Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» исыс?

Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» исыс?

МАХ цӕрӕм ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕджы (2 Тим. 3:1–5). Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты ма ахизӕм. Ахӕм зын рӕстӕджытӕ кӕй уыдзӕн, уый Йесо Чырысти зыдта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууой (Матф. 24:3, 13; 28:20). Ӕмӕ Йесо сӕвӕрдта ӕууӕнкджын цагъары, цӕмӕй сын уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл дӕтта» ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтауа (Матф. 24:45, 46).

Ӕууӕнкджын цагъар ӕвӕрд ӕрцыд 1919 азы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл (Матф. 24:14; Рарг. 22:17). Фӕлӕ кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ фылдӕр ис, кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл та – къаддӕр, стӕй алкӕмӕн уый фадат нӕй, ӕмӕ Интернеты нӕ публикацитӕ кӕса. Зӕгъӕм, бирӕтӕн фадат нӕй, цӕмӕй-иу, ӕрмӕстдӕр нӕ сайты (jw.org) цы видеороликтӕ вӕййы, уыдон феной, стӕй-иу, ӕрмӕстдӕр уым цы статьятӕ вӕййы, уыдон бакӕсой. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чидӕртӕ, сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн сӕ цы хӕринаг хъӕуы, уымӕй цух ӕййафынц? Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм цыппар ахсджиаг фарстамӕ.

 1. Йегъовӕ нын цы хӕринаг дӕтты, уымӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у?

Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта ӕмӕ йын куы загъта, цӕмӕй дуртӕ дзултӕ фестын кодтаид, уӕд ын Йесо загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:3, 4). Йегъовӕйы ныхӕстӕ фыст сты Библийы (2 Пет. 1:20, 21). Уӕдӕ, нӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кӕнӕм, уыцы хӕринагӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у Библи (2 Тим. 3:16, 17).

Йегъовӕйы организаци «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай мыхуыры рауагъта 120 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ уыцы нымӕцыл азӕй-азмӕ ӕфты. Уыцы тӕлмацӕй уӕлдай ма Библийӕн ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хайӕн ис ӕндӕр тӕлмацтӕ дӕр, ӕмӕ сты миллиардгай экземпляртӕ мингай ӕвзӕгтыл. Библи афтӕ парахат кӕй у, уый у Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). «Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдоны» Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр йӕ организацимӕ ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ сын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтдзӕн (Дзут. 4:13; Матф. 5:3, 6; Иоан. 6:44; 10:14).

2. Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын нӕ публикацитӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

Цӕмӕй адӕймагӕн фидар уырнындзинад уа, уый тыххӕй, Библи кӕса, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хъуамӕ, цы кӕса, уый ӕмбара, ӕмӕ, цы базона, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕна (Иак. 1:22–25). Хабар афтӕ кӕй у, уый ӕмбӕрста, фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм ефиопаг хицау дӕр. Хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп ӕй Хуыцауы Ныхас кӕсгӕ куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Уый йын загъта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» (Хъуыд. 8:26–31). Ӕмӕ йын уӕд Филипп баххуыс кодта, цы касти, уый бамбарынӕн. Ефиопаг хицау цы базыдта, уый йын йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд донаргъуыд райсын (Хъуыд. 8:32–38). Махӕн дӕр нӕ публикацитӕ ӕххуыс кӕнынц, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн. Цы дзы бакӕсӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ афтӕ бацагайы, ӕмӕ нӕ бафӕнды уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайын (Кол. 1:9, 10).

Махӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, нӕ публикациты фӕрцы парахатӕй ис, цы «хӕрӕм» ӕмӕ цы «нуазӕм», уый (Ис. 65:13). Зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуы 210 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыцы журнал нын ӕмбарын кӕны Библийы пехуымпарӕдтӕ, ӕххуыс нын кӕны Хуыцауы Ныхас арфдӕр бамбарынӕн ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынмӕ. «Пробудитесь!» та цӕуы иу-100 ӕвзагыл. Уыцы журналы фӕрцы фылдӕр базонӕм Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй, Библийы уынаффӕтӕй нӕ царды куыд спайда кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр (Ӕмб. 3:21–23; Ром. 1:20). Ӕууӕнкджын цагъар Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ уадзы 680 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Библи кӕсынӕн алы бон дӕр рӕстӕг ссарыс? Цы ’взагыл дзурыс, ууыл алы мӕй дӕр цы брошюрӕтӕ райсыс ӕмӕ алы аз дӕр цы ног публикацитӕ рацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр бакӕсыс?

Публикацитӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы организаци бацӕттӕ кӕны Библийыл арӕзт программӕ ӕмбырды фембӕлдтӕн ӕмӕ конгресстӕн. Дӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, цы раныхӕстӕ, драмӕтӕ, равдыстытӕ ӕмӕ дзы интервьютӕ вӕййы, уыдон? Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын ӕрӕвӕры диссаджы фынгтӕ! (Ис. 25:6).

 3. Кӕд, цы ’взагыл дзурыс, ууыл нӕ публикацитӕ се ’ппӕт не сты, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн фаг хӕринаг нӕ исыс?

Нӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕй. Чырыстӕттӕй иутӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фылдӕр кӕй ис, иннӕтӕн та – къаддӕр, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Цӕуылнӕ? Ахъуыды-ма кӕнӕм апостолты хабарыл. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕлдай-иу уыдон фылдӕр цыдӕртӕ базыдтой (Мар. 4:10; 9:35–37). Фӕлӕ уӕддӕр иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цас сӕ хъуыди, уыйбӕрц уыд (Еф. 4:20–24; 1 Пет. 1:8).

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ, Йесо зӕххыл уӕвгӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ Библийы фыст не ’рцыд. Апостол Иоанн ныффыста: «Уӕвгӕ, Йесо ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой» (Иоан. 21:25). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йесойы тыххӕй махӕй фылдӕр зыдтой. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цӕмӕйдӕр фӕцух стӕм. Йегъовӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй мах дӕр Йесойы тыххӕй уый фаг зонӕм, ӕмӕ нӕ бон йӕ къахвӕдтыл цӕуын уа (1 Пет. 2:21).

Ахъуыды-ма кӕнӕм, апостолтӕ фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыстой, уыдоныл дӕр. Павел кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджытӕй ӕппынкъаддӕр иу Библимӕ хаст не ’рцыд (Кол. 4:16). Цымӕ нӕм уыцы фыстӕг кӕй нӕй, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй фӕцух стӕм? Нӕ. Йегъовӕ зоны, цы хъуаг стӕм, уый, ӕмӕ нын парахатӕй дӕтты, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Матф. 6:8).

Йегъовӕ зоны, цы хъуаг стӕм, уый, ӕмӕ нын парахатӕй дӕтты, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый

Куыд загътам, афтӕмӕй абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иутӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг иннӕтӕй фылдӕр ис. Мыййаг, цы ’взагыл дзурыс, ууыл нӕ публикацитӕй цалдӕр йеддӕмӕ нӕй? Кӕд афтӕ у, уӕд зон, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы. Цы литературӕ дӕм ис, уый иртас ӕмӕ, кӕй ӕмбарыс, уыцы ӕвзагыл цы ӕмбырд ис, уырдӕм цу. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай (Пс. 1:2; Дзут. 10:24, 25).

4. Кӕд дын, нӕ сайты цы ӕрмӕг вӕййы, уый кӕсыны фадат нӕй, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй дӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн?

Нӕ сайты вӕййы, мыхуыры чи рацӕуы, уыцы журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ. Стӕй ма дзы вӕййы хорз ӕрмӕг цардӕмбӕлттӕн, ныййарджытӕн, ӕрыгӕттӕн ӕмӕ гыццыл сывӕллӕттӕн. Бинонтӕ уыцы ӕрмӕгӕй фӕпайда кӕнынц, Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд, ӕмӕ сын уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы. Уымӕй уӕлдай ма нӕ сайты базонӕн вӕййы Галаады скъолайы тыххӕй ӕмӕ ӕрвылазон фембӕлды тыххӕй. Базонӕн ма дзы вӕййы, нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ӕрдзон бӕллӕхы бахауд, уыдонӕн сӕ уавӕры тыххӕй, стӕй, Йегъовӕйы адӕмыл чи фӕзыны, ахӕм юридикон хабӕртты тыххӕй дӕр (1 Пет. 5:8, 9). Уыцы сайт ма нын стыр ӕххуыс у хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр – уый руаджы хорз хабар базонынц, сӕрибарӕй архайыны бар нын кӕм нӕй, суанг уыцы бӕстӕты дӕр.

Фӕлӕ дын нӕ сайтӕй пайда кӕныны фадат ис ӕви нӕ, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕнай. Цагъар тынг фыдӕбон кӕны, цӕмӕй фаг литературӕ мыхуыргонд цӕуа ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй цух мачи ӕййафа. Уӕдӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ планшет, компьютер кӕнӕ ӕндӕр ахӕм исты балхӕнай, цӕмӕй дын нӕ сайтмӕ бацӕуыны фадат уа. Интернет кӕмӕ нӕй, уыдонӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ, нӕ сайты цы ӕрмӕг вӕййы, уымӕй цыдӕртӕ гӕххӕттыл рауадзынц. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕмбырдӕн уый йӕ хӕс у.

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты уырнындзинадыл кӕй тыхсы ӕмӕ афтӕмӕй, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй дзы мах тынг бузныг стӕм. Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕмӕ цалынмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ нын Йегъовӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» дӕтдзӕн.