ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2014 аз, сентябрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2014 азы 27 октябрӕй 30 ноябрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Хорз хъуыддагмӕ» тырныс?

Уыцы хӕстӕм тырнын куыд хъӕуы?

Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

Ацы статьяйӕ базондзынӕ, бирӕтӕ цӕй фӕрцы бамбарынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый. Стӕй ма базондзынӕ, Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг та фидарӕй цӕй фӕрцы зонынц, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый.

Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн

Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ махӕй алчидӕр ӕмбӕлы зындзинӕдтыл. Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ куыд фӕархайы? Нӕ бон куыд у нӕхи зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнын?

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» ут

Ныййарджыты хӕс у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Ефесӕгтӕм 6:4). Ацы статьяйы дзырд цӕуы, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» кӕй фӕрцы уыдзысты ӕмӕ сын Йегъовӕйы бауарзынӕн кӕй фӕрцы баххуыс кӕндзысты, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл.

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ Псаломы 37:25 ӕмӕ Матфейы 6:33 цы фыст ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕринагцух уой?

Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт

Мӕлӕт ӕмӕ уымӕ цыдӕриддӕр кӕны, уый адӕмӕн ӕвзарын кӕны стыр мӕстытӕ. Адӕм цӕмӕн мӕлынц? «Фӕстаг знаг», мӕлӕт, сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн? (1 Коринфӕгтӕм 15:26) Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонай, уӕд фендзынӕ, Йегъовӕ йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ уарзондзинад уыцы хъуыддаджы куыд равдыста, уый.

Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут

Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Сӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ сӕ уарзондзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон нӕ зӕрдыл дарын нӕ бон куыд у? (1 Фессалоникӕгтӕм 1:3).