Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

«Алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ» (ХЪУЫД. 17:11).

1. Хӕстыты рӕстӕг чырыстон динты разамонджытӕ куыд архайдтой?

ЦЫМӔ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕстмӕ цӕуой ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдоны марой? Фӕстаг 100 азы дӕргъы, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕй бирӕтӕ хӕстыты архайдтой ӕмӕ кӕрӕдзи цагътой. Католиктӕ цагътой католикты, протестанттӕ та – протестантты. Уыцы динты разамонджытӕ-иу ӕфсӕдтӕн ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕн раарфӕ кодтой. Ахӕм хабӕрттӕ-иу арӕх ӕрцыдысты Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг.

2, 3. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд архайдтой ӕмӕ цӕмӕн?

2 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та уыцы хӕсты рӕстӕг куыд архайдтой? Уыдон сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ истой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо Чырыстийы амындтӕм гӕсгӕ архайдтаиккой ӕмӕ, уый адӕмӕн куыд уыд, уыдон дӕр сын афтӕ уыдаиккой. Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Стӕй ма ӕмбӕрстой, апостол Павел коринфӕгтӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ сӕ уавӕрмӕ куыд хауынц, уый дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайдтой. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:3, 4.)

 3 Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’фсарм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕй у, уый тыххӕй хӕцын нӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ хӕстмӕ дӕр нӕ цӕуынц. Ӕмӕ-иу уый тыххӕй мингай Ӕвдисӕнтӕ – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр – алыхуызон фыдӕвзарӕнты бахаудысты. Бирӕты-иу сӕ арвыстой, адӕмӕн тыхкуыст кӕм кӕнын кодтой, ахӕм лагертӕм кӕнӕ та-иу сӕ ахӕстӕтты бакодтой. Германийы, нацистты рӕстӕджы, Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ кӕд Европӕйы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ ахӕм карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр сӕ рох никуы уыд, цы хӕс сыл уыди, уый – Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ, ахӕстоны уыдаиккой ӕви концлагеры йе та сӕ дард ранмӕ арвыстаиккой, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодтой *. Фӕстӕдӕр, 1994 азы, Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзи куы цагътой, уӕд Ӕвдисӕнтӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ нӕ истой. Стӕй, Югослави кӕй тыххӕй ныддихтӕ, уыцы хӕсты дӕр нӕ архайдтой.

4. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстыты кӕй нӕ архайынц, уый фӕрцы бирӕтӕ цы бамбарынц?

4 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстыты кӕй нӕ архайынц, уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр мингай адӕймӕгтӕ фенынц, Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц, ӕмӕ бамбарынц, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты. Фӕлӕ ма цымӕ адӕм ноджыдӕр цӕй фӕрцы бамбарынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый?

РАЗДӔР ЧИ НИКУЫМА ЦЫД, УЫЦЫ СТЫР КУЫСТ

5. Фыццаг ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаджы цы фӕивта?

5 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ равдыста, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕй у. Уый йӕ лӕггады райдианы 12 ахуыргӕнинаджы равзӕрста, цӕмӕй райдыдтаиккой, фӕстӕдӕр ӕгас зӕххыл дӕр чи хъуамӕ аххӕссыдаид, уыцы куыст. Уый фӕстӕ ма Йесо уыцы хъуыддагмӕ бацӕттӕ кодта ноджыдӕр 70 ахуыргӕнинаджы (Лук. 6:13; 10:1). Йесо сын бацамыдта, хорз хабар хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Фыццаг уал ӕй хъуамӕ фехъусын кодтаиккой дзуттӕгтӕн. Фӕлӕ сын фӕстӕдӕр Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр фехъусын кодтаиккой, ӕмӕ уыцы хъуыддаг та дзуттаг ахуыргӕнинӕгтӕн уыди ног цыдӕр (Хъуыд. 1:8).

6. Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый Петр цӕй фӕрцы бамбӕрста?

6 Дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй фыццаг чырыстон сси Корнилий. Йегъовӕ йӕм апостол Петры арвыста, цӕмӕй йын хорз хабар фехъусын кодтаид. Ӕмӕ уӕд Петр бамбӕрста, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны. Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ донаргъуыд райстой (Хъуыд. 10:9–48). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кодтой ӕппӕт адӕмтӕн дӕр.

7, 8. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр куыст кӕнынц, цӕмӕй адӕм хорз хабар фехъусой? (Кӕс нывмӕ 7 фарсыл.)

7 Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы организацийы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуа ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм райдайой Библи ахуыр кӕнын. Абон 8 000 000 Ӕвдисӕны бӕрц, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Уыдон хъусын кӕнынц 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ уыцы нымӕцыл ӕдзухдӕр ӕфты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕхъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ уынджы. Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты та стъӕлттыл кӕнӕ стендтыл сӕвӕрынц нӕ литературӕ. Афтӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ адӕм уайтагъд базонынц.

8 Цӕмӕй Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд цӕуа, уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци бацӕттӕ кодта 2 900 тӕлмацгӕнӕгӕй фылдӕр. Уыдон уыцы литературӕ тӕлмац кӕнынц, афтӕ зындгонд чи нӕу, ахӕм ӕвзӕгтӕм дӕр. Зӕгъӕм, Испанийы Йегъовӕйы  Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац кӕнынц каталайнаг ӕвзагмӕ. Фӕстаг рӕстӕг Валенсийы ӕмӕ Аликантейы, стӕй Балеары сакъадӕхтыл ӕмӕ Андоррӕйы уыцы ӕвзагыл фылдӕр адӕм райдыдтой дзурын. Абон ыл дзурынц милуантӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ каталайнаг ӕвзагыл литературӕ дӕр мыхуыр кӕнынц ӕмӕ ӕмбырдтӕ дӕр уадзынц, ӕмӕ уый фӕрцы каталойнӕгтӕн рӕстдзинад сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр агайы.

9, 10. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийӕн йӕ нысан у, цӕмӕй ӕппӕт адӕм дӕр рӕстдзинад базоной?

9 Тӕлмац кӕныны куыст ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг иу кӕцыдӕр бӕстӕйы нӕ цӕуы, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр. Зӕгъӕм, Мексикӕйы цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр дзурынц испайнаг ӕвзагыл, фӕлӕ ма дзы бирӕтӕ дзурынц сӕ мадӕлон ӕвзагыл дӕр. Уыцы ӕвзӕгтӕй иу у, майӕ, зӕгъгӕ. Мексикӕйы филиал, майӕ ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къорд цӕрынмӕ арвыста, сӕ бӕстӕйы уыцы ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ранмӕ. Ӕмӕ сын уый сӕ куыстӕн стыр ӕххуыс фӕци – сӕ бон у нӕ литературӕ, адӕм ӕй ӕнцонтӕй куыд ӕмбарой, афтӕ тӕлмац кӕнын. Цӕвиттонӕн ма райсӕм, Непалы кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзӕгтӕй сӕ иу, непали, зӕгъгӕ. Уыцы бӕстӕйы цӕры 29 милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы адӕм дзурынц иу-120 ӕвзагыл. Непалы цӕрджытӕй 10 милуанӕй фылдӕрӕн непали у сӕ мадӕлон ӕвзаг, ӕмӕ ма йыл иннӕтӕй дӕр бирӕтӕ дзурынц. Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмацгонд цӕуы ацы ӕвзагмӕ дӕр.

10 Йегъовӕйы организаци Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм кӕй тӕлмац кӕны, уымӕй бӕрӕг у, тынг ахсджиагыл кӕй нымайы, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы куыст бакодта, уый – хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, зиуты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ апарахат кӕнынц милуангай буклеттӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ журналтӕ. Уыдон сӕ литературӕ уӕй нӕ кӕнынц – сӕ куыст кӕнынц барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы. Ӕвдисӕнтӕ архайынц Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матф. 10:8).

Тӕлмацгӕнджыты къорд цӕттӕ кӕны публикацитӕ дӕллаг-немыцаг ӕвзагыл (кӕс 10 абзац)

Дӕллаг-немыцаг ӕвзагыл публикацитӕ стыр ӕххуыс сты Парагвайы хъусын кӕнынӕн (ноджыдӕр кӕс нывмӕ 7 фарсыл)

11, 12. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц, уый бирӕтӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, раст фӕндагыл кӕй цӕуынц, ууыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндынц, ӕмӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕной. Бирӕтӕ сӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг кӕнӕ та цӕрынмӕ ацыдысты, адӕм бынтон ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст кӕм сты, ахӕм рӕттӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы бирӕтӕ бамбарынц, уыдон ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты.

 12 Ӕвдисӕнтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ уымӕн аразынц, ӕмӕ фидарӕй зонынц, раст фӕндагыл кӕй цӕуынц. Фӕлӕ цымӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджыдӕр цӕмӕн уырны, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый? (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:17, 18.)

РӔСТДЗИНАД КӔЙ ССАРДТОЙ, УЫЙ СӔ ФИДАРӔЙ ЦӔМӔН УЫРНЫ?

13. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы аразынц, цӕмӕй сӕ организаци сыгъдӕг уа?

13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ радзырдтой, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый сӕ фидарӕй цӕмӕн уырны, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Йегъовӕйы организаци алцыдӕр аразы, цӕмӕй ӕмбырды ӕнӕгъдаудзинадӕн бынат ма уа ӕмӕ сыгъдӕг уа. Ӕмӕ уый тыххӕй хатгай кӕмӕндӕрты бахъӕуы уынаффӕ раттын кӕнӕ та уайдзӕф бакӕнын, чифӕнды ма уа, уӕддӕр». Йегъовӕйы адӕмӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕной? Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц ӕмӕ Чырыстийы ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй фӕзмынц, уый. Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нал фӕфӕнды ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдон афтӕ бирӕ не сты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр кӕнынц хӕрзӕгъдау цард, ӕмӕ сӕ кӕд чидӕртӕ раздӕр, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ кодтой, уӕддӕр сӕ цард фӕивтой ӕмӕ ныр Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11.)

14. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бакодтой ӕмӕ уый цы пайда ӕрхаста?

14 Цымӕ, ӕмбырдӕй ацух кӕнын кӕй бахъуыд, уыдоны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдонӕй мингӕйттӕ се ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ фӕстӕмӕ чырыстон ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхтысты. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:6–8.) Ӕвдисӕнтӕ алкӕддӕр, Библи хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайынц, уый фӕрцы чырыстон ӕмбырд у сыгъдӕг. Ӕмӕ уый фӕрцы фидарӕй зонынц, Хуыцауы организацийы кӕй сты. Кӕд бирӕ аргъуанты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, уӕд Ӕвдисӕнтӕ та цӕрынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы бирӕтӕ бамбарынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты.

15. Иу ӕфсымӕры фидарӕй цӕмӕн уырны, рӕстдзинад кӕй ссардта, уый?

15 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ма кӕйдӕрты фидарӕй цӕмӕн уырны, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуынц, уый? 50 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Ме ’рыгонӕй фӕстӕмӕ мӕ уырнындзинад ӕнцайы ӕртӕ сӕйраг хъуыддагыл: 1) Хуыцау кӕй ис, 2) Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ 3) Хуыцау йӕ фӕндон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕны. Бирӕ азты дӕргъы-иу Библи ахуыр кӕнгӕйӕ уыцы ӕртӕ хъуыддагыл арф хъуыды кодтон, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кодтаин, мӕ уырнындзинадӕн фидар бындур ис ӕви нӕ. Ӕмӕ азӕй-азмӕ хуыздӕр ӕмбӕрстон, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртӕйыл дӕр фидарӕй ӕууӕндӕн кӕй ис. Уый фӕрцы мӕ уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтон, рӕстдзинад кӕй ссардтон, ууыл».

16. Иу хойы фидарӕй цӕмӕн уырны, рӕстдзинад кӕй ссардта, уый?

 16 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Нью-Йорчы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм моймӕдзыд хо радзырдта, фидарӕй йӕ цӕмӕн уырны, рӕстдзинад кӕй ссардта, уый. Уыцы хо загъта, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы организаци ӕргом кӕны Хуыцауы ном, Библийы иу-7 000 хатты чи ӕмбӕлы, уыцы ном. Стыр ныфс ма йӕ уадзы, 2 Азфыстыты 16:9 цы фыст ис, уый дӕр: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса». Уыцы хо загъта: «Рӕстдзинады фӕрцы бамбӕрстон, цы хъуамӕ аразон, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ бон уа мӕн тыххӕй йӕ хъару равдисын. Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, уымӕй зынаргъдӕр мын царды ницы ис. Йесо Чырысти нын Хуыцауы хорз базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн дӕр тынг аргъ кӕнын. Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кӕй кӕнын, уый фӕрцы мӕ хъаруйыл хъару ӕфты».

17. Раздӕр Хуыцау кӕй нӕ уырныдта, иу ахӕм ӕфсымӕр фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕмӕн?

17 Раздӕр Хуыцау кӕй нӕ уырныдта, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Дун-дунейы цы ис, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, Хуыцауы зӕрдӕ нын хорз цард кӕй зӕгъы ӕмӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнустӕм ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн. Стӕй кӕд ацы дунейы адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц, уӕд Йегъовӕйы адӕмӕн та бонӕй-бонмӕ сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны, сӕ уарзондзинад рӕзы ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕнынц. Ацы фыддунейы уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы руаджы». (Бакӕс 1 Петры 4:1–4.)

18. Ацы абзацы кӕй кой ис, уыцы ӕфсымӕрты цӕй фӕрцы бауырныдта, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый? Цы зӕгъынц, уый тыххӕй ды та цы хъуыды кӕныс?

18 Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр бамбарын кодта, фидарӕй йӕ цӕмӕн уырны, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуы. Уый загъта: «Бирӕ азты дӕргъы Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый фӕрцы фидарӕй зонын, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ын афтӕ кӕй лӕггад кӕнынц. Ӕз бирӕ бӕстӕты уыдтӕн, ӕмӕ, ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый мӕхи цӕстӕй федтон. Рӕстдзинад кӕй зонын, уый мын у стыр цины хос ӕмӕ мӕхи хонын тынг амондджын адӕймаг». 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕры та куы бафарстой, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ цӕмӕн уырны, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Мах бӕстон фӕиртасӕм, Йесо Чырысти куыд цард ӕмӕ, Хуыцауӕн куыд лӕггад кодта, уый, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбарӕм, фӕзминаг нын кӕй у. Мах нӕ цард фӕивӕм, цӕмӕй Хуыцаумӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕввахс кӕнӕм. Стӕй ӕмбарӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын фервӕзыны фадат кӕй ис. Фидарӕй зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Йесо мӕрдтӕй райгас, уымӕн ӕмӕ, уыцы хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны ныхӕстӕ фыст сты Библийы». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8.)

РӔСТДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ИННӔТӔН ДӔР ДЗУР

19, 20. а) Йесойы фӕдылдзӕуджытыл цы хӕс ис, уый тыххӕй Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы загъта? ӕ) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ нысан цы у?

19 Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуамӕ рӕстдзинад ма сусӕг кӕнӕм. Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн бамбарын кодта, Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытыл хъусын кӕныны хӕс кӕй ис. Уый сӕм ныффыста: «Кӕд, „де ’взагыл цы дзырд ис“, ома Йесо нӕ Хицау кӕй у, уый ӕргом дзурыс ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ ӕууӕндыс, уӕд фервӕздзынӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’ууӕнда, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнӕгыл, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом куы дзура, уӕд та фервӕздзӕн» (Ром. 10:9, 10).

20 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фидарӕй зонынц, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуынц ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, хорз хабар хъусын кӕнын стыр кад кӕй у. Фӕлӕ дӕ нысан ӕрмӕст уый ма уӕд, цӕмӕй адӕмӕн Библийы рӕстдзинад амонай. Уадз ӕмӕ иннӕтӕ уыной, фидарӕй дӕ кӕй уырны, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый.

^ 3 абз. Кӕс чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 191–198, 448–454 фӕрстӕ.