Кӕсджыты фарстатӕ
Йесо Чырысти саддукейтӕн загъта, чи райгас уа, уыдон «нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты», зӕгъгӕ (Лук. 20:34–36). Цымӕ Йесо, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны кой кодта?
Ацы фарста у тынг ахсджиаг, ӕмӕ йын дзуапп базонын уӕлдай тынгдӕр фӕнды, йӕ цардӕмбал кӕмӕн фӕзиан, уыдоны. Бирӕтӕ сӕ тынг бӕллынц, цӕмӕй та ног дунейы сӕ цардӕмбӕлттимӕ фӕстӕмӕ баиу уой. Йӕ бинойнаг кӕмӕн фӕзиан, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Мӕн ӕмӕ мӕ бинойнаджы никуы фӕндыд, цӕмӕй нӕ бинонты цардӕн кӕрон ӕрцӕуа. Нӕ дыууӕйы дӕр тынг фӕндыд Йегъовӕйӕн иумӕ ӕнустӕм лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мӕн ныр дӕр уый фӕнды». Цымӕ, зӕххыл чи райгас уа, уыдон устытӕ курдзысты ӕмӕ чындзы цӕудзысты? Ацы фарстайӕн нӕ бон бӕлвырд дзуапп раттын нӕу.
Бирӕ азты дӕргъы нӕ публикациты фыстам, зӕгъгӕ, Йесо саддукейтӕн цы загъта, уый хауы, зӕххыл чи райгас уа, уыдонмӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ног дунейы уыцы адӕм устытӕ нӕ курдзысты ӕмӕ чындзы нӕ цӕудзысты * (Матф. 22:29, 30; Мар. 12:24, 25; Лук. 20:34–36). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ, уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдонмӕ хауой? Кӕд нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, о, зӕгъгӕ, уӕддӕр бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, Йесо цы загъта, ууыл.
Ӕркӕсӕм, Йесо ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ цӕмӕн загъта, уымӕ. (Бакӕс Лукайы 20:27–33.) Райгасдзинадыл чи не ’ууӕндыд, уыцы саддукейты фӕндыди Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын, ӕмӕ йӕ бафарстой, цалдӕр ӕфсымӕры ус чи уыд, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд сӕ кӕй ус уыдзӕн *. Йесо сын загъта: «Ацы дунейы адӕм устытӕ курынц ӕмӕ чындзы цӕуынц. Ӕрцӕуинаг дунейы цӕрыны аккаг чи суа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты. Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр нал кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдзысты зӕдты хуызӕн. Уыдон уыдзысты Хуыцауы хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кӕндзӕн» (Лук. 20:34–36).
Нӕ публикациты афтӕ цӕмӕ гӕсгӕ фыстам, зӕгъгӕ, Йесо, ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны тыххӕй дзырдта? Уымӕн сӕйраджыдӕр уыд дыууӕ аххосаджы. Фыццаг: куыд зыны, афтӕмӕй саддукейтӕ кодтой, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны кой, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ сын Йесо дзуапп куы радта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр уый кой кодта. Дыккаг: йӕ ныхасы кӕрон Йесо ской кодта Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы тыххӕй – зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй (Лук. 20:37, 38).
Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ Йесо дзырдта, уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй. Ахӕм хатдзӕг цӕмӕн ис скӕнӕн? Ӕркӕсӕм, саддукейтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Йесо цы дыууӕ хъуыдыйы загъта, уыдонмӕ.
«Цӕрыны аккаг чи суа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон». Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ «нымад ӕрцыдысты Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл» (2 Фес. 1:5, 11). Уыдон Чырыстийы нывонды руаджы нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл ӕмӕ цӕрыны аккагыл, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фыдгӕнджыты тӕрхон нӕ баййафдзӕн (Ром. 5:1, 18; 8:1). Библи сӕ хоны «амондджын ӕмӕ ӕнӕфау» адӕм, ӕмӕ уый аккагыл нымад ӕрцыдысты, цӕмӕй райгас уой уӕлӕрвты цӕрынӕн (Рарг. 20:5, 6). Зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны ’хсӕн та уыдзӕн «фыдгӕнджытӕ» дӕр (Хъуыд. 24:15). Цымӕ уыдонӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ уый «аккагыл» нымад ӕрцыдысты, цӕмӕй райгас уой?
«Мӕлгӕ дӕр нал кӕндзысты». Библийы ӕндӕр тӕлмацы ацы ныхӕстӕ афтӕ сты, «мӕлӕты бар сыл нал цӕуы», зӕгъгӕ. Йӕ зӕххон царды кӕронмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззайы, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ райгас вӕййынц уӕларвон цардмӕ ӕмӕ сын Хуыцау балӕвар кӕны ӕнӕмӕлгӕ цард – мӕлӕтӕн йӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм ӕнӕкӕрон цард (1 Кор. 15:53, 54). Уӕдӕ уӕларвон цардмӕ чи райгас вӕййы, уыдоныл мӕлӕты бар ӕппындӕр нал фӕцӕуы *.
Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн? Йесойы ныхӕстӕ, «мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон... нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты», зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, хауынц, уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас вӕййы, уыдонмӕ. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд йӕ ныхӕстӕй уыдоны тыххӕй базонӕн ис ӕртӕ хъуыддаджы: 1) устытӕ нӕ курынц ӕмӕ мой нӕ кӕнынц, 2) мӕлӕты бар сыл нӕ цӕуы ӕмӕ 3) цӕмӕйдӕрты сты зӕдты хуызӕн – уыдонӕн дӕр ис ӕнӕуынгӕ буӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынат ис уӕлӕрвты. Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕры цалдӕр фарстайы.
Фыццаг: кӕд саддукейтӕ, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдоны тыххӕй фарстой, уӕд Йесо уӕларвон райгасдзинады кой цӕмӕн кодта? Йесо-иу йе знӕгтӕн алы хатт, уыдон цӕй кой кодтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕвӕрдта дзуапп. Зӕгъӕм, диссаг ын чи аразын кодта, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ ацы кувӕндон ныппырх кӕнут, ӕмӕ йӕ ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн». Йесо, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, уыдон ӕнӕуи кувӕндоны тыххӕй кӕй ахъуыды кодтой, фӕлӕ, «кувӕндоны тыххӕй дзургӕйӕ, уый йӕ буары кой кодта» (Иоан. 2:18–21). Ӕвӕццӕгӕн, Йесо ӕнӕмӕнг хъуыддагыл нӕ нымадта саддукейты фарстайӕн дзуапп раттын, уымӕн ӕмӕ йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ нӕ фарстой – уыдон нӕдӕр райгасдзинадыл ӕууӕндыдысты, нӕдӕр, зӕдтӕ кӕй ис, ууыл (Ӕмб. 23:9; Матф. 7:6; Хъуыд. 23:8). Йесо, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ саддукейтӕн дзуапп раттыны тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уӕларвон райгасдзинады тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой – уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕстӕдӕр хъуамӕ фӕзындаид уӕлӕрвты цӕрыны ныфс.
Дыккаг: Йесо йӕ ныхасы кӕрон Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы кой, ома, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдоны кой, цӕмӕн скодта? (Бакӕс Матфейы 22:31, 32.) Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо уыцы рагон лӕггадгӕнджыты кой куы скодта, уый хӕдразмӕ ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта, «мӕрдты райгасы тыххӕй», зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уымӕн загъта, цӕмӕй йӕ хъусджытӕн се ’ргом уӕларвон райгасдзинадӕй аздӕхтаид зӕххон райгасдзинадмӕ. Йесо зыдта, саддукейтӕ Моисейы фыст ныхӕстыл кӕй ӕууӕндыдысты, ӕмӕ сын Фыстадӕй ӕрхаста, Йегъовӕ Моисейӕн судзгӕ къутӕры раз цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Афтӕмӕй йӕ фӕндыд равдисын, Хуыцауы фӕнд уый дӕр кӕй у, цӕмӕй адӕм зӕххыл цӕрынӕн райгас уой (Рац. 3:1–6).
Ӕртыккаг: кӕд Йесойы ныхӕстӕ, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ хауынц, уӕд цымӕ, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдонӕй ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ чындзы цӕудзысты ӕмӕ устытӕ курдзысты? Библийы уыцы фарстайӕн бӕлвырд дзуапп нӕй. Кӕд Йесо уӕларвон райгасдзинады кой кодта, уӕд йӕ ныхӕстӕ, зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдонмӕ нӕ хауынц ӕмӕ, сӕ хабар куыд уыдзӕн, уымӕн дзуапп уыцы ныхӕсты нӕй.
Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕй зонӕм уый, ӕмӕ мӕлӕт дыууӕ цардӕмбалы кӕрӕдзийӕ куы ахицӕн кӕны, уӕд лӕг ӕмӕ усыл нымад нал вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, идӕдзӕй чи баззад, уый йӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕнын куы сфӕнд кӕна, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ йӕхи ма хӕра. Уый алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Ӕмӕ адӕймаджы, йӕ фарсмӕ исчи уа, уый кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй иннӕтӕ хъуамӕ йӕ кой ма кӕной (Ром. 7:2, 3; 1 Кор. 7:39).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ног дунейы цард цавӕр уыдзӕн, уый фӕдыл нӕм бирӕ фарстатӕ ис. Фӕлӕ, бӕлвырд дзуапп кӕмӕн нӕй, уыцы фарстатыл рахъуыды-бахъуыды кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид, куы банхъӕлмӕ кӕсиккам, цалынмӕ алцыдӕр нӕхи цӕстӕй нӕ фенӕм, уӕдмӕ. Фидарӕй зӕгъӕн ис иу хъуыддаг: коммӕгӕс адӕм уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цух ницӕмӕй ныууадздзӕн ӕмӕ сын сӕ фӕндтӕ ӕмӕ сӕ бӕллицтӕ иууылдӕр, хуыздӕр куыддӕриддӕр уа, афтӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Пс. 145:16).
^ 4 абз. Кӕс 1989 азы 15 июны «Сторожевая башня», 22, 23 фӕрстӕ.
^ 5 абз. Рагзаманты Хуыцауы адӕммӕ ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу нӕлгоймагӕн фырт куы нӕ уыд ӕмӕ-иу афтӕмӕй куы амард, уӕд-иу ын хъуамӕ йе ’фсымӕр йӕ усы ракуырдтаид, цӕмӕй-иу йӕ фӕстӕ исчи баззадаид ӕмӕ йӕ ном ма фесӕфтаид (Райд. 38:8; Дык. з. 25:5, 6).
^ 9 абз. Зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдонӕн кӕд ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдзӕн, уӕддӕр сын ӕнӕмӕлгӕ цард нӕ уыдзӕн. Ӕнӕмӕлгӕ цард ӕмӕ ӕнусон цард кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй кӕс 2007 азы 1 ноябры «Сторожевая башня», 21 фарс.