Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдонӕн ӕххуыс кӕн. Куыд?

Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдонӕн ӕххуыс кӕн. Куыд?

Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр зоныс, йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, ахӕм искӕй. Абон бирӕ бинонтӕ ахицӕн вӕййынц, ӕмӕ уый тыххӕй уыцы хабар диссаг никӕмӕуал кӕсы. Зӕгъӕм, Польшӕйы куыд раиртӕстой, афтӕмӕй арӕхдӕр ахицӕн вӕййынц, 30 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ 3–6 азы иумӕ чи фӕцӕры, уыдон. Фӕлӕ, уыцы кары чи ис, ӕрмӕст уыдон нӕ ахицӕн вӕййынц.

Испанийы, бинонты цард кӕм иртасынц, иу ахӕм институты куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, Европӕйы цӕрӕг адӕмӕй, сӕ цард чи баиу кӕны, уыдонӕн се ’мбис ахицӕн уыдзысты. Ӕмӕ хабар афтӕ у ӕндӕр хъӕздыг бӕстӕты дӕр.

АЛЫХУЫЗОН ХЪУЫДЫТӔ СЫН ӔНЦОЙ НӔ ФӔДӔТТЫНЦ

Цымӕ бинонты уыйонг цы ’ркӕны, ӕмӕ ахицӕн вӕййынц? Скӕсӕн Европӕйы, бинонты царды фӕдыл уынаффӕтӕ чи дӕтты, иу ахӕм ахуыргонд афтӕ зӕгъы: «Бинонтӕ кӕрӕдзийӕ кӕй адард вӕййынц ӕмӕ сын иумӕйагӕй кӕй ницыуал вӕййы, уый сын вӕййы тынг зын. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ахицӕн вӕййынц». Стӕй ма зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн вӕййы, уӕд арӕх «йӕ зӕрдӕ ӕнцой нал фӕзоны – фӕмӕсты кӕны, йӕхи фӕсмонӕй фӕхӕры, фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, йӕ ныфс асӕтты, стӕй йӕм худинаг дӕр фӕкӕсы». Уыдӕтты тыххӕй адӕймаг хатт йӕхи амарыныл дӕр райдайы хъуыды кӕнын. Уыцы ахуыргонд ма ноджыдӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, бинонтӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕйуал хъӕуынц ӕмӕ фӕзӕгъынц, ныр ма мӕ цард цы у, зӕгъгӕ.

Иу сылгоймаг, Эвӕ *, цалдӕр азы размӕ йӕ лӕгӕй ахицӕн, ӕмӕ уӕд цы уавӕры уыд, уый тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ мӕ ме ’мкусджытӕ афтӕ кӕй дзырдтой, йӕ лӕг ӕй ныууагъта, зӕгъгӕ, уый тыххӕй мӕхимӕ тынг ӕгад ӕркастӕн. Мӕстӕй тыдтон. Дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ баззадтӕн, ӕмӕ сын хъуамӕ мад дӕр уыдаин ӕмӕ фыд дӕр». Адам 12 азы дӕргъы лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕмӕ йын ӕмбырды тынг аргъ кодтой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ йӕ бинойнаг ахицӕн сты. Ӕмӕ ныр мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕхимӕ афтӕ ницӕйаг кӕсын, ӕмӕ хатгай мӕстӕй рафыцын, ӕмӕ мӕ ӕппындӕр никӕй уынын фӕфӕнды».

ХЪУАМӔ СӔ НОГ УАВӔРЫЛ САХУЫР УОЙ

Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдон арӕх фӕтыхсынц, дарддӕр куыд цӕрдзысты, ууыл, ӕмӕ цӕмӕй сӕ ног уавӕрыл сахуыр уой, уый тыххӕй сӕ бирӕ рӕстӕг бахъӕуы, суанг цалдӕр азы дӕр. Хатт сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сыл мӕт дӕр ничи кӕны. Иу журналист уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ сӕ фӕхъӕуы, «ахуыр цӕуыл уыдысты, уыдӕттӕ ферох кӕнын ӕмӕ алыхуызон зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй тох кӕнын».

Станислав ӕмӕ йӕ цардӕмбал дӕр сты хицӕн. Уый та мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕ бинойнагимӕ куы ахицӕн стӕм, уӕд мын уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу мӕ дыууӕ гыццыл чызджы бабӕрӕг  кодтаин. Уый тыххӕй мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ мыл ӕппындӕр ничиуал тыхсы ӕмӕ мӕ Йегъовӕ дӕр ферох кодта. Цӕрын мӕм нал цыди. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд ӕй бамбӕрстон, куыд тынг рӕдыдтӕн». Вандӕ дӕр йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн, уӕд тынг тыхсти, дарддӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Вандӕ зӕгъы: «Цӕмӕндӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ тагъд иууылдӕр, уыимӕ ме ’мчырыстӕттӕ дӕр, мӕн ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты ферох кӕндзысты. Фӕлӕ хабар рауад бынтон ӕндӕрхуызон. Ӕфсымӕртӕ ныл тынг баузӕлыдысты ӕмӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кодтаин, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой».

Ацы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ныхӕстӕй бӕрӕг у, чи ахицӕн вӕййы, уыдоны арӕх ӕвзӕр хъуыдытӕ сӕ быны кӕй скӕнынц. Арӕх сӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсынц, афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сыл исчи тыхса. Иннӕмӕй та, сӕ алыварс чи ис, уыдонӕй фӕхъаст кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кӕнын. Уый тыххӕй сӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ ӕмбырды уарзондзинад нӕй. Фӕлӕ, Станислав ӕмӕ Вандӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй фӕстагмӕ бамбарынц, хотӕ ӕмӕ сыл ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, кӕд сын фыццаг рӕстӕг се ’ххуыс нӕ фӕфиппайынц, уӕддӕр.

АФТӔ СӔМ ФӔКӔСЫ, ЦЫМА ИУНӔГ СТЫ ӔМӔ НИКӔЙ ХЪӔУЫНЦ

Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕддӕр сӕм, чи зоны, хатт афтӕ кӕса, ӕмӕ иунӕг сты, уӕлдайдӕр та хотӕм. Алиция зӕгъы: «Мӕ цардӕмбалимӕ ахицӕн стӕм аст азы размӕ. Фӕлӕ мӕм нырма дӕр хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ ничи уарзы, ӕмӕ уый тыххӕй ӕрӕнкъард вӕййын. Ӕмӕ мӕ уӕд фӕфӕнды иунӕгӕй баззайын ӕмӕ дзӕбӕх фӕкӕуын».

Йӕ бинонты цард кӕмӕн фехӕлд, уыдонӕй ахӕм хъуыдытӕ бирӕтӕм фӕзыны. Фӕлӕ, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард ласа, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу – афтӕмӕй уый «цӕуы ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ» (Ӕмб. 18:1). Иннӕмӕй та зӕрдыл дарын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, ахӕм хо ӕххуыс ӕдзухдӕр уыцы иу ӕфсымӕрӕй (ӕфсымӕр та уыцы иу хойӕ) хъуамӕ ма агура. Науӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы адӕймаджы уарзгӕ дӕр бакӕна, бинонджын куы уа, уӕддӕр.

Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн вӕййы, уыдонӕн арӕх тынг зын вӕййы – афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг сты, никӕй хъӕуынц, стӕй, дарддӕр куыд уыдзысты, ууыл фӕтыхсынц. Ахӕм рӕстӕг мах фӕархайӕм, цӕмӕй сын сӕ зын бамбарӕм, стӕй сын, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы бафӕзмӕм (Пс. 55:22; 1 Пет. 5:6, 7). Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм, уӕд нӕ тынг бузныг уыдзысты ӕмӕ ӕмбардзысты, ӕмбырды сын ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй ис! (Ӕмб. 17:17; 18:24).

^ 6 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.