Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 БИОГРАФИ

Ӕнӕ фыдӕй баззадтӕн, ӕндӕр фыд ссардтон

Ӕнӕ фыдӕй баззадтӕн, ӕндӕр фыд ссардтон

МӔ ФЫД райгуырд 1899 азы горӕт Грацы, Австрийы, ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд нырма ӕрыгон лӕппу уыди. 1939 азы Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд ӕй немыцаг ӕфсадмӕ акодтой. 1943 азы мӕ фыд Уӕрӕсейы куы хӕцыд, уӕд тохы быдыры фӕмард. Афтӕмӕй ӕнӕ фыдӕй баззадтӕн. Уӕд мыл дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фыды ад нӕ базыдтон. Скъолайы ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд-иу арӕх тынг ӕнкъард кодтон, иннӕ лӕппутӕй уӕлдай мӕнӕн фыд кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ куы фестырдӕр дӕн, уӕд базыдтон, мӕлӕты бар кӕуыл нӕ цӕуы, уыцы уӕларвон Фыды тыххӕй, ӕмӕ мын уӕд бирӕ фенцондӕр (Ав. 1:12).

БОЙСКАУТ КУЫ УЫДТӔН, УЫЦЫ РӔСТӔГ

Гыццылӕй

Авд азы мыл куы цыди, уӕд бацыдтӕн «бойскаутты» организацимӕ. Уый у ӕппӕтдунеон организаци, 1908 азы йын Великобританийы бындур ӕрӕвӕрдта бритайнаг ӕфсады генерал-лейтенант Роберт Стивенсон Смит Баден-Пауэлл. 1916 азы уыцы организацимӕ исын райдыдтой мӕ карӕн лӕппуты дӕр.

Ӕз тынг уарзтон, улӕфгӕ бонты-иу цы балцыты ацыдыстӕм, уыдон. Фынӕй-иу кодтам палаткӕты, уыди нын иухуызон уӕлӕдарӕс, стӕй-иу цыдыстӕм барабанты цагъдмӕ. Иннӕ бойскауттимӕ мӕ рӕстӕг ӕрвитын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Изӕрыгӕтты-иу арт скодтам, йӕ алыварс-иу ӕрӕмбырд стӕм ӕмӕ-иу зарджытӕ зарыдыстӕм, стӕй-иу хъӕды алыхуызон хъӕзтытӕй хъазыдыстӕм. Бирӕ цыдӕртӕ-иу базыдтам ӕрдзы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕрцы не Сфӕлдисӕджы сконд хъуыддӕгтӕн аргъ кӕнын райдыдтон.

Бойскаутты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй-иу алы бон дӕр исты хорз хъуыддаг саразой. Салам дӕтгӕйӕ та кӕрӕдзийӕн фӕдзурынц: «Алкӕддӕр цӕттӕ!» Ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Нӕ къорды уыди сӕдӕ лӕппуйӕ фылдӕр, сӕ иу ӕмбис уыдысты католиктӕ, иннӕ ӕмбис – протестанттӕ, иу лӕппу та дзы уыди буддист.

1920 азы бойскауттӕн уыди ӕхсӕнадӕмон фембӕлд (хонынц сӕ «Джамбори»), ӕмӕ сын уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм фембӕлд вӕййы цалдӕр азы иу хатт. 1951 азы августы ӕз уыдтӕн 7-ӕм ӕхсӕнадӕмон фембӕлды, ацыд Австрийы, горӕт Бад-Ишлы. 1957 азы августы та ацыдтӕн 9-ӕм ӕхсӕнадӕмон фембӕлдмӕ, уый та уыд Английы, горӕт Бирмингеммӕ хӕстӕг, Сэттн Паркы. Уыцы фембӕлдмӕ 85 бӕстӕйӕ ӕрцыд 33 000 скауты бӕрц. Уыдонӕй уӕлдай ма нӕ фембӕлдмӕ ӕрбацыд иу-750 000 адӕймаджы, уыимӕ Английы ус-паддзах Елизаветӕ дӕр. Уыцы адӕм кӕд ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыдысты, уӕддӕр мӕм афтӕ каст, цыма иу бинонтӕ стӕм. Уӕд ӕз уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы ноджы хуыздӕр бинонтӕ ссардзынӕн – Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмы.

ФЫЦЦАГ ХАТТ ФЕМБӔЛДТӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНЫЛ

Руди Чиггерль, фыццаг хатт мын уый хъусын кодта

1958 азы мӕ райгуырӕн горӕт Грацы, Австрийы, «Гранд-Отель Вислеры» ахуыр кодтон официантыл, ӕмӕ мӕ ахуыр фӕуд кодта уалдзӕджы. Уым мемӕ куыста, адджинӕгтӕ чи кодта, иу ахӕм лӕппу, Рудольф Чиггерль, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын уый Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ радзырдта. Уый размӕ рӕстдзинады тыххӕй никуы фехъуыстон. Рудольф Троицӕйы кой скодта ӕмӕ загъта, уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу. Уӕд ӕз уыцы ахуырады сӕрыл дзурын райдыдтон, цӕмӕй йын бамбарын кодтаин, рӕдигӕ кӕй кӕны. Хорз зӕрдӕ йӕм дардтон ӕмӕ мӕ фӕндыди, цӕмӕй йын  баххуыс кодтаин фӕстӕмӕ католикон аргъуанмӕ раздӕхынӕн.

Иубон мын Руди (Рудольфы иууылдӕр афтӕ хуыдтам) загъта, Библи мын кӕй ӕрбахӕсдзӕн. Ӕз ын загътон, зӕгъын мӕ ӕрмӕстдӕр католикон Библи хъӕуы. Куы мын ӕй ӕрбахаста ӕмӕ йӕ кӕсын куы райдыдтон, уӕд йӕ мидӕг ссардтон, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнад кӕй ныммыхуыр кодта, иу ахӕм буклет. Руди йӕ йӕхӕдӕг бавӕрдта уым. Уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уымӕн ӕмӕ ӕз ахӕм литературӕйы тыххӕй афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ дзы цы фӕфыссынц, уый, гӕнӕн ис, адӕймагмӕ раст кӕса, ӕцӕгӕй та афтӕ ма уа. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр Библийы тыххӕй ныхас кӕнын фӕндыд. Руди уыд ӕмбаргӕ адӕймаг, ӕмӕ мын уый фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕйӕ ницыуал лӕвӕрдта. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Библийы тыххӕй ныхас кодтам, ӕмӕ-иу нӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвтӕм дӕр ахаста. Ӕмӕ афтӕ уыд ӕртӕ мӕйы дӕргъы.

Грацы мӕ ахуыр куы фӕдӕн, уӕд мӕ мӕ мад дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ арвыста, отелы кусыныл кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъоламӕ. Уыцы скъола уыди Бад-Хофгастайны, Альпӕты дӕлвӕзы чи ис, уыцы горӕты. Не скъола баст уыди Бад-Хофгастайны «Гранд-Отелимӕ», ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уым куыстон, цӕмӕй, цӕуыл сахуыр дӕн, уый бафӕлвӕрдтаин ӕмӕ мӕ куыст ноджы хуыздӕр базыдтаин.

ДЫУУӔ МИССИОНЕР-ХОЙЫ МӔМ ӔРБАЦЫДЫСТЫ

Ильзе Унтердёрфер ӕмӕ Эльфриде Лёр 1958 азы мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой

Руди мын мӕ ног адрис арвыста Венӕйы филиалмӕ, ӕмӕ филиал, миссионертӕй чи лӕггад кодта, дыууӕ ахӕм хойӕн бахӕс кодта, цӕмӕй мӕ бабӕрӕг кодтаиккой. Уыцы хотӕ уыдысты Ильзе Унтердёрфер ӕмӕ Эльфриде Лёр *. Гъемӕ мӕм иубон отелы кусджытӕй иу бадзырдта, ӕддейӕ, дам, дӕм машинӕйы дыууӕ сылгоймаджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, демӕ, дам, сӕ аныхас кӕнын фӕнды. Ӕз бадис кодтон, зӕгъын, цымӕ чи сты ӕмӕ сӕ цы хъӕуы. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр рахызтӕн. Фӕстӕдӕр куыд базыдтон, афтӕмӕй, нацисттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Германийы сӕрибарӕй архайыны бар куы нӕ лӕвӕрдтой, уӕд Ильзе ӕмӕ Эльфриде уым цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сусӕгӕй литературӕ хастой. Дыккаг дунеон хӕсты размӕ сӕ Германийы пъӕлицӕйы кусджытӕ (гестапо) ӕрцахстой ӕмӕ сӕ арвыстой Лихтенбурджы концлагермӕ. Хӕст куы райдыдта, уӕд та сӕ арвыстой, Берлинмӕ хӕстӕг чи уыд, ӕндӕр ахӕм лагермӕ – Равенсбрюкмӕ.

Уыцы хотӕ уыдысты мӕ мады карӕн, ӕмӕ сӕ ӕфсӕрмы дӕр кодтон. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕн тыххӕй сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы хардз кодтаиккой. Хъуыды кодтон, зӕгъын, аив нӕ уыдзӕн, цалдӕр хатты семӕ куы аныхас кӕнон ӕмӕ сын стӕй, цалдӕр къуыри кӕнӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ, афтӕ куы зӕгъон, мауал мӕм цӕут, зӕгъгӕ. Гъемӕ сын загътон, зӕгъын, кӕд уӕ бон у, уӕд мын, цы фарста мӕ цымыдис кӕны, уый фӕдыл Библийӕ цалдӕр стихы гӕххӕттыл ныффыссут ӕмӕ мын ӕй иннӕ хатт ӕрбахӕссут, ӕндӕр мӕ, зӕгъын, ницы хъӕуы. Уыцы фарста баст уыд католикон ахуырадимӕ – уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ Ромы папӕмӕ ис, апостол Петрмӕ цы бартӕ уыд, ахӕм бартӕ. Ӕз сын загътон, зӕгъын, уыцы гӕххӕттимӕ бынӕттон аргъуаны сауджынмӕ ацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ уыцы стихтӕй бафӕрсдзынӕн. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ уый фӕрцы бамбардзынӕн, рӕстдзинад кӕм ис, уый.

БАЗЫДТОН, УӔЛӔРВТЫ ЧИ ИС, УЫЦЫ ӔЦӔГ СЫГЪДӔГ ФЫДЫ ТЫХХӔЙ

Католикон аргъуаны сауджынтӕ, Ромы папӕйы барты тыххӕй цы дзурынц, уый сбӕлвырд кӕнынӕн ӕрхӕссынц Матфейы 16:18, 19 стихты фыст  ныхӕстӕ. Стӕй ма афтӕ дӕр дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Ромы папӕ (хонынц ма йӕ Сыгъдӕг фыд дӕр) цавӕрдӕр ахуырӕдтӕ куы фембарын кӕны, уӕд йӕ алы ныхас дӕр раст вӕййы. Католиктӕй бирӕтӕ ууыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ, аргъуаны цыдӕриддӕр фӕдзурынц, уый растыл нымайынц. Ӕз дӕр ууыл ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ хъуыды кодтон, зӕгъын, иугӕр Ромы папӕ дзуры, Троицӕ ис, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ у. Фӕлӕ иннӕмӕй та ахъуыды кодтон, ӕмӕ, кӕд Ромы папӕйӕн йӕ бон фӕрӕдийын у, уӕд уый гӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ Троицӕйы тыххӕй ахуырад раст ма уа.

Сауджынмӕ куы бацыдтӕн, уӕд мын мӕ фарстатӕн дзуапп раттын йӕ бон нӕ баци. Ӕмӕ мын уӕд иу чиныг радта, фыст дзы уыди, Ромы папӕмӕ апостол Петры бартӕ кӕй ис, уыцы ахуырады тыххӕй. Ӕз ӕй нӕхимӕ ахастон, ӕмӕ йӕ куы бакастӕн, уӕд мӕм ноджы фылдӕр фарстатӕ фӕзынд, ӕмӕ та йӕм фӕстӕмӕ ӕрбацыдтӕн. Сауджынӕн та йӕ бон нӕ баци мӕ фарстатӕн дзуапп раттын ӕмӕ мын ӕппынфӕстаг загъта: «Ӕз дӕр дӕ нӕ баууӕндын кӕндзынӕн мӕ ныхӕстыл ӕмӕ мӕ ды дӕр нӕ баууӕндын кӕндзынӕ... Дзӕбӕх у!» Цы бамбарын ма мӕ хъуыд, мемӕ йӕ дарддӕр ныхас кӕнын кӕй нал фӕнды.

Уыцы хабары фӕстӕ мӕхицӕн загътон, Ильзе ӕмӕ Эльфридеимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕн. Уыдон мын бирӕ цыдӕртӕ бамбарын кодтой, уӕлӕрвты чи ис, уыцы ӕцӕг Сыгъдӕг Фыды тыххӕй – Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй (Иоан. 17:11). Кӕм цардтӕн, уыцы ран ӕмбырд нӕма уыд, ӕмӕ ацы дыууӕ хойы ӕмбырды фембӕлдтӕ уагътой, Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм бинонты хӕдзары. Ӕмбырдмӕ-иу цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ не ’рбацыд. Ӕрмӕг-иу Ильзе ӕмӕ Эльфриде дыууӕйӕ равзӕрстой, уымӕн ӕмӕ дзы, ӕмбырдтӕ чи уагътаид, ахӕм донаргъуыд ӕфсымӕртӕ нӕ уыд. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу нӕм ӕндӕр горӕтӕй ӕфсымӕртӕй исчи ӕрцыд ӕмӕ-иу, кӕй баххуырстам, ахӕм агъуысты раныхас радзырдта.

ХЪУСЫН КӔНЫН РАЙДЫДТОН

Ильзе ӕмӕ Эльфриде мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой 1958 азы октябры, ӕртӕ мӕйы фӕстӕ та, 1959 азы январы, донаргъуыд райстон. Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстон, уӕдмӕ сын загътон, цӕмӕй-иу мӕ семӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ акодтаиккой, ӕмӕ, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый федтаин (Хъуыд. 20:20). Семӕ фыццаг хатт куы ацыдтӕн, уӕд сын загътон, цӕмӕй мӕнӕн дӕр радтаиккой, кӕм хъусын кодтаин, ахӕм участок. Ӕмӕ мын уӕд бабар кодтой иу хъӕу. Уыцы хъӕумӕ-иу иунӕгӕй ацыдтӕн ӕмӕ-иу дзы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтон, стӕй-иу, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонмӕ дӕр ногӕй мӕхӕдӕг бацыдтӕн. Ӕфсымӕртӕй фыццаг хатт хъусын кӕнынмӕ кӕимӕ ацыдтӕн, уый уыди, фӕстӕдӕр нӕ чи бӕрӕг кодта, уыцы районон цӕстдарӕг.

1960 азы ахуыр куы фӕдӕн, уӕд мӕ райгуырӕн горӕтмӕ аздӕхтӕн, цӕмӕй мӕ хиуӕттӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодтаин. Кӕд сӕ абоны онг рӕстдзинады фӕндагыл ничима слӕууыд, уӕддӕр сӕ кӕйдӕрты хатгай Библийӕ цыдӕртӕ базонын фӕфӕнды.

ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД КӔНЫН

20 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд

1961 азы филиал ӕппӕт ӕмбырдтӕм дӕр арвыста писмо, ӕмӕ уыцы писмойы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кодта ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ. Уӕд мын бинонтӕ нӕма уыд, стӕй ме ’нӕниздзинадӕй дӕр нӕ хъаст кодтон, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, хъуамӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдайон. Районон цӕстдарӕгмӕ, Курт Кюнмӕ, бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, зӕгъын, куыд хъуыды кӕныс, хуыздӕр нӕ уаид, цалдӕр мӕйы уал куы акусин ӕмӕ мӕхицӕн машинӕ куы балхӕнин, цӕмӕй мын пионерӕй лӕггад кӕнын ӕнцондӕр уа. Уый мын загъта: «Мыййаг, Йесойы ӕмӕ йӕ апостолты дӕр машинӕ хъуыди, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаиккой?» Уыцы ныхӕстӕ мын баххуыс кодтой раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Мӕхицӕн загътон, ӕнӕмӕнгдӕр кӕй райдайдзынӕн пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ цас раздӕр, уыйас хуыздӕр. Фӕлӕ отелы рестораны къуыри 72 сахаты куыстон, ӕмӕ уал мӕ фыццаг хъуыди мӕ куысты график фӕивын.

 Мӕ куысты хицауӕй бар ракуырдтон, цӕмӕй къуыри 72 сахаты нӕ, фӕлӕ 60 сахаты куыстаин. Мӕ хицау сразы ӕмӕ мын мӕ мызд дӕр нӕ фӕкъаддӕр кодта. Фӕстӕдӕр та йын загътон, цӕмӕй къуыри 48 сахаты йеддӕмӕ ма куыстаин. Ӕмӕ та ууыл дӕр сразы, ӕмӕ мӕ мызд дӕр, куыд уыди, афтӕ баззад. Ӕртыккаг хатт ӕм бацыдтӕн, зӕгъын мӕ фӕнды, цӕмӕй къуыри ӕрмӕстдӕр 36 сахаты кусон, ома къуыри 6 боны, бон 6 сахаты. Ӕмӕ та мын ацы хатт дӕр «нӕ» нӕ загъта. Диссаг уый уыд, ӕмӕ та мӕ мызд нӕ фӕкъаддӕр! Ӕвӕццӕгӕн, мӕ хицауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы куыстӕй ацыдаин. Мӕ ног графикы фӕрцы мӕ бон баци пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын. Уыцы рӕстӕг пионертӕ алы мӕй дӕр хъуамӕ хъусын кодтаиккой 100 сахаты.

Цыппар мӕйы фӕстӕ мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ ӕмбырды лӕггадгӕнӕгӕй. Лӕггад кӕнын та райдыдтон, горӕт Шпитталь-ан-дер-Драуы цы гыццыл ӕмбырд уыди, уым. Сӕрмагонд пионертӕ уыцы рӕстӕг алы мӕй дӕр хъуамӕ хъусын кодтаиккой 150 сахаты. Мемӕ иумӕ сӕрмагонд пионерӕй чи лӕггад кодтаид, ахӕм ӕмбал мын нӕ уыд, фӕлӕ мын уацамынды тынг ӕххуыс кодта иу хо, Гертрудӕ Лобнер. Уыцы хо не ’мбырды ӕххӕст кодта, ӕмбырды лӕггадгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕгӕн цы хӕстӕ уыд, уыдон *.

НОДЖЫ ФЫЛДӔР ХӔСТӔ

1963 азы мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ арӕх цыдтӕн поездыл, мӕ уӕззау чемодантӕ-иу мемӕ хастон, афтӕмӕй. Ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕрӕн сӕхи машинӕтӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу мӕ вагзалӕй чи ракодтаид, уый дӕр нӕ уыд. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу мӕ фысымтӕ сӕфсӕрмы уыдаиккой, ӕмӕ-иу сӕм уый тыххӕй таксийыл нӕ, фӕлӕ фистӕгӕй ацыдтӕн.

1965 азы мӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 41-ӕм къласмӕ, уыцы рӕстӕг дӕр мын бинонтӕ нӕма уыд. Кӕимӕ дзы ахуыр кодтон, уыдонӕй дӕр бирӕтӕн бинонтӕ нӕ уыд. Уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ районон цӕстдарӕгӕй снысан кӕндзысты. Фӕлӕ цалынмӕ Иугонд Штаттӕй нӕ ацыдтӕн, уӕдмӕ мын бахӕс кодтой, цӕмӕй цыппар къуырийы балӕггад кодтаин районон цӕстдарӕгимӕ, Энтони Контеимӕ. Уый уыди фӕлмӕн адӕймаг, хъусын кӕнын бирӕ уарзта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уыди тынг ӕнтыстджын. Ахӕм ӕфсымӕримӕ лӕггад кӕнын мӕхицӕн стыр кадыл нымадтон. Мах лӕггад кодтам Корнуоллмӕ хӕстӕг (штат Нью-Йорк).

Нӕ чындзӕхсӕвы бон

Фӕстӕмӕ Австримӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мӕ иу районмӕ снысан кодтой, ӕмӕ уым базонгӕ дӕн иу рӕсугъд хоимӕ, Тове Меретеимӕ. Уыцы хойӕн йӕ бинонтӕ рӕстдзинад базыдтой, фондз азы йыл куы цыди, уӕд. Хотӕ ӕмӕ нӕ ӕфсымӕртӕ куы фӕфӕрсынц, куыд базонгӕ стут, зӕгъгӕ, уӕд сын хынджылӕгӕй фӕзӕгъӕм: «Филиалы руаджы». Нӕ цард баиу кодтам, куы базонгӕ стӕм, уымӕй иу азы фӕстӕ, 1967 азы апрелы. Ӕмӕ уый фӕстӕ дарддӕр дӕр лӕггад кодтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, Мерете дӕр мемӕ, афтӕмӕй.

Уымӕй иу азы фӕстӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ йӕ фыртыл кӕй банымадта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уӕлдай ӕнгом дӕн мӕ уӕларвон Фыдимӕ, стӕй йӕм, Ромӕгтӕм 8:15 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ, афтӕ чи дзуры, «Аввӕ, нӕ Фыд!», зӕгъгӕ, уыдонимӕ дӕр.

Районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарӕгӕй лӕггад кодтон 1976 азы онг. Зымӕгон-иу нӕ Меретеимӕ хатгай бахъуыд, фыруазалӕй-иу дон дӕр кӕм ныссалдаид, ахӕм къомнӕты фынӕй кӕнын. Иухатт райхъал стӕм, ӕмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ хъӕццулы  кӕрон нӕ комытӕфӕй ныссалд – цыма йыл халас абадт, уыйау уыд! Ӕппынфӕстаг сфӕнд кодтам, токӕй чи кусы, ахӕм гыццыл пец балхӕнын, цӕмӕй-иу ӕхсӕвы ма ныссалдаиккам. Иуӕй-иу рӕтты та-иу, цӕмӕй нӕхи изӕрӕй ныхсадтаиккам, уый тыххӕй-иу нӕ хъуыди хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рахизын ӕмӕ, миты лӕгӕрдгӕ, дымгӕ кӕм къуыззитт кодта, ахӕм агъуыстмӕ бацӕуын. Нӕхи хӕдзар нын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу къуырисӕры дӕр баззадыстӕм, уый размӕ къуыри-иу кӕм цардыстӕм, уыцы хӕдзары. Дыццӕджы та-иу райсомӕй ацыдыстӕм иннӕ ӕмбырдмӕ.

Ӕз тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ зынаргъ цардӕмбал алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыди. Мерете уарзы хъусын кӕнын, ӕмӕ йӕ разӕнгард кӕнын никуы хъуыди, цӕмӕй уацамынды ацӕуа. Не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тынг уарзы, стӕй ӕнӕуи дӕр адӕмыл тыхсы. Мерете мӕнӕн стыр ӕххуыс у.

1976 азы нӕ фӕхуыдтой Австрийы филиалмӕ, Венӕмӕ, ӕмӕ мӕ уым снысан кодтой филиалы комитетмӕ. Уыцы рӕстӕг Австрийы филиал разамынд лӕвӕрдта Скӕсӕн Европӕйы бӕстӕтӕй цалдӕрӕн ӕмӕ йӕ хъус дардта, цӕмӕй-иу уыцы бӕстӕты цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм литературӕ сусӕгӕй фӕхӕццӕ кодтаиккой. Уыцы хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта ӕфсымӕр Юрген Рундель. Ахӕм кад мӕм ӕрхауд, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг уыцы ӕфсымӕримӕ лӕггад кодтон. Фӕстӕдӕр та мын бахӕс кодтой, цӕмӕй мӕ хъус дардтаин тӕлмац кӕныны хъуыддагмӕ, тӕлмац та кодтой, Скӕсӕн Европӕйы цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй дӕс ӕвзагмӕ. Юрген ӕмӕ йӕ бинойнаг Гертруд ныр Германийы иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй. 1978 азӕй фӕстӕмӕ Австрийы филиалы кодтой нӕ журналты фотонабор ӕмӕ сӕ гыццыл мыхуыргӕнӕн станокыл мыхуыр кодтой 6 ӕвзагыл. Стӕй ма нӕ филиал ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм журналтӕ ӕрвыста, чи-иу сӕ рафыста, уыцы адӕмӕн. Уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус дардта ӕфсымӕр Отто Куглич, ныр йӕ бинойнаг Ингридимӕ лӕггад кӕны Германийы филиалы.

Австрийы хъусын кодтон алы рӕтты, уыимӕ уынджы дӕр

Скӕсӕн Европӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ нӕ литературӕ сӕхӕдӕг дӕр мыхуыр кодтой къопитӕгӕнӕн аппараты руаджы кӕнӕ та фотоплёнкӕты руаджы. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр хъуыди, цӕмӕй сын ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтаиккой. Йегъовӕйы фӕрцы уыцы хъуыддаг размӕ цыди. Мах, ома филиалы чи лӕггад кодта, уыдон, уыцы ӕфсымӕрты тынг бауарзтам. Кӕд хицауад бирӕ азты дӕргъы сӕ ныхмӕ архайдта, уӕддӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой.

РУМЫНИЙЫ ӔФСЫМӔРТЫ БАБӔРӔГ КОДТАМ

1989 азы мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ, Разамонӕг советӕй чи уыд, уыцы ӕфсымӕр Теодор Ярачимӕ бабӕрӕг кодтам Румынийы цӕрӕг ӕфсымӕрты. Нӕ нысан уыд, цӕмӕй, нӕ организацийӕ чи ахицӕн, уыцы ӕфсымӕрты сразӕнгард кодтаиккам фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынмӕ. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ 1949 азӕй фӕстӕмӕ Румынийы  цӕрӕг ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ цӕйдӕрты тыххӕй организацийӕ хицӕн кӕнын райдыдтой ӕмӕ-иу сӕхи ӕмбырдтӕ скодтой. Фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар хъусын кодтой ӕмӕ-иу донаргъуыд дӕр лӕвӕрдтой. Стӕй, нӕ организацийыл иузӕрдион чи уыд, уыцы ӕфсымӕртау ӕфсадмӕ нӕ цыдысты, ӕмӕ-иу уыдоны дӕр ахӕстӕтты сбадын кодтой. Уыцы рӕстӕг нын Румынийы сӕрибарӕй архайыны бар нӕма уыд, ӕмӕ сусӕгӕй ӕрӕмбырд стӕм ӕфсымӕр Памфил Альбуйы хӕдзары. Уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацыдысты, организацийӕ чи ахицӕн, уыдонӕн сӕ цыппар сӕйраг хистӕр нӕлгоймаджы, стӕй, уыцы бӕстӕйы комитеты чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр. Австрийӕ ма немӕ ракодтам ӕфсымӕр Рольф Кельнеры, цӕмӕй нын тӕлмац кодтаид.

Дыккаг изӕр куы ныхас кодтам, уӕд ӕфсымӕр Альбу уыцы цыппар хистӕр нӕлгоймаджы сразы кодта, цӕмӕй фӕстӕмӕ организацимӕ ӕрбаиу уыдаиккой. Уый сын загъта: «Ацы хъуыддаг ныр куы нӕ бакӕнӕм, уӕд нын ахӕм фадат, чи зоны, макуыуал фӕзына». Уыцы хабары фӕстӕ организацимӕ ӕрбаздӕхт 5 000 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы бӕрц. Уый уыд Йегъовӕйы стыр уӕлахиз, Хӕйрӕг та баззад састы бынаты!

1989 азы кӕрон, Скӕсӕн Европӕйы коммунизмӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уый размӕ нӕ Разамонӕг совет мӕ бинойнагимӕ фӕхуыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ Нью-Йоркмӕ. Уырнгӕ дӕр нӕ нӕ кодта! 1990 азы июлы райдыдтам Бруклины филиалы лӕггад кӕнын. 1992 азы мӕ снысан кодтой Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй (уыцы комитетмӕ йӕ хъус дары Разамонӕг совет). 1994 азы июлы та мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Разамонӕг советы лӕггад кӕнын райдыдтон.

ХЪУЫДЫ КӔНЫН ИВГЪУЫД ЗАМАНТЫЛ ӔМӔ КӔСЫН ФИДӔНМӔ

Мӕ цардӕмбалимӕ Бруклины (Нью-Йорк)

Отелы официантӕй куы куыстон, уымӕй рацыд тынг бирӕ рӕстӕг. Ныр мӕ куыст баст у ӕнӕуи хӕринагимӕ нӕ, фӕлӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагимӕ – ӕгас зӕххыл дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн кӕй цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ кӕй уарӕм, уыцы хӕринагимӕ (Матф. 24:45–47). Ныр 50 азӕй фылдӕр Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Уыцы азтыл мӕ цӕст куы ахӕссын ӕмӕ, Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг фӕдзурын. Ӕз тынг уарзын нӕ ӕхсӕнадӕмон конгресстӕм цӕуын – уым нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ Библийы рӕстдзинад хуыздӕр бамбарӕм.

Хуыцаумӕ фӕкувын, цӕмӕй ма ноджыдӕр милуангай адӕймӕгтӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой, рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой ӕмӕ нын ӕгас зӕххыл дӕр цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ иу бинонтау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной (1 Пет. 2:17). Стӕй тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын уыцы рӕстӕгмӕ, зӕххыл адӕм куыд ӕгас кӕнынц, уымӕ уӕлӕрвтӕй куы кӕсон ӕмӕ се ’хсӕн мӕ фыды дӕр куы ссарон. Ныфс мӕ ис, мӕ фыды дӕр ӕмӕ мӕ мады дӕр, стӕй мӕ иннӕ хиуӕтты се ’ппӕты дӕр кӕй бафӕнддзӕн Дзӕнӕты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын уыцы рӕстӕгмӕ, зӕххыл адӕм куыд ӕгас кӕнынц, уымӕ уӕлӕрвтӕй куы кӕсон ӕмӕ се ’хсӕн мӕ фыды дӕр куы ссарон

^ 15 абз. Сӕ биографитӕ сын бакӕсӕн ис 1979 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», (англ.).

^ 27 абз. Абон ӕмбырды лӕггадгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор, ӕмбырды лӕггадгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕг цы хӕстӕ ӕххӕст кодта, уыдон та – ӕмбырды секретарь.