Дыууӕ уды кӕрӕдзи цӕрӕнбонтӕм уарзой, уымӕн гӕнӕн ис?
«Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт» (СОЛ. З. 8:6).
1, 2. Соломоны зарӕджы чиныг пайда кӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
ЛӔППУ ӕмӕ чызг кӕрӕдзийы цӕстытӕм кӕсынц ӕмӕ сӕ мидбылты худынц – сӕ чындзӕхсӕвы бон уыдонӕй амондджындӕр ничи у. Бӕрӕг у, кӕрӕдзи тынг кӕй уарзынц. Чындзӕхсӕвы раныхас кӕмӕн уыд, уыцы ӕфсымӕр федта, кӕрӕдзийы къухтыл куыд хӕцынц, ӕмӕ йӕхинымӕр ахъуыды кодта, цымӕ азтӕ куы рацӕуа, уӕд дӕр кӕрӕдзи афтӕ тынг уарздзысты ӕви сӕ уарзт сабыргай ӕруазал уыдзӕн, зӕгъгӕ. Кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн суанг стыр зындзинӕдты рӕстӕг дӕр сӕ уарзондзинады зынг не ’рмынӕг вӕййы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕ бинонтӕн сӕ цард фехӕлы ӕмӕ ахицӕн вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзи цӕрӕнбонтӕм уарзой, зӕгъгӕ.
2 Паддзах Соломоны рӕстӕджы дӕр, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй чи уарзта, ахӕмтӕ бирӕ нӕ уыд. Цӕуылнӕ? Соломон уый тыххӕй загъта: «Мин нӕлгоймаджы ’хсӕн ссардтон иу раст нӕлгоймаг, фӕлӕ мин сылгоймаджы ’хсӕн иу раст сылгоймаг дӕр не ссардтон. Ӕрмӕст уый бамбӕрстон, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау адӕмы сфӕлдыста рӕстгӕнджытӕй, фӕлӕ уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты бирӕ ӕндӕр фӕндтыл» (Еккл. 7:26–29). Уыцы рӕстӕг израилӕгты ’хсӕн цард, Ваалӕн чи куывта, бирӕ ахӕм ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ уыдысты тынг хӕлд. Ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ израилӕгтӕй дӕр бирӕтӕ бафтыдысты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл *. Фӕлӕ паддзах Соломон уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй 20 азы раздӕр ныффыста рӕсугъд зарӕг, сӕ кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй чи уарзта, ахӕм чызг ӕмӕ лӕппуйы тыххӕй. Соломоны зарӕджы чиныг не ’ппӕтӕн дӕр, бинонджынтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр, баххуыс кӕндзӕн, ӕцӕг уарзт цы у, уый бамбарынӕн.
ӔЦӔГ УАРЗТ ИС!
3. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ бон цӕй фӕрцы у кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй уарзын?
3 Бакӕс Соломоны зарӕг 8:6. Ацы стихы уарзондзинады тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, у «Йагъы пиллон арт». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад, ӕмӕ адӕймаджы дӕр афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон у уарзын (Райд. 1:26, 27). Йегъовӕ фыццаг нӕлгоймаг Адамы куы сфӕлдыста, уӕд ын радта рӕсугъд бинойнаг. Адам Евӕйы фыццаг хатт куы федта, уӕд афтӕ амондджын уыди, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый рӕсугъд ныхӕстӕй загъта. Евӕйӕн дӕр йӕ цардӕмбал уыд тынг адджын, ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Адамы фӕрскӕй скодта (Райд. 2:21–23). Уӕдӕ Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у кӕрӕдзи ӕцӕг ӕмӕ ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзын.
4, 5. Соломоны зарӕг цӕй тыххӕй у?
4 Соломон йӕ зарӕджы аив ныхӕстӕй ныффыста, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уый тыххӕй. Уыцы зарӕджы цӕуы, Сунемы, кӕнӕ Сулемы, хъӕуӕй чи уыд, иу ахӕм чызджы кой ӕмӕ ӕрыгон фыййау-лӕппуйы кой. Уыцы чызг куыста йе ’фсымӕрты сӕнӕфсирдӕтты, паддзах Соломон ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм ӕввахс. Соломон уыцы чызгыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ цатырмӕ ӕрбакӕнын кодта. Соломон ын йӕ рӕсугъддзинадӕй феппӕлыд ӕмӕ йын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта. Фӕлӕ чызг уарзта фыййау-лӕппуйы ӕмӕ Соломонӕн ӕргом загъта, йӕ зӕрдӕ уыцы лӕппуйӕн кӕй радта (Сол. з. 1:4–14). Фыййау-лӕппу дӕр ӕй агуырдта ӕмӕ ӕрцыд, паддзахы цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Куы йӕ ссардта, уӕд кӕрӕдзийӕн адджын ныхӕстӕ фӕкодтой (Сол. з. 1:15–17).
5 Соломон фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхт, уӕд уыцы ӕрыгон чызджы йемӕ ӕркодта, фӕлӕ фыййау-лӕппу дӕр йӕ фӕдыл ӕрцыд (Сол. з. 4:1–5, 8, 9). Соломон цыфӕнды ма дзырдтаид ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаид, уӕддӕр чызг йӕ уарзоныл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Сол. з. 6:4–7; 7:1–10). Ӕмӕ уӕд Соломон чызджы фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ауагъта. Зарӕджы кӕрон фыст ис, суламитаг чызг йӕ уарзон лӕппумӕ кӕй дзуры, «ӕвзонг саг» фест ӕмӕ мӕм тагъддӕр ӕрцу, зӕгъгӕ (Сол. з. 8:14).
6. Соломоны зарӕджы чи цы дзуры, уый ӕнцон бамбарӕн цӕуылнӕ вӕййы?
6 Соломоны зарӕг у тынг рӕсугъд ӕмӕ «ӕмбисонды рӕсугъд зарӕг» дӕр хуымӕтӕджы нӕ хуыйны (Сол. з. 1:1). Фӕлӕ Соломон, йӕ зарӕджы кӕй кой кӕны, уыдоны ныхӕстӕ куы фыста, уӕд-иу, уыцы ныхӕстӕ чи загъта, уый нӕ ныффыста. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы зарӕджы цавӕрдӕр лыстӕг хабӕртты кой кодтаид. Соломонӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй зарӕг рауадаид аив ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ. Ӕмӕ дзы кӕд архайджыты нӕмттӕ фыст не сты, уӕддӕр, чи дзуры, уый бамбарӕн ис, цы дзуры, уымӕй.
«ЙӔ УЗӔЛД, ЙӔ ЦИНТӔ СТЫ СӔНӔЙ АДДЖЫНДӔР»
7, 8. Фыййау-лӕппу ӕмӕ ӕрыгон чызг кӕрӕдзийӕн сӕ уарзондзинад куыд раргом кодтой? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
7 Суламитаг чызг ӕмӕ фыййау-лӕппу кӕрӕдзийӕн Сол. з. 1:2). Фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныхӕстӕй ирдӕй зыны, уыцы чызг ӕмӕ лӕппу кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дардтой, уый. Зӕгъӕм, лӕппу чызгӕн загъта, йӕ цӕстытӕ «бӕлоны дыууӕ цӕсты» хуызӕн кӕй сты, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, йӕ фӕлмӕн цӕстӕнгас ын кӕй уарзта, уый (Сол. з. 1:15). Чызг та лӕппуйӕн загъта, йӕ цӕстытӕ бӕлӕтты хуызӕн рӕсугъд кӕй сты. (Бакӕс Соломоны зарӕг 5:12.) Йӕ цӕстыгагуытӕ йын абарста, йӕхи ӕхсыры чи найы, ахӕм цъӕхбын бӕлӕттимӕ.
сӕ уарзондзинад бирӕ рӕсугъд ныхӕстӕй раргом кодтой. Сӕ ныхӕстӕй нӕм кӕцыдӕртӕ, чи зоны, ӕнахуыр фӕкӕсой, фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, уыцы ныхӕстӕ 3 000 азы размӕ фыст кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ уӕды заман бынтон ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ кӕй уыд (8 Фӕлӕ фыййау-лӕппу ӕмӕ ӕрыгон чызг, кӕрӕдзийы цӕсты рӕсугъд кӕй сты, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дзырдтой. Зӕгъӕм, лӕппуйӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди чызджы фӕлмӕн ныхас. (Бакӕс Соломоны зарӕг 4:7, 11.) Лӕппу йын загъта: «Дӕ былтӕй тӕдзы фӕзгъӕр мыд, о мӕ уды хай. Де ’взагыл – мыд ӕмӕ ӕхсыр». Лӕппуйӕн йӕ уарзон чызджы ныхӕстӕ уыдысты ӕхсыр ӕмӕ мыдау адджын ӕмӕ ӕхсызгон. Уӕдӕ фыййау-лӕппу чызгӕн афтӕ куы загъта, «алцыдӕр дӕ у рӕсугъд... ницы аипп дӕм ис», зӕгъгӕ, уӕд ын ӕрмӕст йӕ рӕсугъддзинады кой нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕм цы рӕсугъд миниуджытӕ уыд, уыдоны кой дӕр.
9. а) Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цавӕр уарзондзинад хъуамӕ уа? ӕ) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн сӕ уарзондзинады тыххӕй ӕргом цӕмӕн хъуамӕ дзурой?
9 Бинонтӕ скӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы сӕ къухтӕ ӕрфыссой. Чырыстӕттӕн сӕ бинонты царды бындур у уарзондзинад. Фӕлӕ цавӕр уарзондзинад? Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад у? (1 Иоан. 4:8). Ӕви, нӕ хиуӕтты цы уарзтӕй уарзӕм, уый? Кӕнӕ та, дыууӕ хорз ӕмбалы цы уарзондзинад бӕтты, уый у? (Иоан. 11:3). Йе та, мыййаг, лӕппу ӕмӕ чызджы зӕрдӕйы чи ссудзы, уыцы уарзондзинад у? (Ӕмб. 5:15–20). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн чи хъуамӕ уа, уыцы уарзондзинадмӕ ацы ӕнкъарӕнтӕ се ’ппӕт дӕр хауынц. Уарзондзинад хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы. Уӕдӕ кӕрӕдзи кӕй уарзут, уый ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисут, цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уат, уӕддӕр. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уыдзыстут амондджын бинонтӕ. Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн цардӕмбал йӕхӕдӕг нӕ равзары, фӕлӕ йӕ ныййарджытӕ, ӕмӕ арӕх лӕппу ӕмӕ чызг сӕ чындзӕхсӕвы бонмӕ сӕ кӕрӕдзи зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ кӕрӕдзи хуыздӕр куы базоной ӕмӕ куы балымӕн уой, уӕд хъуамӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй ӕргом дзурой. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзысты.
10. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы уарзты ныхӕстӕ ӕмӕ узӕлд сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
10 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн сӕ уарзондзинады тыххӕй ӕргом куы дзурой, уӕд ма сын уый ӕххуыс кӕндзӕн ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Паддзах Соломон, йӕ зарӕджы куыд ныффыста, афтӕмӕй, уыцы ӕрыгон чызгӕн балӕвар кодта «сызгъӕрин рӕсугъдгӕнӕнтӕ ӕвзист фӕрдгуытимӕ». Соломон чызгӕй ӕппӕлыд, зӕгъгӕ, «у дзаг мӕйау рӕсугъд, цӕхӕркалгӕ хурау сыгъдӕг» (Сол. з. 1:9–11; 6:10). Фӕлӕ уымӕн йӕ зӕрдӕйы фыййау-лӕппуйы йеддӕмӕ бынат ӕндӕр никӕмӕн уыд. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йыл йӕ зӕрдӕ ма сивтаид? Йӕ уарзонӕй дард куы уыд, уӕд ын удӕнцойы хос цы уыди? (Бакӕс Соломоны зарӕг 1:2, 3.) Йӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууыдысты йӕ уарзоны фӕлмӕн ныхӕстӕ, йӕ узӕлд ӕмӕ йӕ цинтӕ. Уыдон ын уыдысты «сӕнӕй адджындӕр» ӕмӕ «хӕрздӕф сойау» ӕхсызгон (Пс. 23:5; 104:15). Уӕдӕ дыууӕ уды сӕ кӕрӕдзийы уарзты ныхӕстӕ ӕмӕ узӕлд сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕндзӕн. Ӕцӕгдӕр, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕ уарзондзинады тыххӕй кӕрӕдзийӕн арӕх дзурой.
ДӔ ЗӔРДӔЙЫ УАРЗТЫ ЗЫНГ ССУДЗЫНЫЛ МА АРХАЙ, ЦАЛЫНМӔ ЙӔХӔДӔГ НЕ ССУДЗА, УӔДМӔ
11. Суламитаг чызг, паддзах Соломоны галуаны чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕн цы загъта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
11 Соломоны зарӕджы чиныг, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр стыр пайда у, уӕлдайдӕр та, йӕхицӕн цардӕмбал чи агуры, уыдонӕн. Суламитаг чызг паддзах Соломоны нӕ уарзта ӕмӕ, паддзахы галуаны цы сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонӕн фидарӕй загъта: «Расомы мын кӕнут... кӕй нӕ архайдзыстут мӕ риуы уарзт райхъал кӕныныл, мӕ риуы уарзты зынг ссудзыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды ссудзын» (Сол. з. 2:7; 3:5). Цымӕ раст уыдзӕн, адӕймаг кӕимӕфӕнды дӕр ӕмбӕлын куы райдайа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, куы банхъӕлмӕ кӕса ӕмӕ, ӕцӕгдӕр кӕй бауарза, йӕ цард уыимӕ куы баиу кӕна.
12. Суламитаг чызг фыййау-лӕппуйы цӕй тыххӕй уарзта?
12 Суламитаг чызг уыцы фыййау-лӕппуйы цӕй тыххӕй уарзта? Чызг загъта, йӕ уарзон кӕй у «ӕвзонг саджы хуызӕн» рӕсугъд. Йӕ фидар къухтӕ йын абарста сызгъӕринимӕ, йӕ къӕхтӕ та – «мрамор цӕджындзтимӕ». Фӕлӕ йӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ бауарзта, ӕмӕ тыхджын ӕмӕ хӕрзконд уыд. Суламитаг чызг ма йӕ уарзон лӕппуйы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн фӕткъуыбӕлас куыд у, афтӕ у мӕ уарзон иннӕ лӕппуты ’хсӕн». Цӕмӕй, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы чызг лӕппуйӕ ахӕм ныхӕстӕ загътаид, уый тыххӕй хъуамӕ уый дӕр Хуыцауы уарзтаид (Сол. з. 2:3, 9; 5:14, 15).
13. Фыййау-лӕппу суламитаг чызджы цӕй тыххӕй уарзта?
13 Суламитаг чызг йӕхӕдӕг дӕр уыди тынг рӕсугъд. Суанг ма йыл паддзах Соломон дӕр йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, кӕд ын уӕдмӕ дӕр «ӕхсай усы... ӕмӕ ӕстай номылусы, стӕй... бирӕ ӕндӕр чызджытӕ» уыди, уӕддӕр. Фӕлӕ йӕ цымӕ фыййау-лӕппу ӕрмӕст йӕ рӕсугъддзинады тыххӕй уарзта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Чызг дӕр Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йӕм уыди бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ. Зӕгъӕм, уыди бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг. Уый бӕрӕг у, йӕхи тыххӕй афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «ӕз дӕн хуымӕтӕг быдырон дидинӕг». Фӕлӕ фыййау-лӕппуйы цӕсты суламитаг чызг уыди, «сындзыты ’хсӕн лили куыд у, афтӕ» (Сол. з. 2:1, 2; 6:8).
14. Бинонтӕ ӕркӕнын кӕнӕ чындзы ацӕуын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕ фыййау-лӕппу ӕмӕ суламитаг чызджы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?
1 Кор. 7:39). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстон ӕмбӕлын райдайдзӕн ӕмӕ йӕ цард баиу кӕндзӕн, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ. Ӕмӕ уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд сӕ бон уыдзӕн алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизын, ӕмӕ сын сӕ бинонты цард циндзинад хӕсдзӕн. Уӕдӕ дӕ кӕд бинонтӕ ӕркӕнын кӕнӕ чындзы ацӕуын фӕнды, уӕд дын фыййау-лӕппу ӕмӕ суламитаг чызг фӕзминаг уӕнт. Дӕхицӕн ссар, Йегъовӕйы ӕцӕгӕй чи уарзы ӕмӕ хорз миниуджыты хицау чи у, ахӕм цардӕмбал.
14 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхицӕн цардӕмбӕлттӕ агурой, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, уыдоны ’хсӕн («МӔ УДЫ ХАЙ У ӔХГӔД ДЫРГЪДОН»
15. Сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыцы чырыстӕттӕн суламитаг чызг фӕзминаг цӕмӕй у?
15 Бакӕс Соломоны зарӕг 4:12. Фыййау-лӕппу суламитаг чызджы «ӕхгӕд дыргъдонимӕ» цӕмӕн абарста? Ӕхгӕд дыргъдонмӕ бацӕуын алкӕй бон нӕ вӕййы. Уыцы чызг ахӕм дыргъдоны хуызӕн уымӕн уыд, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы дуар гом уыд ӕрмӕстдӕр уыцы лӕппуйӕн. Суламитаг чызг фӕнд кодта уыцы лӕппумӕ смой кӕнын, ӕмӕ йӕ кӕд паддзах куырдта, уӕддӕр ын нӕ бакуымдта. Ӕмӕ йӕ хъуыды ницы хуызы фӕивтаид. Уыцы чызг, ӕнцонтӕй чи гом кӕны, ахӕм «дуары» хуызӕн нӕ уыди, фӕлӕ «къулы» хуызӕн (Сол. з. 8:8–10). Сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыцы чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы бынат ӕндӕр макӕмӕн скӕной.
16. Кӕд искӕимӕ ӕмбӕлыс, уӕд Соломоны зарӕджы чиныгӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у?
16 Фыййау-лӕппу суламитаг чызгӕн куы загъта, цом мемӕ, зӕгъгӕ, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ нӕ ауагътой ӕмӕ йӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ хъахъхъӕнынмӕ арвыстой. Мыййаг, сӕ хойыл не ’ууӕндыдысты? Мыййаг ын уымӕй тарстысты, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми бакӕндзӕн? Нӕ, йе ’фсымӕрты фӕндыд, цӕмӕй сӕ хойы бахызтаиккой, ӕвзӕр хъуыддагмӕ йӕ чи ӕркодтаид, ахӕм уавӕрӕй (Сол. з. 1:6; 2:10–15). Кӕд ды дӕр искӕимӕ ӕмбӕлыс, уӕд уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕхи ӕнӕгъдау мийӕ бахизат? Рагацау баныхас кӕнут, уӕхи цӕмӕй хиздзыстут, цӕмӕй Хуыцауы раз уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Иунӕгӕй-иу макуы баззайут. Кӕрӕдзийыл ацинтӕ кӕнат, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ уӕхи хизут, фӕлварӕн уын чи суыдзӕн, ахӕм уавӕртӕй.
17, 18. Соломоны зарӕджы чиныгмӕ кӕй ӕркастыстӕм, уый дын цавӕр пайда ӕрхаста?
17 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой ӕмӕ кӕрӕдзи уарзой. Дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрӕдзи фӕуарзынц, фӕлӕ цӕмӕй сӕ бинонты цард ма фехӕла, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ уарзты зынг ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзой (Мар. 10:6–9).
18 Кӕд дӕу дӕр бинонтӕ ӕркӕнын кӕнӕ чындзы ацӕуын фӕнды, уӕд дӕхицӕн агур, ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзай, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ йӕ куы ссарай, уӕд иумӕ архайут, цӕмӕй уӕ уарзты зынг тынгӕй-тынгдӕр судза. Соломоны зарӕджы чиныгӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй дыууӕ удӕн сӕ бон у кӕрӕдзи ӕцӕг ӕмӕ ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад у «Йагъы пиллон арт» (Сол. з. 8:6).
^ 2 абз. Кӕс 2007 азы 15 январы «Сторожевая башня», 31 фарс.