Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау дӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн аргъ кӕныс?

Хуыцау дӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн аргъ кӕныс?

«Мах... схайджын стӕм... Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй ӕмбарӕм, Хуыцау нын цӕстуарзонӕй цы радта, уыдӕттӕ» (1 КОР. 2:12).

1. Бирӕтӕ, цы сӕм ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

ИСКУЫ ахӕм ныхӕстӕ фехъуыстай, зӕгъгӕ, адӕймаг, цы йӕм ис, уымӕн аргъ кӕнын райдайы, куы йӕ фесафы, ӕрмӕстдӕр уӕд? Чи зоны, ды дӕр искуы ууыл ахъуыды кодтай. Зӕгъӕм, адӕймаг хъӕздыг бинонты ’хсӕн куы схъомыл вӕййы, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕм бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис, уым диссагӕй ницы ис, афтӕ хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Ӕрыгӕттӕ ӕвӕлтӕрд кӕй вӕййынц, уый тыххӕй нӕ фембарынц, царды ӕцӕгдӕр аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый.

2, 3. а) Ӕрыгон чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизой? ӕ) Хуыцау нӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы аргъ кӕндзыстӕм?

2 Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд дын царды ахсджиагдӕр цы у? Абоны дунейы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн цавӕрдӕр дзауматӕ вӕййынц, сӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонӕй ахсджиагдӕр. Фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй сын уа хорз куыст, рӕсугъд хӕдзар кӕнӕ, техникӕйӕ ногӕй цыдӕриддӕр фӕзыны, уый. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ сӕ царды фыццаг бынат кӕмӕн ахсынц, уыдон сӕхи ӕнӕхай кӕнынц царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕй – Хуыцауы хӕлӕрттӕ уой, уымӕй. Кӕд дӕ ныййарджытӕ Ӕвдисӕнтӕ сты, уӕд ды дӕр Хуыцауӕй райстай диссаджы бынтӕ (Матф. 5:3). Хуыцау дӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн куы нӕ аргъ кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн.

3 Фӕлӕ дӕуӕн дӕ бон у афтӕ архайын, цӕмӕй дыл ахӕм хабар макуы ӕрцӕуа. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ, ӕмӕ дын уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй аргъ кӕнай, Хуыцау дӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн. Уыцы цӕвиттонты фӕрцы ӕрмӕст ӕрыгӕттӕ нӕ, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн.

ХУЫЦАУ СӔ ЦЫ БЫНТӔЙ СХАЙДЖЫН КОДТА, УЫДОНӔН НӔ АРГЪ КОДТОЙ

4. Самуилы фырттӕ цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уый тыххӕй 1 Самуилы 8:1–5 стихтӕй цы ис базонӕн?

4 Библийы фыст ис, Хуыцау диссаджы бынтӕй кӕй схайджын кодта, фӕлӕ сын чи нӕ аргъ кодта, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Зӕгъӕм, пехуымпар Самуил Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта, нырма гыццыл лӕппу куы уыди, уӕд ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд (1 Сам. 12:1–5). Фӕлӕ кӕд Самуил фӕзминаг адӕймаг уыди, уӕддӕр ӕй йӕ фырттӕ, Иоил ӕмӕ Ави, нӕ бафӕзмыдтой. Уыдон гӕртӕмттӕ истой ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой. (Бакӕс 1 Самуилы 8:1–5.)

5, 6. Иосийы фырттыл ӕмӕ йӕ фырты фыртыл цы ’рцыд?

5 Паддзах Иосийы фырттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыд. Иоси Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Иуафон Йегъовӕйы хӕдзары Моисейы закъоны чиныг куы ссардтой ӕмӕ дзы цы фыст уыд, уый Иосийӕн куы бакастысты, уӕд Иоси, закъоны чиныджы цы фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ архайын райдыдта. Ӕгас бӕстӕ дӕр ссыгъдӕг кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы бынӕттӕй ӕмӕ, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чи уыд, уыдоны дӕр фесӕфта. Стӕй адӕмы дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсын райдыдтаиккой (2 Пад. 22:8; 23:2, 3, 12–15, 24, 25). Иоси йӕ фырттӕн ныууагъта диссаджы бынтӕ! Фӕлӕ йе ’ртӕ фырты дӕр ӕмӕ йӕ фырты фырт дӕр йӕ фӕстӕ паддзӕхтӕ куы систы, уӕд сӕ иу дӕр нӕ саргъ кодта, цы бынтӕ йын баззад, уыдонӕн.

6 Иосийы фырт Иоахаз паддзах куы сси, уӕд «арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый». Паддзахы бынаты ӕртӕ мӕйы йеддӕмӕ нӕ фӕци, афтӕ йӕ Египеты фараон ахӕстоны бакодта. Стӕй йӕ Египетмӕ уацары акодта, ӕмӕ Иоахаз уым амард (2 Пад. 23:31–34). Йӕ фӕстӕ 11 азы дӕргъы паддзах уыд Иоаким. Уый дӕр нӕ аргъ кодта, йӕ фыдӕй йын цы баззад, уымӕн. Иоаким ахӕм ӕвзӕр адӕймаг уыди, ӕмӕ дзы Йереми загъта: «Хӕрӕджы мард куыд баныгӕнынц, афтӕ йӕ баныгӕндзысты» (Йер. 22:17–19). Иосийы фырт Седеки ӕмӕ йӕ фырты фырт Йехони дӕр хорз адӕймӕгтӕ нӕ уыдысты – уыдон иузӕрдион Иосийы нӕ бафӕзмыдтой (2 Пад. 24:8, 9, 18, 19).

7, 8. а) Соломон йӕ бынтӕй ӕнӕхай цӕмӕн фӕци? ӕ) Хуыцауӕй лӕвӕрд бынтӕн чи нӕ аргъ кодта, уыдоны цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 Паддзах Соломон йӕ фыд Давиды цӕвиттонӕй зыдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Соломон, йӕ фыдӕй йын цы баззад, уымӕн нал аргъ кодта. «Зӕрондырдӕм ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд, йӕ фыд Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ» (1 Пад. 11:4). Ӕмӕ уый тыххӕй Соломон Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци.

8 Уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди замманай фадат, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдаиккой ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый арӕзтаиккой. Хъыгагӕн, уыдон уыцы фадатӕн нӕ аргъ кодтой. Фӕлӕ, Библийы кӕй кой ис, уыцы ӕрыгӕтты ’хсӕн уыди, Хуыцау сӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн чи аргъ кодта, ахӕмтӕ дӕр. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, ӕрыгон чырыстӕттӕн фӕзминаг чи у, уыдоны цӕвиттонтӕм дӕр.

ХУЫЦАУ СӔ ЦЫ БЫНТӔЙ СХАЙДЖЫН КОДТА, УЫДОНӔН АРГЪ КОДТОЙ

9. Нойы фырттӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Нойы фырттӕ не ’ппӕтӕн дӕр сты фӕзминаг. Уыдон Нойӕн баххуыс кодтой нау саразынӕн, цӕмӕй адӕм фервӕзтаиккой. Нойы фырттӕ зыдтой, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын сӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ наумӕ бацыдысты (Райд. 7:1, 7). Афтӕ кӕй бакодтой, уый хорзӕй цы ӕрхаста? Райдианы 7:3 стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй наумӕ цӕрӕгойты дӕр бакодтой, ӕмӕ уый фӕрцы «зӕххыл сӕ мыггаг нӕ фесӕфт». Нойы фырттӕ, Хуыцау сӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн кӕй аргъ кодтой, уый фӕрцы адӕмы мыггаг нӕ сыскъуыд ӕмӕ раст дин дӕр йӕ къахыл слӕууыд (Райд. 8:20; 9:18, 19).

10. Вавилоны чи уыд, уыцы цыппар ӕрыгон дзуттаг лӕппуйы куыд равдыстой, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый кӕй ӕмбӕрстой?

10 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр цыппар ӕрыгон дзуттаг лӕппуйы – Ананийӕ, Мисаил, Азари ӕмӕ Данел – равдыстой, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый кӕй ӕмбӕрстой. Нӕ эрӕйы размӕ 617 азы сӕ Вавилонмӕ уацары акодтой. Уыдон уыдысты хӕрзконд ӕмӕ зондджын лӕппутӕ, ӕмӕ сын Вавилоны бирӕ бантыстаид. Фӕлӕ уыдон никуы рох кодтой, чи уыдысты ӕмӕ сӕ уый размӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уый, ӕмӕ уый руаджы вавилойнӕгты зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ сты. Йегъовӕ сын уый тыххӕй диссаджы арфӕ ракодта. (Бакӕс Данелы 1:8, 11–15, 20.)

11. Йесо Хуыцауӕй цы базыдта, уый иннӕтӕн дӕр пайда цӕй фӕрцы хаста?

11 Хуыцауӕй лӕвӕрд бынтӕн чи аргъ кодта, уыдоны кой куы кӕнӕм, уӕд Йесойы тыххӕй ӕнӕзӕгъгӕ нӕй. Йесо тынг аргъ кодта, йӕ Фыд ын цы бацамыдта, уымӕн. Ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй дӕр: «Мӕ Фыд [мӕ] куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын» (Иоан. 8:28). Йесо уарзта, йӕхӕдӕг цы зыдта, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын, цӕмӕй уыцы зонындзинӕдтӕ уыдонӕн дӕр пайда ӕрхастаиккой. Йесо загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:18, 43). Ацы дуне, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы рӕстдзинадӕн нӕ аргъ кӕны, ӕмӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕн бафӕдзӕхста, ацы дунейӕ ма ут, зӕгъгӕ (Иоан. 15:19).

ХУЫЦАУ ДӔ ЦЫ БЫНТӔЙ СХАЙДЖЫН КОДТА, УЫДОНӔН АРГЪ КӔН

12. а) 2 Тимофеймӕ 3:14–17 стихты фыст ныхӕстӕ абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕм куыд хауынц? ӕ) Ӕрыгон чырыстӕттӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

12 Кӕд дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ Хуыцау схайджын кодта диссаджы бынтӕй. Ӕмӕ, Библийы Тимофейы тыххӕй цы фыст ис, уый дӕумӕ дӕр ис ахӕссӕн. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:14–17.) Дӕ ныййарджытӕй базыдтай Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куыд рухс кӕнай, уый тыххӕй. Ӕмӕ дын уыдӕттӕ, чи зоны, амонынц дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. Афтӕмӕй ды схайджын дӕ «ахӕм зондӕй, цӕмӕй фервӕзай, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы», стӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ «алцӕмӕй дӕр цӕттӕ дӕ». Фӕлӕ дӕ Йегъовӕ цы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн аргъ кӕныс? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл: «Раздӕр чи цард, уыцы иузӕрдион ӕвдисӕнты тыххӕй цы хъуыды кӕнын? Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уымӕй сӕрыстыр дӕн? Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайы, ахӕм адӕм зӕххыл бирӕ не сты, ӕмӕ ӕз дӕр уыцы адӕмӕй кӕй дӕн, уымӕ цы цӕстӕй кӕсын? Рӕстдзинад зонын цӕй стыр кад у, уый ӕмбарын?»

Рагзаманты чи цард, уыдонау ды дӕр Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс? (кӕс 9, 10, 12 абзацтӕ)

13, 14. Чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, уыдонӕй кӕмӕдӕрты хатт цавӕр фӕндтӕ фӕзыны? Ахӕм фӕндты фӕдыл цӕуын зондыл дзурӕг цӕуылнӕ у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, уыцы ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ нӕ фембарынц, рӕстдзинад куыд хорз у ӕмӕ Хӕйрӕджы дуне та куыд сӕфт у, уый. Кӕйдӕрты сӕ бафӕнды ацы дунейы адӕмы цардӕй ацӕрын. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: дӕ ныхмӕ цы машинӕ ӕртӕхы, уый размӕ алидздзынӕ, кӕддӕра мын исты зиан ӕрхӕсдзӕн кӕнӕ мӕ амардзӕн, зӕгъгӕ? Уый тынг ӕнӕзонд ми уаид! Раст афтӕ, ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дӕхи «ӕнӕгъдау миты цъымарайы... тъыссай», цӕмӕй, ацы дуне цас маст хӕссы, уый базонай (1 Пет. 4:4).

14 Дженер цӕры Азийы ӕмӕ схъомыл чырыстон бинонты ’хсӕн. Донаргъуыд райста, 12 азы йыл куы цыди, уӕд. Фӕлӕ гыццыл куы фестырдӕр, уӕд ӕй бафӕндыд ацы дунейы адӕмы цардӕй ацӕрын, кӕд афтӕмӕй сӕрибардӕр уаин, зӕгъгӕ. Дженер райдыдта йӕ бинонты сайын ӕмӕ сӕ цыдӕртӕ сусӕг кӕнын. 15 азы йыл куы цыди, уӕд йе ’мбӕлттау фыднозт кӕнын ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзурын райдыдта. Семӕ-иу ӕмбисӕхсӕвтӕм, тыхми кӕм уыд, ахӕм компьютерон хъӕзтытӕй фӕхъазыд ӕмӕ-иу хӕдзармӕ ӕнафон ӕрбацыд. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг бамбӕрста, уыцы хъуыддӕгтӕ йӕ амондджындӕр кӕй нӕ кӕнынц ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд кӕй нӕу. Абон та Дженер фӕстӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕуы. Уый дзуры: «Ныр дӕр дунейы бирӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлын, фӕлӕ мын Йегъовӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хай кӕны, уыдон фылдӕр сты».

15. Чырыстон бинонты ’хсӕн чи не схъомыл, уыцы ӕрыгӕттӕ дӕр цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

15 Кӕд дӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ не сты, уӕддӕр хайджын дӕ диссаджы арфӕдзинадӕй – Сфӕлдисӕджы зоныс ӕмӕ йын лӕггад кӕныс. Зӕххыл чи цӕры, уыцы миллиардгай адӕмӕй Йегъовӕ дӕу равзӕрста ӕмӕ дын йӕхи раргом кодта. Уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у! (Иоан. 6:44, 45). Ӕмӕ уӕлдай нӕу, рӕстдзинад нӕ ныййарджытӕй базыдтам ӕви нӕхӕдӕг – сӕйрагдӕр у, зонгӕ йӕ кӕй кӕнӕм, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:12.) Дженер загъта: «Чи дӕн, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ, Дун-дунейы Хицау, зона?! Ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ хъуын арц слӕууы» (Пс. 8:4). Иу хо та загъта: «Алы ахуыргӕнинагӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, йӕ ахуыргӕнӕг ӕй куы бахъуыды кӕны, уӕд. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ, ӕппӕты Кадджындӕр Зондамонӕг, кӕй зоны, уый та цӕй стыр кад у!»

ДЫ ТА КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

16. Ӕрыгӕттӕн сӕ разы цавӕр нысан хъуамӕ уа?

16 Хуыцау дӕ ахӕм диссаджы бынтӕй кӕй схайджын кодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ ноджы тынгдӕр нӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын? Хуыцауӕн рагзаманты цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыди, уыдоны фӕзм. Ӕмӕ, йӕ царды бонтӕ дзӕгъӕлы чи ӕрвиты ӕмӕ фидӕн кӕмӕн нӕй, уыцы ӕрыгӕтты хуызӕн ма у (2 Кор. 4:3, 4).

17–19. Ацы дунейы адӕмӕй хицӕн кӕнай, уый раст цӕмӕн у?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы дунейы ӕрыгӕттӕй хицӕн кӕнай, уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ, куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд уымӕй растдӕр ницы уыдзӕн, ӕмӕ иннӕты хуызӕн ма уӕм. Зӕгъӕм, Олимпаг хъӕзтытӕм чи фӕцӕттӕ кӕны, уыцы спортсментӕ дӕр се ’мгӕрттӕй фӕхицӕн кӕнынц. Цӕмӕй сӕхи хорз бацӕттӕ кӕной, уый тыххӕй сӕхи фӕхизынц, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сын сӕ хъарутӕ чи исдзӕн, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй. Фӕлӕ уыдон ууыл разы вӕййынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонынц, сӕ нысан сӕ къухы ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй кӕй бафтдзӕн.

18 Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, ууыл. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй уый зӕгъӕн нӕй. Ацы дунейы адӕмӕй куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕ чи адард кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинадӕй, нӕхи куы хизӕм, уӕд «фидар ныххӕцдзыстӕм ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:19). Гыццыл раздӕр кӕй ныхӕстӕ бакастыстӕм, уыцы хо ма загъта: «Дӕ дины сӕрыл дзурын дӕ куы бахъӕуа ӕмӕ фидарӕй куы дзурай, уӕд изӕрӕй дӕхицӕн зӕгъдзынӕ, абоны бон дзӕгъӕлы нӕ ацыд, зӕгъгӕ. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕджы дунейы ныхмӕ фӕллӕууын дӕ бон кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма уӕд ӕмбардзынӕ, Йегъовӕ Хуыцау дӕ сӕрыстыр кӕй у ӕмӕ дӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕны! Ӕмӕ дын уӕд, иннӕты хуызӕн кӕй нӕ дӕ, уый ӕхсызгон уыдзӕн!»

19 Афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг дыууӕ боны цӕры ӕмӕ хъуамӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн фӕцӕра, уыдонӕн сӕ цард дзӕгъӕлы у (Еккл. 9:2, 10). Ды та зоныс, цӕмӕн цӕрыс, уый ӕмӕ дын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Уый дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссай ӕмӕ, «ацы дунейы адӕм» куыд цӕрынц, афтӕ ма цӕрай. Дӕуӕн дӕ цард дзӕгъӕлы нӕу! (Еф. 4:17; Мал. 3:18).

20, 21. Раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд нын цавӕр фидӕн уыдзӕн ӕмӕ нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 Раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм ӕмӕ фидӕны та Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрдзыстӕм. Мах кӕронмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый (Матф. 5:5; 19:29; 25:34). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, йӕ коммӕ чи кӕса, ӕрмӕстдӕр уыдоны. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3, 4.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы арфӕдзинӕдтӕ уый аккаг сты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм!

21 Ныридӕгӕн дӕр нӕ Йегъовӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта. Мах зонӕм, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый ӕмӕ, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндтӕ ис, уый дӕр. Хуыцау нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йын хӕссӕм йӕ ном – стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Йегъовӕ ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй (Пс. 118:7). Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр – хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Хуыцау нӕ цы диссаджы бынтӕй схайджын кодта, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ нӕ тынг кӕй фӕнды Йегъовӕйы ӕнустӕм кадджын кӕнын! (Ром. 11:33–36; Пс. 33:12).