Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

14 нисаны-иу Куадзӕны уӕрыкк цафон хъуамӕ аргӕвстаиккой?

Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕм гӕсгӕ-иу ӕй хъуамӕ аргӕвстаиккой «дыууӕ изӕры астӕу», ома изӕрдалынгты, кӕнӕ хурныгуылды рӕстӕг. Ӕндӕр ныхӕстӕй-иу уӕрыкк хъуамӕ аргӕвстаиккой, хур-иу куы аныгуылд, уӕд, фӕлӕ-иу цалынмӕ бынтон нӕ баталынг, уӕдмӕ (Рац. 12:6) (15/12, 18, 19 фӕрстӕ).

Ӕрыгӕттӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

Уыцы уагӕвӕрдтӕ сты: 1) фыццаджыдӕр агур Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:19–34); 2) иннӕтӕн лӕггад кӕнын дын цины хос уӕд (Хъуыд. 20:35); 3) Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын циндзинад хӕссӕд (Еккл. 12:1) (15/1, 19, 20 фӕрстӕ).

1914 азы цавӕр цыппар барӕджы рацыдысты?

Йесо Чырысти, урс бӕхыл чи бады, уый, уӕлӕрвтӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕй ссӕрибар кодта. Сырх-сырхид бӕхыл чи бады, уыцы барӕг амоны хӕстытӕм. Сау бӕхыл чи бады, уый амоны, ӕххормагдзинад кӕй уыдзӕн, уымӕ. Фӕлурс бӕхыл чи бады, уый хӕссы мӕлӕт ӕмӕ фыднизтӕ, ӕмӕ милуангай адӕмы цард байсы (Рарг. 6:2–8) (1/2, 6, 7 фӕрстӕ).

«Уӕрыччы чындзӕхсӕв» кӕд уыдзӕн? (Рарг. 19:7).

«Уӕрыччы чындзӕхсӕв» уыдзӕн, Паддзах Йесо Чырысти йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз уа, уӕд, ома, Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа ӕмӕ Армагеддоны хӕст куы фӕуа, уӕд (15/2, 10 фарс).

Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгтӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ цӕмӕн «ӕнхъӕлмӕ кастысты»? (Лук. 3:15).

Данелы пехуымпарады фыст ис Мессийӕйы тыххӕй. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад абон мах куыд ӕмбарӕм, фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ дӕр ӕй афтӕ ӕмбӕрстой ӕви нӕ, уый бӕлвырд нӕ зонӕм (Дан. 9:24–27). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстой, зӕдтӕ фыййӕуттӕн цы загътой, уый тыххӕй, стӕй, ус-пехуымпар Аннӕ гыццыл Йесойы кувӕндоны фенгӕйӕ цы загъта, уый тыххӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма стъалыдӕснытӕ дӕр агуырдтой «дзуттӕгты ноггуырд паддзахы» (Матф. 2:1, 2). Фӕстӕдӕр та Аргъауӕг Иоанн дзырдта, тагъд рӕстӕджы Чырысти кӕй фӕзындзӕн (15/2, 26, 27 фӕрстӕ).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу нӕ ныхас куы «о», куы та «нӕ» ма уа? (2 Кор. 1:18).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт, уавӕртыл нӕ бар кӕй нӕ фӕцӕуы, уый тыххӕй мах бахъӕуы, цӕуыл баныхас кодтам, уый аивын. Фӕлӕ уӕддӕр, дзырд куы раттӕм, уӕд-иу ӕппӕт хъарутӕй хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕнӕм (15/3, 32 фарс).

Исты нӕ порнографимӕ бакӕсынмӕ куы цыбӕл кӕна, уӕд нӕ бон куыд у уыцы цыбӕлдзинады ныхмӕ фӕлӕууын?

Ахӕм уавӕры нын баххуыс кӕндзӕн ӕртӕ хъуыддаджы. 1) Ӕнӕгъдау ныв куы фенӕм, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъд иннӕрдӕм азилӕм. 2) Хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕй, хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ кувӕм. 3) Къӕрцхъус уӕм ӕмӕ, порнографи кӕм ис, ахӕм кинотӕм ма кӕсӕм ӕмӕ Интернеты ахӕм сайттӕм ма цӕуӕм (1/4, 10–12 фӕрстӕ).

Чырыстон кусынмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуы ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ йӕ бинонты куы ныууадзы, уӕд уый цавӕр зындзинӕдтӕм ӕркӕны?

Бинонтӕ бирӕ рӕстӕг иумӕ куы нӕ фӕцӕрынц, уӕд сывӕллӕттӕ стыр маст бавзарынц, стӕй уый сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарӕгмӕ (ныййарджытӕм) мӕсты кӕнын райдайой. Йӕ цардӕмбалӕй дард чи фӕцӕры, уыцы адӕймагӕн йӕхицӕн та тӕссаг вӕййы ӕнӕгъдау ми бакӕнынӕй (15/4, 19, 20 фӕрстӕ).

Хъӕдыл-иу кӕй ӕрцауыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕн-иу сӕ зӕнгтӕ цӕмӕн асастой?

Ромӕгтӕ-иу фыдгӕнджытӕй кӕйдӕрты амардтой, хъӕдыл-иу сӕ ӕрцауыгътой, афтӕмӕй. Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ ма йемӕ цы фыдгӕнджыты байтыгътой, уыдоны тыххӕй дзуттӕгтӕ загътой, цӕмӕй сын сӕ зӕнгтӕ асастаиккой. Афтӕ-иу кӕмӕн бакодтой, уымӕн-иу улӕфын фӕзын ӕмӕ-иу тагъддӕр амард. Ӕмӕ-иу йӕ мард ӕхсӕвы хъӕдыл нӕ баззад (Дык. з. 21:22, 23) (1/5, 11 фарс).

Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр цыппар фарстайы хъуамӕ дарӕм?

Кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдон чи сты? Кӕм ныхас кӕнӕм семӕ? Кӕд фӕныхас кӕнӕм адӕмимӕ? Куыд хъуамӕ ныхас кӕнӕм семӕ? (15/5, 12–15 фӕрстӕ).

Тамако дымын цас тӕссаг у?

Ивгъуыд ӕнусы тамако дымынӕй амарди 100 000 000 адӕймаджы. Нӕ рӕстӕджы та дзы алы аз дӕр амӕлы 6 000 000 адӕймаджы бӕрц (1/6, 3 фарс).