Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раздӕх ӕмӕ де ’фсымӕрты бафидар кӕн

Раздӕх ӕмӕ де ’фсымӕрты бафидар кӕн

АПОСТОЛ Петр Йесойӕ цалдӕр хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд тынг ныккуыдта. Петры, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыди бафыдӕбон кӕнын, цӕмӕй та йӕ уырнындзинад раздӕрау фидар суыдаид. Петр ахӕм рӕдыд кӕй ӕруадздзӕн, уый Йесо уый размӕ дӕр зыдта. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд Петры уылты йӕ фӕдылдзӕуджыты фидар кӕнын, ӕмӕ йын загъта: «Куы ’рфӕсмон кӕнай [«Куы раздӕхай», «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз], уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лук. 22:32, 54–62). Ӕмӕ фӕстӕдӕр Петр сси фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды цӕджындзтӕй сӕ иу (Гал. 2:9). Ацы хабар, раздӕр хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕрты ныфс куыд уадзы? Уыдонӕн дӕр сӕ бон у уыцы хӕс ногӕй сӕхимӕ райсын ӕмӕ, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый ногӕй банкъарын.

Цӕйдӕр тыххӕй хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны бар кӕмӕн нал ис, уыцы ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайой, ӕмӕ уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн нӕ бӕззынц. Хуссар Америкӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Хулио *, хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кодта 20 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймаг куы уыдтӕн, уӕд мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр баст уыд ӕмбырды хъуыддӕгтимӕ – раныхӕстӕ-иу цӕттӕ кодтон, хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты бабӕрӕг кодтон, цӕмӕй-иу сӕ бафидар кодтаин. Ӕмӕ ӕвиппайды уыдӕттӕй куы ницыуал аззад, уӕд мӕм афтӕ касти, цыма мӕ цард сафтид. Уыцы рӕстӕг мын тынг зын уыди». Абон Хулио ногӕй лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй.

«ФӔЛВАРӔНТЫ КУЫ БАХАУАТ, УӔД-ИУ ЦИН КӔНУТ»

Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут» (Иак. 1:2). Ацы ран Иаков кӕны, нӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй цы фӕлварӕнты бахауӕм, уыдоны кой. Зӕгъӕм, Иаков фыссы хиуарзон фӕндты, хъулон миты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй (Иак. 1:14; 2:1; 4:1, 2, 11). Йегъовӕ нын зонд куы фӕамоны, уӕд нӕм уый хатт, чи зоны, хъыг фӕкӕсы (Дзут. 12:11). Фӕлӕ ахӕм фӕлварӕнтӕн хъуамӕ уый бар ма раттӕм, ӕмӕ нын нӕ циндзинад байсой.

Кӕд дӕуӕн дӕр ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕныны бар нал ис, уӕддӕр дын фадат ис, цӕмӕй  сбӕрӕг кӕнай, дӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, ӕмӕ равдисай, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый. Хорз ма уаид, Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕныс, ууыл ахъуыды кӕнын дӕр. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн: «Цӕстдарӕджы хӕстӕм цӕмӕн тырныдтон? Мӕхицӕн цыдӕр пайда кӕй агуырдтон, уый тыххӕй? Ӕви, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый тыххӕй? Ӕмбырд Хуыцауы дзуг кӕй у ӕмӕ йыл фӕлмӕнӕй аудын кӕй хъӕуы, уый ӕмбӕрстон?» (Хъуыд. 20:28–30). Раздӕр хистӕр нӕлгоймаг чи уыди, ахӕм ӕфсымӕр дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ куы фӕлӕггад кӕны, уӕд уымӕй алкӕмӕн дӕр, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн дӕр, равдисы, Йегъовӕйы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй уарзы.

Паддзах Давид стыр тӕригъӕдтӕ куы сарӕзта, уӕд ын Йегъовӕ карзӕй бауайдзӕф кодта. Давид Хуыцауы зондамындмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста, ӕмӕ йын уый йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Уый фӕстӕ Давид загъта: «Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ рӕдыды тыххӕй Йегъовӕ дзуапп кӕмӕй не ’рдомдзӕн ӕмӕ хиндзинад кӕмӕ нӕй» (Пс. 32:1, 2). Давид зондамындмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ссыгъдӕг. Стӕй фидарӕй зӕгъӕн ис, уый фӕрцы Хуыцауы адӕмӕн ноджы хуыздӕр фыййау кӕй сси.

Абон дӕр, ногӕй та хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын чи райдайы, уыцы ӕфсымӕртӕ Хуыцауы дзугмӕ хуыздӕр фӕкӕсынц. Иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг афтӕ загъта: «Ныр ӕй хуыздӕр зонын, чи фӕрӕдийы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын куыд хъӕуы». Ӕндӕр хистӕр нӕлгоймаг та загъта: «Ныр ноджы хуыздӕр ӕмбарын, де ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнай, уый цӕй стыр кад у».

ДӔУӔН ДӔР ДӔ БОН У «РАЗДӔХЫН»?

Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Нӕ рӕдыдтытӕ нын ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ» (Пс. 103:9). Уӕдӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, стыр рӕдыд чи ӕруагъта, ууыл Хуыцау никуыуал баууӕнддзӕн. Рикардо хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кодта бирӕ азты дӕргъы, фӕлӕ стӕй хистӕр нӕлгоймаг нал уыди. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Кӕй фӕрӕдыдтӕн, уый тыххӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕн нӕ бӕззын. Уыцы хъуыдытӕ мын бирӕ азты дӕргъы уыдысты къуылымпыйы хос, ӕмӕ мӕ бон нӕ уыди „раздӕхын“ ӕмӕ та хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын райдайын. Ныфс мӕ нӕ уыди, Йегъовӕ та мыл ногӕй кӕй баууӕнддзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын кӕй уарзын, уымӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ Библи ахуыр кодтон, ӕмбырды-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтон, стӕй семӕ уацамынды цыдтӕн. Уый фӕрцы мӕ ногӕй ныфс бацыд, ӕмӕ та ныр хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын».

Йегъовӕ бирӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодта, цӕмӕй та сӕ раздӕрау лӕггад кӕнын бафӕндыдаид

Иуӕй-иу хатт ӕфсымӕры ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын фӕхъыгдары, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм йӕ зӕрдӕйы маст кӕй фӕхӕссы,  уый дӕр. Фӕлӕ хуыздӕр уаид Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Давиды бафӕзмын. Паддзах Саул ӕм хӕлӕгӕй марди, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ фӕдыл зылди, ӕмӕ Давиды лидзын бахъуыд. Ӕмӕ кӕд Давидӕн цалдӕр хатты Саулӕй йӕ маст райсыны фадат фӕци, уӕддӕр афтӕ нӕ бакодта (1 Сам. 24:4–7; 26:8–12). Саул тохы быдыры куы фӕмард, уӕд ма йыл Давид хъарджытӕ дӕр фӕкодта. Ӕмӕ йӕ хъарӕджы Саулы ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны схуыдта «адӕмӕн уарзон ӕмӕ адджын» адӕймӕгтӕ (2 Сам. 1:21–23). Бӕрӕг у, Давид йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста.

Кӕд дӕм, мыййаг, афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хабар раст нӕ бамбӕрстой кӕнӕ, ницы фӕрӕдыдтӕ, афтӕмӕй дын хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны бар нал ис, уӕддӕр сӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс. Великобританийӕ иу ӕфсымӕр, Уильям, хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кодта 30 азы бӕрц, ӕмӕ йын уый фӕстӕ цӕйдӕр тыххӕй уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕныны бар нал уыд. Уильям хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕдӕрты тынг мӕсты кодта. Фӕлӕ йын цы баххуыс кодта? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Иовы чиныг кӕй кастӕн, уый мӕ тынг бафидар кодта. Хъуыды-иу кодтон, зӕгъын, кӕд Йегъовӕ Иовӕн йе ’ртӕ ӕмбалимӕ бафидауынӕн баххуыс кодта, уӕд мӕнӕн дӕр куыннӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ бафидауон» (Иов 42:7–9).

ХУЫЦАУ АРФӔ КӔНЫ, ХИСТӔР НӔЛГОЙМАДЖЫ ХӔСТӔ НОГӔЙ ЙӔХИМӔ ЧИ РАЙСЫ, УЫДОНӔН

Кӕд хистӕр нӕлгоймаджы хӕстыл дӕ къух дӕхӕдӕг систай, уӕд хорз уаид, ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастай, ууыл ахъуыды кӕнын. Мыййаг, уый тыххӕй, ӕмӕ зындзинӕдты бын фӕдӕ? Йе та дын, мыййаг, царды ӕндӕр хъуыддӕгтӕ систы сӕйрагдӕр? Ӕви дын иннӕты хъӕндзинӕдтӕ къуылымпыйы хос систы? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр дӕ рох ма уӕд: хистӕр нӕлгоймаг куы уыдтӕ, уӕд дын фылдӕр фадӕттӕ уыд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Дӕ раныхӕстӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кодтай, дӕ цӕвиттонӕй сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтай, ӕмӕ-иу сӕ кӕй бабӕрӕг кодтай, уый фӕрцы сын ӕххуыс кодтай фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Дӕ иузӕрдион лӕггадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодта ӕмӕ дӕхицӕн дӕр стыр циндзинад хаста (Ӕмб. 27:11).

Дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдис, Йегъовӕйы кӕй уарзыс

Йегъовӕ бирӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодта, цӕмӕй та сӕ бафӕндыдаид ӕмбырдӕн разамынд дӕттын ӕмӕ та уыцы циндзинад ногӕй банкъардтаиккой. Хистӕр нӕлгоймагӕй дӕхи фӕндӕй нал лӕггад кӕныс ӕви дын цӕйдӕр тыххӕй уый бар нал ис, уӕддӕр дӕ бон у ногӕй цӕстдарӕджы хӕстӕм «тырнын» (1 Тим. 3:1). Апостол Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй «ӕнӕрынцойӕ» куывта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон бӕлвырдӕй зыдтаиккой. Цӕмӕн? Уый фӕрцы, «Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цардаиккой ӕмӕ йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кодтаиккой» (Кол. 1:9, 10). Кӕд дӕ ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой, уӕд ды дӕр Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын хъарутӕ, фӕразондзинад ӕмӕ циндзинад дӕтта. Ацы фӕстаг бонты Хуыцауы адӕмы тынг хъӕуы, зӕрдиагӕй сыл чи тыхса, ахӕм фыййӕутты ӕххуыс. Уӕдӕ дӕ бон у де ’фсымӕрты бафидар кӕнын? Ӕмӕ дӕ уый аразын фӕнды?

^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.