Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ нӕм йӕхи куыд ӕрбаввахс кодта?

Йегъовӕ нӕм йӕхи куыд ӕрбаввахс кодта?

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (ИАК. 4:8).

1. Адӕймаг куыд конд у, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

ИС АХӔМ ныхас, зӕгъгӕ, дам, адӕм кӕрӕдзийы фӕрцы цӕрынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ хъӕуы, чи йӕ уарза, чи йын аргъ кӕна ӕмӕ йӕ чи ӕмбара, ахӕм бинонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ. Фӕлӕ йӕ ноджы тынгдӕр та хъӕуы, цӕмӕй йе Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕввахс уа (Еккл. 12:1).

2. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, фӕлӕ бирӕтӕ ууыл цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц?

2 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты дзуры, цӕмӕй йӕм «баввахс уӕм», ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, уӕд нӕм йӕхӕдӕг дӕр кӕй «ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Уый нӕ стыр ныфс куыннӕ уадзы! Фӕлӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, уый гӕнӕн, дам, куыд ис, ӕмӕ Хуыцауы фӕнда, цӕмӕй нӕм ӕрбаввахс уа. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уый аккаг не сты, кӕнӕ та афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕй ӕгӕр дард у. Уӕдӕ цымӕ ӕцӕгӕй уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уӕм?

3. Йегъовӕйы тыххӕй нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

3 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ссарӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:26, 27; Псалом 145:18.) Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ суӕм, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр (Ис. 41:8; 55:6). Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Куывдтытӕ  чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр. Амондджын у уыцы адӕймаг, ды кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай» (Пс. 65:2, 4). Ӕркӕсӕм-ма Иудӕйы паддзах Асӕйы хабармӕ ӕмӕ базонӕм, Хуыцаумӕ куыд баввахс ӕмӕ йӕм Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр куыд ӕрбаввахс, уый *.

ПАДДЗАХ АСӔЙЫ ХАБАРӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

4. Паддзах Асӕ Иудӕйы адӕмӕн фӕзминаг цӕмӕй уыд?

4 Паддзах Асӕ ӕцӕг Хуыцауыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ Иудӕйы зӕхх ссыгъдӕг кодта, адӕм цы чъизи хъуыддӕгтыл бафтыдысты, уыдонӕй – кувӕндоны чи хӕтыд, уыцы нӕлгоймӕгты фӕсырдта ӕмӕ, йӕ адӕм цы мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой, уыдоны фесӕфта (1 Пад. 15:9–13). Асӕ Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй уыд ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн барджынӕй загъта: «Уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы агурут ӕмӕ йын йӕ закъон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут». Йегъовӕ Асӕйӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ йӕ хицаудзинады фыццаг дӕс азы дӕргъы Иудӕйы зӕххыл уыди сабырдзинад. Асӕ зыдта, уый сын Йегъовӕйы руаджы кӕй бантыст, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Зӕхх нӕ къухы ис, уымӕн ӕмӕ мах нӕ Хуыцау Йегъовӕйы агуырдтам. Агуырдтам ӕй, ӕмӕ нын алырдыгӕй ӕнцойдзинад радта» (2 Аз. 14:1–7). Ӕркӕсӕм, уый фӕстӕ цы хабар ӕрцыд, уымӕ.

5. Асӕ йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дардта, уый цавӕр уавӕры рабӕрӕг ӕмӕ хабар куыд рауад?

5 Иудӕйы ныхмӕ рацыд ефиопаг Зара. Уыди йӕм 1 000 000 хӕстоны ӕмӕ 300 бӕхуӕрдоны (2 Аз. 14:8–10). Дӕхи-ма Асӕйы бынаты сӕвӕр. Де ’фсадӕй дыууӕ хатты стырдӕр чи у, ахӕм ӕфсад куы федтаис, уӕд куыд кодтаис? Мыййаг, дӕхинымӕр загътаис, Хуыцау нын нӕ уавӕрмӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсы, зӕгъгӕ? Ахӕм тыхст уавӕры дӕхи зондӕй архайын райдыдтаис? Ӕви дӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаис? Асӕ равдыста, Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбал кӕй у ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр кӕй дары. Уый Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй скуывта: «Баххуыс нын кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ номӕй рацыдыстӕм ацы бирӕ адӕмы ныхмӕ. О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Хуыцау. Зӕххон адӕймаг дӕуӕй тыхджындӕр ма разынӕд». Цымӕ Хуыцау Асӕйы куывд фехъуыста? Йегъовӕ «ефиопӕгты ныддӕрӕн кодта», ӕмӕ дзы иу дӕр удӕгасӕй нал баззад (2 Аз. 14:11–13).

6. Асӕйы цавӕр хъуыддаджы хъуамӕ бафӕзмӕм?

6 Цымӕ Асӕ фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй бацамондзӕн, куыд хъуамӕ архайа, уый? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Асӕ арӕзта, «Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ» (1 Пад. 15:11, 14). Махӕн дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уа Йегъовӕимӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм. Абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбӕлттӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы уыдзыстӕм. Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг ӕрбаввахс кодта йӕхимӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм мах дӕр баввахс уӕм ӕмӕ алкӕддӕр йемӕ ӕнгом уӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй мах тынг бузныг стӕм. Ныр та аныхас кӕнӕм, Хуыцау нӕ йӕхимӕ кӕй фӕрцы ӕрбаввахс кодта.

ЙЕГЪОВӔ НӔ ЙӔХИМӔ ӔРБАВВАХС КОДТА ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ

7. а) Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын нӕ кӕй тыххӕй фӕнды, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕр сты? ӕ) Хуыцау нӕ йӕхимӕ сӕйраджыдӕр цӕй фӕрцы ӕрбаввахс кодта?

7 Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй равдыста. Скодта нын рӕсугъд цӕрӕнбынат – зӕхх. Стӕй нын абоны онг дӕр дӕтты, цардӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Хъуыд. 17:28; Рарг. 4:11). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ цух нӕ уадзы, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цы хъӕуы, уымӕй (Лук. 12:42). Хуыцау ма нын дзуры, нӕ куывдтытӕм нын йӕхӕдӕг кӕй хъусы (1 Иоан. 5:14). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ кӕй уарзы,  уый сӕйраджыдӕр равдыста, Чырыстийы мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Афтӕмӕй нӕ йӕхимӕ ӕввахс кӕны ӕмӕ мах дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 4:9, 10, 19.) Хуыцау йӕ «иунӕг Фырты» зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕна (Иоан. 3:16).

8, 9. Йегъовӕ Чырыстийы уылты йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны?

8 Чырыстийы размӕ чи цард, суанг уыдонӕн дӕр Йегъовӕ йӕ Фырты нывонды фӕрцы фадат радта, цӕмӕй фидӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой. Цымӕ уый гӕнӕн куыд уыд? Йегъовӕ рагацау загъта, адӕмы чи хъуамӕ фервӕзын кодтаид, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ нымадта, цыма Чырыстийы нывонд хаст ӕрцыд – уый зыдта, йӕ фӕндон ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Райд. 3:15). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел ныффыста, Хуыцау адӕмы йе стыр хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, «Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты», уый фӕрцы. Павел бамбарын кодта: «[Хуыцау] адӕмӕн... быхста ӕмӕ, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон сын... хатыр кодта» (Ром. 3:21–26). Уӕдӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн куы не ’рхастаид, уӕд Хуыцаумӕ никуы баввахс уыдаиккам!

9 Сӕрныллӕг адӕмӕн ӕрмӕстдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы у сӕ бон Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йӕм ӕввахс кӕнын. Библийы фыст ис: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:6–8). Чырысти йӕ цард нывондӕн уый тыххӕй не ’рхаста, ӕмӕ ӕцӕгдӕр уый аккаг стӕм – Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уыцы стыр хъуыддаг уый тыххӕй сарӕзтой, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕнынц. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд». Ӕндӕр хатт та ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 6:44; 14:6). Цымӕ Йегъовӕ Чырыстийы уылты адӕмы йӕхимӕ куыд ӕввахс кӕны ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, сӕхи йӕ уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной? Уый аразы йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. (Бакӕс Иудӕйы 20, 21.) Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ кӕй фӕрцы ӕввахс кӕны, ноджыдӕр иу ахӕм хъуыддагмӕ.

ЙЕГЪОВӔ НӔ ЙӔХИМӔ ӔВВАХС КӔНЫ ЙӔ НЫХАС БИБЛИЙЫ УЫЛТЫ

10. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм?

10 Ацы статьяйы фыццаг фараст абзацмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, стихтӕ дзы кӕй ӕмбӕлы Библийӕ 14 чиныгӕй. Библи нын куы нӕ уыдаид, уӕд ӕй цымӕ кӕцӕй базыдтаиккам, нӕ бон кӕй у не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын? Стӕй кӕцӕй базыдтаиккам, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ Йесойы фӕрцы нӕ бон Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын кӕй у, уый? Йегъовӕ Библи ныффыссын кодта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ӕмӕ уыцы чиныгӕй нӕ бон у базонын, цы диссаджы миниуджыты хицау у ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Зӕгъӕм, Рацыды 34:6, 7 куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕхи тыххӕй загъта: «Йегъовӕ [у] фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр». Кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ йын ахӕм ӕмбал уа? Йегъовӕ зоны: Библийы фӕрцы йӕ цас хуыздӕр базонӕм, уыйас тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

11. Йегъовӕйы тыххӕй базоныныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм? (Кӕс нывмӕ 16 фарсыл.)

11 Адӕймаг не ’мбал кӕд свӕййы? Хорз ӕй куы базонӕм ӕмӕ йӕм цы миниуджытӕ ис, уый тыххӕй нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын куы райдайы, уӕд. Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Библи лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд фӕархайы, уый базонын. Ӕмӕ куыд  хорз у, Йегъовӕ Библи афтӕ кӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй йӕ адӕм ӕнцонтӕй ӕмбарой!

12. Йегъовӕ Библи адӕмӕн цӕмӕн ныффыссын кодта?

12 Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Библи зӕдтӕн ныффыссын кӕнын. Зӕдты тынг фӕнды, чи стӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый зонын (1 Пет. 1:12). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау адӕмӕн цы зӕгъинаг уыд, уый зӕдтӕн дӕр сӕ бон уыди ныффыссын. Фӕлӕ цымӕ сӕ бон бауыдаид сӕхи адӕймаджы бынаты сӕвӕрын? Цымӕ сӕ бон бауыдаид, адӕймаджы цы хъӕуы, цы лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕны ӕмӕ цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕ бамбарын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ, уымӕн ӕмӕ зӕдтӕ махӕй тынг хицӕн кӕнынц. Йегъовӕ дӕр уый зоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библи ныффыссын кодта адӕмӕн. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцон вӕййы, Библи чи фыста, уыдонӕн дӕр ӕмӕ дзы кӕй кой цӕуы, уыдонӕн дӕр сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ бамбарын. Зӕгъӕм, сӕ ныфс-иу асаст, цӕуылдӕрты-иу дызӕрдыг кодтой, тӕрсгӕ дӕр-иу кодтой ӕмӕ-иу рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд сын сӕ зын фембарӕм. Цӕуыл цин кодтой ӕмӕ сын царды хорзӕй цы бантыст, уыдӕтты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд та семӕ цин фӕкӕнӕм. Библийы фысджытӕ иууылдӕр уыдысты «мах хуызӕн адӕймӕгтӕ», пехуымпар Илийа куыд уыд, афтӕ (Иак. 5:17).

Йегъовӕ Ионӕ ӕмӕ Петримӕ фӕразон кӕй уыд, уый дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм баввахс уай? (кӕс 13, 15 абзацтӕ)

13. Ионӕ Хуыцаумӕ куыд куывта, уый дын дӕ зӕрдӕ куыд агайы?

13 Цӕвиттонӕн райсӕм пехуымпар Ионӕйы. Хуыцау ын ахсджиаг хъуыддаг куы бабар кодта, уӕд уый ӕндӕр бӕстӕмӕ алыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕ уыцы хабар зӕдтӕй искӕмӕн куы ныффыссын кодтаид, уӕд зӕдӕн йӕ бон кӕцӕй бауыдаид Ионӕйы ӕнкъарӕнты тыххӕй бӕстон радзурын? Уӕдӕ Хуыцау уыцы хабар Ионӕйӕн йӕхицӕн кӕй ныффыссын кодта, уый бирӕ хуыздӕр уыди. Зӕгъӕм, Ионӕ ныффыста, денджызы арфӕй Хуыцаумӕ куыд куывта, уый тыххӕй. Уыцы куывды ис ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕ уд удыл куы нал хӕцыд, уӕд Йегъовӕйы ӕрхъуыды кодтон» (Ионӕ 1:3, 10; 2:1–9).

14. Исай йӕхи тыххӕй цы ныффыста, уый бамбарын дын зын цӕуылнӕ у?

 14 Ӕркӕсӕм-ма, пехуымпар Исай йӕхи тыххӕй цы ныффыста, уымӕ дӕр. Исай цӕстылуайӕны Йегъовӕйы кад куы федта, уӕд ӕй бамбӕрста, куыд тӕригъӕдджын у, уый, ӕмӕ ныффыста: «Бабын дӕн! Ныр удӕгасӕй нал баззайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнын, сӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ ӕз федтон Паддзахы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы!» (Ис. 6:5). Зӕд йӕхи тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ искуы загътаид? Никуы! Исай та загъта. Мах дӕр стӕм Исайау ӕнӕххӕст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, куыд тыхсти, уый ӕмбарӕм.

15, 16. а) Иннӕты ӕмбарын нӕ бон цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ. ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм?

15 Цымӕ зӕд Иаковау йӕхицӕй искуы афтӕ загътаид, ӕз Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты «аккаг нӕ дӕн», зӕгъгӕ? Кӕнӕ Петрау йӕхи «тӕригъӕдджын» схуыдтаид? (Райд. 32:10; Лук. 5:8). Науӕд цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕдтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтау истӕмӕй «фӕтарстаиккой»? Йе та, цӕмӕй «хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккой», уый тыххӕй сын сӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауын бахъуыдаид, Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн куыд хъуыди, афтӕ? (Иоан. 6:19; 1 Фес. 2:2). Зӕдтӕ алцӕмӕй дӕр сты ӕххӕст ӕмӕ адӕмӕй бирӕ хъомысджындӕр сты. Мах та Библийы фысджытау ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хорз ӕмбарӕм. Ӕмӕ Библийы цы ныффыстой, уый куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ бон вӕййы, «цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнын, кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ та кӕуын» (Ром. 12:15).

16 Йегъовӕ рагзаманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд уыд, уый тыххӕй Библийы куы кӕсӕм ӕмӕ уыцы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ диссаджы Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм. Зӕгъӕм, базондзыстӕм, уыцы ӕнӕххӕст адӕймӕгтимӕ-иу куыд фӕразон ӕмӕ куыд фӕлмӕн уыд, ӕмӕ-иу сӕм афтӕмӕй йӕхи куыд баввахс кодта. Уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы хуыздӕр зондзыстӕм ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ йӕ цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас ӕм тынгдӕр ӕввахс кӕндзыстӕм. (Бакӕс Псалом 25:14.)

ХУЫЦАУМӔ АЛКӔДДӔР ӔВВАХС У

17. а) Пехуымпар Азари Асӕйӕн цавӕр уынаффӕ радта? ӕ) Асӕ уыцы уынаффӕ кӕй ферох кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг ӕмӕ хабар куыд рауад?

17 Паддзах Асӕ ефиопӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд ын пехуымпар Азари йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ адӕмӕн дӕр ахӕм уынаффӕ радта: «Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы йӕ агурат, уӕд ӕй ссардзыстут, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн» (2 Аз. 15:1, 2). Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр Асӕ уыцы ныхӕстӕ ферох кодта. Израилы дӕсмыггаг паддзахад сӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд Асӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕ нӕ бацагуырдта, фӕлӕ сириӕгтӕй – мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмӕй. Йегъовӕ Асӕйӕн загъта: «Ды ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай, ӕмӕ уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (2 Аз. 16:1–9). Ацы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18, 19. а) Кӕд Йегъовӕйӕ гыццыл дӕр адард стӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм? ӕ) Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр цӕй фӕрцы кӕндзыстӕм?

18 Хъуамӕ Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Ӕмӕ дзы кӕд, мыййаг, гыццыл дӕр адард стӕм, уӕд хъуамӕ бацархайӕм, Осийы 12:6 цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ: «Раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, ӕнувыд уарзтӕй уарз, рӕстӕй архай ӕмӕ алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дар дӕ Хуыцауыл». Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, стӕй Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасӕм. (Бакӕс Дыккаг закъон 13:4.)

19 Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Пс. 73:28). Ӕмӕ мах дӕр уыцы ныхӕстимӕ разы стӕм. Цӕй уӕдӕ архайӕм Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл. Уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ныр дӕр ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ӕввахс кӕндзӕн!

^ 3 абз. Кӕс брошюрӕ «Ӕз... уыдзынӕн уемӕ», статья «Дӕ фыдӕбоны тыххӕй дын „уыдзӕн хӕрзиуӕг“».