Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хорз хъуыддагмӕ» тырныс?

«Хорз хъуыддагмӕ» тырныс?

ФЕРНАНДО * йӕхимидӕг тынг тыхсти. Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы йын загътой, зӕгъгӕ, дам, нӕ демӕ аныхас кӕнын фӕнды. Фӕстаг цалдӕр хатты сын се ’мбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кодта, уӕд-иу ын уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбарын кодтой, цы аразын ӕй хъӕуы, цӕмӕй йын ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ уа. Рӕстӕг цыди, ӕмӕ Фернандо хъуыды кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ мӕ хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕвӕццӕгӕн, никуы снысан кӕндзысты. Цасдӕры фӕстӕ та сӕ районон цӕстдарӕг ногӕй бабӕрӕг кодта. Цымӕ йын ацы хатт та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зӕгъдзысты?

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕ иу Фернандойӕн йӕ хъус ӕрдардта 1 Тимофеймӕ 3:1 стихмӕ ӕмӕ йын загъта, писмо кӕй райстой, хистӕр нӕлгоймагӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый фӕдыл. Фернандо йӕ хъустыл нӕ баууӕндыд, ӕмӕ йӕ бафарста: «Куыд зӕгъыс?!» Ӕфсымӕр та йын ногӕй загъта, зӕгъгӕ дӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой, ӕмӕ Фернандойы цӕсгом фырцинӕй ныррухс. Хабар ӕмбырды куы фехъусын кодтой, уӕд ын иннӕтӕ дӕр йӕ циныл фӕцин кодтой.

Адӕймаг ӕмбырды кадджын хӕстӕм бӕлла, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Ӕппындӕр ницы. 1 Тимофеймӕ 3:1 стихмӕ гӕсгӕ, «цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы». Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, ӕмӕ архайынц чырыстон миниуджытӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕныныл, цӕмӕй сӕ бон уа ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уый фӕрцы ӕфсымӕртӕй сӕдӕгай минтӕ лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Фӕлӕ ӕмбырдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ хъӕуы, цӕмӕй ноджы фылдӕр ӕфсымӕртӕ сӕхимӕ уыцы хӕстӕ райсой. Цымӕ уыцы хӕстӕм тырнын куыд хъӕуы? Стӕй цымӕ, цӕстдарӕджы хӕстӕм чи бӕллы, уыдон Фернандойау хъуамӕ ӕдзухдӕр ууыл хъуыды кӕной, кӕд мӕ снысан кӕндзысты, зӕгъгӕ?

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ЦӔСТДАРӔДЖЫ ХӔСТӔМ «ТЫРНЫН»?

Библийы «тырнын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг цӕмӕдӕр куы бӕлла, цӕмӕдӕр йӕхи куы иваза. Чи зоны, дӕ цӕстытыл ауад ахӕм ныв: адӕймаг бӕласыл рӕсугъд дыргъ федта ӕмӕ йӕм йӕхи ивазы, цӕмӕй йӕ ӕртона. Фӕлӕ адӕймаг, «цӕстдарӕг уа, уымӕ» тырна, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы бынат бацахсынмӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ тырна. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уымӕн йӕ нысан хъуамӕ уа «хорз хъуыддаг» аразын, уӕлдӕр бынат бацахсын нӕ, фӕлӕ.

Ацы «хорз хъуыддаг» аразынӕн цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдонӕй бирӕты кой ис 1 Тимофеймӕ 3:2–7 ӕмӕ Титмӕ 1:5–9. Уыцы миниуджыты кой кӕнгӕйӕ иу фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг, Реймонд,  загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕр раныхӕстӕ дзурынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса, уый ахсджиаг у, фӕлӕ сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, алцӕмӕй дӕр бӕрц зона, уа уӕззау зонды хицау, уаг ӕмӕ йӕм ӕгъдау уа, стӕй уазӕгуарзон ӕмӕ ӕмбаргӕ уа».

Ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архай ӕмӕ афтӕмӕй дӕ нысанмӕ тырн

Цӕстдарӕджы хӕстӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи тырны, уыдон архайынц, цӕмӕй сӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи хизынц сайӕн митӕй ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй. Стӕй алцӕмӕй дӕр бӕрц зонынц, сты уӕззау зонды хицау, уаг ӕмӕ сӕм ӕгъдау ис ӕмӕ сты ӕмбаргӕ. Уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ разамындыл ӕууӕндынц ӕмӕ се ’ххуысыл ӕхсызгонӕй сразы вӕййынц. Уазӕгуарзон кӕй сты, уый фӕрцы та сӕ бон вӕййы ӕрыгӕтты ӕмӕ, рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын ӕрӕджы чи райдыдта, уыдоны фидар кӕнын. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц рынчынтӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн, уымӕн ӕмӕ уарзынц хорздзинад аразын. Уыдон уыцы миниуджытыл уый тыххӕй нӕ кусынц, цӕмӕй сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй тагъддӕр снысан кӕной, фӕлӕ цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кӕной *.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕфсымӕрӕн цӕстуарзонӕй уынаффӕ дӕр ратдзысты ӕмӕ йӕ разӕнгард дӕр кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырды йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райса. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, Библийы цы миниуджыты тыххӕй фыст ис, уыдон ӕм уыдзысты ӕви нӕ. Иу фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг, Генри, загъта: «Кӕд хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнынмӕ тырныс, уӕд ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй бӕрӕг уа, уыцы хорз хъуыддагмӕ цӕттӕ кӕй дӕ». Генри скодта, Екклесиасты 9:10 цы ныхӕстӕ ис, уыдоны кой, «цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй», зӕгъгӕ, ӕмӕ стӕй загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу дын цы бахӕс кӕной, уый-иу ӕнӕзивӕгӕй бакӕн. Цыфӕнды хъуыддаг-иу дын ма бахӕс кӕной, суанг пъолтӕ ныммӕрзын дӕр, уӕддӕр-иу ӕй зӕрдиагӕй бакӕн. Рӕстӕг рацӕудзӕн, ӕмӕ дӕ фыдӕбон ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн». Уӕдӕ Хуыцауы хъуыддаджы дӕхиуыл ма ауӕрд ӕмӕ у ӕууӕнкджын. Иннӕтӕ дӕ хъуамӕ зоной сӕрныллӕг адӕймагӕй, сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадуарзаг адӕймагӕй нӕ, фӕлӕ (Матф. 23:8–12).

ДӔХИ ХИЗ, РАСТ ЧИ НӔУ, АХӔМ ЗОНДАХАСТ ӔМӔ МИТӔЙ

Хистӕр нӕлгоймаг суа, уый кӕй фӕнды, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уый тыххӕй ӕргом нӕ фӕзӕгъынц,  фӕлӕ-иу кӕм хынджылӕггӕнгӕ, кӕм та ӕндӕр искуыд уый кой скӕнынц, йе та-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Кӕмӕндӕрты та сӕ хъыг вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын уынаффӕ куы раттынц, уӕд. Хорз уаид, ахӕм ӕфсымӕртӕ куы ахъуыды кӕниккой: «Хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын мӕ мӕхи пайдайы тыххӕй фӕнды ӕви, Йегъовӕйы фыстӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнон, уый тыххӕй?»

Цӕстдарӕджы хӕстӕм чи тырны, уый ма хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара уый дӕр, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ «дзугӕн фӕзминаг уа» (1 Пет. 5:1–3). Ӕмбырдӕн фӕзминаг чи у, уый хъуамӕ йӕхи пайдайыл ма хъуыды кӕна ӕмӕ хинӕй ма архайа. Ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймаг у ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ йӕхиуыл куса, цӕмӕй йӕм фӕразондзинад уа. Ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг куы свӕййы, уӕд ӕххӕст адӕймаг нӕ фесты (Ным. 12:3; Пс. 106:32, 33). Стӕй, чи зоны, ӕфсымӕр йӕхицӕй афтӕ хъуыды кӕна, «мӕнӕн мӕ цӕсгом сыгъдӕг у», зӕгъгӕ (1 Кор. 4:4). Фӕлӕ иннӕтӕ, фӕрсырдыгӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, фылдӕр цыдӕртӕ уынынц ӕмӕ дзы афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты дӕуӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда ӕмӕ дын Библийӕ уынаффӕ куы дӕттой, уӕд-иу мӕсты ма кӕн, фӕлӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъус. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ сӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ бацархай.

КӔД БИРӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫС, УӔД ТА?

Ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕд снысан кӕндзысты, уымӕ ӕгӕр бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Чи зоны, ды дӕр бирӕ азты дӕргъы тырныс, цӕстдарӕг уай, уымӕ. Мыййаг дын афтӕ вӕййы, ӕмӕ уый тыххӕй тыхсын райдайыс? Уӕд-ма дӕ хъус ӕрдар Библийӕ мӕнӕ ацы ныхӕстӕм: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у, йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд ын уый та у царды бӕлас» (Ӕмб. 13:12).

Адӕймаг цӕмӕ бӕллы, уый йӕ къухы куы не ’фта, уӕд, чи зоны, тынг маст кӕна. Ахӕм уавӕры уыди Авраам дӕр. Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, фырт ын кӕй ратдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ рӕстӕг цыд, ӕмӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди (Райд. 12:1–3, 7). Авраамыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руагътой, уӕд иуафон Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цы мын ратдзынӕ? Нырмӕ дӕр мын зӕнӕг нӕй... Ды мын байзӕддаг нӕ радтай». Ӕмӕ та дзы Йегъовӕ ногӕй ныфс бауагъта, фырт ын ӕнӕмӕнг кӕй ратдзӕн. Фӕлӕ Хуыцау йӕ ныхас куы сӕххӕст кодта, уӕдмӕ ма рацыд ӕппынкъаддӕр 14 азы (Райд. 15:2–4; 16:16; 21:5).

Цымӕ Авраам уыйбӕрц рӕстӕг кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста? Нӕ. Уый никуы фӕдызӕрдыг, Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ дарддӕр ӕнхъӕлмӕ каст уыцы хорздзинадмӕ. Апостол Павел загъта: «Хуыцау Авраамӕн ацы хъуыддагӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уый фӕразондзинад куы равдыста, уӕд» (Дзут. 6:15). Ӕппынфӕстаг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгӕн, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ раарфӕ кодта. Авраамы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

Кӕд хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕм бирӕ азты дӕргъы тырныс, фӕлӕ дӕ нырма не снысан кодтой, уӕддӕр дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕн. Иу ӕфсымӕр, Уоррен, бирӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ бон бауыдаид сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын. Уый загъта: «Цалынмӕ ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кӕной, уӕдмӕ йӕ цардӕй хъуамӕ рабӕрӕг уа, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон кӕй бауыдзӕн, ӕмӕ уымӕн та рӕстӕг хъӕуы. Йӕхи куыд дары ӕмӕ йын цы бахӕс кӕнынц, уый куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй сабыргай рабӕрӕг вӕййы, хорз цӕмӕ арӕхсы ӕмӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ сӕ бар куы бакӕной, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ ӕнтыстджын  сты. Фӕлӕ уый раст зондахаст нӕу ӕмӕ тӕссаг у, ӕфсымӕрӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр ууыл куы суой. Де ’нтыстдзинад, цавӕр хӕстӕ дын ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймаг ӕцӕг ӕнтыстджын уӕд уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕна».

Иу ӕфсымӕр дӕс азӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ каст, хистӕр нӕлгоймагӕй йӕ кӕд снысан кӕндзысты, уымӕ. Йезекилы чиныджы 1-аг сӕры Йегъовӕйы уӕларвон уӕрдоны тыххӕй цы фыст ис, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг. Уый загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ уӕларвон уӕрдон, ома йӕ организаци, куыд тагъд цӕудзӕн, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны. Ӕмӕ сӕйраг у, цавӕрдӕр хъуыддагӕн мах цы рӕстӕг снысан кӕнӕм, уый нӕ, фӕлӕ йын Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кӕны, уый. Кӕд мӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕддӕр сӕйрагдӕр, мӕн цы фӕнды, уый нӕу. Чи зоны, Йегъовӕмӕ мӕн тыххӕй бынтон ӕндӕр пълӕнттӕ ис, уымӕн ӕмӕ йӕ уый зоны, хуыздӕр мын цы уыдзӕн».

Кӕд дӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд архай, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн сӕ циныл цин ӕфтауай. Уӕд бӕрӕг уыдзӕн, уыцы хорз хъуыддагмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тырныс. Кӕд дӕм хатгай афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ рӕстӕг ныддаргъ, уӕддӕр-иу ӕгӕр ма мӕт кӕн ӕмӕ фӕразон у. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хистӕр нӕлгоймаг, Реймонд, загъта: «Кадуарзаг чи у, уымӕн йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ никуы райдзӕн. Адӕймаг ӕдзухдӕр, цы йын нӕй, ууыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы стыр циндзинад хӕссы, уымӕй йӕхи ӕнӕхай фӕкӕны». Уӕдӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй архай, цӕмӕй дӕ удыхъӕды рӕзын кӕнай, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый, уӕлдайдӕр та – фӕразондзинад. Библи арф иртас, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай. Хъусын кӕнынмӕ арӕхдӕр цу ӕмӕ, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕн. Алы къуыри дӕр дӕ бинонтимӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕн ӕмӕ сын Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕн ӕххуыс кӕн. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы вӕййыс, уӕд-иу дын уый алы хатт дӕр цины хос уӕд. Афтӕмӕй, цалынмӕ дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафта, уӕдмӕ дӕр дӕ лӕггадӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн.

Ӕфсымӕртӕн ахӕм фадат кӕй ис, цӕмӕй сӕхиуыл кусой ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды кадджын хӕстӕм тырной, уый сын у Йегъовӕйы арфӕдзинад. Ӕмӕ нӕдӕр Йегъовӕйы фӕнды, нӕдӕр йӕ организацийы, цӕмӕй, уыцы хорз хъуыддагмӕ чи тырны, уыдон фӕфыдӕнхъӕл уой ӕмӕ сӕ лӕггадӕй сӕ зӕрдӕ мауал райа. Хуыцау арфӕ кӕны, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. Ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй та иу дӕр «йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмб. 10:22).

Кӕд хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕм дзӕвгар рӕстӕг тырныс, уӕддӕр дӕ бон у дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай. Чырыстон миниуджытыл куы кусай, ӕмбырды хъуыддӕгты дӕхиуыл куы нӕ ауӕрдай ӕмӕ дӕ бинонты дӕр рохуаты куы нӕ уадзай, уӕд дын Йегъовӕ дӕ фыдӕбон ӕмӕ дӕ иузӕрдион лӕггад никуы ферох кӕндзӕн. Уӕдӕ цавӕрфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кӕнай,– Йегъовӕйӕн алкӕддӕр зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕн.

^ 2 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

^ 8 абз. Ацы статьяйы цы уагӕвӕрдтыл цӕуы дзырд, уыдон хауынц, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ дӕр. Ахӕм ӕфсымӕрты кусын цӕуыл хъӕуы, уый тыххӕй фыст ис 1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12, 13.