Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?

Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?

«Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (ПС. 68:11).

1, 2. а) Йегъовӕ Адамӕн цавӕр лӕвӕрттӕ скодта? ӕ) Хуыцау Адамӕн бинойнаг цӕмӕн радта? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ЙЕГЪОВӔ зӕхх сфӕлдыста бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй. Хуыцау ӕй «скодта... цӕрынӕн», ӕмӕ хъуамӕ адӕмӕй байдзаг уыдаид (Ис. 45:18). Йегъовӕ адӕмӕй фыццаг сфӕлдыста ӕххӕст нӕлгоймаджы, Адамы, ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта диссаджы хӕдзары – Едемы цӕхӕрадоны. Ахӕм ран цӕрын ын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид: уыди дзы бӕрзонд бӕлӕстӕ, сабыр суадӕттӕ ӕмӕ рӕсугъд цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ йын уӕддӕр иу цыдӕр нӕ фаг кодта. Уый тыххӕй Йегъовӕ мӕнӕ цы загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг». Уый фӕстӕ Хуыцау Адамыл тарф фынӕй бафтыдта, йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа ӕмӕ дзы «скодта сылгоймаджы». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Адам куы райхъал, уӕд куыд цин кодтаид! Уый загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй. Ӕмӕ хуындзӕн Сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ ист у нӕлгоймагӕй» (Райд. 2:18–23; кӕс ма ноджыдӕр фиппаинаг 23 стихмӕ).

2 Хуыцау Адамӕн бинойнаг кӕй радта, уый уыди стыр лӕвар ӕмӕ йӕ абарӕн дӕр ницӕимӕ уыд. Сылгоймаг алцӕмӕй дӕр уыди ӕххӕст ӕмӕ Адамӕн хъуамӕ уыдаид хорз ӕххуысгӕнӕг. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау сылгоймагӕн бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг – цот уадзын. Адам «йӕ усы схуыдта Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ суыдаид,  зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдоны мад» (Райд. 3:20, фип.). Фыццаг лӕг ӕмӕ ус цот кӕй хъуамӕ уагътаиккой, уый сын уыд диссаджы лӕвар! Ӕмӕ сӕ цот дӕр уыдаид алцӕмӕй ӕххӕст. Ӕппынфӕстаг ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр хъуамӕ дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ ӕххӕст адӕмӕй байдзаг уыдаид. Ӕмӕ зӕххыл цы цӕрӕгойтӕ уыдаид, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр адӕмӕн сӕ бар цыдаид (Райд. 1:27, 28).

3. а) Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ цы аразын хъуыди, фӕлӕ сӕ хабар куыд рауад? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы коммӕ кастаиккой ӕмӕ йӕ сӕ хицауыл нымадтаиккой (Райд. 2:15–17). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдаид сӕ бон, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уыдон ацыдысты Сайтан Хӕйрӕджы зондыл, «рагон калм» чи хуыйны, уый зондыл, ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой (Рарг. 12:9; Райд. 3:1–6). Цымӕ, фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый сылгоймӕгтыл куыд фӕзынд? Рагзаманты чи цард ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕ цавӕр хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтой? Нӕ рӕстӕджы, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы сылгоймӕгты «ӕнӕхъӕн ӕфсад» схонӕн цӕмӕн ис? (Пс. 68:11).

ХУЫЦАУЫ НЫХМӔ КӔЙ РАЦЫДЫСТЫ, УЫЙ СӔ ЦӔМӔ ӔРКОДТА

4. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цы тӕригъӕд ракодтой, уым сӕйраджыдӕр аххосджын чи уыд?

4 Адам цы тӕригъӕд ракодта, уый тыххӕй дзы Хуыцау дзуапп куы ’рдомдта, уӕд йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци: «Ды мын цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон» (Райд. 3:12). Адам йӕ рӕдыдыл нӕ басаст. Уый фӕаххосджын кодта йӕ усы, ӕмӕ ӕрмӕст йӕ усы нӕ, фӕлӕ ма йын ӕй чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы дӕр! Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд сӕ дыууӕ дӕр ракодтой, уӕддӕр сӕйраджыдӕр Адам уыд аххосджын. Апостол Павел дӕр уымӕн загъта, зӕгъгӕ, «иу адӕймаджы [ома Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ром. 5:12).

5. Хуыцау адӕмы цасдӕр рӕстӕгмӕ сӕхи бар кӕй ауагъта, уый фӕрцы цы рабӕрӕг?

5 Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кодта, ӕмӕ, Йегъовӕ сӕ Хицау уа, уый сӕ ницӕмӕн хъӕуы. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕвзӕрд иу ахсджиаг фарста: уый бар кӕмӕн ис, ӕмӕ Дун-дунейы хицау уа? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй Хуыцау адӕмӕн цасдӕр рӕстӕгмӕ уый бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау уой. Уый зыдта, афтӕмӕй алчидӕр кӕй бамбардзӕн, ӕнӕ Хуыцауӕй адӕм хорз цард кӕй никуы фендзысты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад – ӕнусты дӕргъы адӕмыл бӕллӕхтӕ иу иннӕйы фӕдыл цӕуы. Ӕрмӕст 20 ӕнусы хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ се ’хсӕн уыд милуангай ӕнаххос нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Уӕдӕ абоны онг цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй ирдӕй зыны, «адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл... йӕ бар [кӕй] нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах нӕ хицауыл нымайӕм Йегъовӕйы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6.)

6. Бирӕ бӕстӕты сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

6 Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр ӕфхӕрд ӕййафынц (Еккл. 8:9; 1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ сылгоймӕгтӕ цы ӕфхӕрд баййафынц ӕмӕ уыдонӕн цы фыдмитӕ бакӕнынц, уый бынтон диссаг у. Зӕгъӕм, ӕгас зӕххыл дӕр алы ӕртыккаг сылгоймагмӕ дӕр йӕ цардӕмбал йе та, кӕимӕ ӕмбӕлы кӕнӕ кӕимӕ цӕры, уыцы нӕлгоймаг йӕ къух сисы. Кӕцыдӕр бӕстӕты лӕппуйы райгуырдыл тынгдӕр фӕцин кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, хӕдзарвӕндаг уый адарддӕр кӕндзӕн, стӕй, дам, ацӕргӕ ныййарджытӕм ӕмӕ ныййарджыты ныййарджытӕм дӕр уый кӕсдзӕн. Иуӕй-иу бӕстӕты та бинонтӕ, чызг сын райгуырдзӕн, уый куы базонынц, уӕд сылгоймагӕн аборт скӕнын кӕнынц.

7. Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

7 Сылгоймӕгтӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уымӕ Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Йегъовӕ сӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр не ’вӕры ӕмӕ сын тынг аргъ кӕны. Йегъовӕ Евӕйы Адамӕн цагъарӕй не сфӕлдыста. Евӕ дӕр Адамау уыди алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг, стӕй йӕ Хуыцау  ахӕм миниуджытӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ лӕгӕн хорз ӕххуысгӕнӕг уыдаид. Библийы дӕр уымӕн ис фыст, зӕгъгӕ, Хуыцау алцыдӕр куы сфӕлдыста, уӕд «йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райд. 1:31). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ «цыдӕриддӕр» сфӕлдыста, уый уыди «тынг хорз». Уӕдӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куыд сфӕлдыста, уымӕ фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр нӕ уыд!

ЙЕГЪОВӔ КӔМӔН ӔХХУЫС КОДТА, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔ

8. а) Адӕмӕн сӕ фылдӕры тыххӕй цы ис зӕгъӕн? ӕ) Ӕнусты дӕргъы Хуыцау йӕ хорзӕхӕй кӕй хайджын кодта?

8 Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсынц. Ӕмӕ фӕстаг ӕнусы та уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Уый тыххӕй Библийы дӕр фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ уӕддӕр ӕнусты дӕргъы уыди, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цард ӕмӕ йӕ йӕ хицауыл чи нымадта, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Уыдон Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дардтой, ӕмӕ сӕ уый дӕр йӕ хорзӕхӕй хайджын кодта. (Бакӕс Псалом 71:5.)

9. Доны хъаймӕты цал адӕймаджы аирвӕзт ӕмӕ цӕй фӕрцы?

9 Нойы заман Хуыцау фыдадӕмы Доны хъаймӕты куы фесӕфта, уӕд удӕгасӕй цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ баззад. Кӕд уыцы рӕстӕг Нойӕн йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ удӕгас уыдысты, уӕд уыдон дӕр фесӕфтысты (Райд. 5:30). Фӕлӕ Доны хъаймӕты чи аирвӕзт, уыдонӕй нӕлгоймӕгтӕ цас уыди, сылгоймӕгтӕ дӕр дзы уыйбӕрц уыди. Уыдон уыдысты Ной ӕмӕ йӕ бинойнаг, стӕй се ’ртӕ фырты ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ. Хуыцау сӕ уый тыххӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтой. Ӕмӕ абон зӕххыл цы миллиардгай адӕм цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр сты уыцы аст адӕймаджы байзӕддӕгтӕ (Райд. 7:7; 1 Пет. 3:20).

10. Йегъовӕ рагзаманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бинойнӕгтӕн цӕмӕн арфӕ кодта?

10 Доны хъаймӕтӕй бирӕ фӕстӕдӕр Хуыцау ӕххуыс кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бинойнӕгтӕн дӕр ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта. Уыдон сӕ цардӕй нӕ хъаст кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ уый тыххӕй арфӕ кодта (Иуд. 16). Уыцы сылгоймӕгтӕй сӕ иу уыд Авраамы бинойнаг Саррӕ. Уры сӕ хъӕздыг хӕдзар куы ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы цатырты куы цардысты, уӕд Саррӕ хъуыр-хъуыр нӕ кодта. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ сӕрыхицау» (1 Пет. 3:6). Ахъуыды-ма кӕнӕм Ревеккӕйы цӕвиттоныл дӕр. Уый Исахъӕн уыд Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ йын сси хорз бинойнаг. Ӕмӕ диссаг нӕу, Библийы афтӕ кӕй ис фыст, зӕгъгӕ, «Исахъ ӕй тынг бауарзта, ӕмӕ йӕ мады мӕлӕты фӕстӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр» (Райд. 24:67). Абон не ’хсӕн дӕр ис, Саррӕ ӕмӕ Ревеккӕйау Хуыцауыл иузӕрдион чи у, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ. Ӕмӕ сын мах тынг аргъ кӕнӕм!

11. Дыууӕ дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймаджы хъӕбатырдзинад куыд равдыстой?

11 Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд сӕ нымӕцыл тынг бафтыд. Ӕмӕ фараон бардзырд радта, цӕмӕй-иу дзуттӕгтӕн сӕ ноггуырд лӕппуты се ’ппӕты дӕр амардтаиккой. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйы цӕвиттоныл. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕн сӕ хистӕртӕ. Йегъовӕйӕ кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ сӕхицӕн загътой, ахӕм фыдхъуыддаг кӕй нӕ бакӕндзысты. Уыдон равдыстой стыр хъӕбатырдзинад, ӕмӕ сын уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта – бинонты амондӕй сӕ схайджын кодта (Рац. 1:15–21).

12. Деворӕ ӕмӕ Иаилы тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

12 Израилы адӕмӕн разамынд тӕрхонгӕнджытӕ куы лӕвӕрдтой, уыцы рӕстӕг Хуыцау иу сылгоймаджы, Деворӕйы, сӕвӕрдта пехуымпарӕй. Деворӕ тӕрхонгӕнӕг Варакы ныфс бауагъта ӕмӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй се знӕгтӕй ссӕрибар уыдаиккой. Фӕлӕ Деворӕ загъта, Хуыцау ханаайнаг ӕфсады хицау Сисарӕйы кӕй ратдзӕн Варакы къухмӕ нӕ, фӕлӕ «сылгоймаджы къухмӕ», ӕмӕ афтӕмӕй уӕлахизы кад Варакмӕ кӕй не ’рхаудзӕн. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Сисарӕйы амардта, израилаг чи нӕ уыд, иу ахӕм сылгоймаг, Иаил, зӕгъгӕ (Тӕрх. 4:4–9, 17–22).

13. Библийы Авигейӕйы тыххӕй цы ис фыст?

 13 Ӕркӕсӕм-ма Авигейӕйы цӕвиттонмӕ дӕр. Уый цард н. э. размӕ 11 ӕнусы. Авигейӕ уыди Хуыцауыл иузӕрдион, стӕй уыд ӕмбаргӕ сылгоймаг. Йӕ лӕг Навал та уыди тызмӕг ӕмӕ ӕнӕзонд, иудзырдӕй, ницӕйаг адӕймаг (1 Сам. 25:2, 3, 25). Давид ӕмӕ йӕ адӕм цасдӕр рӕстӕг Навалӕн йӕ фыййӕутты ӕмӕ йӕ фӕллой хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ дзы хӕринаг куы ракуырдтой, уӕд «сын уый алывыдтӕ фӕкалдта» ӕмӕ сын ӕппындӕр ницы радта. Давид афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы амарын ӕмӕ йын йӕ адӕмы ныццӕгъдын. Фӕлӕ Авигейӕ уый куы фехъуыста, уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕн хӕринаг ӕмӕ нозт ахаста. Афтӕмӕй Авигейӕ Давиды маст ӕрсабыр кодта ӕмӕ йӕ тугныккалдӕй бахызта (1 Сам. 25:8–14, 18). Давид Авигейӕйӕн загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн, абон дӕу мӕ размӕ чи рарвыста!» (1 Сам. 25:32). Навал куы амард, уӕд Давид Авигейӕйы ракуырдта (1 Сам. 25:37–42).

14. Шаллумы чызджытӕ цавӕр куыст кодтой ӕмӕ сӕ абон дӕр, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы сылгоймӕгтӕ куыд фӕзмынц?

14 Н. э. размӕ 607 азы Вавилоны ӕфсӕдтӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон куы ныппырх кодтой, уӕд дзуттӕгтӕй бирӕ нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ фӕмард. Н. э. размӕ 455 азы Иерусалимы къултӕ Неемийы разамындӕй фӕстӕмӕ арӕзт ӕрцыдысты. Къултӕ цалцӕг кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Шаллумы чызджытӕ дӕр. Шаллум уыди «дӕлбар бӕстӕ Иерусалимы ӕмбисы кънйаз» (Неем. 3:12). Ӕмӕ кӕд сӕ фыд ахӕм кадджын лӕг уыд, уӕддӕр ахӕм хуымӕтӕг куыст сӕ сӕрмӕ хастой. Абон дӕр, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразынӕн. Ӕмӕ сӕ мах тынг сӕрыстыр стӕм!

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧИ ЦАРД ӔМӔ ХУЫЦАУӔЙ ЧИ ТАРСТ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔ

15. Хуыцау Марийӕйӕн цавӕр кадджын хӕс бабар кодта?

15 Йегъовӕ-иу сылгоймӕгтӕн сӕ бар кадджын хӕстӕ бакодта нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ уымӕй гыццыл раздӕр дӕр. Уыцы сылгоймӕгтӕй сӕ иу уыд ӕнӕцыд чызг Марийӕ. Иосифимӕ фидыд куы уыд, уыцы рӕстӕг ыл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд, ӕмӕ диссаджы хуызы басывӕрджын. Марийӕ сси Йесойы мад. Цымӕ Хуыцау уыцы хъуыддагӕн Марийӕйы цӕмӕн равзӕрста? Уымӕн ӕмӕ йӕм уыди хорз миниуджытӕ, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыдаид ӕххӕст сывӕллон схъомыл кӕнын. Марийӕ уыди зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы мад. Ахъуыды-ма кӕн, уый цӕй стыр кад уыди! (Матф. 1:18–25).

16. Йесо сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Йесо сылгоймӕгтӕм хорз зӕрдӕ дардта ӕмӕ сын тынг аргъ кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, 12 азы тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймаджы. Йесо бирӕ адӕмы ’хсӕн куы уыд, уӕд ӕм уый фӕстӕрдыгӕй бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд. Йесо йын уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз» (Мар. 5:25–34).

17. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?

17 Йесойы ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн цы сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Йесойӕн ӕмӕ йӕ апостолтӕн, цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой (Лук. 8:1–3). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны 120 адӕймаджы бӕрц Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй диссаджы хуызы куы схайджын сты, уӕд се ’хсӕн уыд нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:1–4.) Уый тыххӕй бирӕ раздӕр загъд уыд: «Ӕз [Йегъовӕ] мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты... Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр» (Иоил 2:28, 29). Фӕндзайӕм боны Хуыцау ахӕм диссаг кӕй сарӕзта, уымӕй равдыста, йӕ зӕрдӕ йыл чи сивта, уыцы израилӕгты йӕ адӕмыл кӕй нал нымайы ӕмӕ йын ныр кӕй фӕзынд ног адӕм – «Хуыцауы Израил». Уыцы ног адӕмы ’хсӕн уыд куыд нӕлгоймӕгтӕ, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр (Гал. 3:28; 6:15, 16). Фыццаг ӕнусы адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй чи дзырдта, уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн уыдысты  хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппы цыппар чызджы дӕр (Хъуыд. 21:8, 9).

СЫЛГОЙМӔГТӔ – «ӔНӔХЪӔН ӔФСАД»

18, 19. а) Хуыцау нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр цавӕр кадджын хъуыддаг бабар кодта? ӕ) Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы сылгоймӕгты тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг цы загъта?

18 19 ӕнусы кӕрон иуӕй-иу нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты бафӕндыд Библийы рӕстдзинад базонын. Уыдон хорз хабар хъусын кӕнынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнын райдыдтой, Йесо цы пехуымпарад загъта, уый: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14).

19 Уыцы Библииртасджыты гыццыл къордыл бонӕй-бонмӕ ӕфтыд, ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 8 000 000 адӕймаджы бӕрц. Уыдонӕй уӕлдай ма бирӕты фӕнды, Библи цы дзуры, уый базонын. Ӕмӕ 2013 азы уыцы адӕмӕй Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 11 500 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты сылгоймӕгтӕ. Ӕвдисӕнтӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны 1 000 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сты сылгоймӕгтӕ. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау сылгоймӕгтӕн бабар кодта тынг кадджын хъуыддаг. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц, псаломзарӕггӕнӕг кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас. Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Пс. 68:11).

Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕцӕгдӕр сты «ӕнӕхъӕн ӕфсад» (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

ХУЫЦАУЫЛ ИУЗӔРДИОН ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ

20. Библи иртасгӕйӕ цавӕр цӕвиттонтыл ис ахъуыды кӕнӕн?

20 Библийы цы сылгоймӕгты тыххӕй ис фыст, уыдонӕн се ’ппӕты кой куы кӕнӕм, уӕд нын ацы брошюрӕ дӕр не сфаг уыдзӕн. Фӕлӕ уыцы иузӕрдион сылгоймӕгты тыххӕй бакӕсӕн ис Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ нӕ литературӕйы. Зӕгъӕм, нӕ бон у ахъуыды кӕнын, Руф куыд иузӕрдион уыд, ууыл (Руф 1:16, 17). Стӕй ма нӕ бон у, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыцы ус-паддзах Есфиры цӕвиттоныл дӕр ахъуыды кӕнын. Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр иузӕрдион сылгоймӕгты цӕвиттонтыл аныхас кӕнӕн ис бинонты ахуыры рӕстӕг. Йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр Библи иртасгӕйӕ сӕ бон у ахӕм сылгоймӕгты цӕвиттонтыл ахъуыды кӕнын.

21. Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ хотӕ куыд равдисынц, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты?

21 Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, хъусын кӕныны хъуыддаджы чи архайы, уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕн, цыфӕнды фӕлварӕнты ма бахауой, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау сын ӕххуыс кодта нацистты ӕмӕ коммунистты рӕстӕг, ӕмӕ йыл уый фӕрцы иузӕрдионӕй баззадысты. Хуыцауы коммӕ кӕй кастысты, уый тыххӕй сӕ бирӕтӕ карз ӕфхӕрд баййӕфтой, кӕйдӕрты та дзы суанг маргӕ дӕр акодтой (Хъуыд. 5:29). Уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтау абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдион сты ӕмӕ йӕ сӕ Хицауыл нымайынц. Ӕмӕ рагон Израилы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ рахиз къухыл хӕцы ӕмӕ йын дзуры: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10–13).

22. Фидӕны нӕм цавӕр диссаджы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

22 Тагъд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Стӕй, чи райгас уа, уыцы милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы фӕндты тыххӕй базонынӕн. Уӕдмӕ та уал не ’ппӕт дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм» (Соф. 3:9).