Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн

Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн

«Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы» (ХЪУЫД. 14:22).

1. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уый?

БИБЛИМӔ гӕсгӕ, цалынмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уӕдмӕ «бирӕ зындзинӕдтыл» ӕмбӕлдзыстӕм. Хабар афтӕ кӕй у, уый дӕм диссаг кӕсы? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын ӕрӕджы райдыдтай ӕви Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс, уӕддӕр ӕй зоныс, Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм (Рарг. 12:12).

2. а) Ӕнӕххӕст адӕм се ’ппӕт дӕр кӕуыл ӕмбӕлынц, уыцы зындзинӕдтӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Хуыцауы адӕмы кӕй ардыдӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

2 Ӕнӕххӕст адӕм се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, фӕлӕ ма чырыстӕттӕ уыдонӕй уӕлдай ӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр (1 Кор. 10:13). Зӕгъӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй сӕ ныхмӕ карзӕй фӕцӕуынц. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоан. 15:20). Кӕй ардыдӕй сӕ ’фхӕрынц? Хӕйрӕджы ардыдӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг «богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны» ӕмӕ архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы «аныхъуыра» (1 Пет. 5:8). Уый  алы мадзалӕй дӕр архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Ӕркӕсӕм-ма, Павел цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уымӕ.

ПАВЕЛ ЛИСТРӔЙЫ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛД?

3–5. а) Павел Листрӕйы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? ӕ) Павел зындзинӕдты тыххӕй цы загъта, уымӕй ахуыргӕнинӕгты куыд бафидар кодта?

3 Павел Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй ӕфхӕрд иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баййӕфта (2 Кор. 11:23–27). Иу ахӕм хабар ыл ӕрцыд Листрӕйы. Уыцы горӕты Павел сдзӕбӕх кодта, йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, иу ахӕм лӕджы. Адӕмы уыцы хабар дисы бафтыдта, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы хуыцӕуттӕ фенхъӕлдтой ӕмӕ сӕ кадджын кӕнын райдыдтой. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын ма куывтаиккой. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзуттаг дины разамонджытӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой, цӕмӕй сын адӕмы сӕ ныхмӕ скодтаиккой. Адӕм сын сӕ ныхӕстыл баууӕндыдысты, ӕмӕ хабар цӕхгӕр фӕивта – Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ мард ӕнхъӕлӕй ныууагътой (Хъуыд. 14:8–19).

4 Уый фӕстӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ ацыдысты Дервимӕ, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ «раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ Антиохимӕ. Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой, ӕмӕ сын дзырдтой: „Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы“» (Хъуыд. 14:21, 22). Ацы ныхӕстӕ, чи зоны, искӕмӕ ӕнахуыр фӕкӕсой. Адӕймагӕн афтӕ куы зӕгъай, «бирӕ зындзинӕдтӕ» бавзардзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ ныфс цы асӕттай, ӕндӕр ӕй фидар нӕ бакӕндзынӕ. Уӕдӕ уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ уыцы ныхӕстӕй ахуыргӕнинӕгты куыд «фидар кодтой»?

5 Уый бамбардзыстӕм, Павелы ныхӕстыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Павел ӕнӕуи нӕ загъта, «бирӕ зындзинӕдтӕ хъуамӕ бавзарӕм», зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы». Уӕдӕ Павел ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй сӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй бафидар кодта. Уыцы хӕрзиуӕг рӕсугъд фын нӕ уыд. Йесо афтӕ загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 10:22).

6. Зындзинӕдты фидар чи фӕлӕууа, уыдонмӕ цавӕр хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

6 Зындзинӕдты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр райсдзыстӕм хӕрзиуӕг. Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнӕмӕлгӕ цард. «Ӕндӕр фыстӕ» та ӕнустӕм цӕрдзысты, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы зӕххыл (Иоан. 10:16; 2 Пет. 3:13). Фӕлӕ уӕдмӕ, Павел куыд загъта, афтӕмӕй, бирӕ зындзинӕдтӕ бавзардзыстӕм. Ӕркӕсӕм, Хӕйрӕг цавӕр дыууӕ мадзалӕй архайы, цӕмӕй нын зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕна.

ХӔЙРӔГ НӔ НЫХМӔ ӔРГОМ КУЫД ФӔЦӔУЫ

7. Нӕ ныхмӕ ӕргом куыд фӕцӕуынц?

7 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Адӕм уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты. Стӕй уӕ... ӕрлӕууын кӕндзысты хицӕутты раз ӕмӕ паддзӕхты раз» (Мар. 13:9). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныхмӕ ӕргом кӕй цӕудзысты, ома сӕ кӕй ӕфхӕрдзысты, зӕгъӕм, дины разамонджыты кӕнӕ хицӕутты ардыдӕй (Хъуыд. 5:27, 28). Ногӕй та ӕркӕсӕм Павелы цӕвиттонмӕ. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн, уый дзы тас уагъта? Ӕппындӕр нӕ! (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:22, 23.)

8, 9. Павелы кӕронмӕ фидар фӕлӕууын кӕй фӕндыд, уый куыд равдыста? Нӕ рӕстӕджы не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Павелау фидардзинад куыд ӕвдисынц?

8 Кӕд Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Павел карз ӕфхӕрд ӕййӕфтаид, уӕддӕр уый фидар фӕлӕууыд. Павел загъта: «Мӕ цард [мӕм] нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын» (Хъуыд. 20:24). Бӕрӕг у, Павел ӕппындӕр кӕй нӕ тарст, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн, уымӕй. Уый йӕхицӕн  фидарӕй загъта, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Павелӕн йӕ сӕйраг нысан уыди «бӕстон хъусын кӕнын», цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлдаид, уӕддӕр.

9 Абон дӕр нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ раст ахӕм фидардзинад ӕвдисынц. Зӕгъӕм, иу бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ 20 азы бӕрц ахӕстоны бадынц, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй. Сӕ хъуыддаг сын тӕрхондоны никуы ӕвзӕрстой, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы, адӕймаг йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый фӕдыл закъон нӕй. Ӕмӕ сын уый бар дӕр нӕ дӕттынц, цӕмӕй-иу сӕ сӕ бинонтӕ бабӕрӕг кӕной. Кӕйдӕрты-иу сӕ нӕмгӕ дӕр фӕкодтой ӕмӕ-иу сын алыхуызон фыдмитӕ фӕкодтой.

10. Ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд-иу цӕуылнӕ хъуамӕ фӕтӕрсӕм?

10 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ та цавӕрдӕр фыдӕвзарӕнты бахауынц ӕнӕнхъӕлӕджы, ӕмӕ уыдоны дӕр фӕхъӕуы фидар фӕлӕууын. Ды дӕр, мыййаг, ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд-иу ма фӕтӕрс. Ӕрхъуыды-ма кӕн Иосифы. Йе ’фсымӕртӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ «фервӕзын кодта йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнтӕй дӕр» (Хъуыд. 7:9, 10). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ дӕу дӕр дӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕна. Макуы рох кӕн: «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Пет. 2:9). Дызӕрдыг дӕр ыл ма кӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ дӕ ацы фыддунейӕ фервӕзын кӕна ӕмӕ дын ӕнусон цард балӕвар кӕна. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл дар ӕмӕ ӕфхӕрды рӕстӕг фидар лӕуу (1 Пет. 5:8, 9).

ХӔЙРӔГ ХИНӔЙ КУЫД ФӔАРХАЙЫ

11. Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ ӕргом кӕй фӕцӕуы ӕмӕ хинӕй кӕй фӕархайы, уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

11 Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ ӕргом кӕй фӕцӕуы, уымӕй уӕлдай ма хинӕй дӕр фӕархайы. Ацы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? Нӕ ныхмӕ ӕргом кӕй фӕцӕуы, уый абарӕн ис, тыхдымгӕ куыд рацӕуа ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хӕдзар цӕстыфӕныкъуылдмӕ куыд ныппырх кӕна, уыимӕ. Хинӕй кӕй архайы, уый та абарӕн ис, термиттӕ кӕй хонынц, уыцы мӕлдзыджытӕ хъӕдын хӕдзарӕн цы бакӕнынц, уыимӕ: хӕдзармӕ бабырынц, сабыргай йӕ бахӕрынц, ӕмӕ ӕппынфӕстаг ныккӕлы. Цалынмӕ адӕймаг бамбары, йӕ хӕдзарӕн ныккӕлынӕй тӕссаг кӕй у, уӕдмӕ байрӕджы вӕййы.

12. а) Хӕйрӕг хинӕй куыд фӕархайы ӕмӕ уыцы хъуыддаг арӕхдӕр йӕ къухы цӕй фӕрцы бафты? ӕ) Павелӕн-иу йӕ ныфс куы асаст, уӕд-иу ӕм цавӕр хъуыдытӕ фӕзынд?

12 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕ адард уай ӕмӕ йӕ хӕлар мауал уай. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныхмӕ ӕргом дӕр цӕудзӕн, ома архайдзӕн, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафай, ӕмӕ хинӕй дӕр архайдзӕн, цӕмӕй дын сабыргай дӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна. Уыцы хъуыддаг арӕхдӕр йӕ къухы бафты, нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд. Апостол Павелӕн дӕр-иу хатгай йӕ ныфс асаст. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–24.) Фӕлӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд ӕмӕ уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, разамонӕг советы чи уыди, уыцы адӕймаг йӕхицӕй афтӕ цӕмӕн загъта, «мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн», зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, ӕнӕххӕст адӕймаг кӕй у. Павелы тынг фӕндыд, раст цы у, уый аразын, фӕлӕ йын уый алы хатт ӕнцон нӕ уыд. Ӕмӕ кӕд дӕуӕн дӕр афтӕ вӕййы, уӕд дын ныфсы хос куыннӕ уыдзӕн, апостол Павел дӕр-иу ахӕм уавӕры кӕй уыди, уый зонын.

13, 14. а) Хуыцауы адӕмӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты? ӕ) Кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фӕцуда ӕмӕ цӕмӕн?

13 Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ хатт цӕуылдӕр тынг фӕмӕт кӕнынц, сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ ма сӕхимӕ ницӕйаг дӕр фӕкӕсынц. Иу зынгзӕрдӕ пионер, схонӕм ӕй Деборӕ, афтӕ загъта: «Цы рӕдыд ӕруагътон, уый ногӕй ӕмӕ ногӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, ӕмӕ мын уыцы уаргъ уӕззаудӕр цы кӕны, ӕндӕр мын ӕнцондӕр нӕ фӕвӕййы. Цытӕ бакуыстон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ никуыуал ничи уарздзӕн, суанг Йегъовӕ дӕр».

14 Цымӕ нӕ хо Деборӕйы хуызӕн зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс цӕмӕн  асӕтты? Уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ вӕййы. Чидӕр йӕхимӕ ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсы кӕнӕ йӕ царды уавӕртӕй разы нӕ вӕййы (Ӕмб. 15:15). Чидӕр та фӕрынчын вӕййы, йе ’нкъарӕнтыл чи фӕзыны, ахӕм низӕй, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй тар хъуыдытӕ сӕ быны скӕнынц. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, ахӕм хъуыдыты руаджы нӕ ныхмӕ чи архайы. Ахъуыды-ма кӕн, кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕджы. Уый зоны, мӕлӕты тӕрхон ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ мӕлӕты аккаг дӕ (Рарг. 20:10). Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ ӕргом архайа ӕви хинӕй, уӕддӕр йӕ фӕнд иу у – мӕты бафтӕм, нӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг уа ӕмӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Дӕ зӕрдыл дар, Хуыцауы адӕм се ’ппӕт дӕр «тохы быдыры» кӕй сты ӕмӕ сӕ тох кӕй у, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайой, ууыл.

15. 2 Коринфӕгтӕм 4:16, 17 стихтӕм гӕсгӕ нӕ фидар фӕнд цы у?

15 Уӕдӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз ӕмӕ кӕронмӕ тох кӕн. Дӕ цӕстыты раз алкӕддӕр уӕд, цы хӕрзиуӕг дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд нӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕд, нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны. Кӕд нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты, уӕд нын хӕсгӕ та кӕнынц, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад, ӕнусон кад» (2 Кор. 4:16, 17).

ЗЫНДЗИНӔДТӔМ ДӔХИ НЫР БАЦӔТТӔ КӔН

Чырыстӕттӕ, кӕстӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр, ахуыр кӕнынц сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын (кӕс 16 абзац)

16. Зындзинӕдтӕм нӕхи ныр цӕмӕн хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм?

16 Куыд федтам, афтӕмӕй Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ архайы алыхуызон «хинмиты» руаджы (Еф. 6:11). Ӕмӕ нӕ хъуамӕ алчидӕр архайа 1 Петры 5:9 фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Йӕ ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут». Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд бацӕттӕ кӕнӕм, ома ныр сахуыр уӕм, раст цы у, уый аразын. Цӕвиттонӕн райсӕм ӕфсӕддонты. Хӕстӕн йӕ кой дӕр куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр сӕхи фӕцӕттӕ кӕнынц – хӕцын фӕахуыр  кӕнынц. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйы адӕмӕй дӕр. Фидӕны ма нӕ цӕимӕ бахъӕудзӕн тох кӕнын, уый нӕ зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ сабыр рӕстӕг у, уӕдмӕ хъуамӕ нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнӕм. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Кор. 13:5).

17–19. а) Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын? ӕ) Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕхи бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй скъолайы сӕ уырнындзинады сӕрыл фидарӕй дзурой?

17 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, уый тыххӕй нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр фӕкувын? Исчи мӕ ӕвзӕр зондыл куы фӕаразы, уӕд кӕмӕ байхъусын – адӕймагмӕ ӕви Хуыцаумӕ? Ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуын? Мӕ уырнындзинады тыххӕй фидарӕй фӕдзурын? Ме ’мчырыстӕттӕн сӕ рӕдыдтытӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнын, уыдон мын куыд хатыр кӕнынц, афтӕ? Ме ’мбырды разамынд чи дӕтты ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр не ’мбырдтӕм йӕ хъус чи дары, уыдонӕн сӕ коммӕ кӕсын?»

18 Не ’рыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кой куы кӕнӕм, уӕд сӕ бирӕты скъолайы бахъӕуы, цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл дзурын, стӕй сӕ исчи ӕвзӕр зондыл куы араза, уӕд сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Фӕлӕ уыдон сӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын нӕ тӕрсынц ӕмӕ не ’фсӕрмы кӕнынц. Стыр ӕххуыс сын сты, нӕ брошюрӕты цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдон. Зӕгъӕм, брошюрӕйы «Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн – хъусын кӕн хорз хабар» 6 фарсыл фыст ис, ӕрыгӕттӕн се ’мкъласӕгтимӕ ныфсджындӕрӕй ныхас кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй. Фыст дзы ис, фарстаты руаджы сӕ бон куыд у, Хуыцауыл цӕмӕн ӕууӕндынц, уый бамбарын кӕнын. Ныййарджытӕ, хӕдзары-иу уӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнут, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй сӕ бон куыд у фидарӕй дзурын, ууыл. Ӕмӕ уый фӕрцы скъолайы ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ уыдзысты.

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын, стӕй ма нын Йегъовӕ ноджыдӕр цы фӕдзӕхсы, уый аразын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, хатт куысты афтӕ бафӕллайӕм, ӕмӕ ма ӕмбырдмӕ тыххӕй ацӕуӕм. Хатт та нын ӕнцон нӕ вӕййы райсомӕй сыстын, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ацӕуӕм – нӕ фӕлмӕн базӕй нӕ нӕ сӕр сисын дӕр нӕ фӕфӕнды. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайын рагацау куы сахуыр уай, уӕд фидӕны стырдӕр фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдзынӕ.

20, 21. а) Чырыстийы нывондыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнӕм? ӕ) Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

20 Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ хинӕй куы архайа, уӕд та-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Зӕгъӕм, истӕй тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нӕ бон цы у саразын? Уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Апостол Павел дӕр раст афтӕ кодта. Кӕд хатгай йӕхимӕ ницӕйаг каст, уӕддӕр зыдта, Чырысти йӕ цард ӕххӕст адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты тыххӕй кӕй радта. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджын адӕмӕй иу уыд йӕхӕдӕг. Павел ныффыста: «[Ӕз] цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Гал. 2:20). Ӕцӕгдӕр, Павел Чырыстийы нывондыл ӕууӕндыд ӕмӕ фидарӕй зыдта, уыцы нывонды фӕрцы Хуыцау уый дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн.

21 Дӕуӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, фидарӕй куы ’ууӕндай, Йегъовӕ Чырыстийы дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста нывондӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕд истӕй тыххӕй ныфссаст дӕ, уӕд дын уыцы хъуыдытӕ уайтагъд ӕрбайсӕфдзысты. Кӕйдӕрты нӕ суанг ног дунейы онг хъӕудзӕн ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: хӕрзиуӕг райсдзысты, йӕ къухтӕ чи не ’руадза, уыдон. Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы бон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ уӕд ӕгас зӕххыл дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм се ’ппӕт дӕр суыдзысты ӕххӕст. Уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, кӕд нӕ уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын бахъӕуа, уӕддӕр!