ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Декабрь 2014

Ацы брошюрӕйы ис, 2015 азы 2 февралӕй 1 мартъимӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Уый «фӕндаг зыдта»

Гай Пирс лӕггад кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг Советы, фӕзиан 2014 азы 18 мартъийы, дыццӕджы.

Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыдонӕн

Йегъовӕ израилӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уымӕй мысайнӕгты тыххӕй базонӕн ис ахсджиаг хъуыддаг.

«Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут»

Йесо хъыцъыйы нӕмыг, ӕнхъизӕн, сӕудӕджер ӕмӕ ӕмбӕхст хӕзнайы тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон цы нысан кӕнынц?

Ды та «Фыстад ӕмбарыс»?

Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕг, кӕсагахсӕн хыз ӕмӕ сӕфт фырты тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон цы нысан кӕнынц?

Бахъуыды кодтай?

Ацы 12 фарстайы руаджы базондзынӕ, фӕстаг 7 мӕйы цы брошюрӕтӕ рацыд, уым цы фыст уыд, уымӕй цы бахъуыды кодтай, уый.

Дӕ хъуыды фӕивын дӕ хъӕуы ӕви нӕ?

Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хъуамӕ ма фӕивай, фӕлӕ кӕцыдӕр уынаффӕты тыххӕй уый зӕгъӕн нӕй. Куыд дӕм кӕсы, цӕуылнӕ?

Кӕсджыты фарстатӕ

Йереми афтӕ куы загъта, Рахил кӕуы йӕ фырттыл, зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта?

Ацы дунейы фӕстаг бонты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм

Библийӕ цыппар хабарӕй бӕрӕг у, иудзинад куыд ахсджиаг у, ӕмӕ фидӕны уыцы миниуӕг ноджы ахсджиагдӕр цӕмӕн уыдзӕн, уый.

Хуыцау дӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн аргъ кӕныс?

Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау нӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм?