Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕ къахӕн фӕндаг слӕгъз кӕн», ӕмӕ размӕ цӕуай

«Дӕ къахӕн фӕндаг слӕгъз кӕн», ӕмӕ размӕ цӕуай

НӔ ЭРӔЙЫ размӕ 537 азы Хуыцауы адӕм Вавилонӕй куы рацыдысты, уӕд сӕм Йегъовӕ фӕндагыл йӕ хъус дардта, цӕмӕй Иерусалиммӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уыдаиккой. Хуыцау сын загъта: «Адӕмӕн сӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут. Саразут фӕндаг! Дуртӕй йӕ асыгъдӕг кӕнут» (Ис. 62:10). Ахъуыды-ма кӕн, дзуттӕгты уый тыххӕй цы хъуыдаид саразын, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн сӕ кӕйдӕрты хъуыди иннӕты разӕй ацӕуын, цӕмӕй, фӕндаг къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ кӕм уыд, уым ӕй слӕгъз кодтаиккой. Уый фӕрцы Хуыцауы адӕм фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ хорз фӕндагыл ацыдаиккой.

Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ мах дӕр цӕуӕм, бӕлвырд нысанмӕ чи кӕны, ахӕм фӕндагыл. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уыцы фӕндагыл, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуой. Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Дӕ къахӕн-иу фӕндаг слӕгъз кӕн ӕмӕ дӕ фӕндӕгтыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цу» (Ӕмб. 4:26). Не ’ппӕтӕн дӕр, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр, ацы уынаффӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

РАСТ УЫНАФФӔТӔ ХӔСС

Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕй фӕзӕгъынц, «тынг курдиатджын у, йӕ къухы бирӕ бафтдзӕн», зӕгъгӕ. Ӕрыгон адӕмӕн се ’нӕниздзинад вӕййы фидар, вӕййынц сӕрӕн ӕмӕ фӕбӕллынц, царды сын бирӕ бантыса, уымӕ. Библи дӕр афтӕ зӕгъы: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых» (Ӕмб. 20:29). Ӕрыгӕттӕ сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн куы раттой, уӕд сын Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ бантысдзӕн ӕмӕ уыдзысты ӕцӕг амондджын.

Фӕлӕ нӕ фӕсивӕды курдиӕттӕ ацы дунейы адӕм дӕр бафиппайынц. Не ’рыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй скъолайы хорз чи ахуыр кӕны, уыдоны сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ се ’мкъласӕгтӕ арӕх фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуой, ӕмӕ сын ацы царды исты бантыса. Кӕнӕ та, спорты цыдӕртӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыдонӕн фӕдзурынц, цӕмӕй сӕ цард уыцы хъуыддагӕн снывонд кӕной. Чи зоны, ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ кӕнӕ та дӕ зонгӕтӕй исчи ис ахӕм уавӕры. Чырыстонӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

 Библийы уагӕвӕрдтӕ адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзарынӕн ӕмӕ йыл ӕнтыстджынӕй цӕуынӕн. Екклесиасты 12:1 стихы кӕсӕм: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты». Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дарын?

Ӕркӕсӕм Эрикы * хабармӕ, цӕры Ныгуылӕн Африкӕйы. Эрик тынг уарзта футболӕй хъазын. 15 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй айстой сӕ бӕстӕйы сӕйраг командӕмӕ, ӕмӕ йын уый фӕрцы фадат уыдаид, цӕмӕй Европӕйы хуыздӕр тренертӕм ахуыр кодтаид ӕмӕ стӕй зындгонд футболист дӕр суыдаид. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Эрик Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Цымӕ куыд бакодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын, «дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы», зӕгъгӕ? Ӕмӕ йӕ хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис?

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Эрик базыдта, Хуыцау адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Эрик бамбӕрста, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын футболӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у. Ӕмӕ уӕд, спорты йын исты бантыстаид, уымӕ нал тырныдта. Эрик донаргъуыд райста ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн радта. Цасдӕры фӕстӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр сси, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр та фӕхуыдтой, ӕнӕус ӕфсымӕртӕн цы Скъола уыд, уым сахуыр кӕнынмӕ.

Эрик йӕ цард футболӕн куы снывонд кодтаид, уӕд, чи зоны, схъӕздыг уыдаид ӕмӕ йӕ ном дӕр айхъуыстаид. Фӕлӕ уый ӕмбӕрста, Библийы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Хъӕздыгӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сты йӕ фидар горӕт, афтӕ йӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ фидар къулау хъахъхъӕнынц» (Ӕмб. 18:11). Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ хъӕздыгдзинад фыдбылызӕй хъахъхъӕны, уый йӕхи сайгӕ кӕны. Уымӕй уӕлдай, хъӕздыгдзинадмӕ чи тырны, уыдон арӕх «сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкӕнынц» (1 Тим. 6:9, 10).

Куыд ӕхсызгон у, ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой! Уый сын хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ сты бирӕ мӕстытӕй хызт. Эрик зӕгъы: «Ныр ӕз дӕн Йегъовӕйы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты стыр „командӕйы“. Уымӕй хуыздӕр командӕ ӕз никуы ссардтаин! Йегъовӕ мын амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын цардмӕ фӕндаг кӕй бацамыдта, уый тыххӕй дзы бузныг дӕн».

Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Ацы дунейы дын исты бантыса, уымӕ тырныны бӕсты хуыздӕр нӕ уаид, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куы райдаис? Афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕндагыл размӕ фидар къахдзӕфтӕй цӕудзынӕ. (Кӕс рамкӕ « Университеты кӕй нӕй ссарӕн, ахӕм хорздзинӕдтӕ».)

ДӔ РАЗЫ ЦЫ ЦӔЛХДУРТӔ ИС, УЫДОН АИУВАРС КӔН

Иу бинонтӕ, нӕ хо ӕмӕ не ’фсымӕр, Америкӕйы Иугонд Штатты филиалы куы уыдысты, уӕд федтой, вефилӕгтӕ уым лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын сты, уый. Хо фӕстӕдӕр ныффыста: «Мах нӕ уды дзӕбӕхӕн цардыстӕм ӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кодтам». Гъемӕ уыцы бинонтӕ аскъуыддзаг кодтой, нырӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ дӕтдзыстӕм, зӕгъгӕ.

Уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын, ӕмӕ сын уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнын бынтон ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ иухатт, боны стих куы ’взӕрстой, уӕд, Иоанны 8:31 бакастысты Йесойы ныхӕстӕ: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут». Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтой: «Нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныны тыххӕй нӕ цыфӕнды ма бахъӕуа саразын, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у». Цы стыр хӕдзар сын уыд, уый ауӕй кодтой, стӕй сӕ ӕнӕмӕнг чи нӕ хъуыди, уыцы дзауматӕй дӕр фервӕзтысты ӕмӕ, ӕххуыс кӕм хъуыд, ахӕм ӕмбырдмӕ ахызтысты. Ныртӕккӕ уыцы бинонтӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй. Стӕй ма ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ балӕггад кӕнынц облӕстон конгрессты дӕр. Сӕ царды тыххӕй ныр мӕнӕ цы зӕгъынц: «Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм ӕмӕ нын Йегъовӕйы организаци цы дзуры, уый кӕй аразӕм, уый нын ахӕм стыр циндзинад хӕссы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!»

ДАРДДӔР ДӔР ДӔ ФӔНДАГЫЛ РАЗМӔ ЦУ

Соломон ныффыста: «Дӕ цӕстытӕ кӕсӕнт размӕ, дӕ цӕстӕнгас комкоммӕ дӕ фӕндагмӕ сараз» (Ӕмб. 4:25). Шофыр йӕ размӕ куыд фӕкӕсы, афтӕ мах дӕр хъуамӕ кӕсӕм размӕ – Хуыцауы хъуыддаджы ма ноджыдӕр нӕ бон цы у саразын, уымӕ. Ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ мацы бахъыгдара размӕ цӕуын.

Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон сӕвӕрын? Зӕгъӕм, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайын. Ноджыдӕр ма иу хорз нысан у, йӕ территорийыл чи не ’ххӕссы ӕмӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ӕмбырдмӕ  ахизын. Иуӕй-иу ӕмбырдты та фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ бирӕ ис, фӕлӕ дзы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ нӕ фаг кӕны. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон у ахӕм ӕмбырдтӕн дӕр баххуыс кӕнын. Дӕ бон у, ӕмӕ районон цӕстдарӕджы бафӕрсай, уӕ районы ӕххуыс кӕцы ӕмбырдты хъӕуы, уымӕй. Кӕд дӕ дард ран искуы фӕнды лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон у базонын, ахӕм рӕтты ӕххуыс кӕцы ӕмбырдты хъӕуы, уый тыххӕй *.

Ногӕй та ӕркӕсӕм Исайы 62:10 фыст ныхӕстӕм. Дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты хъуыдаид бирӕ бафыдӕбон кӕнын, цӕмӕй фӕндаг слӕгъз кодтаиккой ӕмӕ йӕ асыгъдӕг кодтаиккой, ӕмӕ Хуыцауы адӕм фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаиккой. Хуыцауы хъуыддаджы дын цы нысӕнттӕ ис, уыдон цӕмӕй дӕ къухы бафтой, уый тыххӕй дӕу дӕр хъӕудзӕн бафыдӕбон кӕнын. Дӕ къухтӕ-иу макуы ’руадз. Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысӕнттӕ ӕнӕмӕнгдӕр дӕ къухы бафтдзысты. Дӕ разы-иу цӕлхдуртӕ куы уа, уӕд-иу Хуыцауӕй зонд кур, цӕмӕй-иу сӕ аиуварс кӕнай. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Хуыцау дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «дӕ къахӕн фӕндаг слӕгъз кӕнай» (Ӕмб. 4:26).

^ 8 абз. Ном ивд у.

^ 18 абз. Кӕс чиныг «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы», 111, 112 фӕрстӕ.