не сты. Нӕхӕдӕг ахӕм уавӕры куы уаиккам, уӕд нӕ куыннӕ фӕндид, цӕмӕй нын иннӕтӕ нӕ зын бамбарой. Ахъуыды-ма кӕнӕм израилӕгты хабарыл. Египеты куы цардысты, уӕд бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой. Фӕлӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уӕд сын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй, се ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа ӕмӕ ӕххуысхъуаг куы уа, уӕд-иу «сӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕной» ӕмӕ-иу ын баххуыс кӕной (Дык. з. 15:7, 11; Лев. 25:35–38).

9. Не ’мчырыстӕттӕй исчи зындзинӕдтӕ куы ’взара, уӕд нӕ сӕйраг мӕт цы хъуамӕ уа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Зын уавӕрты чи ис, уыдоны тыххӕй хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕхи аххосӕй ӕвзарынц зындзинӕдтӕ. Стӕй сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ дӕр хъуамӕ ма кӕсӕм. Хъуамӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм (Иов 33:6, 7; Матф. 7:1). Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм ахӕм уавӕр: мотоциклист фӕндагыл авари скодта, ӕмӕ йӕ уайтагъд рынчындонмӕ аластой. Цымӕ дохтыртӕ сӕ рӕстӕг ууыл хардз кӕндзысты, цӕмӕй, уыцы бӕллӕх кӕй аххосӕй ӕрцыд, уый базоной? Нӕ, уыдон рынчынӕн уайтагъд баххуыс кӕндзысты. Уӕдӕ не ’мчырыстон цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй куы ’рлӕмӕгъ уа, уӕд нӕ сӕйраг мӕт хъуамӕ уа, куыд ӕй бафидар кӕнӕм, уый. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14.)

10. Кӕд иуӕй-иутӕ фыццаг бакастӕй лӕмӕгъ зынынц, уӕддӕр цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «уырнындзинадӕй хъӕздыг» сты?

10 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ-иу нӕ хоты уавӕртыл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм афтӕ лӕмӕгъ нал кӕсдзысты. Ахъуыды-ма кӕн, бирӕ азты дӕргъы сӕ бинонтӕ кӕй ныхмӕ цӕуынц, уыцы хотыл. Чидӕртӕ сӕ фыццаг бакастӕй лӕмӕгъ зынынц, фӕлӕ цӕй диссаджы уырнындзинад ӕмӕ уды хъару ӕвдисынц! Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, фӕлӕ ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр чи цӕуы, уыцы хоты уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад дӕ дисы не ’фтауы? Ӕмӕ нӕ ӕрыгӕттӕ та? Кӕд сын скъолайы ацы дунейы зондахаст хъарынц, уӕддӕр рӕстдзинадыл фидар хӕцынц. Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ сразы уӕм, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ «уырнындзинадӕй хъӕздыг» кӕй сты, кӕд фыццаг бакастӕй иннӕтӕй лӕмӕгъдӕр зынынц, уӕддӕр (Иак. 2:5).

ИННӔТӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔС

11, 12. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’мчырыстӕтты лӕмӕгъдзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм? ӕ) Йегъовӕ-иу Ааронӕн цӕмӕн ныххатыр кодта? Уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Не ’мчырыстӕттӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм хъуамӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Ӕмӕ уый тыххӕй хорз уаид ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕн куыд уыди, ууыл. (Бакӕс Псалом 130:3.) Ахъуыды-ма кӕнӕм Аароны хабарыл. Сызгъӕрин род куы сарӕзта, уыцы рӕстӕг ды дӕр уым куы уыдаис ӕмӕ, Моисейы раз йӕхи куыд рӕстытӕ кӕны, уымӕ куы хъуыстаис, уӕд дзы цы ахъуыды кодтаис? (Рац. 32:21–24). Кӕнӕ йӕ хо Мариамы зондыл куы ацыд ӕмӕ Моисейы йӕ ӕндӕрбӕстаг усы тыххӕй фауын куы райдыдта, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракастаис? (Ным. 12:1, 2).  Науӕд, Йегъовӕ Меривӕйы къӕдзӕхӕй диссаджы хуызы дон куы рауагъта ӕмӕ йӕ Аарон ӕмӕ Моисей куы не скадджын кодтой, уӕд цы ахъуыды кодтаис? (Ным. 20:10–13).

12 Уыцы уавӕртӕй алкӕцыйы дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Аароны уайтагъд бафхӕрын. Фӕлӕ уый зыдта, Аарон ӕвзӕр адӕймаг кӕй нӕ уыд, кӕд-иу хатт лӕмӕгъ разынд, уӕддӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Аарон фӕрӕдыд, зын уавӕры-иу кӕй бахауд кӕнӕ-иу иннӕты ӕвзӕр зондыл кӕй ацыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу ын йӕ рӕдыд куы бацамыдтой, уӕд-иу ыл басаст ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тӕрхоныл сразы (Рац. 32:26; Ным. 12:11; 20:23–27). Йегъовӕ уыдта Ааронӕн йӕ уырнындзинад, стӕй, зӕрдӕйӕ кӕй фӕсмон кӕны, уый дӕр, ӕмӕ-иу ын ныххатыр кодта. Ӕмӕ бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ нымад уыдысты, «Йегъовӕйӕ чи тарст, уыдоныл» (Пс. 115:10–12; 135:19, 20).

13. Не ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый фӕдыл нӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

13 Ааронау не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ дӕр хатт фӕрӕдийынц. Цы цӕстӕй сӕм ракӕсӕм уӕд? Уыцы хъуыддаджы нӕ, мыййаг, нӕ зондахаст фӕивын нӕ хъӕуы? (1 Сам. 16:7). Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕфсымӕр кӕнӕ хо, цы ирхӕфсӕнтӕ ӕвзары, ууыл лӕмбынӕг нӕ хъуыды кӕны. Хъуамӕ йӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын ма райдайӕм, фӕлӕ ахъуыды кӕнӕм, куыд ын ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй зондджынӕй архайа. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн афтӕ куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд фӕразондӕр уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм.

14, 15. а) Иуафон Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй?

14 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй йӕхимӕ чи ныхъхъусы, уыдонмӕ. Уый дӕр нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст фӕивынӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм пехуымпар Илийайы. Уый хъӕбатырӕй дзырдта Ваалы 450 пехуымпары ныхмӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ ус-паддзах Йезавелӕй алыгъд, марынмӕ йӕ кӕй хъавы, уый куы базыдта, уӕд.  Илийа 150 километры бӕрц фӕцыд горӕт Вирсавимӕ, стӕй та ацыд ноджы дарддӕр, ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Судзгӕ хуры бын цӕуын йӕ бон куы нал уыд, уӕд иу бӕласы бын ӕрбадт ӕмӕ «Хуыцауӕй мӕлӕт курын райдыдта» (1 Пад. 18:19; 19:1–4).

Йегъовӕ ӕмбӕрста, Илийа лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймаг кӕй у, ӕмӕ йӕм зӕды арвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

15 Цымӕ Йегъовӕ цы хъуыды кодта, йӕ иузӕрдион пехуымпар куыд тыхст, уымӕ кӕсгӕйӕ? Йӕ зӕрдӕйы тас кӕй бацыд ӕмӕ йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста, уый тыххӕй йыл, мыййаг, йӕ къух систа, амӕй ницыуал рауайдзӕн, зӕгъгӕ? Ӕппындӕр нӕ! Йегъовӕ ӕмбӕрста, Илийа лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймаг кӕй у, ӕмӕ йӕм зӕды арвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Зӕд Илийайӕн дыууӕ хатты хӕринаг радта, цӕмӕй йӕм хъарутӕ фӕзындаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид йӕ фӕндаг адарддӕр кӕнын. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 19:5–8.) Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ, цалынмӕ йӕ пехуымпарӕн исты бахӕс кодтаид, уӕдмӕ уал ӕм байхъуыста ӕмӕ йын ӕххуыс дӕр бакодта.

16, 17. Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта, уыцы хъуыддаджы йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у?

16 Нӕ бон куыд у нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы бафӕзмын? Хъуамӕ-иу адӕймагӕн уынаффӕ дӕттынмӕ ма фӕуӕм (Ӕмб. 18:13). Истӕй тыххӕй йӕхимӕ иннӕтӕй «ӕгуыдзӕгдӕр» чи кӕсы, ахӕм адӕймагмӕ уал фыццаг фӕхъӕуы байхъусын ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый йын равдисын (1 Кор. 12:23). Уӕд зондзыстӕм, цӕуыл тыхсы, уый ӕмӕ йын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын.

17 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Синтийӕйы. Йӕ лӕг ӕй куы ныууагъта, уӕд йӕ дыууӕ чызгимӕ иунӕгӕй баззад. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуынц. Цымӕ сын се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд баххуыс кодтой? Синтийӕ дзуры: «Телефонӕй сын нӕ хабар куы радзырдтам, уӕд 45 минуты фӕстӕ махмӕ уыдысты. Нӕ зын нын сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айстой, ӕмӕ сӕ цӕссыг дӕр нӕ урӕдтой. Фыццаг цалдӕр боны нӕ иунӕгӕй нӕ ныууагътой. Афтӕ маст кодтам, ӕмӕ хӕрын дӕр нӕ бон нӕ уыд. Гъемӕ нӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ цӕрынмӕ сӕхимӕ акодтой». Ӕвӕццӕгӕн дын ацы хабар дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Иаковы ныхӕстӕ: «Ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый куы нӕ уа ӕмӕ хӕринагхъуаг куы ӕййафа, ӕмӕ йын сымахӕй исчи афтӕ куы зӕгъа, дзӕбӕх у, дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз, зӕгъгӕ, цы хъуаг у, уый та йын куы нӕ ратта, уӕд ын уый цы пайда у? Уӕдӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:15–17). Синтийӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕн се ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдысты, уый фӕрцы сӕм хъарутӕ фӕзынд. Уыцы хабарӕй ӕхсӕз мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ бон баци ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын (2 Кор. 12:10).

БИРӔТӔН ХӔССЫ ПАЙДА

18, 19. а) Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? ӕ) Лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд уый пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн?

18 Цавӕрдӕр низӕй бирӕ рӕстӕг рынчын куы уай, уӕд дӕ цасдӕр рӕстӕг бахъӕудзӕн, цӕмӕй фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕууай. Рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта кӕнӕ зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыцы чырыстоны дӕр, чи зоны, бирӕ рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй йӕ къахыл слӕууа ӕмӕ йӕ уырнындзинад сфидар уа. Раст у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр архайа – хъуамӕ Библи ахуыр кӕна, Хуыцаумӕ кува, ӕмбырдтӕм цӕуа, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна. Фӕлӕ йӕ не ’ххуыс дӕр хъӕуы. Цалынмӕ не сфидар уа, уӕдмӕ хъуамӕ йемӕ фӕразон уӕм ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ ӕмбырды тынг кӕй хъӕуы, уый (2 Кор. 8:8).

19 Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын. Стӕй ма уый руаджы ахуыр кӕнӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинадыл дӕр. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕрмӕст нӕхицӕн нӕ хӕссы пайда – афтӕмӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнынц ӕмӕ сӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕны. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ «лӕмӕгътӕн... ӕххуыс кӕнгӕйӕ» мах фӕзмӕм Йегъовӕйы, алы адӕймаг дӕр зынаргъ кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы (Хъуыд. 20:35).

^ 4 абз. Чарлз Дарвин йӕ чиныджы «Адӕймаджы равзӕрд» буары уӕнгтӕй кӕцыдӕрты тыххӕй ныффыста, «ницы пайда сты», зӕгъгӕ (The Descent of Man). Эволюцийы ахуырадыл хӕст чи у, ноджыдӕр ма иу ахӕм ахуыргонд загъта, зӕгъгӕ, адӕймаджы буары ис бирӕ ӕнӕхъӕугӕ уӕнгтӕ, зӕгъӕм, мӕнгтъанг (аппендикс).

^ 7 абз. Ном ивд у.