Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейы фӕстаг бонты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм

Ацы дунейы фӕстаг бонты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм

«Мах иу буары уӕнгтӕ стӕм» (ЕФ. 4:25).

1, 2. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм, ӕрыгӕттӕм дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕм дӕр, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

КӔД ӕрыгон дӕ, уӕд фидарӕй зон, Йегъовӕйы ӕппӕтдунеон организацийы дын стыр аргъ кӕй ис. Бирӕ бӕстӕты, донаргъуыд чи райсы, уыдонӕй бирӕтӕ вӕййынц ӕрыгӕттӕ, ӕмӕ уый ӕхсызгон хабар куыннӕ у!

2 Ӕрыгӕттӕ уарзынц сӕ рӕстӕг се ’мгӕрттимӕ ӕрвитын. Ӕмӕ уый алы кары адӕмӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын не ’ппӕт дӕр иумӕ лӕггад кӕнӕм, цыфӕнды кары ма уӕм ӕмӕ цавӕрфӕнды уавӕрты ма цӕрӕм, уӕддӕр. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн уа иудзинад. Апостол Павел ныффыста, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Раргомады 7:9 стихы дӕр, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй фыст ис, «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» кӕй сты.

3, 4. а) Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн цавӕр зондахаст ис? ӕ) Ефесӕгтӕм 4:25 стихы Павел ӕмбырд цӕимӕ абарста?

3 Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы фӕсивӕд ацы дунейы фӕсивӕдӕй тынг хицӕн кӕнынц. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕты сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт ис ӕмӕ хъуыды кӕнынц, сӕхи цы фӕнды, ӕрмӕстдӕр ууыл. Иртасджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрыгӕттӕ абон куыд хиуарзон сты, афтӕ никуыма. Сӕ ныхасыуагӕй ӕмӕ сӕ дарӕсӕй бӕрӕг вӕййы, иннӕты, уӕлдайдӕр та хистӕрты, кӕй ницӕмӕ дарынц.

4 Уыцы зондахаст алкӕмдӕр ахъардта. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрыгӕтты хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дзы сӕхи хизой ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной. Суанг ма нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дӕр Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хизой, «ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайынц», уымӕй. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1–3.) Куыд ӕхсызгон у, ӕмбырды ӕрыгӕттӕ ахӕм зондыл хӕст кӕй не сты! Уыдоны фӕнды Йегъовӕйӕн се ’фсымӕртимӕ иумӕ лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ зонынц, ӕмбырд иу буары хуызӕн кӕй у. Буары бирӕ алыхуызон уӕнгтӕ куыд ис ӕмӕ ӕмгуыст куыд кӕнынц, афтӕ ӕмбырды дӕр ис бирӕ алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Павел дӕр уымӕн загъта, «мах иу буары уӕнгтӕ стӕм», зӕгъгӕ (Еф. 4:25). Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕнгом уӕм. Цӕй ӕмӕ Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ фенӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм, ома не ’хсӕн иудзинад уа.

УЫДОН ИУМӔ АРХАЙДТОЙ

5, 6. Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Рагзаманты-иу Йегъовӕйы адӕм бахаудысты тынг тӕссаг уавӕрты. Иумӕ-иу куы архайдтой ӕмӕ-иу кӕрӕдзийӕн куы ӕххуыс кодтой, уӕд-иу сӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕдта. Уыцы хабӕрттӕй не ’ппӕт дӕр, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Ӕркӕсӕм-ма Лоты хабармӕ.

6 Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕ уыдысты тӕссаг уавӕры. Цы горӕты цардысты, Содом, зӕгъгӕ, уый Йегъовӕ хъуамӕ фесӕфтаид. Хуыцау йӕ зӕдты уылты Лоты бафӕдзӕхста, цӕмӕй горӕтӕй хӕхтӕм алыгъдаид. Зӕдтӕ йын загътой: «Рӕвдздӕр! Лидзгӕ кӕн» (Райд. 19:12–22). Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы байхъуыстой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, Лоты бинонтӕй иннӕтӕ афтӕ нӕ бакодтой. Йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, уыдонӕн загъта, цӕмӕй горӕтӕй рацыдаиккой, фӕлӕ уыдонмӕ «афтӕ фӕкаст, ӕмӕ хынджылӕг кӕны». Йӕ ныхӕстӕ йын ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ уый тыххӕй бабын сты (Райд. 19:14). Аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ хъуыстой ӕмӕ иумӕ архайдтой.

7. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта?

7 Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу цӕвиттонмӕ. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд гыццыл къордтыл нӕ ныддихтӕ сты ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ алчи йӕхи фӕндагыл нӕ ацыд. Уыдон иууылдӕр цыдысты иумӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ дыууӕ дихы куы акодта, уӕд Моисей денджызы астӕуты иунӕгӕй кӕнӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр израилагимӕ нӕ ацыд. Моисеимӕ ацыдысты израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта (Рац. 14:21, 22, 29, 30). Адӕмы ’хсӕн уыди иудзинад. Египетӕй ма семӕ иумӕ рацыди «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй» – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уыдон (Рац. 12:38). Ӕмӕ куыд ӕнӕзонд ми уыдаид, уыцы адӕмӕй иу гыццыл къорд, зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕ, куы фӕхицӕн уыдаиккой, ӕмӕ, сӕхимӕ хуыздӕр чи каст, уыцы фӕндагыл куы араст уыдаиккой. Афтӕ чи бакодтаид, уыдоны Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕдтаид (1 Кор. 10:1).

8. Иосафаты заман Хуыцауы адӕм иумӕ куыд архайдтой?

8 Паддзах Иосафаты заман Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацыд стыр ӕмӕ хъомысджын ӕфсад (2 Аз. 20:1, 2). Израилӕгтӕ куыд архайдтой, знӕгтӕ сыл куы ’ртыхстысты, уӕд? Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой Йегъовӕйыл ӕмӕ дзы разамынд куырдтой. (Бакӕс 2 Азфыстыты 20:3, 4.) Ӕмӕ сӕ алчи, йӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ нӕ архайдта, фӕлӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты. Библийы фыст ис: «Иудӕйы адӕм иууылдӕр, сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр, сӕ устытӕ дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр, лӕууыдысты Йегъовӕйы раз» (2 Аз. 20:13). Адӕм се ’ппӕт дӕр, гыццылӕй-стырӕй, сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ сын куыд дзырдтой, афтӕ кодтой. Уыдон иумӕ архайдтой, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ се знӕгтӕй бахъахъхъӕдта (2 Аз. 20:20–27). Уыцы хабарӕй ирдӕй зыны, Хуыцауы адӕм куыд хъуамӕ архайой, знӕгтӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд.

9. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн уыди фарн ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кодтой. Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕй ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕй чырыстон чи сси, уыдон се ’ппӕт дӕр иу ахуырадыл хӕст уыдысты. Стӕй сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстой, иумӕ хордтой ӕмӕ Хуыцаумӕ иумӕ куывтой (Хъуыд. 2:42). Чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд сӕ иудзинад ноджы тынгдӕр рабӕрӕг. Уыцы рӕстӕг сӕ уӕлдай тынгдӕр хъуыди кӕрӕдзийы ӕххуыс (Хъуыд. 4:23, 24). Абон нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд мах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН КУЫД ХӔСТӔГ КӔНЫ, АФТӔ КӔРӔДЗИМӔ ӔНГОМДӔР КӔНӔМ

10. Кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм, уый нын уӕлдай ахсджиагдӕр кӕд уыдзӕн?

10 Тынг тагъд райдайдзӕн адӕмы историйы ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг. Пехуымпар Иоил ӕй схуыдта «талынг ӕмӕ тар бон» (Иоил 2:1, 2; Соф. 1:14). Уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕмӕн уӕлдай ахсджиагдӕр уыдзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уой. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ныххӕлӕттаг уыдзӕн» (Матф. 12:25).

11. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад хъуамӕ уа, уый бамбарынӕн нын 122 псаломы 3 ӕмӕ 4 стихтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 Уыцы уӕззау рӕстӕг кӕрӕдзиимӕ уӕлдай ӕнгом хъуамӕ уӕм. Не ’хсӕн цы иудзинад хъуамӕ уа, уый абарӕн ис, рагон Иерусалимы хӕдзӕрттӕ куыд арӕзт уыдысты, уыимӕ. Кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг уыдысты, ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг загъта, «кӕрӕдзийыл баст» сты, зӕгъгӕ. Адӕм ницӕмӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг цардысты, ӕмӕ уый фӕрцы зын сахат сӕ бон уыди уайтагъд кӕрӕдзимӕ ӕххуысмӕ фӕзынын. Сӕ хӕдзӕрттӕ афтӕ ӕнгом кӕй лӕууыдысты, уый ма псаломзарӕггӕнӕгӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Израилы мыггӕгтӕ-иу се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн бакувынмӕ куыд ӕрӕмбырд сты, уый. (Бакӕс Псалом 122:3, 4.) Уӕдӕ Йегъовӕйы адӕм абон дӕр ӕмӕ, тагъд чи ралӕудзӕн, уыцы уӕззау рӕстӕг дӕр хъуамӕ «кӕрӕдзийыл баст» уой.

12. Гог Йегъовӕйы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд цӕй фӕрцы фервӕздзысты?

12 Фӕлӕ цымӕ фидӕны афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй «кӕрӕдзийыл баст» уӕм? Йезекилы 38 сӕры фыст ис, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» Йегъовӕйы адӕмыл йӕхи кӕй ныццӕвдзӕн. Ӕмӕ уӕд хъуамӕ уый бар мацӕмӕн раттӕм, цӕмӕй нын нӕ иудзинад фехала. Стыр рӕдыд уыдзӕн, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Хӕйрӕджы дуне баххуыс кӕндзӕн. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ не ’фсымӕртӕм ноджы ӕнгомдӕр балӕууӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм, нӕ ирвӕзындзинад ӕрмӕст ууыл баст нӕ уыдзӕн. Хъуамӕ нӕхӕдӕг Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бахъахъхъӕндзысты ӕмӕ нӕ ног дунемӕ бакӕндзысты (Иоил 2:32; Матф. 28:20). Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уӕм. Куыд хъуыды кӕныс, йӕхи зондӕй чи архайа, уыдоны Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн? (Мих. 2:12).

13. Цы цӕвиттонтыл аныхас кодтам, уыдонӕй ӕрыгӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

13 Ӕрыгӕттӕ, ныр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, ноджы хуыздӕр ӕмбарут, уе ’мчырыстӕттимӕ ӕнгом уат, уый зондыл дзурӕг кӕй у. Архайут, цӕмӕй уӕ рӕстӕг ӕрмӕст уе ’мгӕрттимӕ ма ӕрвитат ӕмӕ, уӕ алыварс чи ис, уыдонӕй уӕхи дард ма ласат. Тагъд нӕ алкӕй дӕр, ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр, уӕлдай тынгдӕр хъӕудзӕн кӕрӕдзийы ӕххуыс. Ныр та уӕ хотӕ ӕмӕ уе ’фсымӕртимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнут ӕмӕ Йегъовӕйӕн семӕ иумӕ лӕггад кӕнут. Хуыцауы адӕмимӕ ӕнгом баст куы уат, уӕд фидӕны уӕ цард бахъахъхъӕндзыстут!

«ИУ БУАРЫ УӔНГТӔ»

14, 15. а) Йегъовӕ нӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрыныл цӕмӕн ахуыр кӕны? ӕ) Цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй нын Йегъовӕ цавӕр уынаффӕтӕ дӕтты?

14 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм» (Соф. 3:8, 9). Хуыцау нӕ цӕттӕ кӕны, «ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ [куы] ӕрӕмбырд кӕна», уыцы рӕстӕгмӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:9, 10.) Йегъовӕйы фӕндон у, цӕмӕй, уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чи ис, уыдон ын се ’ппӕт дӕр иу бинонтау лӕггад кӕной. Ӕмӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕрыгӕттӕ, сымахӕн дӕр ис уыцы диссаджы фадат, цӕмӕй ӕнустӕм уыцы бинонтӕй уат. Фӕнды уӕ, цӕмӕй сымах дӕр Йегъовӕйы организацийы уат?

15 Йегъовӕ нӕ абон ахуыр кӕны кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрыныл, цӕмӕй ног дунейы дӕр не ’хсӕн иудзинад уа. Фӕразонӕй нын амоны, цӕмӕй «кӕрӕдзийыл ӕмхуызонӕй тыхсӕм», «кӕрӕдзи уарзӕм... фӕлмӕн уарзтӕй», «кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм» ӕмӕ нӕ «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» (1 Кор. 12:25; Ром. 12:10; 1 Фес. 4:18; 5:11). Йегъовӕ зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын. Ӕмӕ нын уый тыххӕй дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм» (Еф. 4:32).

16, 17. а) Иумӕ кӕй тыххӕй ӕмбырд кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй иу цы у? ӕ) Ӕрыгӕттӕ Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

16 Цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм, уый тыххӕй ма нын Йегъовӕ радта ӕмбырдтӕ дӕр. Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 фыст ис, иумӕ цӕмӕн ӕмбырд кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕй иу у нӕ кӕрӕдзийы хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйы бон цас хӕстӕгдӕр кӕна, уыйас нӕ не ’мбырдтӕ ноджы тынгдӕр хъӕудзысты.

17 Йесойӕн ӕхсызгон уыди Йегъовӕйы адӕмимӕ ӕмбырд кӕнын, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Дыууадӕс азы йыл куы цыд, уӕд йӕ ныййарджытимӕ кувӕндонмӕ стыр бӕрӕгбонмӕ ацыд. Фӕлӕ йӕ иуафон йӕ ныййарджытӕ нал ардтой. Цымӕ цы фӕци? Мыййаг, йе ’мгӕрттимӕ хъазынмӕ ацыд? Нӕ. Йӕ ныййарджытӕ йӕ ссардтой кувӕндоны – уым ахуыргӕнджытимӕ Фыстадыл ныхас кодта (Лук. 2:45–47).

18. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ иудзинад куыд фидардӕр кӕндзӕн?

18 Не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый ма фидардӕр кӕндзӕн, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд. Афтӕмӕй нӕ рох кӕндзыстӕм, иннӕты мӕт кӕнын дӕр кӕй хъӕуы. Ахсджиаг у, цӕмӕй не ’фсымӕрты уарзӕм, ӕмбырдты сӕ фидар кӕнӕм ӕмӕ уыдоны тыххӕй кувӕм. Ӕрыгӕттӕ, сымах та уе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувут? Афтӕ куы кӕнат, уӕд семӕ хорз ӕмбӕлттӕ суыдзыстут. Цӕмӕй ацы дунеимӕ ма фесӕфӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ нӕ, фӕлӕ не ’фсымӕртимӕ уӕм ӕнгом.

Махӕй алкӕй бон дӕр у не ’мчырыстӕтты тыххӕй кувын (кӕс 18 абзац)

БӔРӔГ УӔД, «КӔРӔДЗИИМӔ БАСТ ЧИ У, АХӔМ УӔНГТӔ» КӔЙ СТӔМ

19, 20. «Кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ» кӕй стӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

19 Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм, «кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ» кӕй сты, уымӕн ис бирӕ цӕвиттонтӕ (Ром. 12:5). Не ’фсымӕртӕ ӕрдзон бӕллӕхы куы бахауынц, уӕд сыл нӕ зӕрдӕ фӕриссы ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, 2011 азы декабры сакъадах Минданаойыл (Филиппинтӕ) рацыд тыхдымгӕ. Иу ӕхсӕвмӕ 40 000 фылдӕр хӕдзары, уыимӕ бирӕ ӕфсымӕрты хӕдзӕрттӕ дӕр, доны бын фесты. Филиппинты филиалӕй куыд фӕхабар кодтой, афтӕмӕй, бынӕттон ӕххуысы комитеттӕ архайын дӕр нӕма райдыдтой, афтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн «ӕндӕр рӕттӕй се ’мчырыстӕттӕ ӕххуыс ӕрвитын райдыдтой».

20 Японийы скӕсӕн хайы та уыди стыр зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами, ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр зиан ӕрхастой. Бирӕтӕ сӕ ӕнӕ ницӕмӕй аззадысты. Зӕгъӕм, хо Йосико ӕнӕ хӕдзарӕй баззад. Паддзахады залӕй дард царди, иу-40 километры дарддӕр. Уыцы хо загъта: «Нӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, зӕххӕнкъуысты фӕстӕ нӕм дыккаг бон районон цӕстдарӕг ӕмӕ ма иу ӕфсымӕр агурӕг куы ’рбацыдысты, уӕд». Йосико ма йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Мах тынг бузныг уыдыстӕм, ӕмбырды нын парахатӕй кӕй лӕвӕрдтой, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уый. Уымӕй уӕлдай ма нын байуӕрстой хъарм дзаумӕттӕ, дзабыртӕ, сумкӕтӕ ӕмӕ пижамӕтӕ». Ӕххуысы комитеты чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Японийы цыдӕриддӕр ӕфсымӕртӕ ис, уыдон иумӕ архайдтой, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн баххуыс кодтаиккой. Суанг ма нӕм Америкӕйы Иугонд Штаттӕй дӕр ӕфсымӕртӕ ӕххуысмӕ фӕзындысты. Куы сӕ бафарстой, афтӕ дардӕй цӕмӕн ӕрцыдыстут, зӕгъгӕ, уӕд загътой: „Японийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ дӕр не стыр бинонтӕй сты ӕмӕ сӕ не ’ххуыс тынг хъӕуы“». Сӕрыстыр нӕ дӕ, адӕм кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр кӕм уарзынц, ахӕм организацийы кӕй дӕ? Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ куыд цин кӕны, не ’хсӕн ахӕм иудзинад кӕй ис, ууыл!

21. Бӕллӕхы рӕстӕг иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ куыд фӕархайынц, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

21 Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын абон куы сахуыр уӕм, уӕд нын фидӕны ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдты рӕстӕг иумӕ архайын. Ӕндӕр бӕстӕты нын цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕн сӕ бон куы нӕ уа махӕн баххуыс кӕнын, уӕддӕр бынӕттон ӕфсымӕртимӕ ӕнгом уыдзыстӕм ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы фарсмӕ балӕудзыстӕм. Японийы тайфуны рӕстӕг чи аирвӕзт, иу ахӕм хо, Фумико, загъта: «Кӕрон тынг ӕввахс у. Бӕллӕхтӕн сӕ кой дӕр куы нал уа, уыцы рӕстӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм».

22. Кӕрӕдзиимӕ ӕнгом кӕй стӕм, уый нын фидӕны куыд баххуыс кӕндзӕн?

22 Уӕдӕ Йегъовӕйы стыр бонмӕ дӕхи ныр цӕттӕ кӕн – дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз, цӕмӕй де ’фсымӕртимӕ ӕнгом уай. Йегъовӕ Хӕйрӕджы дуне куы сафа, уӕд йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзӕн, раджы заманты-иу сӕ куыд бахъахъхъӕдта, афтӕ (Ис. 52:9, 10). Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ – хъуамӕ Хуыцауы адӕмимӕ ӕнгом уай, цӕмӕй аирвӕзай. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, ныронг цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, уыдоны тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм, ууыл.