Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уый «фӕндаг зыдта»

Уый «фӕндаг зыдта»

ГАЙ ХОЛЛИС ПИРС лӕггад кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы. 2014 азы 18 мартъийы, дыццӕджы, фӕци йӕ зӕххон цард, цыди йыл 79 азы. Чырыстийы ӕфсымӕртӕй сӕ иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ райгас ӕмӕ йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райста (Дзут. 2:10–12; 1 Пет. 3:18).

Гай Пирс райгуырд 1934 азы 6 ноябры, горӕт Оберны (штат Калифорни, АИШ), донаргъуыд та райста 1955 азы. Йӕ зынаргъ бинойнаг Пенниимӕ сӕ цард баиу кодтой 1977 азы, ӕмӕ схъомыл кодтой ӕхсӕз сывӕллоны. Ӕфсымӕр Пирс хъӕбулы ад кӕй зыдта, уый фӕрцы бирӕтӕм касти фыды цӕстӕй. 1982 азы Гай ӕмӕ Пенни райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. 1986 азӕй фӕстӕмӕ та Гай 11 азы дӕргъы Иугонд Штатты лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй.

1997 азы Гай ӕмӕ Пенни райдыдтой Иугонд Штатты Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕр Пирс куыста уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады, 1998 азы та райдыдта, Вефилы лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй кусын. 1999 азы 2 октябры ӕрвылазон фембӕлды фехъусын кодтой, Разамонӕг советмӕ йӕ кӕй снысан кодтой. Фӕстаг азтӕ ӕфсымӕр Пирс лӕггад кодта, Вефилы лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитеты, Фысджыты комитеты, Рауагъдады комитеты ӕмӕ Координаторты комитеты.

Ӕфсымӕр Пирсӕн уыди фӕлмӕн мидбылхудт, стӕй уыди хъӕлдзӕг адӕймаг. Йемӕ алкӕмӕн дӕр ӕнцон уыд, адӕймаг цыфӕнды бӕстӕйӕ ӕмӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уыдаид, уӕддӕр. Фӕлӕ йӕ сӕйраджыдӕр уарзтой, йӕхӕдӕг дӕр адӕмы кӕй уарзта, сӕрныллӕг кӕй уыди, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕн кӕй аргъ кодта ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Гай Пирс арӕх дзырдта, зӕгъгӕ, чи зоны, хур дӕр ма скӕса, фӕлӕ, Йегъовӕйы ныхас ма сӕххӕст уа, уый гӕнӕн нӕй. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уый тыххӕй ӕнӕхъӕн дуне дӕр зона.

Ӕфсымӕр Пирс Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кодта – йӕ куыст-иу райдыдта райсомӕй раджы ӕмӕ-иу арӕх суанг ӕмбисӕхсӕвтӕм дӕр фӕкуыста. Алы бӕстӕтӕм дӕр цыди, цӕмӕй йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты фидар кодтаид. Ӕмӕ-иу искӕй йе ’ххуыс куы хъуыд кӕнӕ-иу ӕм исчи уынаффӕ агурӕг куы бацыд, уӕд-иу ын алы хатт дӕр рӕстӕг ссардта. Чи йӕ зыдта, уыдонӕй бирӕ азты фӕстӕ дӕр рох нӕу, куыд уазӕгуарзон уыд, куыд хорз хӕлар уыди ӕмӕ-иу сӕ Библийы фӕрцы куыд бафидар кодта, уый.

Не ’фсымӕры ӕмӕ нӕ зынаргъ хӕлары тынг мысдзысты йӕ бинойнаг, йӕ сывӕллӕттӕ, йӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттӕ ӕмӕ уыдоны сывӕллӕттӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр, фыды хуызӕн кӕмӕн уыд, уыдон. Марк Сандерсон, йемӕ Разамонӕг советы чи лӕггад кодта, уый, 2014 азы 22 мартъийы, сабаты, Бруклины Вефилы радзырдта зианы раныхас. Ӕфсымӕр Сандерсон дзырдта Гай Пирсы уӕларвон ныфсы тыххӕй ӕмӕ бакаст Йесойы ныхӕстӕ: «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис. [...] Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон, уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат. Ӕмӕ ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм фӕндаг зонут» (Иоан. 14:2–4).

Мах тынг мысдзыстӕм ӕфсымӕр Пирсы. Фӕлӕ цин дӕр кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый, ӕнустӕм цы «бынаты» цӕрдзӕн, уырдӕм «фӕндаг зыдта».