Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕмфӕнды ма уай – Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус

Кӕмфӕнды ма уай – Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус

«Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл“» (ИС. 30:21).

1, 2. Йегъовӕйы хъӕлӕс цӕй фӕрцы хъусӕм?

ЙЕГЪОВӔ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта. Кӕмӕндӕрты-иу, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый раргом кодта зӕдты уылты, стӕй цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фынты уылты дӕр. Стӕй-ма иу сын афтӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр бахӕс кодта (Ным. 7:89; Йез. 1:1; Дан. 2:19). Хатт та-иу Хуыцау адӕмӕй кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй-иу йӕ номӕй дзырдтаиккой ӕмӕ-иу ын йӕ ныхас иннӕтӕм фӕхӕццӕ кодтаиккой. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыдфӕнды ма лӕвӕрдтаид,– йӕ ныхасмӕ-иу ын чи байхъуыста, уыдон-иу арфӕгонд ӕрцыдысты.

2 Абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты Библийы уылты, стӕй йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ ӕмбырдты уылты (Хъуыд. 9:31; 15:28; 2 Тим. 3:16, 17). Хуыцау нын ахӕм бӕлвырд разамынд дӕтты, ӕмӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «нӕ фӕстӕ хъусӕм хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл“» (Ис. 30:21). Йегъовӕйы хъӕлӕс ма ноджыдӕр хъусӕм Йесойы фӕрцы. Хуыцау ӕй сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы, ӕмӕ Йесо ӕмбырдӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты (Матф. 24:45). Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ у не ’нусон цард (Дзут. 5:9).

3. Цы нӕ фӕхъыгдары Йегъовӕмӕ хъусын? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

3 Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нын Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ ма хъусӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, Хуыцаумӕ чи хъусы, уый ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн. Стӕй нӕ мӕнгард зӕрдӕ дӕр алы хатт нӕ фӕкомы  Йегъовӕмӕ хъусын (Йер. 17:9). Уымӕ гӕсгӕ ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы хъӕлӕсмӕ хъусын нӕ цы фӕхъыгдары, уыдӕттӕй нӕхи куыд бахизӕм, ууыл. Стӕй ма фендзыстӕм, Йегъовӕмӕ куы хъусӕм ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды уавӕрты дӕр йемӕ ӕнгом уӕм.

ДӔХИ ХИЗ ХӔЙРӔДЖЫ КЪӔППӔДЖЫТӔЙ

4. Хӕйрӕг адӕмӕн сӕ зонд куыд зыгъуыммӕ кӕны?

4 Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн сӕ зонд зыгъуыммӕ кӕны. (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.) Абон хабӕрттӕ ӕгас зӕххыл дӕр апарахат вӕййынц газеттӕ, чингуытӕ, журналтӕ, радио, телевизор ӕмӕ Интернеты фӕрцы. Ӕмӕ дзы кӕд хорзӕй дӕр цыдӕртӕ вӕййы, уӕддӕр арӕх адӕймаджы фӕардауынц, Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыддӕгтыл (Йер. 2:13). Зӕгъӕм, фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ (кӕнӕ сылгоймаг сылгоймагимӕ) сӕ къухтӕ ӕрфыссой ӕмӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Библи гомосексуализмы ныхмӕ ӕгӕр карзӕй дзуры (1 Кор. 6:9, 10).

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хӕйрӕг нӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕна?

5 Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ чи уарзы, уый цы хъуамӕ араза, цӕмӕй йын Хӕйрӕг йӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕна? Йӕ бон куыд бауыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй иртасын? Уый йын бантысдзӕн, «йӕхи куы хъахъхъӕна ӕмӕ... [Хуыцауы] ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд» (Пс. 119:9). Хуыцауы Ныхас нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕцӕг цы у ӕмӕ мӕнг цы у, уый (Ӕмб. 23:23). Йесо загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг... цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Йегъовӕ Библийы ныффыссын кодта бирӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ хъуамӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын сахуыр уӕм. Зӕгъӕм, Иосиф ӕмбӕрста, Хуыцауы цӕсты хӕтындзинад стыр тӕригъӕд кӕй у, кӕд Моисейы закъоны уый тыххӕй бирӕ фӕстӕдӕр ӕрцыд фыст, уӕддӕр. Потифары ус ӕй рӕдийын кодта, фӕлӕ уый, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддаг саразыныл хъуыды дӕр никуы акодта. (Бакӕс Райдиан 39:7–9.) Кӕд ӕй Потифары ус цасдӕр рӕстӕг уӕгъд нӕ уагъта, уӕддӕр Иосиф уыцы сылгоймагмӕ нӕ байхъуыста, уымӕн ӕмӕ хъуыста Хуыцауы хъӕлӕсмӕ. Цӕмӕй хорз ӕвзӕрӕй иртасӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ хъусӕм Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ, Хӕйрӕг цы дзуры, уый та мацӕмӕ дарӕм, раст цыма хъусгӕ дӕр ницы кӕнӕм, уыйау.

6, 7. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хӕйрӕджы зондмӕ ма хъусӕм?

6 Абон зӕххыл бирӕ динтӕ ис, ӕмӕ сӕ иутӕ иу дзурынц, иннӕтӕ та – ӕндӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, раст дин ссарӕн нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй, йӕ разамындмӕ хъусын кӕй фӕнды, уыдонӕн рӕстдзинад ссарын ӕнцон уа. Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, кӕмӕ хъусдзӕн, уый. Зӕгъӕм, уыцы иу рӕстӕг дыууӕ кӕмӕдӕр куы хъусай, уӕд нӕдӕр сӕ иуӕн, нӕдӕр сӕ иннӕмӕн йӕ ныхӕстӕ дзӕбӕх нӕ бамбардзынӕ. Уӕдӕ хъуамӕ Йесойы «хъӕлӕс зонӕм» ӕмӕ уымӕ хъусӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ фыстӕн фыййауӕй уый сӕвӕрдта. (Бакӕс Иоанны 10:3–5.)

 7 Йесо загъта: «Цы хъусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут» (Мар. 4:24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы разамынд у бӕлвырд ӕмӕ раст. Фӕлӕ-иу ын цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, уый тыххӕй-иу сыл хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы разамындмӕ нал хъусдзыстӕм, фӕлӕ не знаг Хӕйрӕджы зондмӕ. Уӕдӕ макуы бауадз, цӕмӕй дын ацы дунейы музыкӕ, кинотӕ, телепередачӕтӕ, чингуытӕ, стӕй де ’мкусджытӕ кӕнӕ де ’мкъласӕгтӕ, дӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон уынаффӕгӕнджытӕ амоной, куыд цӕргӕ дын у, уый (Кол. 2:8).

8. а) Нӕ зӕрдӕйы тӕригъӕдджын фӕндты тыххӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджы куыд бахауӕм? ӕ) Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

8 Хӕйрӕг зоны, ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ ууыл куы фӕархайы, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ацӕуӕм, уӕд нын тынг зын вӕййы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын (Иоан. 8:44–47). Чи зоны, Хуыцаумӕ нал фӕкувӕм, хъусын кӕнынмӕ арӕх нал фӕцӕуӕм кӕнӕ ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдыдтам. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ хъӕуы, нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уымӕ ӕркӕсын, науӕд нӕхи фыдбылызы баппардзыстӕм. Къӕрцхъус куы нӕ разынӕм, уӕд нӕм цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕйы хъӕлӕс нал хъуысдзӕн. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ацӕудзыстӕм ӕмӕ, раздӕр хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм ӕвзӕр хъуыддаг бакӕндзыстӕм (Ром. 7:15). Ахӕм бӕллӕхӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу ӕвӕстиатӕй куы фӕивӕм, уый фӕрцы. Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд, раст дин чи ныууагъта, уыдонмӕ дӕр никуы байхъусдзыстӕм, цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр (Ӕмб. 11:9).

9. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕйы тӕригъӕдджын фӕндтӕ рагацау бафиппайӕм?

9 Адӕймагӕн йӕ низ рагацау куы сбӕрӕг кӕнынц, уӕд уый фӕрцы мӕлӕтӕй дӕр аирвӕзы. Раст афтӕ мах дӕр, нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзынд, уый уайтагъд куы бафиппайӕм ӕмӕ ӕвӕстиатӕй семӕ тох кӕнын куы райдайӕм, уӕд нӕхи фыдбылызӕй бахиздзыстӕм – Хӕйрӕгӕн уый бар нӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ «удӕгасӕй ӕрцахса йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн» (2 Тим. 2:26). Ӕмӕ йӕ, зӕгъӕм, бафиппайдтам, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ, Йегъовӕ нӕ цы домы, уымӕй дард кӕй сты, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы? Хъуамӕ ӕвӕстиатӕй Йегъовӕмӕ раздӕхӕм, йӕ разамынд ын бацагурӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын райдайӕм (Ис. 44:22). Фӕлӕ хъуамӕ иу хъуыддаг ӕмбарӕм: адӕймаг Йегъовӕмӕ куы раздӕха, уӕд дӕр, чи зоны, йӕ рӕдыды тыххӕй маст ӕвзара. Уӕдӕ цас хуыздӕр уыдзӕн, Йегъовӕйӕ ӕппындӕр куы нӕ адард уӕм!

Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр куы архайай, уӕд дӕ уый Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй куыд хъахъхъӕндзӕн? (кӕс 4–9 абзацтӕ)

 ДӔХИ ХИЗ СӔРБӔРЗОНДДЗИНАДӔЙ ӔМӔ ЗЫД КӔНЫНӔЙ

10, 11. а) Адӕймаг сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый цӕмӕй рабӕрӕг вӕййы? ӕ) Корей, Дафан ӕмӕ Авироны хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Хъуамӕ ӕмбарӕм уый, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, адӕймаг сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг куы суа, уӕд ӕм, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы хъӕлӕс мауал хъуыса ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппара. Сӕрбӕрзонд адӕймаг йӕхицӕй схъал вӕййы ӕмӕ йӕхи фӕнд фӕкӕны, зӕгъгӕ, цы кӕнын, уый никӕй хъуыддаг у. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕ кӕнӕ та суанг Хуыцауы организацийы разамынд дӕр мацӕмӕуал дара. Афтӕмӕй уыцы адӕймагмӕ Хуыцауы хъӕлӕс дзӕбӕх нал хъуысдзӕн.

11 Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдырыл куы цыдысты, уӕд Корей, Дафан ӕмӕ Авирон Моисей ӕмӕ Аароны бартӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты. Сӕрбӕрзонд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн, сӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ лӕггад кӕнын. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Хуыцау уыцы змӕнтджыты фесӕфта (Ным. 26:8–10). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, уый йӕхи фыдбылызы ӕппары. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт» (Ӕмб. 16:18; Ис. 13:11).

12, 13. а) Ӕрхӕсс цӕвиттон, зыдгӕнаг адӕймаг йӕхи фыдбылызы куыд баппары, уымӕн. ӕ) Адӕймаг зыд кӕнын куы райдайы, уӕд цыбыр рӕстӕгмӕ хабар куыд рауайы?

12 Зыд кӕнын дӕр тӕссаг у. Адӕймаг зыдгӕнаг куы свӕййы, уӕд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдайы ӕмӕ йын бар цӕмӕн нӕ вӕййы, уый бакӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, пехуымпар Елисей Сирийы ӕфсады хистӕр Нееманы йӕ хъотырӕй куы сдзӕбӕх кодта, уыцы хабар. Нееман Елисейӕн ӕхца ӕмӕ дзаумӕттӕ куы лӕвар кодта, уӕд сӕ уый нӕ бакуымдта райсын. Фӕлӕ Елисейы лӕггадгӕнӕг Гиези уыцы лӕвӕрттӕм бабӕллыд. Гиези йӕхицӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын, хъуамӕ йӕ [ома Нееманы] аййафон ӕмӕ дзы исты райсон». Гъемӕ Гиези, Елисейӕн ницы загъта, афтӕмӕй Нееманы фӕдыл азгъордта ӕмӕ дзы «иу талант ӕвзист ӕмӕ дыууӕ фӕлысты дзаумӕттӕ» расайдта. Гиези ахӕм зыдгӕнаг кӕй разынд, уый тыххӕй йыл цы ’рцыд? Йегъовӕ йыл Нееманы хъотыр бафтыдта (2 Пад. 5:20–27).

13 Адӕймаг цӕмӕдӕр куы бабӕллы, уӕд уыцы фӕнд фыццаг ахӕм тыхджын нӕ вӕййы. Фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕйы бынат куы ратты, уӕд ыл уыцы фӕнд цыбыр рӕстӕгмӕ фӕтых вӕййы. Уый хорз зыны Аханы хабарӕй. Ахан загъта: «Знагӕй цы байстам, уыдоны ’хсӕн федтон Сеннаарӕй ласт зынаргъ, рӕсугъд уӕлӕдарӕс, дыууӕсӕдӕ сиклы ӕвзист ӕмӕ, йӕ уӕз фӕндзай сиклы кӕмӕн у, ахӕм сызгъӕрины къӕртт, ӕмӕ сӕм мӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ сӕ рахастон». Ахан йе ’взӕр фӕнд йӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй не стыдта, ӕмӕ уыцы дзауматӕ адавта ӕмӕ сӕ йӕ цатыры бамбӕхста. Хабар куы рахъӕр, уӕд Йесо Навин Аханӕн загъта, Йегъовӕ йӕ фыдбылызы кӕй баппардзӕн. Ӕмӕ раст уыцы бон адӕм Аханы ӕмӕ йӕ бинонты дуртӕй амардтой (Йес. Н. 7:11, 21, 24, 25). Абон дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ махӕй дӕр исчи зыдгӕнаг суа. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм ӕмӕ «зыд мацӕуыл кӕнӕм» (Лук. 12:15). Кӕд нӕм иуӕй-иу хатт ӕвзӕр хъуыдытӕ фӕзыны кӕнӕ нӕ цӕстытыл ӕнӕгъдау нывтӕ ауайы, уӕд-иу сӕ хъуамӕ нӕ сӕрӕй асурӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕн уый бар макуы раттӕм, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдмӕ ӕркӕной. (Бакӕс Иаковы 1:14, 15.)

14. Кӕд нӕм сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ фӕзынд кӕнӕ истӕуыл зыд кӕнын райдыдтам, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

14 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй сӕрбӕрзонддзинад дӕр ӕмӕ зыд кӕнын дӕр адӕймагӕн у фыдбылызы хос. Ӕмӕ, ӕвзӕр фӕндтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нӕм уыцы ӕвзӕр фӕндты тыххӕй Йегъовӕйы хъӕлӕс мауал хъуыса (Дык. з. 32:29). Хуыцау нын Библийы уылты дзуры, раст фӕндагыл куы  цӕуӕм, уӕд нӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ, ӕвзӕр фӕндагыл куы ацӕуӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый тыххӕй. Кӕд ӕй бафиппайдтам, ӕмӕ нӕм цавӕрдӕр сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ фӕзынд кӕнӕ цӕуылдӕр зыд кӕнын райдыдтам ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ӕвзӕр хъуыддаг саразынмӕ бирӕ нал хъӕуы, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уый нӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Афтӕ куы бакӕнон, уӕд уый мӕхиуыл дӕр ӕмӕ кӕй уарзын, уыдоныл дӕр куыд фӕзындзӕн? Стӕй мӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн?»

ЙЕГЪОВӔИМӔ АЛКӔДДӔР ӔНГОМ У

15. Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у?

15 Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ махӕн хорз йеддӕмӕ ницы зӕгъы (Пс. 1:1–3). Ӕмӕ нын разамынд дӕр йӕ афоныл ратты. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:16.) Кӕд Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр ӕй хъуыди Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын, ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр куывта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр диссаджы хуызы ӕххуыс кодта ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдта. Зӕгъӕм, иухатт ӕм зӕдты рарвыста, цӕмӕй йын балӕггад кодтаиккой. Хуыцау ма Йесойы хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй, стӕй йын дыууадӕс апостолы равзарынӕн дӕр баххуыс кодта. Иухатт та Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыртӕн кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ дзы райгонд кӕй у, уый (Матф. 3:17; 17:5; Мар. 1:12, 13; Лук. 6:12, 13; Иоан. 12:28). Мах дӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕтӕ ӕргом кӕнӕм (Пс. 62:7, 8; Дзут. 5:7). Уый фӕрцы Йегъовӕимӕ алкӕддӕр ӕнгом уыдзыстӕм ӕмӕ йын кад чи хӕсса, ахӕм хъуыддӕгтӕ араздзыстӕм.

16. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу ын йӕ хъӕлӕс фехъусӕм?

16 Йегъовӕ нын тыхӕй ницы аразын кӕны, фӕлӕ йын йӕ разамынд чи агуры, уыдонӕн ӕй не ’вгъау кӕны. Уӕдӕ дзы хъуамӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, ӕмӕ нын ӕй уӕд рӕдауӕй дӕтдзӕн. (Бакӕс Лукайы 11:10–13.) Фӕлӕ ахсджиаг у, цӕмӕй, «куыд хъусӕм, уымӕ лӕмбынӕг кӕсӕм» (Лук. 8:18). Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕнд фӕзынд, ӕмӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй уыцы фӕндыл фӕтых уӕм, нӕхӕдӕг та порнографимӕ кӕнӕ ӕнӕгъдау кинотӕм кӕсӕм. Уӕд афтӕ нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ цӕстмӕ митӕ кӕнӕм? Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау баххуыс кӕна, уӕд-иу хъуамӕ уӕм, йӕ сыгъдӕг тых кӕм вӕййы, уым, зӕгъӕм, ӕмбырдты. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ, ӕмбырдты лӕмбынӕг кӕй хъуыстой, уый фӕрцы сӕхи фыдбылызӕй бахызтой – сӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзынд, уый бамбӕрстой ӕмӕ уыцы фӕндтыл фӕтых сты (Пс. 73:12–17; 143:10).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХЪӔЛӔСМӔ ЛӔМБЫНӔГ ХЪУС

17. Адӕймаг йӕхи зондӕй архайа, уый тӕссаг цӕмӕн у?

17 Ӕркӕсӕм рагон Израилы паддзах Давиды хабармӕ. Цалынмӕ Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дардта, уӕдмӕ йын стыр хъуыддӕгтӕ бантыст. Ӕрыгон ма куы уыд, уӕд филистимаг богал Голиафы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз. Фӕстӕдӕр Давид сси хӕстон, уый фӕстӕ та – паддзах. Хуыцау ӕй йӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕдтаид ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдтаид. Фӕлӕ йӕхи зондӕй архайын куы райдыдта, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕ фӕсайдта, ӕмӕ стыр тӕригъӕдтӕ ӕруагъта – Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕг Урийы дӕр амарын кодта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куы бауайдзӕф кодта, уӕд Давид сӕрныллӕгӕй йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар сси (Пс. 51:4, 6, 10, 11).

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ алкӕддӕр хъусӕм?

18 Цӕй ӕмӕ, 1 Коринфӕгтӕм 10:12 цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл... йӕ бар нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг кӕнӕ Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъусдзӕн, кӕнӕ Хӕйрӕджы хъӕлӕсмӕ. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр кувӕм, йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ йын архайӕм ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕсмӕ алкӕддӕр лӕмбынӕг хъусӕм.