ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Август 2014

Ацы брошюрӕйы ис, 2014 азы 29 сентябрӕй 26 октябрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» исыс?

Цымӕ адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы публикацитӕ уадзы, уыдон ӕм иууылдӕр куы уой?

Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?

Базон, Едемы цӕхӕрадоны фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр куыд фӕзынд. Ӕркӕс, рагзаманты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй иуӕй-иуты цӕвиттонтӕм. Ноджыдӕр ма базон, нӕ рӕстӕджы Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы сылгоймӕгтӕ Хуыцауы хъуыддаджы куыд архайынц, уый тыххӕй дӕр.

Хуыцауы Ныхас у удӕгас, ӕмӕ дзы пайда кӕн!

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уа. Базон, Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ нӕ буклетты фӕрцы нӕ бон куыд у адӕймагимӕ ныхас кӕнын райдайын.

Йегъовӕ нӕм йӕхи куыд ӕрбаввахс кодта?

Хъуамӕ Йегъовӕимӕ уӕм ӕввахс ӕмбӕлттӕ. Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ нын йӕ Ныхас Библи кӕй радта, уымӕй зыны, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм.

Кӕмфӕнды ма уай – Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус

Базон, Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъусай ӕмӕ йемӕ ӕнгом уай, уый ахсджиаг цӕмӕн у. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндтӕ Йегъовӕмӕ хъусын ма бахъыгдарой.

Раздӕх ӕмӕ де ’фсымӕрты бафидар кӕн

Раздӕр хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кодта, ахӕм ӕфсымӕрӕн ма ногӕй йӕ бон у цӕстдарӕджы хӕстӕм тырнын?

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, чи райгас уа, уыдон «нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты», уӕд, цымӕ, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны кой кодта?

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Драмӕ эврикӕ»-йы фӕрцы бирӕтӕ рӕстдзинад ссардтой

«Драмӕ эврикӕ» равдисӕн уыди дард рӕтты ӕмӕ ма суанг, ток кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕтты дӕр.